Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
По главам
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Институт перевода Библии

***

Псаломтӕ

Библи тӕлмацгӕнӕг институт

Мӕскулы 2012

Псаломтӕ ирон ӕвзагыл

Псалмы на осетинском языке

Уӕ фиппаинӕгтӕ ӕрвитут:

ibt_inform@ibt.org.ru

Тӕлмацгӕнӕг– Уанеты Сурен

Аивадон рецензент– Джуссойты Нафи

ISBN 978-5-93943-165-1

© Институт перевода Библии, 2012

Разныхас

Зынаргъ чиныгӕсӕг! Дӕ къухы ис Библийы «Рагон Фӕдзӕхст»-ы иу хай – «Псаломтӕ» ирон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй. Дзырд «псалом» равзӕрд грекъаг «псалмос»-ӕй. Афтӕ хонынц дины зарджытӕ, зарыдысты сӕ алыхуызон музыкалон инструментты цагъдмӕ.

Ацы зарджыты ӕмбырдгонд дзуттӕгтӕ схуыдтой «Кадджын кӕныны Чиныг», «Ӕппӕлд». Хуыцауӕй ӕппӕлын, Уымӕ дзурын, Ууыл хъуыды кӕнын у ацы чиныгӕн йӕ сӕйраг нысан. Ӕппӕт псаломтӕ дӕр алы хуызты дзурынц Хуыцауы стыр кадыл.

Уымӕй дарддӕр ма Псаломтӕ сты адӕймагӕн йӕ цины, йӕ хъыджы, знӕт ӕмӕ тасы ӕнкъарантӕ ӕвдисӕг, радӕттынц ын знаджы ныхмӕ йӕ тохы монц, цы тӕригъӕдтӕ ракӕны, уыдоныл йӕ фӕсмон.

Афтӕмӕй ацы чиныджы ӕвзагӕй алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у, цы ахсджиагдӕр хъуагтӕ ӕййафы, уыдон ӕппӕтхъомыс ӕмӕ хорзӕхӕй дзаг Хуыцауӕн раргом кӕнын. Иу ныхасӕй, Псаломты Чиныг у, ӕнусты сӕрты чи ахызт, Хуыцауы адӕмы ахӕм кадӕджы (гимны) ӕмӕ кувыны чиныг.

Псаломты чиныг ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгонд ӕрцыд ӕппӕтӕй рагондӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр дзуттаг манускриптмӕ гӕсгӕ (Ленинградаг кодекс), Biblia Hebraica Stutgartensia бындурыл. Чиныджы сӕргӕндтӕ арӕзт сты уырыссаг синодалон тӕлмацмӕ гӕсгӕ.

Псаломты аивадон гуырӕн у рагон дзуттаг поэзи. Уый мидаг нӕй фӕлхатон ӕмзӕлдтӕ ӕмӕ бӕрцбаст рӕнхъытӕ. Йӕ сӕйраг хицӕндзинад у параллелизм. Ома дыккаг рӕнхъ фыццагӕн вӕййы ӕмбарынгӕнӕн, йӕ хъуыды йын фӕбӕлвырддӕр кӕны, кӕронмӕ йӕ райхалы. Стӕй иуӕй-иу зарджыты фыццаг рӕнхъыты ис иу кӕнӕ цалдӕр дзырды ӕмӕ амонынц, мелоди куыд аразгӕ у, уый.

Фондз ӕмӕ ссӕдз псаломы та райдайынц, «Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ», зӕгъгӕ, ахӕм дзырдтӕй. Уыдон аргъуаны зарӕггӕнджыты разамонӕгӕн нысан сты. Алы чиныг дӕр фӕвӕййы Хуыцауӕн кад кӕнынӕй. Зӕгъӕм, псалом 40:14 фӕвӕййы афтӕ: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен! Амен!»

Иуӕй-иу псаломтӕ фыст сты акростихы хуызы. Уый у поэзийы ахӕм архайдхуыз, ӕмӕ дзы алы рӕгъ кӕнӕ строфайы фыццаг дамгъӕтӕ ӕмдзыд сты рагон дзуттаг алфавиты фӕткимӕ. Ахӕм хуызы фыст сты 9, 24, 33, 36, 110, 111, 118 ӕмӕ 144 псаломтӕ. Цӕвиттойнаг у 118-ӕм псалом, уый сымах бакӕсдзыстут нӕ тӕлмацы.

Псаломтӕ фыстой ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр автортӕ, стӕй уӕд иумӕ ӕмбырдгонд ӕрцыдысты. 150 псаломы ӕмбырдгонд адихгӕнӕн ис фондз хайыл. Фыццаг хай – 1–40-ӕмы онг, дыккаг – 41–71, ӕртыккаг – 72–88, цыппӕрӕм – 89–105 ӕмӕ фӕндзӕм – 106–150-ӕммӕ.

Ацы Псалтир ирон ӕвзагмӕ фыццаг хатт тӕлмац нӕ цӕуы. 1848-ӕм азы псаломтӕ – «Стауыны (Стыдай) чиныг» – хицӕн чиныгӕй рацыдысты Санкт-Петербурджы.

1994-ӕм азы сӕ рауагътой евангелион чырыстонтӕ Ног Фӕдзӕхстимӕ иумӕ.

Ацы чиныг у ӕртыккаг тӕлмац. Ноджы раздӕр, 1798-ӕм азы, хицӕн псаломтӕ хаст ӕрцыдысты фыццаг ирон мыхуыргонд чиныг катехизисмӕ.

Библи тӕлмацы Институт арфӕ кӕны тӕлмацгӕнджытӕн, редактортӕн ӕмӕ ацы куысты чи архайдта, уыдонӕн се 'ппӕтӕн дӕр. Махӕн ӕхсызгон у, ацы чиныг ирон адӕмӕн сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсыны фадат кӕй ис, уый.

Библи тӕлмацы Институт ма фӕстаг азты рауагъта Ног Фӕдзӕхст 2004 азы, Райдиан ӕмӕ Рацыд – 2006 азы.

Библи тӕлмацы Институт, Мӕскуы.

ПСАЛОМТӔ

1 Псалом

1Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
фыдлӕгты уынаффӕйыл чи нӕ цӕуы,
тӕригъӕдджынты фӕндагыл лӕуд чи нӕу,
ӕнӕхуыцӕутты ныхасы чи нӕ бады.
2Фӕлӕ йын ӕхцон у Хуыцауы ӕгъдау,
ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй ууыл сты йӕ хъуыдытӕ.
3Уый у, афоныл дыргъ чи дӕтты
ӕмӕ йӕ сыфтӕр кӕмӕн нӕ руайы,
донбыл сагъд ахӕм бӕласау;
цавӕрфӕнды хъуыддагмӕ ма бавналӕд – бантысдзӕн ын.
4Фыдлӕгты хабар та афтӕ нӕу:
уыдон сты, дымгӕ кӕй ныффӕйлауы,
5уыцы зыгуымау. Уымӕ гӕсгӕ фыдлӕгтӕ
не сраст уыдзысты тӕрхоны,
тӕригъӕдджынтӕ – рӕстыты ӕхсӕн.
6Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары рӕстыты фӕндагмӕ,
фыдлӕгты фӕндаг та байсӕфдзӕни.

2 Псалом

1Цӕмӕн сызнӕт сты адӕмтӕ,
дзыллӕтӕ цӕмӕн нывӕндынц,
кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕнд?
2Сыстадысты зӕххон паддзӕхтӕ,
ӕлдӕрттӕ иумӕ уынаффӕ кӕнынц
Хуыцауы ӕмӕ Йе 'взӕрсты ныхмӕ:
3«Арӕдувӕм сын сӕ рӕхыстӕ
ӕмӕ нӕ бӕрзӕйӕ аппарӕм се 'фсондз».
4Уӕлӕрвты Цӕрӕг бахуддзӕн уыдоныл,
Хуыцау сӕ фегад кӕндзӕн.
5Уӕд сын зӕгъдзӕни тызмӕгӕй
ӕмӕ сӕ Йӕ карзӕй ӕркӕндзӕни фӕдисы уавӕрмӕ:
6«Ӕз Мӕ Паддзахы сӕвӕрдтон Сионы[1]сӕргъы –
Мӕ сыгъдӕг хохы сӕргъы».
7Ӕз расиддзынӕн Хуыцауы уынаффӕ:
Уый Мын загъта: «Ды Мӕ Фырт Дӕ,
Ӕз абон сдӕн Дӕ Фыд.
8Ракур ӕмӕ Дын адӕмты бакӕндзынӕн Дӕ бар,
зӕхх кӕрӕй-кӕронмӕ уыдзӕни Дӕ дӕлбар.
9Цӕвдзынӕ сӕ ӕфсӕн лӕдзӕгӕй,
ӕлыг мигӕнӕнау сӕ ныппырх кӕндзынӕ».
10Уӕдӕ уӕм ныр зонд ӕрцӕуӕд, паддзӕхтӕ,
уӕхи ӕрӕмбарут, зӕххон хицӕуттӕ!
11Лӕггад кӕнут Хуыцауӕн тӕрсгӕйӕ,
цин кӕнут Уый разы ризгӕйӕ.
12Ӕрзоныг ут Фырты раз,
цӕмӕй ма смӕстджын уа,
ӕмӕ фӕндагыл ма бабын уат.
Уымӕн ӕмӕ рӕхджы Йӕ маст рафыцдзӕн.
Тӕхудиаг сты,
йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон се 'ппӕт дӕр.

3 Псалом

1Давиды псалом.
Йӕ фыртӕй, Авессаломӕй, куы фӕлыгъди,
уый фӕдыл.
2О Дунедарӕг, куыд сбирӕ сты ме знӕгтӕ!
Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,
3Бирӕтӕ фӕзӕгъынц мӕнӕй:
«Хуыцауӕй йын ӕххуыс нӕ уыдзӕни». ||
4Фӕлӕ Ды, Хуыцау, мӕ уарт Дӕ, мӕ намыс;
мӕ сӕр мын ӕгадмӕ нӕ уадзыс.
5Хъӕрӕй кувын Хуыцаумӕ,
ӕмӕ мын дзуапп дӕтты Йӕ сыгъдӕг хохӕй. ||
6Ӕрхуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау хъахъхъӕны мӕн.
7Фӕйнӕрдыгӕй мыл мингӕйттӕй чи ӕртыхст,
уыдонӕй нӕ фӕтӕрсдзынӕн.
8Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг,
фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау!
Уымӕн ӕмӕ Ды ныццӕвыс
ме 'ппӕт знӕгты ӕхсӕрфӕрстӕ,
ныссӕттыс фыдлӕгты дӕндӕгтӕ.
9Ирвӕзындзинад Хуыцауӕй у.
Дӕ адӕмыл уӕд Дӕ арфӕ. ||

4 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды псалом.
2Куы Дӕм скувын, уӕд-иу мӕ фехъус,
мӕ рӕстады Хуыцау!
Мӕ тыхсты бон Ды уыдтӕ мӕ удӕнцой.
Батӕригъӕд мын кӕн,
дзуапп ратт мӕ куывдӕн.
3О адӕм, кӕдмӕ калдзыстут цъыф мӕ кадыл?
Кӕдмӕ уарздзыстут мӕнг хъуыддӕгтӕ,
кӕдмӕ ӕмхиц уыдзыстут фӕливынмӕ? ||
4Фӕлӕ зонут: Хуыцау Йӕхицӕн
сӕвзӕрста Йӕ сыгъдӕджы;
куы скувын Хуыцаумӕ, уӕд мӕ фехъусы.
5Уӕ масты фӕдыл ма цӕут –
тӕригъӕды бафтдзыстут.
Уӕ фынӕйы размӕ
зӕрдиагӕй ахъуыды кӕнут ӕмӕ ӕрӕнцайут. ||
6Хӕссут рӕстады нывондтӕ
ӕмӕ Дунедарӕгыл дарут уӕ зӕрдӕ.
7Бирӕтӕ зӕгъынц:
«Чи нын ӕрхӕсдзӕни фарн?»
Равдис нӕм, Хуыцау, Дӕ цӕсгомы рухс!
8Ды мӕ зӕрдӕйӕн ӕрхастай цин,
ӕмӕ уый уыдоны бирӕ хор ӕмӕ сӕнӕй
фылдӕр у.
9Ӕнцад-ӕнцойӕ ӕрхуыссын ӕз
ӕмӕ бафынӕй вӕййын,
уымӕн ӕмӕ, мӕ Хуыцау,
ӕрмӕст Дӕ фӕрцы цӕрын ӕдасӕй.

5 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
уадындзтыл цӕгъдынӕн.
Давиды псалом.
2О Хуыцау, фехъус мӕ ныхӕстӕ,
бамбар мын мӕ уынӕргъын.
3Дӕ хъус ӕрдар мӕ дзыназынмӕ,
мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!
Уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ кувын.
4О Хуыцау, сӕумӕйӕ фехъус мӕ хъӕлӕс,
боныцъӕхтыл Дӕм ӕрхӕссдзынӕн мӕ курдиӕттӕ
ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн.
5Фыдмитӕ Чи нӕ уарзы, Ды уыцы Хуыцау дӕ;
фыдлӕгӕн бынат нӕй Дӕумӕ.
6Сӕрыстыртӕн Дӕ цӕсгомы раз
ӕрлӕууын сӕ бон нӕу;
ӕппӕт фыдгӕнджытӕ Дын ӕнӕуынон сты.
7Ды фесафдзынӕ фӕлитойты;
Хуыцауӕн ӕлгъаг сты тугцъир ӕмӕ мӕнгард.
8Ӕз та Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ
бацӕудзынӕн Дӕ Хӕдзармӕ;
нымдгӕнгӕйӕ ныллӕг акувдзынӕн Дӕуӕн
Дӕ рухс Кувӕндоны.
9О Дунедарӕг, бацамон мын Дӕ рӕстад,
уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ мӕ алыварс сты –
ӕмраст скӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг.
10Уымӕн ӕмӕ сӕ дзыхӕй раст ныхас нӕ рацӕуы;
сӕ зӕрдӕ – фыдбылызмӕ арӕзт,
сӕ хурх – гом ингӕн, фӕливынц ӕвзагӕй.
11Стӕрхон сын кӕн, Хуыцау,
сӕ фыдвӕндтӕ сын сӕфтыхос фӕуӕнт;
сӕ фыдмитӕ бирӕ сты,
ӕмӕ сыл Дӕхи атигъ кӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхмӕ сыстадысты.
12Цин кӕнӕнт, Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
райӕнт мыггагмӕ се 'ппӕт дӕр.
Дӕ ном чи уарзы, уыдон бакӕн Дӕ дӕлбазыр,
ӕмӕ уыдзынӕ сӕ цины сӕр.
13Уымӕн ӕмӕ рӕстгӕнӕгӕн
арфӕ кӕныс, Дунедарӕг,
Дӕ хорзӕх ӕй, уартау, ӕмбӕрзы алырдыгӕй.

6 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл: астхъисоныл.
Давиды псалом.
2О Дунедарӕг, тызмӕгӕй мын ма уайдзӕф кӕн;
карзӕй мӕ ма бафхӕр.
3Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнӕбон дӕн;
сдзӕбӕх мӕ кӕн, Дунедарӕг,
ме стджытӕ ӕддӕг-мидӕг ауадысты.
4Мӕ уд хъизӕмары бахауд.
Кӕдмӕ афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕг, кӕдмӕ?
5Де 'ргом мӕм раздах, Хуыцау,
мӕ цард мын бахъахъхъӕн;
фервӕзын мӕ кӕн Дӕ хорзӕхы руаджы.
6Марды зӕрдыл нал ӕрлӕудзынӕ,
ингӕны чи стаудзӕни Дӕу?
7Сфӕлмӕцыдтӕн мӕ уынӕргъынӕй;
ӕрвылӕхсӕв фӕкӕуын мӕ сынтӕджы,
мӕ цӕссыгӕй цӕхсын мӕ хуыссӕн;
8Сагъӕсӕй бамынӕг мӕ цӕсты рухс,
ме знӕгты аххосӕй рӕстмӕ нал уынын.
9Аиуварс ут мӕнӕй уе 'ппӕт дӕр,
фыдӕхӕн кусджытӕ;
Дунедарӕг фехъуыста мӕ кӕуын.
10Фехъуыста Хуыцау мӕ лӕгъстӕ,
Дунедарӕг айста мӕ куывд.
11Фӕхудинаг уыдзысты ме 'ппӕт знӕгтӕ,
баззайдзысты састы бынаты,
аздӕхдзысты ӕмӕ ӕваст фегад уыдзысты.

7 Псалом

1Вениамины хӕдзарвӕндагӕй рацӕуӕг
Кушы ныхӕсты фӕдыл
Давид Хуыцауӕн кӕй азарыд,
уыцы ӕнкъард зарӕг.
2О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
Дӕ дӕлбазыр ӕмбӕхсын;
фервӕзын мӕ кӕн,
баиргъӕв мӕ ме 'ппӕт фӕдылзилджытӕй.
3Науӕд, тугдзых домбӕйттау,
фелвасдзысты мӕ уд
ӕмӕ йӕ ныскъуыдтӕ кӕндзысты,
ирвӕзынгӕнӕг мын куынӕ уа, уӕд.
4О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
кӕд ӕвзӕрӕй исты сарӕзтон,
кӕд мӕ къухтӕй фыд ракодтон,
5Кӕд хорз ӕвзӕрӕй бафыстон
кӕнӕ, ӕназымӕй ӕнӕуынон кӕмӕн сдӕн,
уымӕн фыдбылыз сарӕзтон,
6Уӕд знаг мӕн амарынмӕ зилӕд мӕ фӕдыл
ӕмӕ йын бантысӕд,
зӕххы хай мӕ бакӕнӕд,
мӕ кад рыгӕй уӕлдай мауал уӕд. ||
7Рацу тызмӕгӕй, Дунедарӕг;
сыст ме схъӕл знӕгты ныхмӕ.
Райхъал у ӕмӕ рахӕсс тӕрхон
Дӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
8Ӕрӕмбырд уӕнт алы адӕмтӕ
ӕмӕ ӕрлӕууӕнт Дӕ алыварс;
бӕрзондӕй сыл Дӕ цӕст ахӕсс.
9Дунедарӕг тӕрхон кӕны адӕмтӕн.
Тӕрхон мын рахӕсс, Хуыцау,
куыд раст дӕн ӕмӕ куыд ӕназым дӕн, афтӕ.
10О рӕстгӕнӕг Хуыцау,
фыдлӕгты хӕрам митӕн ӕрцӕуӕд кӕрон,
рӕстылдзӕуӕгӕн та ратт хъару –
Ды фӕлварыс зӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕндтӕ.
11Хуыцау мӕ уарт у –
ирвӕзын кӕны рӕстзӕрдӕты.
12Хуыцау ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнӕг у,
Хуыцау алы бон дӕр карзӕй домы дзуапп.
13Куы нӕ Йӕм раздӕхой,
уӕд сцыргъ кӕндзӕн Йӕ цирхъ,
айваздзӕн Йӕ ӕрдынбос,
сараздзӕн ӕй бӕлвырд мысанмӕ.
14Цӕттӕ кӕны мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгӕрзтӕ;
аразы Йӕ зынг фаттӕ.
15Мӕнӕ фыдлӕг йӕ зӕрдӕйы
байтыдта тӕригъӕды нӕмыг,
уый ауагъта фыдӕхы уидӕгтӕ
ӕмӕ ӕрхаста дыргъ – мӕнгдзинад.
16Иннӕмӕн къахта дзыхъхъ,
сцӕттӕ йӕ кодта,
ӕмӕ йӕ къахт уӕрмы ныххаудта йӕхӕдӕг.
17Йӕ хӕрам ӕрцӕудзӕн йӕхи сӕрыл,
йӕ фыдми ӕрхаудзӕн йӕ тенкайыл.
18Ӕз Дунедарӕджы стауын Йӕ рӕстады тыххӕй,
зарын Бӕрзонд Хуыцауы номы кадӕн.

