118 Псалом
Алеф[24]
1Тӕхудиаг сты уыдон,
йӕ цардвӕндаг ӕнаипп кӕмӕн у,
Хуыцауы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.
2Тӕхудиаг сты уыдон,
Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ чи 'ххӕст кӕны,
ӕппӕт зӕрдӕйӕ Уый чи агуры.
3Уыдон фыдми нӕ ракӕнынц,
фӕлӕ цӕуынц Хуыцауы фӕндагыл.
4Ды бафӕдзӕхстай Дӕ амындтӕ,
цӕмӕй сӕ кӕронмӕ ӕххӕст кӕнӕм.
5О, куы цӕуин ӕз Дӕ фӕндӕгтыл,
цӕмӕй Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон!
6Уӕд нӕ фегад уаин,
куы исин мӕхимӕ Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ.
7Стаудзынӕн Дӕ раст зӕрдӕйӕ,
Дӕ ӕнӕхӕрам уынаффӕтыл ахуыр кӕнгӕйӕ.
8Дӕ уагӕвӕрдтӕн уыдзынӕн коммӕгӕс;
ӕрмӕст мӕ ма ныууадз бынтон!
Бет
9Куыд бавӕра ӕвзонг лӕппу йӕ цардвӕндаг
сыгъдӕгӕй? –
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕргӕйӕ.
10Агурын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ;
ма бауадз мӕн Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхын.
11Ӕз мӕ зӕрдӕйы рӕбын дарын Дӕ ныхас,
цӕмӕй Дӕ разы тӕригъӕд ма аразон.
12Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
13Ӕргомӕй хъусын кӕндзынӕн
Дӕуӕй рацӕугӕ ӕппӕт уынаффӕтӕ.
14Цыфӕнды хӕзнайӕ мын стырдӕр цин хӕссы
Дӕ уынаффӕты фӕндагыл цӕуын.
15Мӕ хъуыдытӕ сты Дӕ фӕдзӕхстытыл;
цӕуын Дӕ амынд фӕндагыл.
16Дӕ уагӕвӕрдтӕ мын ӕхсызгон сты,
Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.
Гимел
17Дӕ хорзӕх ӕруадз Дӕ цагъарыл, ӕмӕ цӕрдзынӕн;
ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхас.
18Байгом кӕн мӕ цӕстытӕ,
ӕмӕ фендзынӕн диссӕгтӕ Дӕ фӕдзӕхстыты.
19Ӕз зӕххыл фӕндаггон дӕн,
ма бамбӕхс мӕнӕй Дӕ уынаффӕтӕ.
20Мӕ уд бастади ӕдзух Дӕ раст тӕрхонмӕ бӕлгӕйӕ.
21Ды бауайдзӕф кодтай хъалтӕн;
уыдон ӕлгъыст сты –
Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхтысты.
22Аиуварс кӕн мӕнӕй ӕгад ӕмӕ худинаг,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын.
23Кӕд ӕлдӕрттӕ бадынц ӕмӕ тӕрхӕттӕ кӕнынц
мӕ ныхмӕ,
уӕддӕр Дӕ цагъары хъуыдытӕ
Дӕ уагӕвӕрдтыл сты.
24Дӕ уынаффӕтӕ мын ӕхсызгон сты,
уыдон мын – ӕгас зондамонджытӕ.
Далет
25Зӕххы рыг ӕмвӕз сси мӕ уд;
райгас мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
26Ӕз радзырдтон мӕ цардвӕндӕгты тыххӕй,
ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
27Бамбарын мын кӕн Дӕ уынаффӕты фӕндаг,
ӕмӕ уӕд мӕ хъуыдытӕ Дӕ диссаг хъуыддӕгтыл
уыдзысты.
28Мӕты бацыди мӕ уд;
сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
29Аиуварс мӕ кӕн мӕнг фӕндагӕй;
батӕригъӕд мын кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
30Ӕз равзӕрстон ӕцӕгады фӕндаг,
ӕмӕ мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон Дӕ рӕстдзинадмӕ.
31Ӕз фидар хӕцын Де 'гъдӕуттыл,
О Дунедарӕг, ма мӕ ратт ӕгадмӕ.
32Ӕз згъордзынӕн Дӕ фӕдзӕхст фӕндагыл;
Ды мӕ зӕрдӕйӕн уӕрӕх ӕмбарынад дӕттыс.
