105 Псалом
1Алилуйа!
Стаут Дунедарӕджы, арфӕ кӕнут,
уымӕн ӕмӕ Уый фӕрнджын у,
уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2Чи радзурдзӕн Дунедарӕджы хъомысы тыххӕй,
Йе 'ппӕт кад чи расиддзӕн?
3Тӕхудиаг сты, раст тӕрхоныл чи хӕцы
ӕмӕ кӕддӕриддӕр рӕстӕй чи цӕры, уыдон.
4Дӕ адӕмыл аудгӕйӕ ӕрымыс мӕн дӕр;
раздах мӕнмӕ дӕр Де 'ргом,
фервӕзын мӕ кӕн уыдонимӕ,
5Цӕмӕй уынон Де 'взӕрстыты фӕрнджын цард,
цин кӕнон Дӕ адӕмы цинӕй,
Дӕ бындар адӕмимӕ ӕппӕлон Дӕуӕй.
6Мах дӕр-иу, нӕ фыдӕлтау, бафтыдыстӕм
тӕригъӕды,
кодтам ӕнӕгъдау митӕ, арӕзтам
фыдракӕндтӕ.
7Нӕ фыдӕлтӕ Мысыры куы уыдысты,
уӕд Дӕ диссӕгтӕ не 'мбӕрстой,
сӕ зӕрдыл нӕ дардтой Дӕ бирӕ хӕрзтӕ,
Дӕ ныхмӕ-иу сыстадысты денджызы былыл,
Сырх денджызы былыл.
8Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта
Йӕ номы сӕраппонд,
цӕмӕй равдиса Йӕ хъомыс.
9Бардзырд радта Сырх денджызӕн, ӕмӕ бахус;
акодта сӕ арф дӕтты ӕхсӕнты, цыма хус зӕххыл.
10Ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ фыдгулы къухӕй,
се знаджы къухӕй сӕ байста.
11Доны бын фесты се знӕгтӕ – се 'ппӕт знӕгтӕ,
иу дӕр дзы нал баззад.
12Уӕд баууӕндыдысты Йӕ ныхӕстыл,
кад Ын кодтой сӕ зарджытӕй.
13Фӕлӕ сӕ рӕхджы ферох сты Йӕ хъуыддӕгтӕ,
нӕ банхъӕлмӕ кастысты Йӕ уынаффӕмӕ.
14Ӕдзӕрӕг быдыры ацыдысты сӕ мондӕгты фӕдыл,
къахтой Хуыцауы ӕдзӕрӕг ран.
15Ӕмӕ Дзы цы куырдтой, уый сын радта,
фӕлӕ сыл бафтыдта тыхсӕттӕг рын.
16Асадӕны израилӕгтӕ бахӕлӕг кодтой Моисеймӕ
ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг кусӕг Ааронмӕ.
17Уӕд зӕхх аскъуыд ӕмӕ аныхъуырдта Дафаны,
бануӕрста Авироны ӕрдонг.
18Зынг сирвӕзт сӕ къордыл,
арт басыгъта фыдлӕгты.
19Хоривы сарӕзтой род –
куывтой згъӕрӕй конд фӕлгонцӕн.
20Сӕ кады Хуыцауы баивтой
кӕрдӕгхор галы нывыл.
21Ферох кодтой, Чи сӕ фервӕзын кодта,
уыцы Хуыцауы,
Мысыры стыр хъуыддӕгтӕ,
22Хамы зӕххы диссӕгтӕ,
Сырх денджызы былыл
ӕвирхъау тасӕфтауӕг митӕ Чи сарӕзта, Уый.
23Хуыцауы зӕрды уыди сӕ фӕцӕгъдын,
фӕлӕ Моисей, Йе 'взӕрст,
ӕрлӕууыд Йӕ разы ӕхсӕнлӕууӕгӕй,
цӕмӕй Хуыцау Йӕ масты фӕдыл ма ацӕуа
ӕмӕ сӕ ма фесафа.
24Сӕхи атигъ кодтой бӕллиццаг зӕххыл,
Хуыцауы ныхасыл нӕ баууӕндыдысты
25Ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой сӕ цатырты,
нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ.
26Ӕмӕ сӕм систа Йӕ къух,
цӕмӕй сӕ ныццӕгъда ӕдзӕрӕг быдыры,
27Ныппырх кӕна сӕ байзӕддӕгты адӕмты ӕхсӕн,
ныффӕйлауа сӕ зӕххы цъарыл.
28Уыдон куывтой Ваал-Фегормӕ
ӕмӕ хордтой, мард хуыцӕуттӕн кӕй хастой,
уыцы нывондтӕ.
29Сӕ хъуыддӕгтӕй-иу стызмӕг кодтой Хуыцауы,
ӕмӕ-иу сыл рын сыстади.
30Уӕд рацыд Финес, слӕууыд се 'хсӕн,
ӕмӕ сӕ рын ныууагъта.
31Уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕнусты кӕронмӕ.
32Фӕлӕ та Меривы дӕтты цур
смӕсты кодтой Хуыцауы,
ӕмӕ Моисей баййӕфта ӕфхӕрд уыдоны тыххӕй.
33Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Уды ныхмӕ рацыдысты,
ӕмӕ Моисей фӕрӕдыд ӕнӕрхъуыды ныхасӕй.
34Дунедарӕг сын кӕмӕй загъта,
уыцы адӕмты нӕ фӕцагътой.
35Фӕлӕ схӕццӕ сты муртаттимӕ,
сахуыр сты уыдоны ӕгъдӕуттыл.
36Куывтой сӕ мӕнгхуыцӕуттӕм,
ӕмӕ сын уыдон систы къӕппӕг.
37Сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты
хӕйрӕджытӕн хастой нывондӕн.
38Ныккалдтой-иу ӕназым туг,
сӕ лӕппуты ӕмӕ чызджыты туг –
нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн;
афтӕмӕй зӕхх фӕчъизи тугӕй.
39Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕхи стылдтой цъыфы,
сӕ митӕ уыдысты хӕтаджы митӕ.
40Хуыцауы маст рафыхт Йӕ адӕммӕ,
сӕнад Ын сты Йӕ бындар адӕм.
41Ӕмӕ сӕ радта муртатты къухтӕм,
сӕ фыдгултӕ сын систы ӕлдӕрттӕ.
42Се знӕгтӕ сӕ ӕфхӕрдтой,
ӕмӕ уыдысты сӕ дӕлбар.
43Хуыцау сӕ бирӕ хӕттыты бахызта,
фӕлӕ та-иу сфыдзонд сты;
арфдӕр ныгъуылдысты сӕ азымты.
44Фӕлӕ-иу сӕм ӕркасти сӕ зынты,
сӕ дзыназын-иу сын куы фехъуыста, уӕд.
45Семӕ цы фидыд сарӕзта,
уый-иу ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл,
батӕригъӕд-иу сын кодта
Йӕ бирӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ.
46Уацары кӕмӕ уыдысты,
уыдонӕн дӕр-иу сфӕлмӕн кодта сӕ зӕрдӕтӕ
йӕ адӕммӕ.
47Фервӕзын нӕ кӕн, Дунедарӕг,
нӕ Хуыцау, рамбырд нӕ кӕн дунейы адӕмтӕй,
ӕмӕ стауӕм Дӕ сыгъдӕг ном,
ӕппӕлӕм Дӕ кадӕй.
48Арфӕгонд у Дунедарӕг,
Израилы Хуыцау ӕнусӕй-ӕнустӕм!
Уадз ӕппӕт адӕм зӕгъӕд: «Амен!»
Алилуйа!