8 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Гат»-ы[2]зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды псалом.
2О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау,
куыд нӕры ӕппӕт зӕххыл Дӕ ном!
Ды скодтай Дӕ кад уӕлӕрвтӕй бӕрзонддӕр.
3Сабитӕ ӕмӕ ноггуырдтӕ Дӕу кӕй стауынц,
уымӕй скодтай тых
ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтай Де знӕгты ныхмӕ,
фыдгул ӕмӕ мастисӕг
ӕнӕдзырды бон куыд фӕуой, афтӕ.
4Дӕ къухты фӕллойыл –
арвыл Ды кӕй сӕвӕрдтай,
уыцы мӕй ӕмӕ стъалытыл
куы ахӕссын мӕ цӕст,
5Уӕд фӕзӕгъын: цы у адӕймаг,
ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа,
кӕнӕ цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йыл мӕт кӕнай?
6Зӕдтӕй[3]йӕ бирӕ дӕлдӕр не 'вӕрыс,
паддзахау ӕй скодтай
кадджын ӕмӕ намысджын.
7Дӕ къухтӕй цы сарӕзтай,
ӕппӕт уыдонӕн ӕй сӕвӕрдтай хицауӕй;
ӕппӕт дӕр ын бакодтай йӕ дӕлбар:
8Ӕппӕт фысты ӕмӕ галты, сырдты,
9Уӕларвон мӕргъты, денджызон кӕсӕгты –
фурды арф фӕндӕгтыл ӕппӕт змӕлджыты.
10О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау,
куыд нӕры ӕппӕт зӕххыл Дӕ ном!

9 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Лабены мӕлӕт»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды псалом.
2Зӕрдӕбынӕй стаудзынӕн Дӕу, Хуыцау,
дзурдзынӕн Дӕ бирӕ диссӕгты тыххӕй.
3Дӕуыл уыдзӕни мӕ цин ӕмӕ райдзынӕн,
зардзынӕн Дӕ номыл, Бӕрзонд Хуыцау.
4Ме знӕгтӕ лидзынмӕ фесты
ӕмӕ бындзагъд фесты Дӕ разы.
5Уымӕн ӕмӕ Ды ӕвзӕрстай мӕ хъуыддаг
ӕмӕ мӕ рӕстад;
Ды сбадтӕ паддзахы бадӕны
раст тӕрхон рахӕссынмӕ.
6Ды фӕзылын кодтай адӕмты,
бабын кодтай фыдлӕгты,
сӕ фӕд дӕр сын фесӕфтай мыггагмӕ.
7Знӕгтӕ бынысӕфт фесты,
ныппырх сын кодтай сӕ сахартӕ;
сӕ кой дӕр нал ис.
8Дунедарӕг та паддзахиуӕг кӕны мыггагмӕ!
Йӕ паддзахы бадӕн фидаргонд у
тӕрхон рахӕссынмӕ.
9Дун-дунейӕн кӕндзӕн раст тӕрхон,
адӕмты хъысмӕт ӕвзардзӕн ӕнӕхӕрамӕй.
10Ӕфхӕрд адӕймагӕн
Дунедарӕг уыдзӕн йӕ мӕсыг,
мӕсыг ын уыдзӕн йӕ зыны бон.
11Дӕ ном чи зоны, Хуыцау,
уыдонӕн сӕ ныфс дӕ;
уымӕн ӕмӕ Дӕу чи агуры, уыдон нӕ ныууадзыс.
12Зарут Сионыл цӕрӕг Дунедарӕгӕн,
адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ!
13Уымӕн ӕмӕ Уый тугкалджытӕй
дзуапп домӕг у;
Йӕ зӕрдыл дары ӕфхӕрдтыты,
нӕ дзы рох кӕны сӕ дзыназын.
14Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг!
Ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ
мӕн удхарӕй куыд марынц,
уымӕ ӕркӕс Ды,
байс мӕ мӕлӕты комӕй.
15Ӕмӕ ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй
Сионы чызджы[4]кулдуары раз,
цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.
16Адӕмтӕ ныххаудысты,
сӕхӕдӕг цы уӕрм къахтой, уым;
сусӕг ран цы къӕппӕг сӕвӕрдтой,
уый сӕ ӕрцахста сӕ къахӕй.
17Дунедарӕг Йӕ раст тӕрхонӕй
базонын кодта Йӕхи;
фыдлӕгӕн йӕ хъуыддӕгтӕ
йӕхицӕн уыдзысты къӕппӕг. ||
18Фыдлӕгтӕ, Хуыцауы рохгӕнӕг адӕмтӕ –
се 'ппӕт дӕр ацӕудзысты дӕлдзӕхмӕ.
19Уымӕн ӕмӕ гӕвзыкк
рохуаты нӕ баззайдзӕн мыггагмӕ,
мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕдарӕн нӕ фесӕфдзӕн.
20Рацу, Дунедарӕг, цӕмӕй адӕймаг
бӕрзонд ма сӕвӕра йӕхи;
уадз адӕмтӕн тӕрхон цӕуа Дӕ цӕсгомы раз.
21Тас сӕ бауадз, Хуыцау!
Уадз ӕмӕ адӕмтӕ зоной,
адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ кӕй ницы сты, уый. ||
22Дӕрддзӕф цӕмӕн лӕууыс, Дунедарӕг,
цӕмӕн ӕмбӕхсыс зын заманы Дӕхи?
23Фыдлӕг схъӕл у, ӕгъатырӕй зилы мӕгуыры
фӕдыл, ӕмӕ
йӕ фыдвӕндты къӕппӕджы бахауы уый.
24Уымӕн ӕмӕ фыдлӕг хъал у йӕ монцтӕй;
буц у йе 'нӕфсисӕй ӕмӕ фауы Дунедарӕджы.
25Фыдлӕг йӕ сӕрыстырӕй нӕ агуры Хуыцауы:
«Хуыцау нӕй», – ахӕм сты йе 'ппӕт хъуыдытӕ;
26Кӕддӕриддӕр уый пайдайыл хӕст у;
Дӕ уынаффӕтӕм дӕрддзӕф лӕууы;
йе 'ппӕт знӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсы.
27Йӕхицӕн фӕзӕгъы:
«Ницы хуызы фӕцуддзынӕн,
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ мыл
фыдбылыз не 'рцӕудзӕн».
28Йӕ ком дзаг у ӕлгъыстӕй,
хин ӕмӕ ӕртхъирӕнӕй;
йӕ дӕлӕвзаг – знаггад ӕмӕ фыдӕх.
29Кӕйдӕр размӕ бабады фӕскъул;
кӕм ӕй ничи уыны, уым амары ӕназымы,
сусӕгӕй йӕ цӕст дары мӕгуырмӕ.
30Хуыккомы домбай куыд ӕрхуыссы,
афтӕ ӕрӕмбӕхст фӕсвӕд
ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы;
сусӕгӕй дары йӕ цӕст,
цӕмӕй йӕхи ныццӕва мӕгуырыл;
йӕхи йыл ныццӕвы
ӕмӕ йӕ баппары йӕ къӕппӕджы.
31Ӕрӕмбӕхсы, ӕрбырсы ӕнӕбоны
ӕмӕ дзы йӕ фидар ныхтӕ ныссадзы.
32Йӕхицӕн фӕзӕгъы:
«Йӕ хъуыдыйы нӕ дӕн Хуыцауӕн!
Йӕ цӕсгом бамбӕрзта, никуы мӕ фендзӕни».
33Рацу, Дунедарӕг Хуыцау, равдис Дӕ цонджы тых,
ма ферох кӕн ӕфхӕрдты.
34Фыдлӕг цӕмӕн фауы Хуыцауы,
хинымӕр цӕмӕн фӕзӕгъы:
«Нӕ мӕ бадомдзынӕ дзуапп, Хуыцау!»
35Ды уыныс, Ды бафиппайыс маст ӕмӕ бӕллӕх
ӕмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ дӕ ӕххуысмӕ;
мӕгуыр Дӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи;
сидзӕрӕн Ды дӕ ӕххуысгӕнӕг.
36Фыдлӕджы ӕмӕ галиуы тых басӕтт,
бафхӕр ӕй йе 'взӕр миты тыххӕй,
йӕ фӕд дӕр куыд нал уа, афтӕ.
37Мыггагмӕйы Паддзах у Дунедарӕг;
муртаттӕн Йӕ зӕххыл сӕ фӕд дӕр нал уыдзӕн.
38Ды зоныс, Хуыцау, сӕрныллӕджыты бӕллицтӕ;
сӕ зӕрдӕты сын бауадзыс ныфс,
сӕ курдиат сын хъусыс,
39Цӕмӕй бахъахъхъӕнай сидзӕры ӕмӕ ӕфхӕрды,
ӕмӕ зӕххон адӕймаг а-дунейыл мауал ӕфтауа тас.

10 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ.
Уый куыд дзурут мӕ удӕн:
«Маргъау атӕх дӕхи хӕхтӕм»?
2Мӕнӕ фыдлӕгтӕ айвӕзтой ӕрдынбос –
сӕ фат ӕрӕвӕрдтой ӕрдыныл,
талынджы йӕ рӕстгӕнӕджы зӕрдӕйыл
бауадзынӕввонг.
3Бындуртӕ пырхгонд куы уой,
уӕд ма рӕстгӕнӕджы бон дӕр цы у?
4Хуыцау Йӕ сыгъдӕг Кувӕндоны ис,
Йӕ паддзахы бадӕн – уӕлӕрвты;
Йӕ цӕст нӕ исы адӕмӕй,
фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгасӕй.
5Хуыцау фӕлвары рӕстгӕнӕджы ӕмӕ фыдлӕджы,
тыхмимӕ ӕмхиц чи у, уыдон Ын ӕнӕуынон сты.
6Фыдлӕгыл уарынау ӕркалдзӕни
судзгӕ цӕхӕр ӕмӕ сондон;
уыраугӕ дымгӕ – сӕ хай.
7Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕг у
ӕмӕ уарзы рӕстдзинад;
рӕстылдзӕуӕг ын фендзӕн Йӕ цӕсгом.

11 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
астхъисоныл.
Давиды псалом.
2Баххуыс кӕн, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ нал ис рӕстгӕнӕг,
адӕмы ӕхсӕн Дӕуыл ӕнувыдтӕ нал баззади.
3Алчидӕр хионӕн дзуры мӕнг; се 'взӕгтӕ сты козбау,
дзурынц хинӕйдзаг зӕрдӕйӕ.
4Дунедарӕг сӕхгӕнӕд алы козбауы
ӕмӕ алы схъӕлдзырд лӕджы дзых,
5Афтӕ чи дзуры: «Не 'взаджы фӕрцы
сбӕрзонд уыдзыстӕм, нӕ дзыхтӕ нӕ уӕлӕ сты,
ӕлдар нын чи у?»
6«Ӕфхӕрдтыты хъизӕмары
ӕмӕ мӕгуырты хъӕрзыны сӕраппонд
рацӕудзынӕн Ӕз, зӕгъы Дунедарӕг,
ӕмӕ хинӕй рацӕуынмӕ кӕуыл хъавынц,
уыдоны баиргъӕвдзынӕн».
7Дунедарӕджы ныхӕстӕ – сыгъдӕг ныхӕстӕ;
уыдон сты сыгъдӕг ӕвзистау,
ӕлыгӕй конд пецы фӕлвӕрд, авд хатты фӕлвӕрд.
8Ды, Дунедарӕг, бахъахъхъӕндзынӕ ӕфхӕрдтыты,
ӕнусмӕ сӕ бахиздзынӕ ацы мыггагӕй,
9Науӕд адӕмы ницӕйӕгтӕ сбӕрзонд сты,
ӕмӕ алы ран дӕр сарӕх сты фыдлӕгтӕ.

12 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2Кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, Дунедарӕг,
кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ мӕнӕй Дӕ цӕсгом?
3Кӕдмӕ нывӕндон мӕ фӕндтӕ мӕ зӕрдӕйы,
кӕдмӕ хӕссон мӕ уды хъыг бонӕй-бонмӕ?
Ме знаг мыл кӕдмӕ уӕлахиз уыдзӕни?
4Ӕркӕс мӕм, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
Царды рухс ратт мӕ цӕстытӕн,
цӕмӕй мӕрдвынӕй ма бауон,
5Ӕмӕ знаг ма зӕгъа: «Ӕз ыл фӕтых дӕн»;
науӕд куы фӕцудон,
уӕд цины хос уыдзынӕн ме знӕгтӕн.
6Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дӕ бирӕ уарзтыл дарын,
Ды мын ӕрхастай ирвӕзындзинад,
ӕмӕ сцин кӕндзӕн мӕ уд;
зардзынӕн Хуыцауӕн – Уый хорзы бацыди мӕнӕн.

13 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
Ӕнӕзонд хинымӕр загъта: «Хуыцау нӕй».
Уыдон фехӕлдысты, бакодтой ӕбуалгъ митӕ;
хӕрзгӕнӕг нӕй. Иу дӕр нӕй.
2Дунедарӕг уӕлӕрвтӕй ӕркасти адӕммӕ:
Хуыцауы чи агуры, ахӕм ӕмбаргӕ нӕй? Иу дӕр нӕй?
3Се 'ппӕт дӕр ныдздзӕгъӕл сты, сӕфтмӕ ӕрцыдысты;
хӕрзгӕнӕг нӕй, нӕй иу дӕр.
4Мӕ адӕмы дзулау чи хӕры
ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры,
ӕппӕт уыцы фыдгӕнджытӕ
сӕхи никуы ӕрӕмбардзысты?
5Бӕлвырд, стыр азар сӕ бацӕудзӕн,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгимӕ ис.
6Сымах худут мӕгуыры фӕндиӕгтыл,
фӕлӕ уымӕн Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг у.
7Израилӕн ирвӕзындзинад Сионӕй ӕрцӕудзӕн!
Дунедарӕг Йӕ адӕмы уацарӕй куы ракӕна,
уӕд райдзӕн Иаков[5], ӕмӕ цин кӕндзӕн Израил.

14 Псалом

1Давиды псалом.
Дунедарӕг, кӕй бон у Дӕ рухс цатыры ӕрлӕууын?
Кӕй бон у Дӕ сыгъдӕг хохыл ӕрцӕрын?
2Ӕнаиппӕй чи цӕры, раст кӕй хъуыддӕгтӕ сты,
ӕцӕгад кӕй зӕрдӕйӕ рацӕуы, уый бон бауыдзӕн.
3Хахуыр кӕй ӕвзагыл нӕ бады,
йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы,
иннӕйы фыдгой чи нӕ кӕны, уый бон бауыдзӕн.
4Хуыцауӕй хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у,
фӕлӕ Дунедарӕджы нымайӕгӕн аргъ чи кӕны,
уый бон бауыдзӕн;
йӕ сомы сӕххӕст кӕнын кӕй нал фӕнды,
фӕлӕ йӕ уӕддӕр чи нӕ сайы, уый бон бауыдзӕн.
5Лӕскъыл ӕхца чи нӕ дӕтты,
расты фӕзылын кӕныны тыххӕй
гӕртам чи нӕ исы, уый бон бауыдзӕн.
Афтӕ чи кӕны,
уый мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕн.

15 Псалом

1Давиды кадӕг.
О Хуыцау, бахиз мӕ – Дӕуӕй ӕвӕрын ныфс.
2Ӕз загътон Хуыцауӕн: «Ды мӕ Паддзах дӕ,
ме 'ппӕт хӕрзтӕ Дӕуӕй сты.
3Зӕххыл Дын чи ис,
Дӕ уыцы сыгъдӕджытӕм,
Де 'взӕрстытӕм тырны мӕ зӕрдӕ.
4Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл цӕуджытӕ
хъыгтыл бафтӕнт;
семӕ сӕ нывӕндты туг нӕ рауадздзынӕн,
ме 'взагыл сӕ ном нӕ уыдзӕн.
5Хуыцау – мӕ амонд ӕмӕ мӕ дзаг кӕхц;
Дӕ къухы ис мӕ хъысмӕт.
6Мӕ хуымы ауӕдзтӕ ацыдысты
тӕккӕ хуыздӕр рӕтты;
райгонд дӕн мӕ амондӕй.
7Арфӕ кӕнын мӕнӕн зонд бацамонӕг Дунедарӕгӕн;
мӕ зӕрдӕ мӕ ахуыр кӕны суанг ӕхсӕв дӕр.
8Ӕз кӕддӕриддӕр мӕ разы уынын Дунедарӕджы;
уымӕн ӕмӕ Уый мӕ рахиз фарс лӕууы –
нӕ фӕцуддзынӕн.
9Уый тыххӕй райы мӕ зӕрдӕ, ӕмӕ цин кӕны мӕ уд;
суанг мӕ буар дӕр ӕрӕнцади ӕдасӕй.
10Ды мӕ уды нӕ ныууадздзынӕ мӕрдты бӕстӕйы
ӕмӕ Дӕ сыгъдӕджы ӕмбийын нӕ бауадздзынӕ.
11Ды мын бацамондзынӕ царды фӕндаг;
ӕрмӕст Демӕ базонӕн ис ӕххӕст цины ад;
тӕхудиаджы хорзӕх Дӕ рахиз къухы ис ӕнусмӕ.

16 Псалом

1Давиды куывд.
Фехъус, Дунедарӕг, мӕ рӕстдзинад,
Де 'ргом раздах мӕ дзыназынмӕ,
Дӕ хъус ӕрдар ӕнӕхин ӕвзаджы куывдмӕ.
2Дӕуӕй мын рацӕуӕд тӕрхон,
Дӕ цӕстытӕ фенӕнт мӕ рӕстад.
3Ды бафӕлвӕрдтай мӕ зӕрдӕ,
бабӕрӕг мӕ кодтай ӕхсӕв,
басгӕрстай мӕ ӕмӕ мӕм ницы ссардтай;
мӕ хъуыдыты цы ис, мӕ былалгъыл дӕр уый ис.
4Ме 'рвылбоны хъуыддӕгты, Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ,
мӕхи хызтон ӕфхӕрӕг разынынӕй.
5Фидар сты мӕ къахдзӕфтӕ Дӕ фӕндагыл;
нӕ фӕцуддзӕн мӕ фад.
6Дӕумӕ сидын, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст Ды фехъусдзынӕ мӕн;
раздах мӕм Де 'ргом ӕмӕ фехъус мӕ дзырдтӕ.
7Равдис Дӕ диссаджы хорзӕх;
Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон ирвӕзын кӕныс
Дӕ рахиз цонджы ныхмӕ цӕуджытӕй.
8Бахъахъхъӕн мӕ цӕстыгагуыйау,
Дӕ дӕлбазыр мӕ бамбӕхс
9Мӕнмӕ лӕбурӕг фыдлӕгтӕй,
чи мыл ӕртыхсти, уыдонӕй – мӕ уды знӕгтӕй.
10Сӕ дурзӕрдӕтӕ ныхгӕдтой, сты схъӕлдзырд.
11Зилынц мӕ фӕдыл, мӕнӕ мыл ӕртыхстысты;
ӕрӕвӕрдтой мыл сӕ цӕст,
зӕхмӕ мӕ куыд ӕрӕппарой, афтӕ.
12Уыдон сты йӕ амӕддагмӕ гӕппӕввонг домбайау,
пыхсбыны ӕрӕмбӕхсӕг ӕрыгон домбайау.
13Рацу, Дунедарӕг, сӕ разӕй фӕу
ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕн;
Дӕ цирхъӕй мын мӕ уд баиргъӕв фыдлӕгӕй.
14Дӕ цонгӕй мӕ бахъахъхъӕн адӕмӕй, Дунедарӕг,
ӕрмӕст зӕххон цард йӕ хай кӕмӕн у,
Дӕ хӕзнадӕттӕй кӕй гуыбын ӕфсадыс,
уыцы адӕмӕй.
Сӕ фырттӕ хъуаг ницӕмӕй сты,
сӕ мулкӕй ма баззайдзӕни сӕ цотӕн дӕр.
15Ӕз та рӕстӕй кӕсдзынӕн Дӕ цӕсгоммӕ.
Куы-иу райхъал уон,
уӕд ӕфсӕддзынӕн Дӕ фӕлгонцӕй.