Хе
33Сахуыр мӕ кӕн, О Дунедарӕг,
Дӕ уагӕвӕрдты фӕндагыл лӕууын,
ӕмӕ йыл ӕз кӕронмӕ цӕудзынӕн.
34Зонд мын бацамон, ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн
Де 'гъдау,
ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ уыдзынӕн коммӕгӕс.
35Бафтау мӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл,
уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕн уыцы фӕндаг ӕхцон у.
36Мӕ зӕрдӕ аздах хипайдамӕ нӕ,
фӕлӕ Дӕ уынаффӕтӕм.
37Аздах мӕ цӕстӕнгас цӕмӕй ма уынон,
мӕнг цы у, уый;
сног мын кӕн мӕ цард Дӕ фӕндагыл.
38Дӕ цагъарӕн Дӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕн,
цӕмӕй Дӕ ӕндӕртӕ дӕр нымайой.
39Цы ӕгадӕй тӕрсын уый аиуварс кӕн мӕнӕй;
куыд фӕрнджын сты Дӕ уынаффӕтӕ!
40О, куыд бӕллын ӕз дӕ амындтытӕм;
сног мын кӕн мӕ цард Дӕ рӕстдзинадӕй.
Вав
41Уадз мӕн баййафӕд Де 'нӕаивгӕ уарзт, Дунедарӕг
ӕмӕ мын фервӕзынӕй цы ныфс ӕвӕрдтай, уый.
42Ӕмӕ ӕз дзуапп ратдзынӕн мӕ фыдгойгӕнӕгӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.
43Бынтон ӕнӕхай ма фӕкӕн мӕн
Де 'цӕгады ныхас дзурынӕй,
уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ Дӕ рӕстдзинадыл дарын,
44Ӕмӕ ӕз Де 'гъдауыл хӕцдзынӕн кӕддӕриддӕр
ӕмӕ мыггагӕй-мыггагмӕ.
45Мӕ къахайст уыдзӕни уӕрӕх,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ уынаффӕтӕ бацагуырдтон.
46Паддзӕхты раз дзурдзынӕн Дӕ уагӕвӕрдты тыххӕй
ӕмӕ нӕ фефсӕрмы уыдзынӕн.
47Мӕнӕн ӕхцон сты Дӕ фӕдзӕхстытӕ,
уымӕн ӕмӕ ӕз бауарзтон уыдон.
48Бӕрзонд хӕсдзынӕн Дӕ фӕдзӕхстытӕ –
уыдон бауарзтон ӕз,
мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ уагӕвӕрдтыл.
Зайин
49Ӕрымыс, Дӕ цагъарӕн ныфсӕвӕрынӕн
цы дзырд радтай, уый.
50Дӕ ныхас мӕ раздахы цардмӕ,
мӕ хъыгты мын дӕтты рӕвдыд.
51Хъалтӕ мӕ тынг ӕфхӕрдтой,
фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕй нӕ аздӕхтӕн.
52Мӕ зӕрдыл дарын Дӕ ӕнусон фӕдзӕхстытӕ,
О Дунедарӕг,
ӕмӕ сӕ исын рӕвдыд.
53Маст мын ме уӕнгтӕ сбӕтты,
Дӕ уагӕвӕрдтӕ ныууадзӕг фыдгӕнджыты
куы фенын, уӕд.
54Кӕмдӕриддӕр цардтӕн, уым мын
Дӕ фӕдзӕхстытӕ уыдысты мӕ зарӕджы сӕр.
55Ӕхсӕвыгӕтты-иу ӕрымысыдтӕн Дӕ ном,
О Дунедарӕг,
ӕмӕ мӕ зӕрдыл дардтон Дӕ уынаффӕтӕ.
56Уый сси мӕнӕн ӕгъдау –
цӕрын Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.
Хет
57О Дунедарӕг, Ды дӕ мӕ Хуыцауы хай;
ӕз загътон: ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхӕстӕ.
58Ӕппӕт зӕрдӕйӕ агурын Дӕ хорз цӕстӕнгас;
батӕригъӕд мын кӕн
Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
59Ӕз хъуыды кодтон мӕ фӕндӕгтыл
ӕмӕ мӕ къахдзӕфтӕ сарӕзтон Дӕ амындтытӕм.
60Ӕз тагъд кодтон, фӕстӕ нӕ лӕууыдтӕн
Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй.
61Фыдлӕгты сахсӕнтӕ – мӕ алыварс,
фӕлӕ ӕз дӕ ныхас нӕ рох кодтон.
