Разныхас
Зынаргъ чиныгӕсӕг! Дӕ къухы ис Библийы «Рагон Фӕдзӕхст»-ы иу хай – «Псаломтӕ» ирон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй. Дзырд «псалом» равзӕрд грекъаг «псалмос»-ӕй. Афтӕ хонынц дины зарджытӕ, зарыдысты сӕ алыхуызон музыкалон инструментты цагъдмӕ.
Ацы зарджыты ӕмбырдгонд дзуттӕгтӕ схуыдтой «Кадджын кӕныны Чиныг», «Ӕппӕлд». Хуыцауӕй ӕппӕлын, Уымӕ дзурын, Ууыл хъуыды кӕнын у ацы чиныгӕн йӕ сӕйраг нысан. Ӕппӕт псаломтӕ дӕр алы хуызты дзурынц Хуыцауы стыр кадыл.
Уымӕй дарддӕр ма Псаломтӕ сты адӕймагӕн йӕ цины, йӕ хъыджы, знӕт ӕмӕ тасы ӕнкъарантӕ ӕвдисӕг, радӕттынц ын знаджы ныхмӕ йӕ тохы монц, цы тӕригъӕдтӕ ракӕны, уыдоныл йӕ фӕсмон.
Афтӕмӕй ацы чиныджы ӕвзагӕй алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у, цы ахсджиагдӕр хъуагтӕ ӕййафы, уыдон ӕппӕтхъомыс ӕмӕ хорзӕхӕй дзаг Хуыцауӕн раргом кӕнын. Иу ныхасӕй, Псаломты Чиныг у, ӕнусты сӕрты чи ахызт, Хуыцауы адӕмы ахӕм кадӕджы (гимны) ӕмӕ кувыны чиныг.
Псаломты чиныг ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгонд ӕрцыд ӕппӕтӕй рагондӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр дзуттаг манускриптмӕ гӕсгӕ (Ленинградаг кодекс), Biblia Hebraica Stutgartensia бындурыл. Чиныджы сӕргӕндтӕ арӕзт сты уырыссаг синодалон тӕлмацмӕ гӕсгӕ.
Псаломты аивадон гуырӕн у рагон дзуттаг поэзи. Уый мидаг нӕй фӕлхатон ӕмзӕлдтӕ ӕмӕ бӕрцбаст рӕнхъытӕ. Йӕ сӕйраг хицӕндзинад у параллелизм. Ома дыккаг рӕнхъ фыццагӕн вӕййы ӕмбарынгӕнӕн, йӕ хъуыды йын фӕбӕлвырддӕр кӕны, кӕронмӕ йӕ райхалы. Стӕй иуӕй-иу зарджыты фыццаг рӕнхъыты ис иу кӕнӕ цалдӕр дзырды ӕмӕ амонынц, мелоди куыд аразгӕ у, уый.
Фондз ӕмӕ ссӕдз псаломы та райдайынц, «Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ», зӕгъгӕ, ахӕм дзырдтӕй. Уыдон аргъуаны зарӕггӕнджыты разамонӕгӕн нысан сты. Алы чиныг дӕр фӕвӕййы Хуыцауӕн кад кӕнынӕй. Зӕгъӕм, псалом 40:14 фӕвӕййы афтӕ: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен! Амен!»
Иуӕй-иу псаломтӕ фыст сты акростихы хуызы. Уый у поэзийы ахӕм архайдхуыз, ӕмӕ дзы алы рӕгъ кӕнӕ строфайы фыццаг дамгъӕтӕ ӕмдзыд сты рагон дзуттаг алфавиты фӕткимӕ. Ахӕм хуызы фыст сты 9, 24, 33, 36, 110, 111, 118 ӕмӕ 144 псаломтӕ. Цӕвиттойнаг у 118-ӕм псалом, уый сымах бакӕсдзыстут нӕ тӕлмацы.
Псаломтӕ фыстой ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр автортӕ, стӕй уӕд иумӕ ӕмбырдгонд ӕрцыдысты. 150 псаломы ӕмбырдгонд адихгӕнӕн ис фондз хайыл. Фыццаг хай – 1–40-ӕмы онг, дыккаг – 41–71, ӕртыккаг – 72–88, цыппӕрӕм – 89–105 ӕмӕ фӕндзӕм – 106–150-ӕммӕ.
Ацы Псалтир ирон ӕвзагмӕ фыццаг хатт тӕлмац нӕ цӕуы. 1848-ӕм азы псаломтӕ – «Стауыны (Стыдай) чиныг» – хицӕн чиныгӕй рацыдысты Санкт-Петербурджы.
1994-ӕм азы сӕ рауагътой евангелион чырыстонтӕ Ног Фӕдзӕхстимӕ иумӕ.
Ацы чиныг у ӕртыккаг тӕлмац. Ноджы раздӕр, 1798-ӕм азы, хицӕн псаломтӕ хаст ӕрцыдысты фыццаг ирон мыхуыргонд чиныг катехизисмӕ.
Библи тӕлмацы Институт арфӕ кӕны тӕлмацгӕнджытӕн, редактортӕн ӕмӕ ацы куысты чи архайдта, уыдонӕн се 'ппӕтӕн дӕр. Махӕн ӕхсызгон у, ацы чиныг ирон адӕмӕн сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсыны фадат кӕй ис, уый.
Библи тӕлмацы Институт ма фӕстаг азты рауагъта Ног Фӕдзӕхст 2004 азы, Райдиан ӕмӕ Рацыд – 2006 азы.
Библи тӕлмацы Институт, Мӕскуы.