17 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Хуыцауы цагъар Давид
ацы зарӕджы ныхӕстӕ ракодта Хуыцауӕн,
йе 'ппӕт знӕгты къухтӕй
ӕмӕ йӕ Саулӕй куы бахызта, уӕд.
Давид загъта:
2Дӕу уарзын, Дунедарӕг, мӕ тыхдӕттӕг!
3Дунедарӕг мӕ цӕугӕ хох, мӕ фидар у,
мӕ сӕрибаргӕнӕг, мӕ Хуыцау;
мӕ къӕдзӕх у, ӕмӕ дзы бамбӕхсдзынӕн;
Уый у мӕ уарт, мӕнӕн уӕлахиздӕттӕг тых, мӕ мӕсыг.
4Ӕрсиддзынӕн кадджын Хуыцаумӕ
ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй.
5Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ;
нуӕрдынц мӕ фыдӕхы гуылфӕнтӕ.
6Ингӕны рӕхыстӕ мӕ ӕрбалхъывтой,
мӕлӕты сахсӕнтӕ мӕ ӕрцахстой.
7Мӕ тыхстӕй фӕсидтӕн Дунедарӕгмӕ,
ӕххуысагур дзынӕзтон мӕ Хуыцаумӕ;
фехъуыста мын мӕ хъӕлӕс,
сыхъуыст Ӕм мӕ дзыназын.
8Уӕд зӕхх нынкъуыст ӕмӕ ныррызти,
хӕхтӕ сӕ бындурмӕ фестъӕлфыдысты
ӕмӕ базмӕлыдысты,
уымӕн ӕмӕ смӕсты ис Хуыцау.
9Йӕ мӕстӕй хӕрдмӕ фӕцыди фӕздӕг,
Йӕ комӕй рацыди бынгӕнӕг арт,
ӕрызгъӕлди дзы цӕхӕр.
10Ӕркъул кодта уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрхызти,
сау мылаз фӕци Йӕ къӕхты бын.
11Сбадти херувимыл[6]ӕмӕ атахт,
Йӕхи систа дымгӕйы базыртыл.
12Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн;
Йӕ агъуыст – саувадыг уӕззау мигътӕ.
13Нырттывта, ӕмӕ Йӕ разӕй азгъордтой мигътӕ,
ихуард ӕмӕ судзгӕ цӕхӕр.
14Ныннӕрыди Дунедарӕг уӕлӕрвты,
Бӕрзондбадӕгӕн райхъуыст Йӕ хъӕлӕс,
рарвыста ихуард ӕмӕ цӕхӕр.
15Ауагъта Йӕ фаттӕ, ӕмӕ фӕйнӕрдӕм апырх сты –
ӕрвӕрттывды бирӕ тӕгтӕ,
ӕмӕ сӕ ныффӕйлыдта.
16Дӕ тызмӕг уайдзӕфӕй,
Дӕ масты уддзӕфӕй, Дунедарӕг,
райхъал сты доны гуырӕнтӕ,
ӕмӕ байгом сты зӕххы бындуртӕ.
17Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдардта Йӕ къух,
схӕцыди мыл, систа мӕ доны арфӕй.
18Мӕ тыхджын знагӕй мӕ бахызта,
мӕнӕй йе сӕфт чи уыдта
ӕмӕ мӕнӕй тыхджындӕр чи уыди, уыдонӕй.
19Мӕ зыны бон мӕм ӕрбалӕбурдтой,
фӕлӕ мын Хуыцау уыдис ахъазгӕнӕг.
20Уый мӕ ракодта ӕдас ранмӕ,
бахызта мӕ знӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ мыл ауды.
21Дунедарӕг мӕ схорзӕхджын кодта
мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
бафыста мын мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ.
22Уымӕн ӕмӕ ӕз
Дунедарӕджы амынд фӕндӕгтыл цыдтӕн,
Хуыцауӕй нӕ аздӕхтӕн фыдмитӕм;
23Йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр мӕ разы уыдысты,
Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты никуы ахызтӕн.
24Йӕ разы ӕнаипп уыдтӕн ӕз,
мӕхи хызтон тӕригъӕд ракӕнынӕй.
25Ӕмӕ Дунедарӕг схорзӕхджын кодта мӕн
Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ
Йӕ цӕсгомы раз.
26Ӕнувыдыл Ды ӕнувыд Дӕ,
ӕнаиппӕн дӕттыс, куыд ӕнаипп у, афтӕ,
27Сыгъдӕгӕн дӕттыс йӕ сыгъдӕг зӕрдӕмӕ гӕсгӕ,
мӕнгардӕн – йӕ хинмӕ гӕсгӕ.
28Ды баиргъӕвыс сӕрныллӕг адӕмы,
бӕрзӕндты кӕсджыты та ӕгадмӕ ӕртӕрыс.
29Ды ссудзыс, Дунедарӕг, мӕ цырагъ;
мӕ Хуыцау Йӕ рухсӕй фӕсуры мӕ талынг.
30Демӕ басӕттын знаджы ӕфсад;
мӕ Хуыцауимӕ схизын ӕнӕбасӕтгӕ сисмӕ.
31Хуыцау – куыд ӕнаипп у Йӕ фӕндаг!
Дунедарӕджы ныхас фӕлвӕрд у;
йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, ӕппӕт уыдонӕн уарт у.
32Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы йеддӕмӕ Хуыцау чи у,
ӕмӕ нӕ Хуыцауы йеддӕмӕ
нӕ ныфсы къӕдзӕх чи у?
33Хуыцау мӕ астӕу ӕрбалвасы хъаруйӕ,
скӕны мӕ фӕндаг ӕнӕфау.
34Мӕ къӕхтӕ скӕны саджы къӕхтау рог,
бӕрзӕндтыл фидарӕй ӕрлӕууын кӕны мӕн.
35Мӕ къухтӕн амоны тох кӕнын,
мӕ цӕнгтӕ ӕркъӕдз кӕнынц ӕрхуы ӕрдын.
36Ды мын радтай Дӕ ирвӕзты уарт,
Дӕ рахиз цонг хӕцы мӕныл;
Дӕ хорзӕх мӕ сисы бӕрзонд.
37Мӕ фӕндагыл уӕрӕх кӕныс мӕ къахдзӕф,
мӕ фад нӕ фӕцуддзӕн.
38Ӕз асурын ме знӕгты ӕмӕ сӕ баййафын;
нӕ раздӕхын, цалынмӕ сӕ нӕ фӕцӕгъдын.
39Ныддӕрӕн сӕ кӕнын,
ӕмӕ сӕ бон сыстын нал вӕййы,
ӕрхауынц мӕ къӕхты бынмӕ.
40Уымӕн ӕмӕ хъаруйӕ
сифтонг кодтай мӕн хӕцынмӕ;
мӕ ныхмӕ сыстджыты
ӕрӕппӕрстай мӕ къӕхты бынмӕ.
41Ме знӕгты лидзӕг фӕкодтай мӕнӕй,
ӕмӕ цӕгъдын ме сӕфтмӕ бӕлджыты.
42Курынц ӕххуыс,
фӕлӕ сын нӕй ирвӕзынгӕнӕг;
курынц Хуыцауӕй, фӕлӕ сын дзуапп нӕ дӕтты.
43Дымгӕмӕ рыг сдарӕгау сӕ ныффӕйлауын,
уынджы цъыфау сӕ ныссӕндын.
44Ды мӕн баиргъӕвтай фыдӕх хӕссӕг адӕмӕй;
сӕвӕрдтай мӕ ӕцӕгӕлон адӕмы сӕргъы;
кӕй нӕ зыдтон, уыцы адӕм сты мӕ дӕлбар.
45Ӕрмӕст мӕ коймӕ дӕр кӕсынц мӕ коммӕ;
ӕцӕгӕлон адӕм ӕлхӕнынц мӕ зӕрдӕ.
46Ӕцӕгӕлон адӕмы хуыз фӕцыди –
фыртӕссӕй ризынц сӕ фидӕртты.
47Цардӕгас ӕмӕ арфӕгонд у, Дунедарӕг,
мӕ къӕдзӕх!
Кадджын уӕд мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
48Мӕ мастисӕг ӕмӕ адӕмты
мӕ дӕлбаргӕнӕг Хуыцау,
49Мӕн ме знӕгтӕй ирвӕзынгӕнӕг!
Мӕ ныхмӕ сыстджыты сӕргъы сӕвӕрдтай мӕн,
баиргъӕвтай мӕ фыдзӕрдӕ адӕймагӕй.
50Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕцӕгӕлон адӕмы ӕхсӕн
стаудзынӕн Дӕу, Дунедарӕг, зардзынӕн Дӕ номыл.
51Уый стыр уӕлахиз дӕтты Йӕ паддзахӕн;
мыггагмӕ ауды Йе 'взӕрст Давидыл
ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл.

18 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2Уӕлӕрвтӕ дзурынц Хуыцауы кадыл,
арвы зылд ӕвдисы Йӕ къухты хъуыддӕгтӕ.
3Бон бонӕн ӕрвиты ныхас,
ӕхсӕв ӕхсӕвӕн ӕргом кӕны зонынад.
4Нӕй сын ӕвзаг, нӕй ныхасыгъӕд,
нӕ хъуысы сӕ хъӕлӕс;
5Фӕлӕ ӕппӕт зӕххыл айхъуысынц сӕ зӕлтӕ,
дун-дунейы кӕронмӕ – сӕ ныхӕстӕ.
Хурӕн дзы ӕрӕвӕрдта цатыр.
6Ӕмӕ хур сиахсау рацӕуы
йӕ чындзӕхсӕвы галуанӕй;
цыма уӕлахиздзау у,
афтӕ зӕрдӕрухсӕй згъоры йӕ фӕндагыл.
7Ӕрзилы арвыл иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ;
ницы у ӕнӕхай йӕ хъармӕй.
8Дунедарӕджы ӕгъдау ӕнаипп у, сног кӕны зӕрдӕ.
Хуыцауы уынаффӕ ӕцӕг у –
уӕлзонд дӕтты хуымӕтӕгӕн.
9Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ раст сты, зӕрдӕ сӕ райы;
Дунедарӕджы фӕдзӕхст тӕмӕнкалгӕ у –
гом кӕны цӕстытӕ.
10Хуыцауы тас – сыгъдӕг цардыхос у,
аххӕсдзӕни мыггагмӕ;
Хуыцауы уынаффӕтӕ – ӕцӕгад,
се 'ппӕт дӕр раст сты.
11Уыдон ӕхцондӕр сты сызгъӕринӕй,
суанг бирӕ хӕттыты сыгъдӕггонд сызгъӕринӕй дӕр;
мыдӕй ӕмӕ фӕзгъӕры ӕртӕхтӕй адджындӕр сты.
12Дӕ цагъары дӕр уыдон хъахъхъӕнынц,
се 'ххӕст кӕнын стыр хӕрзиуӕг у.
13Хи азымтӕ чи уыны?
Мӕ сусӕг тӕригъӕдтӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн,
14Барӕй ракӕндтӕй дӕр бауром Дӕ цагъары,
цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой.
Уӕд ӕз уыдзынӕн ӕнӕфау,
уӕззау фыдракӕндтӕй сыгъдӕг.
15Уадз мӕ дзыхӕй рацӕугӕ дзырдтӕ, мӕ хъуыдытӕ
Дӕуӕн уой фӕндиаг, Дунедарӕг,
мӕ къӕдзӕх ӕмӕ ме ссӕрибаргӕнӕг!

19 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2Фехъусӕд дӕ Дунедарӕг дӕ хъыджы заман,
бахъахъхъӕнӕд дӕ нӕ фыдӕл Иаковы Хуыцауы ном.
3Рарвитӕд дын ӕххуыс Йӕ рухс Кувӕндонӕй,
хъару – Сионӕй.
4Ӕрымысӕд де 'ппӕт хуынтӕ,
айсӕд дын дӕ иууылсудзинаг нывонд[7], ||
5Дӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы, уый дын раттӕд,
сӕххӕст дын кӕнӕд де 'ппӕт фӕндтӕ.
6Мах цинӕй райдзыстӕм дӕ уӕлахизыл;
Хуыцауы номы кадӕн сисдзыстӕм тырыса!
Дунедарӕг дын сӕххӕст кӕнӕд де 'ппӕт курдиӕттӕ.
7Ӕз ныр базыдтон:
Дунедарӕг ирвӕзын кӕны Йе 'взӕрсты;
Йӕ сыгъдӕг уӕлӕрвтӕй йын дзуапп дӕтты
Йӕ рахиз цонджы ирвӕзынгӕнӕг хъомысӕй.
8Чи йӕ бӕхуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи йӕ бӕхтӕй,
мах та – Дунедарӕгӕй,
нӕ Хуыцауы номӕй ӕппӕлӕм.
9Уыдон фӕцудыдтой ӕмӕ ахаудысты,
мах та сыстадыстӕм ӕмӕ лӕууӕм фидар.
10Дунедарӕг, фервӕзын кӕн паддзахы,
ӕмӕ Дын куы фӕлӕгъстӕ кӕнӕм,
уӕд-иу нӕ фехъус!

20 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2О Дунедарӕг, Дӕ хъаруйӕ зӕрдӕрухс у паддзах;
цы стыр цин ын ӕрхастой Дӕ уӕлахизтӕ!
3Йӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллыди, уый йын радтай,
йӕ уды курдиатыл ын нӕ атигъ кодтай Дӕхи. ||
4Уымӕн ӕмӕ йӕ Ды
схайджын кодтай Дӕ бирӕ арфӕтӕй,
йӕ сӕрыл ын ӕркодтай паддзахы худ –
сыгъдӕг сызгъӕринӕй.
5Дӕуӕй куырдта цард; Ды та йын радтай
бирӕ цӕрӕнбонтӕ мыггагӕй-мыггагмӕ.
6Стыр намыс ын ӕрхаста Дӕ уӕлахиз,
скодтай йӕ кадджын ӕмӕ номдзыд.
7Ды йыл ӕруагътай Дӕ арфӕтӕ мыггагмӕ,
Дӕ цӕсгомы рухсӕй йӕ схъӕлдзӕг кодтай.
8Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл дары паддзах йӕ зӕрдӕ,
Бӕрзонд Хуыцауы уарзты фӕрцы нӕ фӕцуддзӕн.
9Дӕ къухӕй нӕ аирвӕздзысты Де 'ппӕт знӕгтӕ;
Дӕ рахиз цонг баххӕсдзӕн,
Ды ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уыдонмӕ.
10Куы сӕм фӕзынай,
уӕд сӕ фестын кӕндзынӕ судзгӕ пец;
Дунедарӕг сӕ тызмӕгӕй байсафдзӕн,
арт сӕ аныхъуырдзӕн.
11Зӕххыл сын фесафдзынӕ сӕ байзӕддаг,
адӕмты ӕхсӕн – сӕ мыггаг.
12Уымӕн ӕмӕ хъавынц Дӕуӕн фыд ракӕнынмӕ,
Дӕ ныхмӕ нывӕндынц фыдвӕндтӕ,
фӕлӕ сын нӕ бантысдзӕн.
13Дӕ фаттӕ сын сӕ цӕсгӕмттӕм куы саразай,
уӕд лидзӕг фӕуыдзысты.
14Сбӕрзонд у Дӕ хъомысӕй, Дунедарӕг!
Мах зардзыстӕм ӕмӕ кад кӕндзыстӕм
Де 'нӕкӕрон хъаруйӕн!

21 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Сӕумӕйы хъуаз»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды псалом.
2Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн ныууагътай мӕн?
Куыд нӕ фӕзыныс мӕн фервӕзын кӕнынмӕ,
куыд нӕ Дӕм хъуысы мӕ дзыназын!
3Мӕ Хуыцау! Хъӕр Дӕм кӕнын бонӕй –
дзуапп нӕ дӕттыс,
хъӕр Дӕм кӕнын ӕхсӕв дӕр –
ӕнцой не 'ссарын.
4Ды, Сыгъдӕг, цӕрыс Израилы кады
ныхӕсты ӕхсӕн;
5Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ нӕ фыдӕлтӕ;
сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой, ӕмӕ-иу сӕ бахызтай.
6Дӕумӕ дзынӕзтой, ӕмӕ-иу сӕ фервӕзын кодтай;
сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой,
ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.
7Ӕз та адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн;
дзыллӕйӕн ӕгад ӕмӕ адӕмӕн ӕлгъаг.
8Мӕн чи уыны, уыдон мыл худынц;
сӕ сӕртӕ тилынц ӕмӕ былысчъилӕй дзурынц:
9«Дунедарӕгыл дардта йӕ зӕрдӕ –
ныр ӕй фӕрвӕзын кӕнӕд;
кӕд ыл ауды, уӕд ӕй ссӕрибар кӕнӕд».
10Мӕ мады гуыбынӕй мӕ куы ракодтай,
хъӕбысы ма куы уыдтӕн,
уӕд дӕр мӕ хъахъхъӕдтай.
11Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн;
мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн,
уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ Хуыцау дӕ.
12Ма адард у мӕнӕй,
уымӕн ӕмӕ мӕ хъизӕмары бон ӕввахс у,
ӕххуысгӕнӕг та нӕй.
13Бирӕ галтӕ мыл ӕрхъула,
хӕрзхаст басайнаг галтӕ мыл ӕртыхстысты.
14Байгом мӕм кодтой сӕ дзых,
йӕ амӕддаджы баййафӕг
ӕмӕ богътӕгӕнӕг домбайау.
15Ӕз ныппырх дӕн донау;
ме стджытӕ кӕрӕдзийыл нал хӕцынц;
мӕ зӕрдӕ мыдадзау батади мӕ риуы.
16Ӕлыгӕй конд дурынау мӕ тых бахус,
ме 'взаг нындӕгъди мӕ комыл;
ингӕны сыджыты нывӕрдтай мӕн.
17Куыйтӕ мыл ӕрхъула сты,
фыдлӕгты ӕрдонг мыл ӕртыхст,
мӕ къухты ӕмӕ мӕ къӕхты
ныххостой ӕфсӕйнӕгтӕ.
18Мӕ фӕрсчытӕн ис банымайӕн;
уыдон та мӕм кӕсынц,
ӕмӕ сын сдӕн хиирхӕфсӕн.
19Сӕ кӕрӕдзийыл уарынц мӕ дарӕс,
мӕ пӕлӕзыл ӕппарынц хӕлттӕ.
20Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ма адард у мӕнӕй!
Ды мӕ тых дӕ,
тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ.
21Мӕ уд мын бахиз цирхъӕй,
мӕ иунӕг цард – куыйтӕй.
22Баиргъӕв мӕ домбайы комӕй;
бахиз мӕ хъӕддаг галты сыкъатӕй.
23Дӕ номы тыххӕй дзурдзынӕн ме 'фсымӕртӕн,
Дӕ адӕмы ӕхсӕн ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй.
24Хуыцауӕй тӕрсджытӕ, стаут Ӕй!
Иаковы ӕппӕт байзӕддӕгтӕ, скад Ын кӕнут.
Нымайут Ӕй, Израилы ӕппӕт адӕм.
25Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕнӕрвӕссон нӕ уыди
ӕфхӕрд адӕймагыл
ӕмӕ нӕ аздӕхти йӕ хъизӕмӕрттӕй;
Йӕхи дзы нӕ бамбӕхста,
фӕлӕ Йӕм уый ӕххуысмӕ куы фӕдзырдта,
уӕд ӕй фехъуыста.
26Стыр ӕмбырды Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн;
дзырд Дын цӕй тыххӕй радтон,
уыдӕттӕ ӕххӕст кӕндзынӕн,
Дӕу чи нымайы, уыдоны раз.
27Къӕбӕр хӕрдзысты мӕгуыртӕ
ӕмӕ бафсӕддзысты;
Хуыцауы скадджын кӕндзысты,
чи Йӕ агуры, уыдон!
Уадз мыггагмӕ уой цардӕфсӕст.
28Уый ӕрымысдзысты ӕппӕт зӕххы цӕрджытӕ
ӕмӕ раздӕхдзысты Дунедарӕгмӕ;
Дӕ разы ӕрзоныг уыдзысты адӕмтӕ иууылдӕр.
29Уымӕн ӕмӕ паддзахад Хуыцауы у,
адӕмтӕн Уый у Бардарӕг.
30Ныллӕг акувдзысты Уымӕн
ӕппӕт зӕххы цардӕфсӕст бонджынтӕ;
Йӕ разы ӕрзоныг уыдзысты сыджытмӕ цӕуджытӕ
ӕмӕ йӕ удӕн мадзал чи нӕ зоны,
уыдон иууылдӕр.
31Мӕ байзӕддӕгтӕ кусдзысты Уымӕн,
мыггагмӕ хӕсдзысты Хуыцауы адӕмы ном.
32Ӕмӕ цӕудзысты
ӕмӕ дзурдзысты Йӕ рӕстдзинадыл,
ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕн Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй.