62Ӕмбисӕхсӕв-иу сыстадтӕн
Дӕ раст тӕрхонты тыххӕй
Дӕуӕн кад скӕнынмӕ.
63Хӕлар дӕн ӕз, Дӕуӕй чи тӕрсы
ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ чи ӕххӕст кӕны,
ӕппӕт уыдонӕн.
64Де стыр хорзӕхӕй, Хуыцау, ӕмыдзаг у зӕхх;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
Тет
65Ды хорзы бацыдтӕ Дӕ цагъарӕн, О Дунедарӕг,
зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.
66Бацамон мын хорз зонд ӕмӕ мӕ скӕн ӕмбаргӕ,
уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын Дӕ фӕдзӕхстытыл.
67Мӕ хъизӕмары агъоммӕ ӕз рӕдыдтӕн,
ныр та Дӕ ныхасӕн дӕн коммӕгӕс.
68Ды фӕрнджын ӕмӕ фарн тауӕг дӕ;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
69Ӕнӕхуыцӕуттӕ мыл ӕндадзынц сӕ мӕнг ныхӕстӕ;
ӕз та зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзынӕн
Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
70Сӕ зӕрдӕтыл фырнӕрдӕй схӕцыд фиу,
мӕнӕн та Дӕ ныхас ӕхцон у.
71Хуыздӕрӕн мын уыдысты мӕ хъизӕмӕрттӕ,
цӕмӕй базонон Дӕ амындтӕ.
72Дӕ комӕй рацӕугӕ фӕдзӕхст мӕнӕн
мингай сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй хуыздӕр у.
Йод
73Дӕ къухтӕ сфӕлдыстой ӕмӕ снывӕзтой мӕн;
скӕн мӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ базондзынӕн,
Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
74Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдон мӕ фендзысты ӕмӕ цин
кӕндзысты,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.
75Дӕ тӕрхонтӕ раст кӕй сты,
уый мын зындгонд у, О Дунедарӕг;
Дӕ иузӕрдионӕй бафхӕрдтай мӕн.
76Уадз Дӕ хорзӕх уӕд мӕ рӕвдауӕг,
Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.
77Ӕрцӕуӕд мыл Дӕ рӕвдыд, ӕмӕ ӕз цӕрдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон сты мӕнӕн.
78Уадз фегад уой хъалтӕ,
уымӕн ӕмӕ ӕнаххосӕй уынгӕг кӕнынц мӕн;
мӕ хъуыдытӕ та уыдзысты Дӕ уагӕвӕрдтыл.
79Дӕуӕй чи тӕрсы, Дӕ уынаффӕтӕ чи зоны,
уыдон раздӕхӕнт мӕнмӕ.
80Уадз ӕмӕ мӕ зӕрдӕ уа ӕнаипп Дӕ амындмӕ гӕсгӕ,
цӕмӕй ма фегад уон.
Каф
81Руайы мӕ уд Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕлгӕйӕ;
мӕ зӕрдӕ Дӕ ныхасыл дарын.
82Руайынц мӕ цӕстытӕ Дӕ зӕрдӕвӕрӕнмӕ бӕлгӕйӕ,
ӕмӕ фӕзӕгъын: «Кӕд мӕ барӕвдаудзынӕ?»
83Лалым фӕздӕгмӕ куыд бампылы, афтӕ сдӕн ӕз,
фӕлӕ Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ферох кодтон.
84Цас ӕнхъӕлмӕ кӕсон ӕз – Дӕ цагъар?
Кӕд стӕрхон кӕндзынӕ мӕ сурджытӕн?
85Дӕ ӕгъдау ницӕмӕ даргӕйӕ,
сӕрыстыртӕ мӕнӕн скъахтой уӕрм,
86Мӕ фӕдыл зилынц ӕнаххосӕй;
баххуыс мын кӕн, уымӕн ӕмӕ
Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕцӕг сты.
87Бирӕ сӕ нал хъуыди а-дунейӕ мӕн фесафынмӕ,
фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ныууагътон.
88Дӕ хорзӕхы руаджы мын бахиз мӕ цард,
ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ комӕй рацӕугӕ
уынаффӕтӕ.
Ламед
89Дӕ ныхас, О Дунедарӕг,
уӕлӕрвты фидаргонд у мыггагмӕ.
90Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ у;
Ды ӕрфидар кодтай зӕхх, ӕмӕ лӕууы.
91Дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ нырмӕ лӕууы ӕппӕт дӕр,
уымӕн ӕмӕ коммӕгӕс сты Дӕуӕн.
