72 Псалом
1Асафы псалом.
Куыд ауды Хуыцау Израилыл,
сыгъдӕгзӕрдӕ чи у, уыдоныл!
2Мӕнӕн та цыма мӕ къах фӕцудыдта,
фӕкӕлынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди,
3Уымӕн ӕмӕ бахӕлӕг кодтон хъалтӕм,
фыдлӕгты фӕрныг цард куы федтон, уӕд.
4Уыдон сӕ мӕлӕты онг фыдӕбон нӕ зонынц,
сты ӕнӕниз ӕмӕ хӕрзхаст.
5Куыстӕй сӕхи нӕ фӕлмӕцын кӕнынц,
иннӕтау царды уӕз нӕ бавзарынц.
6Уымӕ гӕсгӕ сӕрыстырад, фӕрдгуыты халау,
ӕртыхсти сӕ хъуырыл;
ӕгъатырдзинад сын дарӕсау у.
7Фырнардӕй сӕ цӕстытӕ алӕбырдысты;
сӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕфсӕрм хъуыдытӕй – дзаг.
8Алкӕмӕй хынджылӕг кӕнынц,
сӕ фыдзӕрдӕйӕ хахуыртӕ дзурынц,
сты схъӕлдзырд.
9Сӕ дзыхтӕ ныххӕлиу кодтой арвмӕ,
се 'взӕгтӕй схицӕуттӕ сты зӕххыл.
10Уымӕ гӕсгӕ Йӕ адӕм дӕр сӕ фӕдыл аздӕхтысты;
сӕ дон сын нуазынц кӕхцы дзагӕй,
11Ӕмӕ фӕзӕгъынц:
«Куыд ӕй базондзӕн Хуыцау?
Бӕрзондбадӕг ӕппӕт зонӕг у?»
12Ӕмӕ мӕнӕ ацы фыдлӕгтӕ – ницӕй мӕт сӕ ис,
ӕфтауынц сӕ мулкыл.
13Уӕдӕ ӕз цымӕ мӕ зӕрдӕ
ӕнӕхъуаджы дардтон сыгъдӕгӕй,
мӕ къухтӕ – ӕназымӕй?
14Ӕмӕ ӕрвылбон дзӕгъӕлы истон ӕфхӕрд,
алы райсом мӕхи уайдзӕфы хай кодтон?
15Фӕлӕ куы загътаин: ай уыдзӕн мӕ ныхас,
уӕд азымджын уаин Дӕ адӕмы фӕлтӕры раз.
16Ӕмӕ архайдтон уый бамбарыныл,
фӕлӕ зын бамбарӕн уыд уый,
17Цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн
ӕмӕ сӕ адзал базыдтон, уӕдмӕ.
18Бӕлвырд сӕ бырынцъаг фӕндӕгтыл сӕвӕрдтай
ӕмӕ сӕ сӕрсӕфӕны ныппардзынӕ.
19Куыд ӕвиппайды сфӕлахс сты,
ӕгасӕй дӕр сын ӕрцыди кӕрон –
бӕллӕхты бын фесты!
20Райхъал уӕвгӕйӕ фын куыд айсӕфы,
афтӕ сын Ды, Дунедарӕг, ӕрцӕугӕйӕ
фесафдзынӕ сӕ бӕллицтӕ.
21Мӕ зӕрдӕ куы хъынцъым кодта,
ӕмӕ куы тыхсти мӕ уд,
22Уӕд ӕз уыдтӕн ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕмбарӕг,
Дӕ разы фосӕй уӕлдай нӕ уыдтӕн.
23Фӕлӕ ӕз ӕдзух Демӕ дӕн;
Ды хӕцыс мӕ рахиз къухыл.
24Дӕ уынаффӕйӕ мын амоныс фӕндаг,
уый фӕстӕ та мӕ бакӕндзынӕ Дӕ кадмӕ.
25Чи мын ис уӕлӕрвты? Ды мемӕ куы уай,
уӕд ницӕмӕ бабӕлдзынӕн зӕххыл.
26Мӕ буар ӕмӕ зӕрдӕ куы слӕмӕгъ уой,
уӕддӕр Хуыцау мӕ зӕрдӕйӕн фидар ныфс у,
мӕ амонды хай мыггагмӕ.
27Уымӕн ӕмӕ мӕнӕ, Дӕуӕй чи адард ис,
уыдон сӕфынц;
Дӕуӕй чидӕриддӕр аздӕхы, уыдон бабын кӕныс.
28Мӕнӕн та у ӕрмӕст ӕхцон –
Дӕумӕ хӕстӕг куыд уон.
Мӕ зӕрдӕ Хицау Хуыцауыл дарын
ӕмӕ дзурдзынӕн Йе 'ппӕт хъуыддӕгтыл.

