103 Псалом
1Стау, мӕ уд, Хуыцауы!
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
куыд диссаджы бӕрзонд у Дӕ ном!
Ды фӕлыст дӕ кад ӕмӕ намысӕй.
2Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау,
арв айтыгътай цатырау.
3Дӕ уӕларвон галуан ӕрӕвӕрдтай дӕтты сӕрмӕ,
ӕврӕгътӕй саразыс Дӕхицӕн уӕрдон,
цӕуыс дымгӕйы базыртыл.
4Дымгӕтӕй Дӕхицӕн кӕныс фидиуджытӕ,
пиллон артӕй – Дӕ кусджытӕ.
5Зӕхх ӕрӕвӕрдтай фидар бындурыл –
нӕ фӕцуддзӕн ӕнусӕй-ӕнустӕм.
6Хъӕццулау айтыдтай дӕттӕ,
уыдон хӕхты дӕр бамбӕрзтой.
7Дӕ барджын ныхасӕй згъорынц,
Дӕ ӕрвнӕрды хъӕлӕсӕй лидзынц дӕттӕ,
8Схӕццӕ вӕййынц хӕхтӕм,
рацӕуынц дӕлвӕзтӕм,
Ды сын цы бынат раттыс, уырдӕм.
9Донӕн ӕрӕвӕрдтай арӕн
ӕмӕ йын уыцы арӕны сӕрты рахизӕн нӕй,
ӕмӕ нал раздӕхдзӕн ногӕй
зӕххы фӕдӕлдон кӕнынмӕ.
10Донгуырӕнтӕ арвитыс адгуытӕм,
кӕлынц хӕхты ӕхсӕнты,
11Ӕфсадынц ӕппӕт быдираг сырдты;
суанг хъӕддаг хӕрджытӕ дӕр суадзынц сӕ дойны.
12Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ,
сыфтӕрты ӕхсӕнӕй райхъуысы сӕ зарын.
13Бӕрзӕндтӕй Ды басӕттыс сӕ дойны хӕхтӕн,
Де сконд дыргътӕй бафсадыс зӕхх.
14Фосӕн ӕрзайын кӕныс кӕрдӕг,
халсартӕ – адӕймаджы пайдайӕн,
цӕмӕй зӕххӕн йӕхицӕй раттай хойраг:
15Адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн,
йӕ цӕсгом кӕмӕй ӕрттивы, уыцы зети,
адӕймагӕн тыхдӕттӕг дзул.
16Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ –
Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыцы ливайнаг нӕзытӕ.
17Мӕргътӕ сыл сбийынц ахстӕттӕ;
зазбӕлӕсты – кӕсагласы цӕрӕн бынат;
18Бӕрзонд хӕхтӕ – сычъитӕн,
айнӕг къӕдзӕхтӕ – тӕрхъустӕн ӕмбӕхсӕн.
19Рӕстӕг зонынӕн Ды сфӕлдыстай мӕй;
хур зоны йӕ аныгуылӕн.
20Ды айтындзыс талынг – ӕрлӕууы ӕхсӕв
ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн тезгъойы афон.
21Ӕрыгон домбӕйттӕ богътӕгӕнгӕ агурынц сӕ
амӕддӕгты,
Хуыцауӕй курынц сӕ хӕринаг.
22Хур куы скӕсы, уӕд аздӕхынц
ӕмӕ схуыссынц сӕ хуыккӕмтты.
23Рацӕуы адӕймаг дӕр йӕ куыст кӕнынмӕ
ӕмӕ фӕархайы суанг изӕрмӕ.
24Куыд ӕнӕнымӕц сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг!
Ӕппӕтдӕр сфӕлдыстай Дӕ уӕлзондӕй;
зӕхх дзаг у Де скондӕй.
25Уый дын стыр ӕмӕ уӕрӕх денджыз;
ӕмызмӕлд дзы кӕнынц хилджытӕ,
стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойтӕ – нымӕц сын нӕй.
26Ленк дзы кӕнынц наутӕ,
хъылдымтӕ дзы кӕны, Ды кӕй сфӕлдыстай,
уыцы кӕфхъуындар.
27Уыдон иууылдӕр Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц,
цӕмӕй сын раттай хӕринаг йӕ афоныл.
28Ды сын дӕттыс, ӕмӕ уыдон хӕрынц;
байгом кӕныс Дӕ арм –
ӕмӕ бафсӕдынц Дӕ бӕркадӕй.
29Де 'ргом сӕ аздахыс – ӕмӕ стыхсынц;
сӕ улӕфт сын байсыс – ӕмӕ амӕлынц,
аздӕхынц сыджытмӕ.
30Дӕ Уд куы рарвитыс, уӕд сӕвзӕрынц,
ӕмӕ сног кӕныс зӕххы уӕлцъар.
31Кад уӕд Дунедарӕгӕн мыггагмӕ;
цин кӕнӕд Дунедарӕг Йӕ хъуыддӕгтыл!
32Уый ӕркӕсы зӕххмӕ, ӕмӕ зӕхх баризы;
андзӕвы хӕхтыл – сӕ фӕздӕг скӕлы.
33Зардзынӕн Дунедарӕгӕн мӕ цӕргӕбонты;
цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ зардзынӕн
мӕ Хуыцауы кадӕн.
34Уадз ӕмӕ Йын ӕхцон уой мӕ хъуыдытӕ дӕр;
мӕ цин Дунедарӕгыл уыдзӕни.
35Уадз зӕххыл ӕрцӕуӕд кӕрон тӕригъӕдджынтӕн,
фыдлӕгтӕн сӕ кой дӕр мауал уӕнт!
Стау, мӕ уд, Хуыцауы!
Алилуйа!