92Дӕ ныхасӕй куы нӕ исин рӕвдыд,
уӕд афонмӕ мӕ хъизӕмӕртты амӕддаг фӕуыдаин.
93Мыггагмӕ дӕр нӕ ферох кӕндзынӕн
Дӕ уагӕвӕрдтӕ –
цард мын уыдоны фӕрцы дӕттыс.
94Ӕз Дӕу дӕн – фервӕзын мӕ кӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ амындтытӕ бацагуырдтон.
95Фыдлӕгтӕ цӕттӕйӕ лӕууынц мӕн бабын
кӕнынмӕ;
ӕз та арфдӕр хъуыды кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтыл.
96Ӕз федтон, алцӕмӕй ӕххӕст цы у,
ӕппӕт уыдонӕн сӕ кӕрон,
фӕлӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕн кӕрон нӕй.
Мем
97Куыд уарзын ӕз Дӕ ныхас! Мӕ хъуыдытӕ
боны дӕргъы дӕр ууыл вӕййынц.
98Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ ме знӕгтӕй скодтой
зондджындӕр,
уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр мемӕ сты.
99Ме 'ппӕт ахуыргӕнджытӕй ӕз фӕзонӕгдӕр дӕн,
уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ Дӕ уагӕвӕрдтыл сты.
100Ӕмбаргӕдӕр дӕн ӕз кардзыдтӕй,
уымӕн ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ ӕххӕст кӕнын.
101Алы галиу фӕндагыл цӕуынӕй мӕхи хизын,
цӕмӕй коммӕгӕс уон Дӕ ныхасӕн.
102Дӕ уынаффӕтӕй ӕз нӕ аздӕхтӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕхӕдӕг ахуыр кӕныс мӕн.
103Куыд адджын сты Дӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕйӕн!
Уыдон мӕ дзыхы адджындӕр сты мыдӕй.
104Дӕ амындтытӕ мӕ кӕнынц ӕмбаргӕ;
уымӕ гӕсгӕ мын алы мӕнгдзинады фӕндаг
ӕнӕуынон у.
Нун
105Дӕ ныхас – цырагъ мӕ развӕдӕн
ӕмӕ рухс мӕ фӕндагӕн.
106Ӕз дзырд радтон ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн –
коммӕгӕс уыдзынӕн Дӕ раст уынаффӕтӕн.
107Уӕззау ӕфхӕрд бавзӕрстон, О Дунедарӕг,
сног мын кӕн мӕ цард Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
108Ӕхцон Дын уӕд, О Хуыцау, мӕ нывонд –
Дӕуӕй мӕ барвӕндон ӕппӕлд;
сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.
109Мӕ уд ӕдзух ӕрдуйыл хӕцы тасдзинады,
фӕлӕ Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.
110Фыдлӕгтӕ мын сӕвӕрдтой хыз,
фӕлӕ ӕз Дӕ амындтӕй нӕ адзӕгъӕл дӕн.
111Дӕ уагӕвӕрдтӕ райстон бынтӕн мыггагмӕ –
уыдон сты мӕ зӕрдӕйы цин.
112Ӕз мӕ зӕрдӕ радтон Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст
кӕнынмӕ,
мыггагмӕ, мӕ царды кӕронмӕ.
Самех
113Дыууӕ зондыл хӕст чи у,
ахӕм адӕймаг мын ӕнӕуынон у,
Дӕ ӕгъдау та уарзын.
114Ды мӕ хъахъхъӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт дӕ;
Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.
115Аиуварс ут мӕнӕй, фыдгӕнджытӕ, ӕз та
мӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзынӕн.
116Сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ,
ӕмӕ цӕрдзынӕн;
ныфс цӕмӕй ӕвӕрын, уымӕй мӕ фыдӕнхъӕл
ма фӕкӕн.
117Ратт мын тых ӕмӕ фервӕздзынӕн;
ӕдзух ахуыр кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
118Дӕ уагӕвӕрдтӕ чидӕриддӕр ныууадзы,
уыдоныл Дӕхи атигъ кӕныс,
уымӕн ӕмӕ сӕ хинвӕндтӕ мӕнгард сты.
119Ды дунейы ӕппӕт фыдлӕгты амӕрзыс,
чи нызгӕ ӕмӕ ныссыгъд,
уыцы ӕфсӕн быгъуыйау.
Уымӕ гӕсгӕ мын зынаргъ сты Дӕ уынаффӕтӕ.