22 Псалом

1Давиды псалом.
Хуыцау – мӕ фыййау,
ӕз ницӕмӕй уыдзынӕн хъуаг.
2Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты,
ахоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.
3Дӕтты мын ног тыхтӕ;
аразы мӕ рӕстады фӕндагыл
Йӕ номы сӕраппонд.
4Мӕлӕты тар комы цӕугӕ мын куы фӕуа,
уӕддӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй,
уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ;
Дӕ паддзахы бар ӕмӕ Дӕ фыййауы лӕдзӕг
хъахъхъӕнынц мӕн.
5Ды мын ахӕм фынг ӕрӕвӕрдтай
ме знӕгты цӕсты раз!
Мӕ сӕр мын байсӕрстай хӕрздӕф зетийӕ,
мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй.
6Уӕдӕ цалынмӕ удӕгас дӕн,
уӕдмӕ мын Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх
уӕнт ӕмбӕлццӕттӕ,
ӕмӕ мӕ царды ӕппӕт бонтӕ
арвитдзынӕн Дунедарӕджы Хӕдзары.

23 Псалом

1Давиды псалом.
Зӕхх ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис,
дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йе 'ппӕт цӕрджытӕ
Хуыцауы сты.
2Уымӕн ӕмӕ дуне Уый ӕрӕвӕрдта денджызтыл,
ӕрфидар ӕй кодта цӕугӕдӕттыл.
3Чи схиздзӕни Хуыцауы хохмӕ,
чи ӕрлӕудзӕн Йӕ сыгъдӕг бынаты?
4Йӕ къухтӕ ӕназым кӕмӕн сты,
сыгъдӕг кӕй зӕрдӕ у,
мӕнгхуыцауӕн чи нӕ куывта,
сомы чи нӕ сайы, ӕрмӕстдӕр уый.
5Ахӕм адӕймагыл
Дунедарӕг ӕруадздзӕн Йӕ арфӕ
ӕмӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕй
райсдзӕни хорзӕх.
6Ахӕм у, Уый чи агуры,
Дӕ цӕсгомы раз балӕууын кӕй фӕнды,
уыдоны мыггаг, Иаковы Хуыцау! ||
7Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,
дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,
ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах!
8Чи у уыцы цытджын Паддзах? –
Фидар ӕмӕ хъомысджын Дунедарӕг,
тохы басӕттӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау.
9Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,
дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,
ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах!
10Чи у уыцы цытджын Паддзах? –
Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау;
Уый у цытджын Паддзах. ||

24 Псалом

1Давиды псалом.
Дӕумӕ бӕллы мӕ зӕрдӕ, Хуыцау.
2Дӕуӕй ныфсджын дӕн, мӕ Хуыцау.
Ды мӕ не 'руадздзынӕ ӕгадмӕ,
цӕмӕй мыл ме знӕгтӕ ферайой.
3Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдон дӕр нӕ фегад уыдзысты.
Кӕй фыдвӕндтӕй ницы рауайдзӕни,
ӕгад уыдон фӕуыдзысты.
4Бацамон мын, Хуыцау, Дӕ фӕндӕгтӕ
ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн Дӕ надвӕттыл цӕуын.
5Сараз мӕ Дӕ ӕцӕгадыл, сахуыр мӕ кӕн,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау дӕ;
Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ иудадзыг.
6Ӕрымыс, Хуыцау, рагзамантӕй кӕй ӕвдисыс,
Дӕ уыцы хорзӕх ӕмӕ уарзт.
7Ме 'взонджыбонты тӕригъӕдтӕ
ӕмӕ фыдмитӕ мын ма ӕрымыс;
Дӕ уарзт ӕмӕ Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ
ӕрымыс мӕн, Дунедарӕг.
8Хуыцау хӕрзгӕнӕг ӕмӕ ӕнӕхӕрам у;
уымӕн аразы тӕригъӕдджынты раст фӕндагыл.
9Фӕлмас адӕймӕгты аразы рӕстдзинадыл,
сабыртӕн амоны Йӕ фӕндаг.
10Хуыцауы ӕппӕт фӕндӕгтӕ
сты хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад,
Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры
ӕмӕ йын Йӕ амындмӕ чи хъусы, уыдонӕн.
11Мӕ тӕригъӕд уӕззау у, ӕмӕ мын ӕй ныххатыр кӕн
Дӕ номы сӕраппонд, Дунедарӕг!
12Хуыцауӕй чи тӕрсы, чи у уыцы адӕймаг?
Хуыцау ын бацамондзӕни,
цавӕр фӕндаг ӕй равзарын хъӕуы, уый.
13Йӕ уд ссардзӕн фарн,
зӕхх бауыдзӕн йӕ байзӕддӕгты.
14Хуыцауӕй чи тӕрсы,
уыдонӕй не 'мбӕхсы Йӕ сусӕгад,
ӕргом сын кӕны Йӕ фӕдзӕхст.
15Мӕ цӕстытӕ иудадзыг Дунедарӕгмӕ кӕсынц;
мӕ къӕхтӕ мын хызӕй Уый суӕгъд кӕны.
16Раздӕх мӕм Де 'ргом ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕз иунӕг ӕмӕ ӕфхӕрд дӕн.
17Мӕ зӕрдӕйы мастыл
ноджыдӕр бафтыди;
фервӕзын мӕ кӕн мӕ бӕллӕхтӕй.
18Ӕркӕс мӕ тыхстмӕ, мӕ хъизӕмармӕ
ӕмӕ мын ныббар ме 'ппӕт тӕригъӕдтӕ.
19Акӕс-ма ме знӕгтӕм – куыд бирӕ сты,
куыд ӕбуалгъы ӕнӕуынон сын дӕн!
20Бахиз мын мӕ уд, баиргъӕв мӕ,
ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
21Ӕнӕфау цард ӕмӕ мӕ рӕстад
уӕнт мӕ хъахъхъӕнджытӕ,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ныфс дӕ.
22Хуыцау, фервӕзын кӕн Израилы
йе 'ппӕт бӕллӕхтӕй.

25 Псалом

1Давиды псалом.
Дӕхӕдӕг мын рахӕсс тӕрхон, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ рӕстӕй цардтӕн.
Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ,
нӕ фӕдызӕрдыг уыдзынӕн.
2Сбӕрӕг мӕ кӕн, Хуыцау, бафӕлвар мӕ;
раиртас мӕ хъуыдытӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ.
3Дӕ хорзӕх ӕдзухдӕр мемӕ ис,
ӕмӕ цӕрын Дӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.
4Фӕлывд адӕймӕгты ныхасы никуы бадтӕн,
цӕстмӕхъусимӕ мын иумӕйагӕй ницы уыдзӕни.
5Фыдлӕгты дзыгуырӕй ме сӕфт уынын,
фыдгӕнджытимӕ не 'рбаддзынӕн.
6Мӕ къухтӕ ӕрӕхсын ӕназымӕй, Дунедарӕг,
афтӕмӕй ӕрзилын Дӕ нывондхӕссӕны алыварс –
7Дӕу хъӕлӕсыдзагӕй стаугӕйӕ
ӕмӕ Де 'ппӕт диссӕгтыл дзургӕйӕ.
8Дунедарӕг, ӕз бауарзтон Дӕ Хӕдзар –
Дӕ кады цӕрӕн бынат.
9Мӕ уд мын тӕригъӕдджынтимӕ ма фесаф,
мӕ цард – тугцъиртимӕ.
10Сӕ къухтӕ фыдракӕндтӕй хъӕстӕ сты,
сӕ рахиз къухтӕ – гӕртӕмттӕй дзаг.
11Ӕз та цӕрдзынӕн ӕназымӕй;
равдис мӕм Дӕ хорзӕх ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн.
12Мӕ къӕхтӕ фидар лӕууынц раст фӕндагыл;
ӕмбырдты ӕз стаудзынӕн Дунедарӕджы.

26 Псалом

1Давиды псалом.
Дунедарӕг – мӕ царды рухс
ӕмӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг –
кӕмӕй мын у тас?
Дунедарӕг – мӕ царды мӕсыг –
кӕй тасӕй бариздзынӕн?
2Фыдлӕгтӕ, мӕ фыдгултӕ
ӕмӕ ме знӕгтӕ куы тындзой мӕн аныхъуырынмӕ,
уӕд сӕхӕдӕг сӕ къах скъуырдзысты
ӕмӕ ӕрхаудзысты.
3Ӕнӕхъӕн ӕфсад мыл куы ӕртыхса –
мӕ зӕрдӕ нӕ фӕтӕрсдзӕни;
мӕ ныхмӕ хӕст куы самайой,
уӕддӕр ныфсджын уыдзынӕн.
4Ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх курын Дунедарӕгӕй
ӕмӕ уымӕ тырнын, цӕмӕй мӕ цӕргӕбонтӕ
ӕрвитон Хуыцауы Хӕдзары,
мӕ цӕсты раз уа Хуыцауы рӕсугъддзинад –
уынон Ӕй Йӕ Кувӕндоны.
5Уымӕн ӕмӕ мӕ тыхсты бон
Уый бамбӕхсдзӕн мӕн,
Йӕ Цатыры мӕ бааууон кӕндзӕн,
схӕссдзӕни мӕ къӕдзӕхы сӕрмӕ.
6Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн,
цы знӕгтӕ мыл ӕртыхст, уыдоныл;
райгӕйӕ Йын ӕрхӕссдзынӕн нывондтӕ Йӕ Цатыры;
зардзынӕн ӕмӕ цӕгъддзынӕн
рӕсугъд зӕлтӕй Дунедарӕгӕн.
7Дӕумӕ дзурын, Дунедарӕг, фехъус мӕ хъӕлӕс;
батӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт.
8Мӕ зӕрдӕйы хъуысынц Дӕ ныхӕстӕ:
«Агурут Мӕ цӕсгом».
Ӕмӕ ӕз Дӕ цӕсгом агурдзынӕн, Хуыцау.
9Ма аздах мӕнӕй Дӕ цӕсгом;
тызмӕгӕй ма бахъоды кӕн Дӕ цагъарыл.
Ды уыдтӕ ме 'ххуысгӕнӕг, ма мыл атигъ кӕн Дӕхи,
ма мӕ ныууадз, Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг!
10Мӕ фыд ӕмӕ мад куы ныууадзой мӕн,
уӕддӕр мӕ Хуыцау райсдзӕни Йӕхимӕ.
11Сахуыр мӕ кӕн, Хуыцау, Дӕ надвӕдыл цӕуын,
сараз мӕ раст фӕндагыл,
уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ мӕ алыварс сты.
12Ма бакӕн мӕ уды ме знӕгты бар,
уымӕн ӕмӕ мыл сыстадысты мӕнг ӕвдисӕнтӕ
ӕмӕ ӕхсидынц мастӕй.
13Фӕлӕ мӕ уӕддӕр уырны:
царды зӕххыл фендзынӕн Хуыцауы хорзӕх.
14Дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл,
у ныфсджын ӕмӕ ӕхсарджын,
дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл!

27 Псалом

1Давиды псалом.
Дӕуӕн лӕгъстӕ кӕнын, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх,
ма мӕ аздах Де 'ргом ӕнӕсымӕй;
науӕд мын дзуапп куы нӕ раттай,
уӕд ингӕнмӕ цӕуджытау суыдзынӕн.
2Фехъус мын мӕ лӕгъстӕ,
ӕххуысагур Дӕм куы фӕдзыназын,
ме 'рмттӕ Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ
куы фӕдарын, уӕд.
3Ӕндӕрӕн «фарн» чи дзуры,
афтӕмӕй та йӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕмӕн ис,
уыцы фыдлӕгтӕ ӕмӕ ӕвзӕргӕнджытимӕ
ма фесаф мӕн.
4Ратт сын сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ,
сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ,
ратт сын сӕ къухты ракондмӕ гӕсгӕ;
цы аккаг сты, уый сын бафид.
5Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы архайд
ӕмӕ Йе 'рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц;
ныппырх сӕ кӕндзӕн сисау
ӕмӕ сыл нал схӕцдзӕн.
6Арфӕгонд у Хуыцау, уымӕн ӕмӕ фехъуыста мӕн,
ӕххуысагур Ӕм куы куывтон, уӕд.
7Хуыцау – мӕ хъару ӕмӕ мӕ уарт.
Ууыл дардтон мӕ зӕрдӕ, ӕмӕ мын баххуыс кодта;
мӕ зӕрдӕ райы фырцинӕй,
ӕмӕ Йӕ стауын мӕ зарӕгӕй.
8Хуыцау Йӕ адӕмӕн хъару у,
Йе 'взӕрстӕн – хъахъхъӕнӕг ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг.
9Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы
ӕмӕ арфӕ ракӕн Дӕ бындартӕн;
хиз сӕ ӕмӕ сӕ хӕсс мыггагмӕ.

28 Псалом

1Давиды псалом.
Стаут Хуыцауы, уӕларвон цӕрджытӕ,
стаут Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс.
2Стаут Хуыцауы, кад скӕнут Йӕ номӕн;
бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ Сыгъдӕг кады рухсы.
3Дунедарӕджы хъӕлӕс – дӕтты сӕрмӕ;
ныннӕрыди кады Хуыцау;
Йӕ хъӕлӕс зӕлы стыр дӕтты сӕрмӕ.
4Дунедарӕджы хъӕлӕс хъомысджын у,
Хуыцауӕн ис алӕмӕттаг хъӕлӕс.
5Хуыцауы хъӕлӕс дӕрӕн кӕны бӕрзонд нӕзытӕ,
Дунедарӕг дӕрӕн кӕны ливайнаг нӕзытӕ;
6Ливаны хӕхты бафтыдта родау гӕппытыл,
Сирионы хохы та – ӕрыгон хъӕддаг галау.
7Хуыцауы хъӕлӕс сирвӕзын кӕны пиллон арт.
8Хуыцауы хъӕлӕсӕй баризы ӕдзӕрӕг быдыр;
Дунедарӕг баризын кӕны Кадесы ӕдзӕрӕг быдыр.
9Дунедарӕджы хъӕлӕс ныууигъы тулдзбӕлӕстӕ,
ӕмӕ сбӕгънӕг вӕййы хъӕд.
Уӕд Йӕ Кувӕндоны се 'ппӕт дӕр дзурынц:
«Кадджын уӕд!»
10Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны дӕтты сӕрмӕ;
Хуыцау баддзӕни мыггагмӕ Йӕ паддзахы бадӕны.
11Дунедарӕг дӕтты Йӕ адӕмӕн хъару,
Йӕ адӕмӕн дӕтты фарны арфӕ.

29 Псалом

1Давиды псалом.
Зарӕг.
Кувӕндон срухс кӕныны фӕдыл.
2Бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ схӕцыдтӕ мӕныл
ӕмӕ ме знӕгты ферайын нӕ бауагътай.
3Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, ӕз Дӕм сдзынӕзтон,
ӕмӕ мӕ Ды сдзӕбӕх кодтай.
4Ды сластай мӕрдтыбӕстӕй мӕ уды, Хуыцау,
райгас мӕ кодтай,
цӕмӕй ингӕнмӕ ма ныххизон.
5Зарут Хуыцауӕн, Йӕ рӕстгӕнджытӕ,
ӕппӕлут Йӕ сыгъдӕг номӕй.
6Уымӕн ӕмӕ Йӕ маст уысмӕй фылдӕр нӕ ахӕссы,
Йӕ аудын та – цӕрӕнбонты.
Изӕрӕй вӕййы хъарӕг,
райсомӕй та – цин.
7Ӕз мӕ фӕрнджын афон дзырдтон:
«Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзынӕн».
8Дӕ аудынӕй, Дунедарӕг,
Ды сфидар кодтай мӕ хох;
фӕлӕ Де 'ргом аздӕхтай мӕнӕй,
ӕмӕ ӕз фӕтыхстӕн.
9Уӕд Дӕумӕ сдзырдтон, Дунедарӕг –
мӕ Хицауӕн лӕгъстӕ кодтон:
10«Куы амӕлон, ингӕнмӕ куы ныххизон,
уӕд цы пайда у!
Сыджыт Дӕ стаудзӕни, мыййаг,
ӕмӕ хъусын кӕндзӕни Дӕ ӕцӕгад?
11Фехъус мӕ, Хуыцау, ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн.
Дунедарӕг, у ме 'ххуысгӕнӕг».
12Мӕ хъарӕг мын раивтай зарынӕй,
раластай мӕ хъисынтӕ[8]
ӕмӕ мӕ астӕу ӕрбалвӕстай цинӕй.
13Уымӕн Дӕ стауы мӕ уд,
ӕмӕ Дӕу стауынӕй нӕ банцайдзӕн!
Мыггагмӕ дӕр Дӕуӕй бузныг уыдзынӕн,
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!

