21 Псалом
1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Сӕумӕйы хъуаз»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды псалом.
2Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн ныууагътай мӕн?
Куыд нӕ фӕзыныс мӕн фервӕзын кӕнынмӕ,
куыд нӕ Дӕм хъуысы мӕ дзыназын!
3Мӕ Хуыцау! Хъӕр Дӕм кӕнын бонӕй –
дзуапп нӕ дӕттыс,
хъӕр Дӕм кӕнын ӕхсӕв дӕр –
ӕнцой не 'ссарын.
4Ды, Сыгъдӕг, цӕрыс Израилы кады
ныхӕсты ӕхсӕн;
5Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ нӕ фыдӕлтӕ;
сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой, ӕмӕ-иу сӕ бахызтай.
6Дӕумӕ дзынӕзтой, ӕмӕ-иу сӕ фервӕзын кодтай;
сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой,
ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.
7Ӕз та адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн;
дзыллӕйӕн ӕгад ӕмӕ адӕмӕн ӕлгъаг.
8Мӕн чи уыны, уыдон мыл худынц;
сӕ сӕртӕ тилынц ӕмӕ былысчъилӕй дзурынц:
9«Дунедарӕгыл дардта йӕ зӕрдӕ –
ныр ӕй фӕрвӕзын кӕнӕд;
кӕд ыл ауды, уӕд ӕй ссӕрибар кӕнӕд».
10Мӕ мады гуыбынӕй мӕ куы ракодтай,
хъӕбысы ма куы уыдтӕн,
уӕд дӕр мӕ хъахъхъӕдтай.
11Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн;
мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн,
уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ Хуыцау дӕ.
12Ма адард у мӕнӕй,
уымӕн ӕмӕ мӕ хъизӕмары бон ӕввахс у,
ӕххуысгӕнӕг та нӕй.
13Бирӕ галтӕ мыл ӕрхъула,
хӕрзхаст басайнаг галтӕ мыл ӕртыхстысты.
14Байгом мӕм кодтой сӕ дзых,
йӕ амӕддаджы баййафӕг
ӕмӕ богътӕгӕнӕг домбайау.
15Ӕз ныппырх дӕн донау;
ме стджытӕ кӕрӕдзийыл нал хӕцынц;
мӕ зӕрдӕ мыдадзау батади мӕ риуы.
16Ӕлыгӕй конд дурынау мӕ тых бахус,
ме 'взаг нындӕгъди мӕ комыл;
ингӕны сыджыты нывӕрдтай мӕн.
17Куыйтӕ мыл ӕрхъула сты,
фыдлӕгты ӕрдонг мыл ӕртыхст,
мӕ къухты ӕмӕ мӕ къӕхты
ныххостой ӕфсӕйнӕгтӕ.
18Мӕ фӕрсчытӕн ис банымайӕн;
уыдон та мӕм кӕсынц,
ӕмӕ сын сдӕн хиирхӕфсӕн.
19Сӕ кӕрӕдзийыл уарынц мӕ дарӕс,
мӕ пӕлӕзыл ӕппарынц хӕлттӕ.
20Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ма адард у мӕнӕй!
Ды мӕ тых дӕ,
тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ.
21Мӕ уд мын бахиз цирхъӕй,
мӕ иунӕг цард – куыйтӕй.
22Баиргъӕв мӕ домбайы комӕй;
бахиз мӕ хъӕддаг галты сыкъатӕй.
23Дӕ номы тыххӕй дзурдзынӕн ме 'фсымӕртӕн,
Дӕ адӕмы ӕхсӕн ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй.
24Хуыцауӕй тӕрсджытӕ, стаут Ӕй!
Иаковы ӕппӕт байзӕддӕгтӕ, скад Ын кӕнут.
Нымайут Ӕй, Израилы ӕппӕт адӕм.
25Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕнӕрвӕссон нӕ уыди
ӕфхӕрд адӕймагыл
ӕмӕ нӕ аздӕхти йӕ хъизӕмӕрттӕй;
Йӕхи дзы нӕ бамбӕхста,
фӕлӕ Йӕм уый ӕххуысмӕ куы фӕдзырдта,
уӕд ӕй фехъуыста.
26Стыр ӕмбырды Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн;
дзырд Дын цӕй тыххӕй радтон,
уыдӕттӕ ӕххӕст кӕндзынӕн,
Дӕу чи нымайы, уыдоны раз.
27Къӕбӕр хӕрдзысты мӕгуыртӕ
ӕмӕ бафсӕддзысты;
Хуыцауы скадджын кӕндзысты,
чи Йӕ агуры, уыдон!
Уадз мыггагмӕ уой цардӕфсӕст.
28Уый ӕрымысдзысты ӕппӕт зӕххы цӕрджытӕ
ӕмӕ раздӕхдзысты Дунедарӕгмӕ;
Дӕ разы ӕрзоныг уыдзысты адӕмтӕ иууылдӕр.
29Уымӕн ӕмӕ паддзахад Хуыцауы у,
адӕмтӕн Уый у Бардарӕг.
30Ныллӕг акувдзысты Уымӕн
ӕппӕт зӕххы цардӕфсӕст бонджынтӕ;
Йӕ разы ӕрзоныг уыдзысты сыджытмӕ цӕуджытӕ
ӕмӕ йӕ удӕн мадзал чи нӕ зоны,
уыдон иууылдӕр.
31Мӕ байзӕддӕгтӕ кусдзысты Уымӕн,
мыггагмӕ хӕсдзысты Хуыцауы адӕмы ном.
32Ӕмӕ цӕудзысты
ӕмӕ дзурдзысты Йӕ рӕстдзинадыл,
ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕн Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй.