120Дӕ азарӕй ризы мӕ буар,
тас мыл ӕфтауынц Дӕ тӕрхонтӕ.
Айин
121Ӕз арӕзтон рӕстдзинад ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый;
ма мӕ ныууадз мӕ ныхмӕлӕуджыты ӕвджид.
122Дӕ фӕдзӕхст бакӕн Дӕ цагъарӕн йӕ фӕрныгад,
сӕрыстыртӕ мӕ куыд нӕ ӕфхӕрой, афтӕ.
123Тайынц мӕ цӕстытӕ Дӕ ирвӕзындзинадмӕ
ӕмӕ Дӕ растады зӕрдӕвӕрдмӕ ӕхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.
124Фӕу Дӕ цагъарӕн Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ;
сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.
125Ӕз Дӕ цагъар дӕн;
скӕн мӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ базонон Дӕ амындтӕ.
126Ралӕууыд Хуыцауӕн Йӕхи равдисыны рӕстӕг:
халынц Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
127Ӕз та Дӕ фӕдзӕхстытӕ сызгъӕринӕй фылдӕр
уарзын,
сыгъдӕг сызгъӕринӕй фылдӕр.
128Афтӕ Де 'ппӕт уынаффӕтӕ дӕр
ӕз растыл нымайын;
цавӕрфӕнды мӕнгдзинады фӕндаг дӕр
мӕнӕн ӕнӕуынон у.
Пе
129Диссаг сты Дӕ амындтытӕ;
уымӕ гӕсгӕ сӕ мӕ зӕрдӕйы хӕссын.
130Дӕ ныхӕсты раргомад рухс дӕтты,
хуымӕтӕг адӕмы кӕны ӕмбаргӕ.
131Байгом кӕнын мӕ дзых ӕмӕ сулӕфын –
Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ уӕлдӕфау хъӕуынц.
132Де 'ргом мӕм раздах ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,
Дӕ ном уарзджытӕн ӕрвылхатт куыд
бакӕныс, афтӕ.
133Сфидар мын кӕн мӕ къахдзӕфтӕ
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ
ӕмӕ цыфӕнды фыдӕхӕн дӕр ма ратт мӕныл
фӕуӕлахизы бар.
134Бахиз мӕ адӕймаджы ӕфхӕрдӕй,
ӕмӕ Дӕ уагӕвӕрдтӕн уыдзынӕн коммӕгӕс.
135Срухс кӕн Дӕ цагъары Дӕ цӕсгомы рухсӕй
ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн Дӕ уынаффӕтыл.
136Адӕм Дӕ ныхас кӕй не 'ххӕст кӕнынц,
уый тыххӕй мӕ цӕстытӕй кӕлынц цӕссыджы
суадӕттӕ.
Цаде
137Рӕстаг дӕ Ды, О Дунедарӕг,
ӕмӕ раст сты Дӕ уынаффӕтӕ дӕр.
138Ды радтай раст фӕдзӕхстытӕ,
ӕххӕст ӕцӕгад сты уыдон.
139Фыр мӕтӕй ӕз ӕнцой нал зонын,
уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ ферох кодтой Дӕ ныхӕстӕ.
140Дӕ ныхас фӕлтӕрд у,
ӕмӕ йӕ Дӕ цагъар бауарзта.
141Ӕз ӕнӕахадгӕ ӕмӕ ӕгад дӕн,
фӕлӕ Дӕ уынаффӕтӕ нӕ рох кӕнын.
142Дӕ рӕстдзинад мыггагмӕйы рӕстдзинад у,
Дӕ ныхас ӕцӕг у.
143Мӕт ӕмӕ хъыг ӕртыхстысты мӕныл,
фӕлӕ мын Дӕ фӕдзӕхстытӕ дӕттынц
ӕхцондзинад.
144Дӕ уагӕвӕрдты рӕстдзинад мыггагмӕ у;
ратт мын ӕмбарынад, ӕмӕ цӕрдзынӕн.
Коф
145Дӕумӕ кувын ӕппӕт зӕрдӕйӕ –
фехъус мӕ, О Дунедарӕг,
ӕмӕ уыдзынӕн коммӕгӕс Дӕ уагӕвӕрдтӕн.
146Дӕумӕ кувын – фервӕзын мӕ кӕн,
ӕмӕ хӕцдзынӕн Дӕ амындтыл.
147Боныцъӕхтӕй фӕраздӕр вӕййын
ӕмӕ Дӕм дзыназын ӕххуысагур;
Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.