30 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2Дӕумӕ ссардтон ӕз ӕмбӕхсӕн, Дунедарӕг –
нӕ фегад уыдзынӕн мыггагмӕ дӕр;
бахиз мӕ Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ.
3Фехъус мӕ, рӕвдздӕр мӕм ӕрцу ӕххуысмӕ;
Ды мын у ӕнӕфӕцудгӕ къӕдзӕх,
фидар бынат мӕ ирвӕзындзинадӕн.
4Ды мӕ къӕдзӕх ӕмӕ мӕ фидар дӕ;
кӕн мӕ размӕ ӕмӕ мын уынаффӕгӕнӕг у
Дӕ номы сӕраппонд.
5Суӕгъд мӕ кӕн, сусӕгӕй мӕнӕн
цы къӕппӕг сӕвӕрдтой, уымӕй,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ сӕрылхӕцӕг дӕ.
6Дӕ къухмӕ дӕттын мӕ уд;
Ды уыдтӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг,
О Дунедарӕг, ӕцӕгады Хуыцау.
7Ме сӕфт уынын
ницӕйаг мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕй;
мӕнӕн та Хуыцау у мӕ ныфс.
8Хъӕлдзӕг уыдзынӕн
ӕмӕ цин кӕндзынӕн Дӕ хорзӕхыл,
уымӕн ӕмӕ федтай мӕ тухӕнтӕ,
базыдтай мӕ уды хъынцъым
9Ӕмӕ мӕ нӕ радтай знаджы къухмӕ,
мӕ къӕхтӕ мын ӕрӕвӕрдтай ӕдас ран.
10Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ уынгӕг ран дӕн;
мастӕй тайы мӕ цӕсты рухс, мӕ уд ӕмӕ мӕ буар.
11Мӕ цард ӕрвитын хъыггӕнгӕ,
мӕ азтӕ – хъӕрзгӕйӕ;
мӕ фыдӕбӕттӕй сфӕлахс и мӕ тых,
ме стджытӕ баруадысты.
12Ме 'ппӕт знӕгтӕн сдӕн фидиссаг,
уӕлдайдӕр та – мӕ сыхӕгтӕн,
тасы хос – мӕ зонгӕтӕн.
Фӕндагыл мӕ чи фены,
уыдон ме 'мгӕрон нӕ цӕуынц.
13Мӕрдырох фӕдӕн адӕмы зӕрдӕты,
пырх мигӕнӕнӕй уӕлдай нал дӕн.
14Бирӕтӕй хъусын мӕ фыдгой,
алырдыгӕй дӕр – ӕртхъирӕн;
мӕ ныхмӕ аразынц цӕдис,
хъавынц мӕ уд сыскъуынынмӕ.
15Ӕз та, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарын
ӕмӕ зӕгъын: «Ды мӕ Хуыцау дӕ».
16Дӕ къухы ис мӕ царды ӕмгъуыд;
байс мӕ ме знӕгты къухӕй
ӕмӕ мӕ фӕдылзилджытӕй.
17Срухс кӕн мӕн, Дӕ цагъары, Дӕ цӕсгомы рухсӕй;
Ды уарзӕгой дӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн.
18Дунедарӕг, нӕ фегад уыдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ дзыназын;
уадз фыдлӕгтӕ фегад уой, бамыр уой дӕлдзӕхы.
19Уадз багомыг уӕнт
рӕстгӕнӕгыл сӕрбӕрзондӕй
ӕмӕ ӕнӕрвӕссонӕй дамтӕ дзурӕг ӕвзӕгтӕ.
20Куыд бирӕ хӕрзтӕ Дӕм ис ӕвӕрд,
Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдонӕн;
Дӕуыл зӕрдӕ дарджытӕн сӕ ратдзынӕ
адӕмы цӕсты раз.
21Ды Дӕ цӕстӕнгасӕй
хъахъхъӕныс уыдон адӕмы фыдвӕндтӕй,
фыдӕвзӕгтӕй сӕ ӕмбӕхсыс Дӕ аууоны.
22Арфӕгонд у, Хуыцау,
цы сахарыл ӕртыхстысты[9],
уым мӕм Йӕ диссаджы хорзӕх Чи равдыста.
23Ӕз та мӕ тыхсты заман
ӕнхъӕлдтон: «Ныууагътай мӕ»;
фӕлӕ Ды, бӕлвырд, фехъуыстай мӕ лӕгъстӕ,
ӕххуысагур Дӕм куы куывтон, уӕд.
24Уарзут Хуыцауы, Йе 'ппӕт сыгъдӕджытӕ;
Дунедарӕг хъахъхъӕны Йӕ иузӕрдионты,
сӕрыстыртӕн та бафиддзӕни ӕххӕстӕй.
25Ут ӕхсарджын ӕмӕ зӕрдӕфидар,
ӕппӕт Хуыцауыл ӕууӕндджытӕ!

31 Псалом

1Давиды зондамонӕн псалом.
Тӕхудиаг у,
йӕ фыдмийы азым барст кӕмӕн у,
ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд кӕмӕн у.
2Тӕхудиаг у,
Хуыцау йӕ зылын кӕмӕн нӕ банымайдзӕн,
йӕ уд ӕнӕхин кӕмӕн у, уыцы адӕймаг.
3Мӕ тӕригъӕд куы нӕ хъӕр кодтон,
уӕд ме 'рвылбоны хъӕрзынӕй
ме стджытӕ скӕлӕддзаг сты.
4Уымӕн ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй
ӕнкъардтон Дӕ къухы уӕз;
ме уӕнгты тых айсӕфти,
цыма сӕрдыгон хус рӕстӕджы. ||
5Фӕлӕ Дын ӕз раргом кодтон мӕ тӕригъӕд
ӕмӕ мӕ фыдми нӕ бамбӕхстон.
Ӕз загътон:
«Басӕттон Хуыцауы раз мӕ фыдмитыл»,
ӕмӕ Ды систай мӕ азым,
ныббарстай мӕ тӕригъӕд. ||
6Афтӕ Дӕм алы рӕстгӕнӕг дӕр бакувӕд,
цалынмӕ Дын ссарӕн ис;
уӕд ӕм стыр дӕтты ивылӕнтӕ дӕр
нӕ бахӕццӕ уыдзысты.
7Ды ме 'мбӕхсӕн Дӕ, бахиздзынӕ мӕ хъыгтӕй
ӕмӕ мын ратдзынӕ ирвӕзыны цины зард. ||
8Ды загътай: «Раст зондыл дӕ сараздзынӕн,
цы фӕндагыл дӕ цӕуын хъӕуы,
уый дын бацамондзынӕн;
уыдзынӕн дын уынаффӕгӕнӕг.
Уӕларвӕй дӕумӕ у мӕ каст.
9Ма ут ӕнӕрхъуыды бӕх кӕнӕ хӕргӕфсы хуызӕн,
идонӕй кӕнӕ дзыларӕй здахын кӕй хъӕуы –
кӕннод дӕм не 'рбахӕстӕг уыдзысты».
10Бирӕ хъыгтӕ бавзардзӕн фыдлӕг;
Хуыцауыл ӕууӕндӕг та хорзӕхтӕй ӕфсӕст у.
11Райут ӕмӕ цин кӕнут Хуыцауыл, рӕстгӕнджытӕ;
зарут фырцинӕй уе 'ппӕт дӕр, рӕстзӕрдӕтӕ.

32 Псалом

1Зарут фырцинӕй, Дунедарӕгӕн, рӕстгӕнджытӕ;
рӕстытыл фидауы Уый стауын.
2Кад кӕнут Хуыцауӕн дала-фӕндыртыл
ӕмӕ дыууадӕстӕнонтыл,
цӕгъдут Ын дӕсхъисонтыл.
3Зарут Ын ног зарӕг,
цӕгъдут Ын аив ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй.
4Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ дзырд раст у,
ӕнувыд у Йӕ алы хъуыддаджы дӕр.
5Хуыцау рӕстдзинад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон уарзы;
зӕхх дзаг у Йӕ хорзӕхӕй.
6Хуыцауы дзырдӕй сконд сты уӕлӕрвтӕ,
Йӕ ныхасы хъаруйӕ – ӕппӕт стъалыты рӕдзагъд.
7Хуыцау цӕндау ӕрӕмбырд кодта денджызты дон,
Йе ӕвӕрӕнты уромы дӕтты арфытӕ.
8Ӕппӕт зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй,
Йӕ тасӕй ризӕнт дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ.
9Уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта, ӕмӕ сырӕзти;
бардзырд радта, ӕмӕ сӕххӕст ис.
10Хуыцау фехалы адӕмты фӕндтӕ,
фӕмӕнг сын кӕны сӕ уынаффӕтӕ.
11Хуыцауы фӕнд та мыггагмӕ цӕры;
Йӕ зӕрдӕйы цы уынаффӕтӕ ис,
уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ахӕссынц.
12Тӕхудиаг сты уыцы адӕм,
Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у,
ӕмӕ – адӕмыхӕттытӕ,
Уый Йӕхицӕн бындартӕн кӕй сӕвзӕрста.
13Дунедарӕг кӕсы уӕлӕрвтӕй,
уыны алы адӕймаджы дӕр.
14Йӕ паддзахы бадӕнӕй Йӕ цӕст дары
зӕххыл цӕрӕг ӕппӕт адӕммӕ;
15Уый у се 'ппӕты зӕрдӕты скӕнӕг,
лӕмбынӕг кӕсы сӕ алы хъуыддагмӕ дӕр.
16Паддзах йӕ бирӕ ӕфсады фӕрцы
нӕ фервӕздзӕни;
хъӕбатыры йе стыр тых нӕ бахъахъхъӕндзӕн.
17Бӕхы стыр хъаруйыл ныфс ӕвӕрӕн дзӕгъӕлы у –
йӕ цырд дугъӕй никӕй фервӕзын кӕндзӕни.
18Фӕлӕ, Дунедарӕг Йӕ цӕст дары чи дзы тӕрсы
ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ.
19Цӕмӕй сын сӕ удтӕ бахиза мӕлӕтӕй
ӕмӕ сӕ цард – стонг рӕстӕджы.
20Мах Дунедарӕгыл дарӕм нӕ зӕрдӕ;
Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ уарт.
21Хуыцауыл цин кӕны нӕ зӕрдӕ,
уымӕн ӕмӕ Йӕ сыгъдӕг номӕй стӕм ныфсджын.
22Уӕдӕ Дыл мах нӕ зӕрдӕ куыд дарӕм, Хуыцау,
афтӕ Дӕ хорзӕх дӕр иудадзыг уӕд немӕ.

33 Псалом

1Давиды псалом.
Давид Авимелехы раз
ӕррайы ӕфсон куы скодта,
ӕмӕ йӕ Авимелех куы фӕсырдта,
ӕмӕ уырдыгӕй куы ацыд, уый фӕдыл.
2Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Хуыцауӕн;
Уымӕй ӕппӕлын уыдзӕн иудадзыг мӕ былалгъыл.
3Мӕ уд ӕппӕлдзӕни Дунедарӕгӕй;
уадз фехъусой уый ӕфхӕрдтытӕ ӕмӕ цин кӕной.
4Стаут мемӕ Хуыцауы,
иумӕ сбӕрзонд кӕнӕм Йӕ ном.
5Ӕз агуырдтон Дунедарӕджы, ӕмӕ мӕ фехъуыста;
бахызта мӕ, тас мын цӕмӕй уыд, ӕппӕт уыдӕттӕй.
6Уымӕ йе 'ргом чи аздахы уыдон срухс вӕййынц;
сӕ сӕртӕ нӕ фегад уыдзысты.
7Мӕгуыр скуывта – Дунедарӕг ӕй фехъуыста,
бахызта йӕ йе 'ппӕт бӕллӕхтӕй.
8Хуыцауӕй чи тӕрсы,
Йӕ зӕд уыдоны алыварс лӕууы
ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны.
9Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут,
Хуыцау куыд хорз у, уый!
Тӕхудиаг у, Дунедарӕджы бар йӕхи чи бакӕны.
10Тӕрсут Хуыцауӕй, Йӕ сыгъдӕджытӕ;
чи Дзы тӕрсы, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц.
11Домбӕйттӕ дӕр слӕмӕгъ вӕййынц,
баййафынц ӕххормаг;
Хуыцауы чи агуры,
уыдон та ӕнӕхай не сты иу хорзӕхӕй дӕр.
12Ӕрцӕут, мӕ хъӕбултӕ, ӕмӕ мӕм байхъусут;
ӕз уӕ сахуыр кӕндзынӕн Хуыцауӕй куыд тӕрсын хъӕуы, ууыл.
13Бӕллыс ды цардмӕ,
уарзыс цӕрӕнбонтӕ ӕмӕ агурыс хӕрзӕбон?
14Де 'взагӕй фыд ма ракӕн,
ӕмӕ дӕ дзыхӕй мӕнгард ныхас ма рацӕуӕд.
15Аиуварс у фыдмийӕ ӕмӕ у хӕрзгӕнӕг;
ссар фидыды фӕндаг ӕмӕ йыл цу.
16Хуыцауы цӕстытӕ сты рӕстгӕнджыты 'рдӕм,
Йӕ хъустӕ та – сӕ дзыназынмӕ.
17Фӕлӕ Хуыцауы цӕсгом фыдгӕнджыты ныхмӕ у,
цӕмӕй сын зӕххыл сӕ кой дӕр фесафа.
18Рӕстытӕ Йын балӕгъстӕ кӕнынц,
Дунедарӕг сӕ фехъусы
ӕмӕ сӕ бахизы се 'ппӕт бӕллӕхтӕй.
19Хӕстӕг у Хуыцау састзӕрдӕтӕм,
ирвӕзын кӕны рыстудты.
20Бирӕ зынтӕ ӕвзары рӕстгӕнӕг,
фӕлӕ йӕ Дунедарӕг се 'ппӕтӕй дӕр бахизы.
21Хуыцау ын хъахъхъӕны йе уӕнгтӕ,
ӕмӕ дзы иу дӕр нӕ асӕтдзӕни.
22Фыдлӕджы амардзӕни йӕхи фыдӕх;
рӕстгӕнӕгӕй йе сӕфт чи уыны,
уыдон баййафдзысты ӕфхӕрд.
23Хуыцау бахиздзӕн Йӕ цагъарты удтӕ,
чи Йыл ӕууӕнды, уыдонӕй ӕфхӕрд ничи уыдзӕн.

34 Псалом

1Давиды псалом.
Ӕрлӕуу сӕ ныхмӕ, Дунедарӕг,
мӕ ныхмӕлӕуджытӕн;
бацу тохы мемӕ тохгӕнджытимӕ.
2Райс Дӕ фидар уарт ӕмӕ згъӕрдарӕс,
фӕзын мӕм ӕххуысмӕ.
3Райс арц ӕмӕ ӕрлӕуу мӕн сурджыты развӕндагыл;
мӕ удӕн зӕгъ: «Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн».
4Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт,
мӕн амарынмӕ чи агуры, уыдон;
мӕнӕн фыдвӕндгӕнджытӕ
фӕуӕнт лидзинаг ӕмӕ фидисы хай;
5Дымгӕ кӕй ныффӕйлауы,
ахӕм зыгуымӕй уӕлдай ма уӕнт,
Хуыцауы зӕд сӕ фӕсурӕд;
6Талынг ӕмӕ бырынцъаг уӕд сӕ фӕндаг,
ӕмӕ сӕ сурӕд Хуыцауы зӕд.
7Уымӕн ӕмӕ мын ӕнаххосӕй
сусӕгӕй сӕвӕрдтой къӕппӕг,
ӕнаххосӕй мын скъахтой уӕрм.
8Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуӕд се сӕфт,
мӕнӕн цы къӕппӕг сӕвӕрдтой,
уый сын ӕрцахсӕд сӕхи, бахауӕнт дзы се сӕфтӕн.
9Мӕ уд та цин кӕндзӕни мӕ Хуыцауыл,
райдзӕни, кӕй мӕ бахызта, ууыл.
10Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты:
«Хуыцау, чи у Дӕ хуызӕн,
Дӕуау чи ирвӕзын кӕны ӕдыхы тыхджынӕй,
мӕгуыры ӕмӕ гӕвзыччы – стигъджытӕй?»
11Мӕ ныхмӕ рацыдысты ӕгъатыр ӕвдисӕнтӕ,
фӕрсынц мӕ, ӕз цы нӕ зонын, уымӕй.
12Мӕ хорз мын фидынц фыдӕй,
цӕмӕй дзӕгъӕлӕй баззайа мӕ уд.
13Уыдон-иу куы фӕрынчын сты,
уӕд-иу ӕз скодтон хъисынтӕ,
мӕхи-иу бадомдтон ком дарынӕй.
Мӕ куывд-иу здӕхти мӕ риуы арфмӕ.
14Ӕз сӕм кастӕн лымӕн ӕмӕ ӕфсымӕры цӕстӕй;
цыдтӕн-иу ӕнкъардӕй, сӕргуыбырӕй,
мӕ мады мардыл кӕуӕгау.
15Ӕз куы фӕкалдтӕн, уӕд уыдон
ӕрбамбырд сты цингӕнгӕ;
ме 'фхӕрджытӕ рамбырд сты мӕ ныхмӕ,
нӕ зонын, цӕй аххосӕй, фӕлӕ кодтой мӕ фыдгой,
банцайӕн сын нал уыди.
16Ӕнӕхуыцӕутты ӕхсӕн мӕ хынджылӕг кодтой,
ӕмӕ мӕм цыди сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс.
17О Хицау Хуыцау, бирӕ ма сӕм кӕсдзынӕ?
Байс мӕ уды сӕ тыхтонайӕ,
мӕ иунӕг цард – ӕрыгон домбӕйттӕй.
18Бузныг Дын зӕгъдзынӕн бирӕ адӕмы раз,
дзыллӕты ӕхсӕн стаудзынӕн Дӕу.
19Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы,
уадз уыдон ма ферайой мӕныл,
ӕнӕхъуаджы мӕ йе сӕфт чи уыны,
уыдон кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ма ныкъулой.
20Сӕ ныхас нӕу фидыдыл,
зӕххыл сабырӕй цӕрджыты ныхмӕ
нывӕндынц фыдвӕндтӕ.
21Се 'взӕгтӕ суагътой мӕнмӕ ӕмӕ дзурынц:
«Афтӕ! Афтӕ! Уый дын нӕхи цӕстӕй кӕй федтам!»
22Дӕхӕдӕг сӕ уыныс, Дунедарӕг,
ӕмӕ ма у ӕнӕдзуапп;
ма адард у мӕнӕй, мӕ Паддзах!
23Фӕзын ӕмӕ рахӕсс Дӕ тӕрхон,
равзар мӕ хъаст, мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау!
24Рахӕсс мын тӕрхон
Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
ӕмӕ мыл ма ферайой,
25Сӕхинымӕр мауал дзурой:
«Афтӕ, нӕ фӕндиаг фӕци!»,
мауал дзурой: «Аныхъуырдтам ӕй»,
26Ӕмӕ ӕхсызгон кӕмӕн у мӕ бӕллӕх,
уыдон се 'ппӕт дӕр фӕфидиссаг уой,
схъӕлӕй мӕм чи кӕсы,
уыдон фӕхудинаг ӕмӕ фегад уой.
27Мӕ рӕстад ӕхсызгон кӕмӕн у,
уыдон та райой, цингӕнгӕ иудадзыг дзурой:
«Скадджын уӕд Хуыцау,
Йӕ цагъарӕн фарн Кӕй зӕрдӕ зӕгъы!»
28Ӕмӕ мӕ дзырды сӕр уыдзӕни Дӕ рӕстад,
ӕрвылбон ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй.

35 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Хуыцауы цагъар Давиды псалом.
2Фыдзондӕн йӕ зӕрдӕйы рӕбынӕй
хъуысы тӕригъӕды хъӕлӕс –
Хуыцауы тас ницы у йӕ цӕсты.
3Уый йӕхи зӕрдӕ ӕлхӕны,
цыма йӕм йӕ тӕригъӕд феныны
ӕмӕ ныууадзыны фӕнд ис.
4Йӕ ныхас – фыдӕх ӕмӕ хин;
нӕ йӕ фӕнды, ӕрсабыр уа, ӕрӕмбара,
цӕмӕй кӕна хорз хъуыддӕгтӕ.
5Йӕ хуыссӕны дӕр ма скӕрды фыдвӕндтӕ,
ныллӕууы зылын фӕндагыл,
фыдмитыл дӕр ӕлгъ нӕ кӕны.
6Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх у уӕлӕрвтӕм,
Дӕ иузӕрдиондзинад – ӕврӕгъты онг.
7Дӕ рӕстад – бӕрзонд хӕхтау,
Дӕ уынаффӕтӕ – ӕнӕбын фурд.
Адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты
Ды хъахъхъӕныс, Хуыцау.
8Аргъ нӕй Дӕ уарзтӕн, Хуыцау!
Адӕмтӕ Дӕ дӕлбазыр ӕссарынц ӕнцой.
9Дӕ Хӕдзары ӕфсӕдынц сойӕ,
Де 'хцон цӕугӕдонӕй сын суадзыс сӕ дойны.
10Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ царды суадон;
Дӕ рухсы мах уынӕм рухс.
11Афтӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр
Дӕ хорзӕх уӕд, Дӕу чи зоны, уыдонимӕ,
Дӕ рӕстад – рӕстзӕрдӕтимӕ.
12Уадз сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕндӕд,
фыдлӕгты къух ма фӕсурӕд мӕн.
13Кӕс, фӕкалдысты фыдгӕнджытӕ,
ахаудтой, ӕмӕ сын рабадыны амал нал ис!