148Бонивӕнтӕй раздӕр мӕ цӕстытӕ гом вӕйынц,
цӕмӕй арфдӕр хъуыды кӕнон Дӕ ныхӕстыл.
149Ды уарзӕгой дӕ, О Дунедарӕг,
ӕмӕ мын фехъус мӕ хъӕлӕс;
Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ мын бахиз мӕ цард.
150Ӕрбаввахс мӕм сты мӕ фӕдылзилджытӕ
сӕ хинвӕндимӕ – уыдон дард сты Дӕ ныхасӕй.
151Хӕстӕг дӕ Ды, О Дунедарӕг,
Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕцӕг сты.
152Ӕз раджы базыдтон Дӕ уагӕвӕрдтӕй,
мыггагмӕ сӕ кӕй сфидар кодтай, уый.
Реш
153Ӕркӕс мӕ тухӕнмӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.
154Мӕ хъуыддаджы балӕуу ӕмӕ мӕ бахъахъхъӕн;
Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мын мӕ цард бахиз.
155Дард у фыдлӕгтӕй ирвӕзындзинад –
уыдон Дӕ уынаффӕтӕ нӕ агурынц.
156Диссаг у Дӕ рӕвдыд, О Дунедарӕг;
бахиз мӕ Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ.
157Бирӕ сты мӕ фӕдылзилджытӕ ӕмӕ ме знӕгтӕ;
фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕй нӕ аздӕхын.
158Дӕу чи ныууагъта, уыдонмӕ ӕз кӕсын зӕрдӕлгъӕдӕй;
уыдон ӕгоммӕгӕс сты Дӕ ныхасӕн.
159Ӕркӕс, Дӕ уынаффӕтӕ куыд уарзын, уымӕ;
Ды уарзӕгой дӕ, О Хуыцау,
ӕмӕ мын бахиз мӕ цард.
160Дӕ ныхасы бындур ӕцӕгад у,
ӕмӕ мыггагмӕ у Дӕ алы раст уынаффӕ.
Шин
161Ӕнаххосӕй мӕ фӕдыл зилынц ӕлдӕрттӕ,
фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ ныхасӕй ризы мӕ зӕрдӕ.
162Цин кӕнын Дӕ ныхасыл,
цыма стыр ӕфтиаг райстон, афтӕ.
163Ме сӕфт уынын мӕнгдзинадӕй
ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын, Дӕ ныхас та уарзын.
164Стауын Дӕ бон авд хатты
Дӕ раст уынаффӕты тыххӕй.
165Дӕ ныхас чи уарзы, уыдон ссардтой ӕгӕрон фарн
ӕмӕ сын фӕкӕлӕн нӕ уыдзӕн.
166Дӕ ирвӕзындзинадыл дарын мӕ зӕрдӕ, О Хуыцау,
ӕмӕ ӕххӕст кӕнын Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
167Мӕ зӕрдӕйы хӕссын Дӕ уагӕвӕрдтӕ
ӕмӕ сӕ уарзын тынг.
168Хӕцын ӕз Дӕ амындтыл ӕмӕ Дӕ уагӕвӕрдтыл,
уымӕн ӕмӕ ме 'ппӕт цӕуӕнтӕ Дӕ цӕсты раз сты.
Тав
169Схӕццӕ Дӕм уӕд мӕ дзыназын, О Дунедарӕг;
ратт мын ӕмбарынад Дӕ дзырдмӕ гӕсгӕ.
170Сыхъуысӕд Дӕм мӕ куывд;
Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мӕ фервӕзын кӕн.
171Мӕ дзыхӕй рацӕудзысты Дӕуӕй ӕппӕлыны
дзырдтӕ,
уымӕн ӕмӕ мын амоныс Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
172Дӕ ныхасыл зарӕг уыдзӕни мӕ былалгъыл –
Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕгасӕй дӕр раст сты.
173Дӕ цонг мын уӕд ӕххуысгӕнӕг;
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ амындтӕ сӕвзӕрстон.
174Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕллын, О Дунедарӕг,
Дӕ ныхас мын у ӕхцон.
175Уадз цӕрӕд мӕ уд ӕмӕ ӕппӕлӕд Дӕуӕй;
ӕххуысгӕнӕг мын уӕнт Дӕ уынаффӕтӕ.
176Сӕфт фысау фӕиппӕрд дӕн.
Ӕрцагур Дӕ цагъары, уымӕн ӕмӕ ӕз
Дӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ ферох кодтон.