36 Псалом

1Давиды псалом.
Ма бабӕлл фыдгӕнджытӕм,
ма хӕлӕг кӕн уагхалджытӕм.
2Уыдон рӕхджы кӕрдӕгау ӕрхуыссдзысты зӕххыл
ӕмӕ бампылдзысты зайӕгхалау.
3Дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл ӕмӕ у хӕрзгӕнӕг;
цӕр зӕххыл ӕмӕ у иузӕрдион.
4Агур удӕнцой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ дын сӕххӕст кӕндзӕни дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.
5Хуыцауы бар бакӕн дӕ фӕндаг,
ӕууӕнд Ыл, ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр сараздзӕни:
6Сӕуӕхсидау сӕрттивын кӕндзӕни дӕ ӕцӕгад,
боны рухсау – дӕ рӕстад.
7Ссар ӕнцой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йыл дӕ зӕрдӕ дар;
ма бахӕлӕг кӕн, бирӕ кӕмӕн ӕнтысы,
ахӕм хин адӕймагмӕ.
8Мауал мӕсты кӕн ӕмӕ фыдӕх ма хӕсс;
ма-иу стызмӕг у, кӕннод сараздзынӕ фыдбылыз.
9Уымӕн ӕмӕ фыдлӕгтӕ фӕцагъды уыдзысты,
Хуыцауыл ӕууӕндджытӕ та
уыдзысты зӕххӕн бындартӕ.
10Иучысыл ма, ӕмӕ фыдлӕгӕн
йӕ кой дӕр нал уыдзӕни;
акӕсдзынӕ сӕм ӕмӕ сӕ нал фендзынӕ.
11Зӕхх бауыдзӕн фӕлмас адӕмы
ӕмӕ бафсӕддзысты бирӕ фарнӕй.
12Фыдлӕг фыдвӕндтӕ нывӕнды
рӕстгӕнӕджы ныхмӕ,
цӕуы йӕм йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс.
13Хуыцау та йыл худы, уымӕн ӕмӕ уыны:
фыдлӕгӕн ӕрӕввахс йӕ кӕрон.
14Фыдлӕгтӕ сласынц цирхъ
ӕмӕ айвазынц се 'рдынбос,
ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыры ӕрфӕлдахынӕввонг,
цӕмӕй раст фӕндагыл цӕуджыты ӕрбамарой.
15Сӕ цирхъ ныссӕдздзӕни сӕхи зӕрдӕты,
се 'рдынтӕ асӕтдзысты.
16Рӕстыты гыццыл мулк
фыдлӕгты бирӕ бӕркадӕй хуыздӕр у.
17Уымӕн ӕмӕ фыдадӕмӕн сӕ хъару асӕтдзӕни,
рӕстытӕн та Дунедарӕг тых дӕтты.
18Сыгъдӕджыты цӕргӕбонтӕ
Хуыцауӕн зындгонд сты;
сӕ исбон уыдзӕни мыггагмӕ дӕр.
19Фыд рӕстӕджы нӕ фегад уыдзысты,
стонг заманы хъуаг нӕ баййафдзысты.
20Фыдлӕгтӕ та бабын уыдзысты,
Хуыцауы знӕгтӕ
уыгӕрдӕны сойджын кӕрдӕгау фесӕфдзысты –
фесӕфдзысты фӕздӕгау.
21Фыдлӕг райсы хӕс ӕмӕ йӕ нӕ бафиды;
рӕстгӕнӕг та рӕдауӕй дӕтты.
22Уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй арфӕгонд адӕм
уыдзысты зӕххы бындартӕ,
кӕй ралгъита, уыдон та фӕцагъды уыдзысты.
23Хуыцау кӕй фӕндагыл ауды,
уыцы адӕймаджы къахдзӕфтӕ
скӕны ӕнӕфӕцудгӕ.
24Куы фӕцуда, уӕд дӕр не 'рхаудзӕн,
уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау хӕцы йӕ къухыл.
25Ӕз уыдтӕн ӕвзонг, зӕронд дӕр бадӕн,
ӕмӕ нӕ федтон, рӕстгӕнӕджы Хуыцау ныууадза,
ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ уой къӕбӕргур.
26Рӕстгӕнӕг кӕддӕриддӕр рӕдау у, дӕтты ӕфстау,
ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр арфӕгонд уыдзысты.
27Аиуварс у фыдмийӕ, у хӕрзгӕнӕг
ӕмӕ цӕрдзынӕ мыггагмӕ.
28Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕстдзинад уарзы
ӕмӕ Йӕ сыгъдӕджыты нӕ ныууадзы,
хъахъхъӕны сӕ ӕнустӕм;
фыдлӕгты байзӕддӕгтӕ та цагъды фӕуыдзысты.
29Зӕхх бауыдзӕни рӕстыты,
ӕмӕ йыл цӕрдзысты мыггагмӕ.
30Рӕстгӕнӕджы дзыхӕй рацӕуы зондджын ныхас,
йе 'взагӕй – рӕстдзинад.
31Йӕ Хуыцауы ӕгъдау йӕ зӕрдӕйы ис;
раст фӕндагӕй нӕ фӕивгъуыйдзӕн.
32Фыдлӕг сусӕгӕй кӕсы рӕстгӕнӕджы фӕдыл,
хъавы йӕм марынмӕ.
33Фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ ратдзӕни
ӕмӕ йӕ тӕрхоны базылын кӕнын нӕ бауадздзӕни.
34Дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл,
цу Йӕ фӕндагыл, ӕмӕ дӕ сбӕрзонд кӕндзӕни;
зӕххӕн уыдзынӕ бындар
ӕмӕ фендзынӕ фыдлӕгты сӕфт.
35Федтон ӕз ӕгъатыр фыдлӕджы,
хихджын хӕдӕвзӕрд бӕласау
йӕхи дӕрдтыл айтындзгӕ.
36Фӕлӕ аивгъуыдта ӕмӕ нал ис,
агурын ӕй ӕмӕ йӕ нӕ арын.
37Кӕс ӕнаипп адӕймагмӕ
ӕмӕ дӕ цӕст дар рӕстгӕнӕгмӕ;
уымӕн ӕмӕ ахӕм фарнхӕссӕг адӕймагӕн
ис фидӕн.
38Тӕригъӕдджынтӕ та се 'ппӕт дӕр байсӕфдзысты –
фыдлӕгтӕн фидӕн нӕй.
39Рӕстытӕн Хуыцауӕй у сӕ ирвӕзт;
хъыг заман сын ӕмбӕхсӕн у.
40Дунедарӕг сын баххуыс кӕндзӕн
ӕмӕ сӕ бахиздзӕни;
бахиздзӕни сӕ фыдлӕгтӕй
ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн;
уымӕн ӕмӕ Уый у сӕ ныфс.

37 Псалом

1Давиды псалом.
Ӕрымысынӕн.
2Тызмӕгӕй мын ма бауайдзӕф кӕн, Хуыцау,
Дӕ карзӕй мӕ ма бафхӕр.
3Уымӕн ӕмӕ Дӕ фаттӕ ныссагъдысты мӕ буары;
Дӕ къух уӕз кӕны мӕныл.
4Ды мӕм смӕсты дӕ,
мӕ буарыл ӕгас бынат нал баззади;
ме стджытӕ риссынц мӕ тӕригъӕдтӕй.
5Мӕ азымтӕ мӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты,
уӕззау ӕргъомау сӕ хӕссын нал фӕразын.
6Ме 'нӕзонды тыххӕй
мӕ цӕфтӕ тӕф кӕнынц ӕмӕ схӕф сты.
7Ӕз ныггуыбыр дӕн ӕмӕ слӕмӕгъ дӕн бынтон,
мӕ бон ӕгасӕй дӕр арвитын ӕнкъардӕй.
8Артау судзынц ме уӕнгтӕ,
ӕгас бынат нал ис мӕ буары.
9Слӕмӕгъ дӕн ӕмӕ бынтон ӕрхаудтӕн;
дзыназын мӕ зӕрдӕйы рыстӕй.
10Мӕ Хуыцау, Дӕ разы сты ме 'ппӕт бӕллицтӕ,
Дӕуӕй сусӕг нӕу мӕ уынӕргъын.
11Мӕ зӕрдӕ ризы, мӕ хъару атади,
мӕ цӕсты рухс дӕр бамынӕг ис.
12Мӕ лымӕнтӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ
иуварс лидзынц мӕ низӕй,
мӕ хионтӕ лӕууынц дӕрддзӕф.
13Мӕн амарынмӕ чи агуры,
уыдон мын ӕвӕрынц къӕппӕг;
ме 'взӕрмӕ бӕлджытӕ дзурынц мӕн фесафыныл,
ӕрвылбон мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц.
14Ӕз та нӕ хъусын, къуырмайау, ӕмӕ
ӕнӕсым дӕн, гобийау.
15Ӕз фестадтӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы
ӕмӕ сын дзуапп раттын кӕй бон нӕу,
ахӕм адӕймагау.
16Уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Дунедарӕг;
Ды ӕнӕмӕнг дзуапп ратдзынӕ мӕнӕн,
мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау.
17Ӕмӕ ӕз кувын:
«Ма мыл ферайӕнт ме знӕгтӕ;
мӕ къах куы фӕцуды,
уӕд мӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕсӕнт».
18Уымӕн ӕмӕ ӕрхауыны ӕввонг дӕн,
мӕ рыст мӕ уӕгъд нӕ уадзы.
19Мӕ азымыл сӕттын,
фӕсмон кӕнын мӕ тӕригъӕдтыл.
20Мӕ фыдгултӕ та фидар кӕнынц сӕ царды;
сбирӕ сты, мӕнмӕ ӕнаххосӕй
чи сызнаг ис, уыдон.
21Мӕ хорз фидынц ӕвзӕрӕй;
хӕссынц мӕм фыдӕх,
хорз аразынмӕ кӕй тырнын, уый тыххӕй.
22Ма мӕ ныууадз, мӕ Армдарӕг,
мӕ Хуыцау, ма адард у мӕнӕй.
23Ӕрцу мӕм рӕвдздӕр ӕххуысмӕ,
мӕ Паддзах, мӕ ирвӕзынгӕнӕг!

38 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ; Едифумӕн.
Давиды псалом.
2Ӕз загътон:
«Мӕхи хиздзынӕн мӕ фӕндӕгтыл,
цӕмӕй ме 'взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон;
цалынмӕ фыдлӕг мӕ разы ис,
уӕдмӕ мӕ дзых дардзынӕн ӕмырӕй».
3Ӕз уыдтӕн ӕгомыг ӕмӕ ӕнӕсым,
нӕ дзырдтон, суанг, хорз цы у, ууыл дӕр,
ӕмӕ мӕ рыстыл бафтыди.
4Мӕ зӕрдӕ ссыгъди мӕ риуы,
мӕ хъуыдытӕй рацыди арт, ӕмӕ ӕз дзурын райдытон:
5«Раргом мын кӕн, Дунедарӕг,
кӕд уыдзӕни мӕ кӕрон,
цас мын ис цӕрӕнбонтӕ,
зӕгъ мын, мӕ цард куыд цыбыр у, уый.
6Мӕнӕ мын Дӕ лӕвӕрд бонтӕ сты уылынгау,
мӕ цардымгъуыд ницы у Дӕ разы.
Ӕцӕгӕй дӕр:
алы адӕймаджы цард дӕр у раулӕфтау. ||
7Бӕлвырд, адӕймаг цӕры аууонау;
дзӕгъӕлы у йӕ тухӕн, ӕмбырд кӕны
ӕмӕ кӕмӕн баззайдзысты, уый нӕ зоны.
8Ӕмӕ ныр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон, Хуыцау?
Мӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.
9Ме 'ппӕт фыдмитӕй мӕ ссӕрибар кӕн,
ӕнӕзонды къухтӕм мӕ хынджылӕгӕн ма ратт.
10Ӕз багомыг дӕн,
мӕ дзыхӕй ныхас нӕ хауы,
уымӕн ӕмӕ Ды скодтай афтӕ.
11Аиуварс кӕн мӕнӕй Дӕ цӕфтӕ,
Дӕ цонджы схуыстӕй сӕфын.
12Ды адӕймаджы йӕ рараст кӕнынӕн
куы ӕфхӕрай йӕ азымы тыххӕй,
уӕд ын ӕзгъӕлын кӕныс рӕмпӕг хӕрдау,
зынаргъ ӕм цы ис, уый.
Афтӕ, алы адӕймаджы цард дӕр мӕнг у.
13Фехъус, Хуыцау, мӕ кувын
ӕмӕ байхъус мӕ дзыназынмӕ,
ма у ӕнӕдзуапп мӕ кӕуынмӕ;
ме 'ппӕт фыдӕлтау Дӕм ӕз дӕр
бӕлццон ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг дӕн.
14Аздах мӕ Дӕ тызмӕг цӕстӕнгас,
цӕмӕй ма-иу бацин кӕнон,
цалынмӕ нӕ аивгъуыдтон,
ӕмӕ мӕ фӕд нӕ фесӕфти, уӕдмӕ».

39 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2Фидарӕй мӕ зӕрдӕ дардтон Хуыцауыл,
ӕмӕ мӕм Йе 'ргом раздӕхта,
фехъуыста мӕ дзыназын.
3Сласта мӕ талынг уӕрмӕй, арф цъыфдзастӕй,
къӕдзӕхыл мӕ сӕвӕрдта,
мӕ къахдзӕф мын скодта ӕнӕфӕцудгӕ;
4Мӕ зӕрдӕйы мын сӕвӕрдта ног зарӕг –
кады зарӕг нӕ Хуыцауӕн;
бирӕтӕ фендзысты, ӕмӕ сӕм фӕзындзӕни тас,
ныфс ӕвӕрдзысты Дунедарӕгӕй.
5Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
хъалтӕм ӕмӕ мӕнгдзинадмӕ здӕхджытӕм
ӕмхиц чи нӕу.
6Бирӕ диссӕгтӕ сарӕзтай Ды,
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
Нӕ хорзӕхӕн сты Дӕ фӕндтӕ –
чи уыдзӕн Дӕ хуызӕн!
Ӕз сӕ радзурин, фӕлӕ сын нымӕц нӕй.
7Нывондтӕ ӕмӕ Дын хуынтӕ фӕндон нӕ уыдысты,
фӕлӕ мын Ды байгом кодтай мӕ хъустӕ;
иууыл судзинаг ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй
нывондтӕ не 'рцагуырдтай.
8Уӕд загътон: «Мӕнӕ, фӕцӕуын;
сыгъдӕг чиныджы фыст ис мӕн тыххӕй.
9Мӕнӕн ӕхцон у Дӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын,
мӕ Хуыцау, Де 'гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».
10Стыр ӕмбырды ӕргом кодтон Дӕ рӕстад,
мӕ дзых нӕ дардтон ӕмырӕй –
Ды зоныс, Хуыцау.
11Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы;
Дӕ ӕнувыд ӕмӕ Дӕ ирвӕзындзинадыл
дзырдтон ӕргомӕй.
Стыр ӕмбырды нӕ басусӕг кодтон
Дӕ уарзт ӕмӕ Дӕ ӕцӕгад.
12Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн, Хуыцау;
Дӕ уарзт ӕмӕ Де 'цӕгад
иудадзыг хъахъхъӕнӕд мӕн.
13Уымӕн ӕмӕ мыл ӕртыхстысты
ӕнӕнымӕц бӕллӕхтӕ;
мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой,
ӕмӕ цӕстӕй дӕр нал уынын.
Мӕ сӕрыл цал ӕрдуйы ис, уымӕй фылдӕр сты;
мӕ зӕрдӕйы ныфс фесӕфти.
14Бацауд мыл ӕмӕ мӕ бахиз, Хуыцау;
рӕвдздӕр мын баххуыс кӕн, Дунедарӕг.
15Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт,
мӕн амарынмӕ чи хъавы, уыдон!
Ӕвзӕр мын кӕй зӕрдӕ зӕгъы,
уыдон лидзинаг фӕуӕнт ӕмӕ фегад уӕнт.
16Мӕнӕн чи зӕгъы: «Афтӕ, афтӕ!»,
уыдон сӕ фырхудинагӕй фӕсонт уӕнт.
17Дӕумӕ чи тырны,
уыдон райӕнт ӕмӕ цин кӕнӕнт;
Дӕ ирвӕзтӕн аргъ чи кӕны,
уыдон иудадзыг дзурӕнт: «Кадджын у, Хуыцау!»
18Ӕз та ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн,
фӕлӕ лӕууын Хуыцауы зӕрдыл.
Ды ме 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ сӕрибаргӕнӕг Дӕ,
мӕ Хуыцау, ма фӕстиат кӕн.

40 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2Тӕхудиаг у мӕгуырыл мӕтгӕнӕг;
йӕ тыхст бон ӕй Хуыцау фервӕзын кӕндзӕни.
3Дунедарӕг ӕй бахъахъхъӕндзӕн,
бахиздзӕн ын йӕ цард,
ӕмӕ тӕхудиаг уыдзӕни зӕххыл.
Ды йӕ нӕ ратдзынӕ знӕгты къухтӕм.
4Куы 'руатон уа, уӕд ын Хуыцау ратдзӕни хъару;
Ды йын йӕ рынчыны сынтӕг
раивдзынӕ ӕнӕниз цардӕй.
5Ӕз загътон: «Хуыцау, бацауд мыл,
сдзӕбӕх кӕн мӕ уды,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхмӕ сарӕзтон тӕригъӕд».
6Ме знӕгтӕ бӕллынц ме сӕфтмӕ
ӕмӕ дзурынц: «Кӕд амӕлдзӕни,
йӕ кой кӕд фесӕфдзӕни?»
7Бӕрӕг кӕнынмӕ мӕм чи ӕрбацӕуы,
уый мын цӕстмӕхъус ныхӕстӕ фӕкӕны;
йӕ зӕрдӕйы та ӕвӕры хахуыр
ӕмӕ куы рацӕуы ӕддӕмӕ, уӕд кӕны мӕ фыдгой.
8Йе сӕфт мӕ чи уыны,
уыдон сусу-бусу кӕнынц мӕн тыххӕй,
фыдӕх мын зӕгъы сӕ зӕрдӕ:
9«Рын ӕй баййӕфта, фӕсӕйгӕ ӕмӕ нал сыстдзӕни».
10Мемӕ хӕлар цы адӕймаг уыди,
мӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтон,
мемӕ кӕрдзын чи хордта,
уый дӕр мӕм йӕ къух систа.
11Ды та мын батӕригъӕд кӕн,
Хуыцау, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕн,
ӕмӕ сын ӕз аккаг фӕуыдзынӕн.
12Ме знӕгтӕ мыл куы нӕ ферайой,
уӕд базондзынӕн ӕз,
Ды мӕныл кӕй аудыс, уый.
13Мӕн та Ды хъахъхъӕныс ӕнаиппӕй,
ӕмӕ мыггагмӕ уыдзынӕн Демӕ.
14Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг,
Израилы Хуыцау, мыггагӕй-мыггагмӕ!
Амен! Амен!

41 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты зондамонӕн псалом.
2Саг суадонмӕ куыд фӕтырны,
афтӕ мӕ уд Дӕумӕ тырны, мӕ Хуыцау!
3Мӕ уд дойны кӕны Хуыцаумӕ,
цардӕгас Хуыцаумӕ.
Кӕд бацӕудзынӕн ӕмӕ кӕд балӕудзынӕн
Хуыцауы цӕсгомы раз?
4Ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ цӕссыгтӕ
мӕнӕн уыдысты дзулау,
ӕрвылбон мын куы дзырдтой:
«Уӕдӕ кӕм ис дӕ Хуыцау?»
5Ӕз уый куы ӕрымысын, уӕд мӕ зӕрдӕ фӕкӕуы;
уымӕн ӕмӕ-иу ӕз,
цинӕй заргӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы стаугӕйӕ,
цыдтӕн бӕрӕгбонхуыз дзыллӕйы разӕй
Хуыцауы Хӕдзармӕ.
6Цӕмӕн ӕрхӕндӕг дӕ, мӕ уд,
цӕмӕн кӕныс мӕт?
Ныфсджын у Хуыцауӕй;
уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕз ноджы стаудзынӕн,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы.
7Мӕ уд мӕ риуы нырхӕндӕг,
ӕмӕ Иорданы зӕххыл, Ермоныл,
Цоары хохыл фӕмысын Дӕу.
8Фурд сиды фурдмӕ Де 'хсӕрдзӕнты хъӕлӕсӕй;
Дӕ дӕттӕ ӕмӕ Дӕ уылӕнтӕ
ӕгасӕй дӕр ацыдысты мӕ сӕрты.
9Фӕлӕ мӕм бонӕй Дунедарӕг равдисы Йӕ уарзт,
Ууыл у ӕхсӕвы мӕ зарӕг,
фӕкувын мӕ царддӕттӕг Хуыцаумӕ.
10Зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ къӕдзӕхӕн:
«Цӕмӕн мӕ ферох кодтай?
Ме знаджы ӕфхӕрдӕй
кӕугӕйӕ цӕмӕн цӕрын?»
11Ме стджытӕ бынтон ӕрызгъӕлдысты,
мӕстӕй мӕ марынц мӕ фыдгултӕ
ӕмӕ мын ӕрвылбон дзурынц:
«Уӕдӕ кӕм ис дӕ Хуыцау?»
12Цӕмӕн ӕрхӕндӕг дӕ, мӕ уд,
цӕмӕн кӕныс мӕт?
Ныфсджын у Хуыцауӕй;
уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕз ноджы стаудзынӕн,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы.

42 Псалом

1Дӕ тӕрхон рахӕсс, Хуыцау, ӕмӕ сраст кӕн мӕн,
ӕвзӕр адӕмы ныхмӕ тохы рахӕц мӕ сӕрыл;
хин ӕмӕ ӕнӕраст адӕймагӕй баиргъӕв мӕн.
2Уымӕн ӕмӕ Ды мӕ хъахъхъӕнӕг Хуыцау дӕ;
цӕмӕн мыл атигъ кодтай Дӕхи?
Ме знаджы ӕфхӕрдӕй кӕугӕйӕ цӕмӕн цӕрын?
3Рарвит мын Дӕ рухс ӕмӕ Де 'ӕцӕгад;
уыдон мын уӕнт фӕндагамонӕг,
ӕркӕнӕнт мӕ Дӕ сыгъдӕг хохмӕ
ӕмӕ Дӕ Кувӕндонмӕ.
4Бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ,
Хуыцаумӕ – мӕ цины суадонмӕ,
ӕмӕ Дӕ кадджын кӕндзынӕн хъисфӕндыртыл,
Хуыцау, мӕ Хуыцау!
5Цӕмӕн ӕрхӕндӕг дӕ, мӕ уд,
цӕмӕн кӕныс мӕт?
Ныфсджын у Хуыцауӕй;
уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕз ноджы стаудзынӕн,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы.

43 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты зондамонӕн псалом.
2О Хуыцау, нӕхи хъустӕй фехъуыстам,
ӕмӕ нын нӕ фыдӕлтӕ дзырдтой,
сӕ заманы, рагзаманы
Ды цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уыдоны тыххӕй.
3Дӕхи къухӕй фӕсырдтай иннӕ адӕмты,
уыдоны та дзы ӕрцӕрын кодтай;
басастай адӕмыхӕттыты ӕмӕ сӕ фӕтардтай.
4Афтӕмӕй нӕ рагфыдӕлтӕ
зӕхх сӕ цирхъӕй нӕ байстой,
уӕлахиз сын сӕхи къух не 'рхаста,
фӕлӕ Дӕ рахиз цонг,
Дӕ къух ӕмӕ Дӕ цӕсгомы рухс;
уымӕн ӕмӕ сыл Ды аудыдтай.
5Ды мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах дӕ!
Ды дӕттыс Иаковӕн уӕлахиз.
6Дӕуимӕ басӕтдзыстӕм не знӕгты;
къӕхтӕй ныссӕнддзыстӕм нӕ ныхмӕлӕуджыты.
7Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ нӕ дарын ме 'рдыныл,
мӕ цирхъ дӕр мӕ нӕ бахиздзӕни.
8Фӕлӕ-иу нӕ Ды баиргъӕвтай не знӕгтӕй,
махӕй йе сӕфт чи уыны,
уыдоны-иу ӕртардтай ӕгадмӕ.
9Хуыцауӕй уыди не 'ппӕлд алы бон дӕр,
ӕмӕ стаудзыстӕм мыггагмӕ Дӕ ном. ||
10Фӕлӕ ныл абон атигъ кодтай Дӕхи,
ныууагътай нӕ ӕгады бынаты,
нӕ рацӕуыс не 'фсадимӕ.
11Не знӕгтӕй нӕ лидзӕг фӕкодтай,
махӕй йе сӕфт чи уыны, уыдон нӕ стигъынц.
12Фыстау нӕ радтай ӕргӕвдынмӕ,
ныппырх нӕ кодтай иннӕ адӕмтыл.
13Ӕгӕр аслам радтай Дӕ адӕмы –
ӕфтиаг дзы нӕ райстай.
14Ды нӕ фидиссаг фӕкодтай нӕ сыхӕгтӕн,
нӕ алыварс чи цӕры,
уыдон нӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ ныл худынц.
15Адӕмтӕ мах ӕрхӕссынц ӕмбисондӕн,
сӕ сӕртӕ ныл тилынц иннӕ адӕмтӕ.
16Ӕгад кӕй дӕн, уый уынын алы бон дӕр,
мӕ цӕсгом судзы худинагӕй
17Фидисгӕнӕджы ӕмӕ ӕфхӕрӕджы ныхӕстӕй,
фыдгулы ӕмӕ мастисӕджы цӕстӕнгасӕй.
18Ӕппӕт уыдӕттӕ баййӕфтой нӕ сӕртӕ;
фӕлӕ Дӕ уӕддӕр мах нӕ ферох кодтам
ӕмӕ Дӕ фидыд нӕ фехӕлдтам.
19Нӕ зӕрдӕ Дыл не сивтам,
нӕ адзӕгъӕл стӕм Дӕ фӕндагӕй.
20Ды та нӕ ныссӕстай
хъӕддаг куыйты бӕстӕйы
ӕмӕ нӕ бамбӕрзтай мӕлӕты аууонӕй.
21Мах нӕ Хуыцауы ном куы ферох кодтаиккам,
нӕ къухтӕ куы сдардтаиккам ӕндӕр хуыцаумӕ,
22Уӕд нӕ Хуыцау нӕ федтаид, ӕви?
Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы ӕмбӕхст цы ис,
уыдӕттӕ Хуыцау зоны.
23Фӕлӕ нӕ Дӕ номы тыххӕй марынц ӕрвылбон,
нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл.
24Ракӕс, Дунедарӕг, цӕмӕн фынӕй кӕныс!
Райхъал у, Дӕ къух ныл ма сис бынтондӕр.
25Дӕ цӕсгом нӕ цӕмӕн ӕмбӕхсыс?
Цӕмӕн Дӕ ферох сты нӕ удхар ӕмӕ не 'фхӕрд?
26Рыгӕй уӕлдай нал стӕм, зӕххӕмвӕз систӕм.
27Рацу нӕм ӕххуысмӕ,
ссӕрибар нӕ кӕн Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ!

44 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
«Хъоппӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Корейы фыртты зондамонӕн,
уарзондзинады зарӕг.
2Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ.
Мӕ зарӕг – паддзахыл,
ме 'взаг – азфыссӕджы тагъд сис.
3Ды дӕ ӕппӕт адӕмы фырттӕй хуыздӕр;
хорзӕх рацыди дӕ дзыхӕй, –
афтӕ дыл Хуыцау Йӕ арфӕ бафтыдта мыггагмӕ.
4Дӕхи сифтонг кӕн, тыхджын,
дӕ цирхъӕй, дӕ цыт ӕмӕ де стырадӕй.
5Рацу де стырады уӕлбӕхӕй,
у уӕлахиз – ӕцӕгад, фӕлмас
ӕмӕ рӕстады сӕраппонд;
дӕ рахиз цонг саразӕд диссаджы хъуыддӕгтӕ.
6Цыргъ сты дӕ фаттӕ –
уыдон ахиздзысты паддзахы знӕгты зӕрдӕты;
адӕмтӕ фӕуыдзысты дӕ къӕхты бын.
7Дӕ Паддзахы бадӕн уыдзӕни мыггагмӕ, Хуыцау;
Дӕ паддзахы лӕдзӕг – рӕстдзинады лӕдзӕг.
8Ды бауарзтай рӕстдзинад,
ӕнӕуынон дын у фыдми.
Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау, дӕ Хуыцау, сӕвзӕрста дӕу
ӕмӕ дӕ сӕвӕрдта иннӕтӕй уӕлдӕр.
9Дӕ дарӕстӕ ӕгасӕй дӕр кӕнынц мирройы,
алойы ӕмӕ касийы[10]тӕф.
Пылыстӕгӕй конд галуанӕй
дӕу рӕвдауынц фӕндыры зӕлтӕ.
10Паддзӕхты чызджытӕ – дӕ кадджын уазджытимӕ;
ус-паддзах офираг сызгъӕрины фӕлыстӕй
ӕрлӕууыди дӕ рахиз фарс.
11Байхъус, мӕ чызг, кӕс ӕмӕ айс дӕ зӕрдӕмӕ:
ферох кӕн дӕ адӕмы ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар,
12Ӕмӕ паддзахы зӕрдӕ
бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ;
уымӕн ӕмӕ уый дӕ бардарӕг у, ӕмӕ йӕ нымай.
13Тиры чызг ӕд лӕвӕрттӕ
ӕмӕ адӕмты хъӕздыгдӕртӕ
ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты дӕ хорз цӕстӕнгасмӕ.
14Паддзахы чызгӕн йӕ намыс йӕ уды фидауцы ис;
йӕ дарӕс – сызгъӕрин ӕндӕхтӕй уафт.
15Аив нывӕфтыд дарӕсы йӕ фӕхонынц паддзахмӕ;
йӕ фӕдыл дын фӕцӕуынц йӕ чызгӕмбӕлттӕ.
16Фӕхонынц сӕ цингӕнгӕ ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй,
фӕхизынц паддзахы галуанмӕ.
17Дӕ фырттӕ раивдзысты сӕ фыдӕлты;
ды се 'ппӕт зӕххыл
сӕвӕрдзынӕ кадджын хицӕуттӕй.
18Дӕ ном дын скӕндзынӕн
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ мысинаг,
ӕмӕ дын адӕмтӕ кад кӕндзысты мыггагмӕ.

45 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты зарӕг.
«Аламоф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
2Хуыцау нын армдарӕг ӕмӕ тых,
афоныл ӕххуысгӕнӕг нӕ бӕллӕхты.
3Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм,
зӕхх куы базмӕлид,
хӕхтӕ денджызты хуыдымтӕм куы ныххауиккой,
4Дӕтты уылӕнтӕ куы сабухой,
ӕмӕ сӕ уынӕрӕй хӕхтӕ куы нынкъуысой, уӕд дӕр. ||
5Донуайӕнтӕй райы Хуыцауы сахар –
Бӕрзондбадӕджы сыгъдӕг цӕрӕнбынат.
6Хуыцау уым ис, ӕмӕ сахар нӕ фӕцуддзӕн;
Хуыцау ын баххуыс кӕндзӕни сӕумӕйӕ.
7Скатай сты адӕмтӕ, базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ:
райхъуысти Дунедарӕджы хъӕлӕс,
ӕмӕ бадон ис зӕхх.
8Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау немӕ ис,
Иаковы Хуыцау нӕ мӕсыг у. ||
9Ӕрцӕут ӕмӕ фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ –
зӕххыл цы дисӕфтауӕг митӕ бакодта, уый.
10Зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ,
ацъӕл кодта ӕрдын ӕмӕ асаста арц,
хӕстон уӕрдӕттӕ басыгъта арты.
11Уый зӕгъы: «Ныссабыр ут ӕмӕ базонут,
Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Мӕ кад бӕрзонд уыдзӕни адӕмты 'хсӕн,
бӕрзонд уыдзӕни зӕххыл».
12Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау немӕ ис,
Иаковы Хуыцау нӕ мӕсыг у.

46 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты псалом.
2Ӕмдзӕгъд кӕнут, ӕппӕт адӕмтӕ;
хъӕлӕсыдзагӕй цингӕнгӕ стаут Хуыцауы.
3Куыд тасӕфтауӕг у Бӕрзонд Хуыцау –
ӕппӕт зӕххыл стыр Паддзах!
4Уый нын басаста адӕмты,
адӕмыхӕттыты фӕкодта нӕ къӕхты бын;
5Сӕвзӕрста нын фыдӕй-фыртмӕйы бынтӕ –
Йӕ уарзон Иаков буц кӕмӕй уыд, уыцы бынтӕ. ||
6Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди Йӕ бадӕнмӕ,
ссыди уадындзы зӕлтимӕ Дунедарӕг.
7Зарут Хуыцауӕн, зарут;
зарут нӕ Паддзахӕн, зарут.
8Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт зӕххы Паддзах у;
зарут Ын кады зарӕг.
9Хуыцау паддзахиуӕг кӕны адӕмтӕн;
Хуыцау ӕрбадти Йӕ сыгъдӕг бадӕны.
10Иннӕ адӕмты номдзыдтӕ
ӕрӕмбырд сты Авраамы Хуыцауы адӕммӕ,
уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ[11]Хуыцауы сты.
Бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад!

47 Псалом

1Зарӕг.
Корейы фыртты псалом.
2Стыр у Дунедарӕг, бӕрзонд у Йӕ кад
нӕ Хуыцауы сахары, Йӕ сыгъдӕг хохыл.
3Сионы хох алӕмӕты уӕлвӕз у –
ӕппӕт зӕххы цин,
йӕ цӕгат хайы – цытджын Паддзахы сахар.
4Йӕ галуанты Хуыцауы зонынц сӕрылхӕцӕгӕй:
5Мӕнӕ адӕмты паддзӕхтӕ
хӕстӕввонгӕй куы бамбырд сты
ӕмӕ йӕм иумӕ куы бацыдысты,
6Уӕд акастысты, дисы бафтыдысты,
хорзау нал фесты ӕмӕ фӕлыгъдысты.
7Уым сӕ тас бацыди,
арӕг сылгоймагау хъизӕмары бафтыдысты.
8Скӕсӕйнаг дымгӕйӕ сын
ныссастай сӕ фарсисӕг наутӕ.
9Цы фехъуыстам, уый нӕхи цӕстӕй федтам
Уӕлахизгӕнӕг Хуыцауы сахары,
нӕ Хуыцауы сахары.
Дунедарӕг ӕй бахиздзӕни мыггагмӕ. ||
10Нӕ Хуыцау, Дӕ Кувӕндоны
нӕ хъуыдытӕ Дӕ уарзондзинадыл уыдысты.
11Дӕ номау, Хуыцау, Дӕ кад дӕр
зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ у;
Дӕ рахиз къух рӕстдзинадӕй дзаг у.
12Райӕд Сионы хох,
Иудӕйы чызджытӕ[12]цин кӕнӕнт Дӕ тӕрхонтыл.
13Ацӕут Сионмӕ, ӕрзилут йӕ алыварс
ӕмӕ йын банымайут йӕ мӕсгуытӕ.
14Лӕмбынӕг ын акӕсут йӕ фидӕрттӕм,
фенут ын йӕ галуантӕ, фенут,
цӕмӕй фидӕны фӕлтӕрӕн
уыдоны тыххӕй радзурат.
15Уымӕн ӕмӕ Уый Хуыцау у,
нӕ Хуыцау мыггагмӕ;
ӕнустӕм Уый уыдзӕни нӕ фӕтӕг.

48 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты псалом.
2Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ,
уӕ хъус ӕрдарут, дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ –
3Хуымӕтӕгтӕ ӕмӕ номдзыдтӕ,
бонджынтӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ:
4Мӕ дзыхӕй рацӕудзӕн уӕлзонд ныхӕстӕ,
мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ хӕсдзысты ӕмбарынад.
5Мӕ зӕрдӕ сараздзынӕн фӕсномыг ныхасмӕ,
хъисфӕндырыл райхалдзынӕн мӕ райхалинаг.
6Цӕмӕн хъуамӕ тӕрсон
уӕззау бон мыл куы скӕна,
ме 'фхӕрджыты фыдӕх мыл куы ӕртыхса, уӕд?
7Уыдон сты хъаруйӕ ныфсджын
ӕмӕ бирӕ мулкӕй хъал!
8Фӕлӕ адӕймаг ницы амалӕй балхӕндзӕн
мӕлӕтӕй йӕ уды
ӕмӕ Хуыцауӕн нӕ бафиддзӕн уый аргъ:
9Стыр у уд балхӕныны аргъ –
мыггагмӕ дӕр уый нӕ уыдзӕн,
10Ӕмӕ исчи ӕнустӕм цӕра ӕмӕ мӕлӕт ма фена.
11Алчидӕр уыны: зондджынтӕ мӕлынц
ӕнӕзондтимӕ иумӕ,
амӕлынц ӕнӕфсистӕ дӕр
ӕмӕ сӕ мулк ныууадзынц ӕндӕрӕн.
12Уыдон ӕнхъӕл сты,
ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ мыггагмӕ сты,
цӕрдзысты дзы фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ;
суанг сӕ зӕххытӕн дӕр радтой сӕхи нӕмттӕ.
13Фӕлӕ бонджын дӕр бирӕ нӕ ахӕсдзӕн –
фос куыд амӕлынц, уый дӕр афтӕ амӕлдзӕн.
14Ахӕм у ӕнӕзондты хъысмӕт,
ӕмӕ ма сӕ фӕндагыл цӕуын чи уарзы,
уыдонӕн дӕр сӕ кӕрон. ||
15Фыстау сӕ ныппардзысты дӕлдзӕхмӕ,
мӕлӕт сын уыдзӕни фыййау;
уайтагъд бамбийдзысты,
дӕлдзӕх суыдзӕни сӕ цӕрӕн хӕдзар;
рӕстытӕ сыл фӕуӕлахиз уыдзысты.
16Мӕн та Хуыцау фервӕзын кӕндзӕни
дӕлдзӕхы ӕлдарадӕй,
куы мӕ акӕна Йӕхимӕ, уӕд. ||
17Ма фӕдызӕрдыг у,
исчи хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр куы кӕна,
йӕ хӕдзары кадыл куы ӕфта, уӕд;
18Уымӕн ӕмӕ куы амӕла,
уӕд йемӕ ницы ахӕсдзӕни,
йӕ кад йӕ фӕдыл нӕ ныххиздзӕн,
19Кӕд удӕгасӕй йӕ мӕт хи барӕвдауыныл уыди,
ӕмӕ дӕуӕй дӕр ӕппӕлдзысты,
дӕхицӕн амал кӕй зыдтай, уый тыххӕй,
20Уӕддӕр аивгъуыйдзӕни,
рухс чи нал фендзӕн, йӕ уыцы фыдӕлтӕм.
21Бонджын чи у, фӕлӕ зонынад кӕмӕ нӕй,
уый дӕр амӕлы, фос куыд амӕлынц, афтӕ.

49 Псалом

1Асафы псалом.
Хуыцӕутты Хуыцау,
Дунедарӕг, райдыдта Йӕ ныхас
ӕмӕ сиды зӕхмӕ – скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ.
2Ӕмбисонды рӕсугъд Сионӕй
тӕмӕнтӕ калы Хуыцау.
3Ӕрцӕуы нӕ Хуыцау, фӕлӕ нӕ уыдзӕн ӕнӕсым:
Йӕ разӕй – бынгӕнӕг арт,
Йӕ алфамбылай – тыхджын уад.
4Сиды уӕлейӕ арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ,
цӕмӕй Йӕ адӕмӕн рахӕсса тӕрхон:
5«Ӕрӕмбырд Мӕм кӕнут Мӕ сыгъдӕджыты,
нывонд ӕрхӕсгӕйӕ Мемӕ фидыд чи сарӕзта».
6Ӕмӕ уӕлӕрвтӕ расиддзысты Йӕ рӕстад;
уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг у. ||
7«Байхъусут, Мӕ адӕм,
Ӕз уын зӕгъон Мӕ ныхас;
Израил, Ӕз ӕвдисӕн лӕудзынӕн дӕ ныхмӕ!
Хуыцау дӕн Ӕз, дӕ Хуыцау дӕн.
8Ӕз дын дӕ нывӕндты тыххӕй нӕ уайдзӕф кӕнын;
дӕ иууылсудзинаг нывондтӕ ӕдзух Мӕ разы сты.
9Нӕ бакомдзынӕн дӕ хӕдзарӕй род,
нӕдӕр сӕгътӕ дӕ фосдарӕнтӕй.
10Уымӕн ӕмӕ алы хъӕддаг сырд дӕр Мӕн у,
фос мингай хӕхтыл Мӕн сты.
11Зонын алы маргъ дӕр хӕхтыл,
цӕрӕгойтӕ быдыры – Мӕн сты.
12Ӕз куы сыстонг уаин, уӕд дын ӕй нӕ зӕгъин,
уымӕн ӕмӕ ӕгас дун-дуне,
стӕй дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон Мӕн сты.
13Ӕз, мыййаг, галы фыд хӕрын
кӕнӕ сӕгъы туг нуазын?
14Ӕрхӕсс Хуыцауӕн дӕ бузныджы нывонд,
Бӕрзондбадӕгӕн цы дзырд радтай,
уый сӕххӕст кӕн.
15Ӕмӕ дӕ зыны бон ӕрцагур Мӕн;
Ӕз дӕ бахиздзынӕн,
ӕмӕ ды скадджын кӕндзынӕ Мӕн».
16Фыдлӕгӕн та Хуыцау зӕгъы:
«Цы амоныс Мӕ уагӕвӕрдтӕ
ӕмӕ цы дзурыс Мӕ фӕдзӕхстытыл,
17Дӕхӕдӕг та Мӕ ӕгъдауӕй де сӕфт куы уыныс,
Мӕ ныхӕстӕ та иуварс куы аппарыс, уӕд?
18Давӕджы куы феныс,
уӕд сӕмдзӕхдон вӕййыс йемӕ,
хӕтаг адӕмӕн хӕлар дӕ.
19Дӕ дзыхӕй цӕуы фыдгой,
де 'взаг уафы мӕнгдзинад.
20Иудадзыг дамтӕ мысыс де 'фсымӕрыл,
хахуыр кӕныс дӕ мадызӕнӕгыл.
21Ды кодтай уыдӕттӕ, ӕмӕ Ӕз ницы дзырдтон;
ӕмӕ афтӕ банхъӕлдтай,
цыма Ӕз дӕр дӕ хуызӕн дӕн.
Базылын дӕ кӕндзынӕн,
дӕ азымтӕ дын ӕрӕвӕрдзынӕн дӕ разы.
22Сымах, Хуыцауы рохгӕнджытӕ, бамбарут уый,
науӕд уӕ скуынӕг кӕндзынӕн,
ӕмӕ уын иргъӕвӕг нӕ разындзӕн.
23Мӕнӕн бузныджы нывонд чи ӕрхӕссы,
уый Мӕ нымайы,
ӕмӕ раст фӕндагыл чи цӕуы,
уымӕн Ӕз фенын кӕндзынӕн,
Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уый».

50 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом,
2Вирсавиимӕ фӕрӕдийыны фӕстӕ
Давидмӕ пехуымпар Нафан куы ӕрцыди,
уый фӕдыл.
3Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
Дӕ бирӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ;
Де стыр уарзтмӕ гӕсгӕ
мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ фыдмитӕй.
4Бынтондӕр мын ӕрӕхс мӕ азым,
ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй.
5Уымӕн ӕмӕ ӕз сӕттын мӕ фыдмитыл,
мӕ тӕригъӕд ӕдзух мӕ разы ис.
6Дӕ ныхмӕ, иунӕг Дӕ ныхмӕ ӕруагътон тӕригъӕд,
фыдми Дӕ разы бакодтон,
ӕмӕ Дӕ уынаффӕ раст у, Дӕ тӕрхон – ӕнӕхӕрам.
7Ӕз тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕн,
тӕригъӕдджынӕй сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны.
8Бӕлвырд, Дӕуӕн ӕхцон у ӕргом зӕрдӕ;
мӕ миддунейы мын рухс кӕныс Дӕ уӕлзондӕй.
9Иссопӕй[13]мыл бапырх кӕн,
ӕмӕ уыдзынӕн сыгъдӕг;
цӕхс мӕ, ӕмӕ уыдзынӕн митӕй урсдӕр.
10Ратт мын хъӕлдзӕг ӕмӕ цины зӕрдӕйыуаг,
ӕмӕ райдзысты ме стджытӕ, Ды кӕй ныссастай.
11Аздах Дӕ цӕсгом мӕ тӕригъӕдтӕй,
слӕгъз мын кӕн ме 'ппӕт азымтӕ.
12Сараз мын, Хуыцау, сыгъдӕг зӕрдӕ,
раст уд сног кӕн мӕ мидӕг.
13Ма мӕ фӕсур Дӕхицӕй,
Дӕ Сыгъдӕг Уд ма байс мӕнӕй.
14Раздах мын Дӕ ирвӕзты цин,
Дӕ рӕвдауӕг Удӕй мӕ сфидар кӕн.
15Галиу адӕмӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ,
тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты Дӕумӕ.
16Туджы азымӕй мӕ суӕгъд кӕн, Хуыцау,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
ӕмӕ цингӕнгӕ зардзынӕн Дӕ рӕстадыл.
17О мӕ Хицау Хуыцау, байгом кӕн мӕ дзых,
ӕмӕ стаудзынӕн Дӕу.
18Уымӕн ӕмӕ нывонд бӕллиццаг нӕу Дӕуӕн,
науӕд Дын ӕй ӕрхӕссин;
иууылсудзинаг дӕр нӕу ӕхцон Дӕуӕн.
19Саст зӕрдӕ – уый у аккаг нывонд Хуыцауӕн;
саст зӕрдӕ ӕмӕ фӕсмонгӕнӕгыл
Дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ, Хуыцау.
20Дӕ хорз зӕрдӕйӕ фарн ӕруадз Сионыл;
ногӕй самай Иерусалимы култӕ.
21Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывондтӕ,
судзинаг ӕмӕ иууылсудзинаг нывондтӕ;
уӕд Дӕ нывондхӕссӕныл
ӕрӕвӕрдзысты стыр кусӕрттӕ.

51 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды зондамонӕн псалом,
2Идумейаг Доик Саулмӕ куы ӕрцыди
ӕмӕ йын куы загъта,
Давид Ахимелехы хӕдзары ис, зӕгъгӕ,
уый фӕдыл.
3Цы ӕппӕлыс дӕ фыдмитӕй, тыхджын?
Хуыцауы хорзӕх иудадзыг мемӕ ис.
4Иннӕйы фесафыныл архайы де 'взаг:
цыргъ сӕрдасӕнау налат у.
5Хӕрзӕбонӕй фыдбылыз фылдӕр уарзыс,
раст дзурынӕй та – мӕнг. ||
6Алы бынгӕнӕг ныхас уарзыс ды, фӕлитой ӕвзаг!
7Уый тыххӕй дӕ Хуыцау
ӕркӕндзӕн ӕнусон раууатмӕ;
фелвасдзӕни дӕ, дӕ цатырӕй дӕ фехсдзӕни дард;
ӕд уидӕгтӕ дӕ срӕдувдзӕн царды зӕххӕй. ||
8Уый фендзысты рӕстгӕнджытӕ,
тас сӕ бацӕудзӕн, стӕй йыл фӕхуддзысты:
9«Кӕсут-ма, ацы адӕймагӕн
йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди,
фӕлӕ йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл,
хъӕбатыр уыд йӕ ӕвзӕр митӕй».
10Ӕз та Хуыцауы хӕдзары
цъӕхдарӕг зетибӕласау дӕн
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр Хуыцауы хорзӕхыл
дардзынӕн мӕ зӕрдӕ.
11Хуыцау, Ды цытӕ сарӕзтай,
уый тыххӕй Дӕ стаудзынӕн мыггагмӕ;
мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл,
уымӕн ӕмӕ уый фарнӕй дзаг у.
Стаудзынӕн Дӕу Дӕ сыгъдӕджыты раз.

52 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
уадынгарзыл.
Давиды зондамонӕн псалом.
2Ӕнӕзонд загъта хинымӕр: «Хуыцау нӕй».
Уыдон фехӕлдысты,
бафтыдысты ӕбуалгъ тӕригъӕдты;
нӕй хӕрзгӕнӕг, иу дӕр нӕй.
3Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕркаст адӕммӕ:
Хуыцауы чи агуры, ахӕм ӕмбаргӕ нӕй? Иу дӕр нӕй?
4Се 'ппӕт дӕр аздӕхтысты, ӕрцыдысты сӕфтмӕ;
хӕрзгӕнӕг дзы нӕй, иу дӕр нӕй.
5Мӕ адӕмы чи хӕры,
дзулау ӕй чи хӕры ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры,
уыцы фыдгӕнджытӕ
сӕхи никуы ӕрӕмбардзысты?
6Тӕссаг кӕм нӕу,
уым сыл ӕртыхсдзӕн ӕвирхъау тас,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау ныффӕйлаудзӕн
дӕ ныхмӕ тохгӕнджыты стджытӕ.
Ды сӕ фегад кӕндзынӕ,
уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау Йӕхи атигъ кодта.
7Ӕнӕмӕнг, Израилӕн сӕрибар Сионӕй ӕрцӕудзӕн!
Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы ракӕна,
уӕд райдзӕн Иаков, ӕмӕ цин кӕндзӕн Израил.

53 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды зондамонӕн псалом,
2Зифӕгтӕ Саулмӕ куы ӕрцыдысты
ӕмӕ йын куы загътой,
Давид махмӕ ӕмбӕхсы, зӕгъгӕ,
уый фӕдыл.
3О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ номы руаджы,
равзар мӕ хъаст Дӕ хъаруйы фӕрцы.
4Фехъус мӕ куывд, Хуыцау,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕм.
5Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,
ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ;
уыдон Хуыцауы ницӕмӕ дарынц. ||
6Ӕрмӕст мын Хуыцау у ахъазгӕнӕг,
мӕ Хицау у мӕ удылхӕцӕг.
7Уадз ме знӕгтӕн сӕ фыдӕх ӕрцӕуӕд сӕ сӕрыл;
фесаф сӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасӕн хицау дӕ.
8Ӕз Дын зӕрдиагӕй ӕрхӕсдзынӕн нывонд;
стаудзынӕн Дӕ ном, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ уый ӕхцон у мӕнӕн.
9Ды мӕ фервӕзын кодтай ме 'ппӕт бӕллӕхтӕй,
ӕмӕ ме знӕгтӕм кӕсдзынӕн дзагцӕстӕй.

54 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды зондамонӕн псалом.
2Фехъус, Хуыцау, мӕ куывд,
мӕ куырдиатыл ма атигъ кӕн Дӕхи.
3Ӕркӕс ӕмӕ мын дзуапп ратт;
ӕнцой мын нӕ дӕттынц мӕ мӕстытӕ,
мӕ ныфс мын сӕтты
4Знаджы хъӕлӕс, фыдлӕг мӕ кӕй ссӕнды, уый;
уыдон мыл кӕнынц фыдаудӕн,
ӕгъатырӕй лӕбурынц мӕнмӕ.
5Мӕ зӕрдӕ мӕ риуы ӕнкъуысы,
мӕлӕты азар мӕм ӕрбахӕстӕг ис.
6Тас мӕ бацыди ӕмӕ ризын,
ӕвирхъау адзал мӕ ӕрбалвӕста ӕмӕ уигъы мӕн.
7Ӕмӕ загътон: «Чи мын раттид бӕлоны базыртӕ,
ӕз атӕхин ӕмӕ ӕрӕнцаин.
8Фӕцӕуин дард ӕмӕ ӕрулӕфин ӕдзӕрӕг ран. ||
9Ӕвӕстиатӕй фӕлидзин тыхдымгӕ ӕмӕ уадӕй».
10Ӕруадз сыл Дӕ фыдӕх, Дунедарӕг,
сӕ ныхас кӕрӕдзийыл куыд нал бада;
уымӕн ӕмӕ тыхми ӕмӕ быцӕу уынын сахары.
11Ӕхсӕвӕй-бонӕй сисы сӕртыл
зилынц сахары алыварс;
уым ис фыдӕх ӕмӕ удхар.
12Сахар цӕуы сӕфтмӕ;
йӕ уынгты ӕрцардысты сайын ӕмӕ хин.
13Знаг нӕ кӕны мӕ фыдгой –
ӕз ын бафӕразин;
мӕ фыдгул нӕ сыстади мӕ ныхмӕ –
ӕз дзы бамбӕхсин,
14Фӕлӕ уый ды дӕ, мӕ рахиз цонг чи уыди,
мӕ уыцы ӕмбал ӕмӕ уарзон хӕлар –
15Иумӕ-иу кодтам зӕрдӕбын ныхас,
Хуыцауы Хӕдзармӕ цыдыстӕм дзыллӕимӕ.
16Мӕлӕты хай фӕуӕнт,
удӕгасӕй дӕлдзӕхмӕ ныххауӕнт;
уымӕн ӕмӕ фыдӕх сӕ хӕдзӕртты
ӕмӕ сӕ мидӕг ис.
17Ӕз та кувын Хуыцаумӕ,
ӕмӕ Дунедарӕг бахиздзӕни мӕн.
18Изӕрӕй, сӕумӕйӕ, ӕмбисбон
мӕ хъаст хӕссын Хуыцаумӕ,
дзыназын ӕмӕ мын Уый фехъусдзӕн мӕ хъӕлӕс.
19Мӕ уд мын дардзӕн ӕнӕзианӕй
мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕй,
кӕд мын бирӕ сты, уӕддӕр.
20Фехъусдзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн,
райдайӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау; ||
уымӕн ӕмӕ цы сты, уымӕй баззадысты,
Хуыцауӕй нӕ тӕрсынц.
21Семӕ фидыдӕй чи цӕры,
уыдонмӕ систой сӕ къухтӕ,
фехӕлдтой сӕ цӕдис.
22Сӕ ныхас – сойӕ лӕгъздӕр,
сӕ зӕрдӕйы та – хӕст;
сӕ дзырдтӕ зетийӕ фӕлмӕндӕр,
фӕлӕ сын ӕлвӕст цирхъӕй уӕлдай не сты.
23Хуыцауы 'вджид бакӕн дӕ сагъӕстӕ,
ӕмӕ дӕ Уый бахъахъхъӕндзӕн –
никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын.
24Ды, Хуыцау, уыдон ныппардзынӕ ӕнӕбын уӕрмы;
тугцъиртӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ
ӕмбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты.
Ӕз та Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.

55 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Дард тулдзыл бадӕг бӕлон»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг,
Филистимӕгтӕ йӕ Гефы куы ӕрцахстой,
уый фӕдыл.
2Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау –
адӕймаг зилы мӕ фӕдыл;
лӕбуры мӕм ӕрвылбон, сулӕфын мӕ нӕ уадзы.
3Мӕ фӕдылзилджытӕ мӕ ӕнӕхъӕн бон
уӕгъд нӕ уадзынц;
схъӕлӕй мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон бирӕ сты.
4Тасы куы бацӕуын,
уӕд мӕ зӕрдӕ Дӕуыл фӕдарын.
5Ӕз Хуыцауимӕ дӕн ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ ныхасӕй;
мӕ ныфс Хуыцау у, нӕ тӕрсын.
Цы мын ракӕндзӕн зӕххон адӕймаг?
6Ӕрвылбон зыгъуыммӕ кӕнынц мӕ ныхӕстӕ;
сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр – мӕ фыдбылызӕн.
7Ӕмбырдтӕ кӕнынц, зилынц мӕ къахвӕдтыл,
ӕрӕмбӕхсынц, цӕмӕй мӕ уд сӕ ахӕсты бахауа.
8Уымӕ гӕсгӕ сын фервӕзӕн нӕй
сӕ фыдӕхы тыххӕй;
смӕсты у адӕмтӕм, Хуыцау ӕмӕ сӕ бабын кӕн.
9Дӕумӕ нымад сты ме 'ппӕт тухӕнтӕ,
ӕмӕ мӕ цӕссыгтӕ нывӕр Дӕхимӕ мигӕнӕны –
Дӕ чиныджы не сты уыдон?
10Дӕуӕй ӕххуыс куы ракурын,
уӕд ме знӕгтӕ лидзынмӕ фӕвӕййынц –
уымӕй базонын, Хуыцау ме 'вварс кӕй у.
11Ӕз Хуыцауимӕ дӕн
ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ ныхасӕй,
Ӕз Дунедарӕгимӕ дӕн
ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ дзырдӕй –
12Мӕ ныфс Хуыцау у, нӕ тӕрсын.
Цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?
13Ӕз дзырд радтон Дӕуӕн, Хуыцау;
ӕрхӕсдзынӕн Дын бузныджы нывондтӕ.
14Уымӕн ӕмӕ мӕлӕтӕй Ды бахызтай мӕ уды,
мӕ къӕхтӕ – фӕкӕлынӕй,
цӕмӕй царды рухсы цӕуон Хуыцауы раз.

56 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг,
Саулӕй лӕгӕтмӕ куы алыгъди,
уый фӕдыл.
2Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
батӕригъӕд мын кӕн,
уымӕн ӕмӕ мӕ удӕн йӕ ныфс Ды дӕ;
бамбӕхсдзынӕн Дӕ дӕлбазыр,
цалынмӕ бӕллӕхтӕ аивгъуыйой, уӕдмӕ.
3Ӕз ӕххуыс курын Бӕрзонд Хуыцауӕй,
мӕныл аудӕг Хуыцауӕй.
4Уый уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕн ӕххуыс
ӕмӕ бахиздзӕни мӕн,
худинагмӕ ӕртӕрдзӕни,
мӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны; ||
Хуыцау рарвитдзӕн Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ ӕцӕгад.
5Ӕз тугдзых домбӕйтты ӕхсӕн цӕрын;
арт кӕй комӕй цӕуы, уыцы адӕмы ӕхсӕн;
сӕ дӕндӕгтӕ – ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ,
се 'взаг – цыргъ кард.
6Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ ном, Хуыцау,
ӕппӕт зӕххыл – Дӕ кад!
7Мӕ къӕхтӕн ӕрцӕттӕ кодтой къӕппӕг –
мӕ зӕрдӕ фӕтасыди.
Мӕ фӕндагыл скъахтой уӕрм,
ӕмӕ дзы сӕхӕдӕг ныххаудтой. ||
8Мӕ зӕрдӕ цӕттӕ у, Хуыцау,
мӕ зӕрдӕ цӕттӕ у:
зардзынӕн ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн зарджыты зӕлтӕй.
9Райхъал у, мӕ уд, райхъал ут,
дала-фӕндыр ӕмӕ дыууадӕстӕнон!
Райхъал кӕндзынӕн сӕуӕхсид!
10Адӕмты ӕхсӕн Дӕ стаудзынӕн, О Дунедарӕг;
стаудзынӕн Дӕ мӕ зарджыты зӕлтӕй
знӕгты ӕхсӕн.
11Уымӕн ӕмӕ стыр у Дӕ хорзӕх, арвы онг,
Дӕ рӕстад – ӕврӕгъты онг.
12Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд дӕ ном, Хуыцау,
ӕппӕт зӕххыл – Дӕ кад!

57 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг.
2Куы фӕдзурут, уӕд рӕстдзинадӕн
йӕ дзых не 'хгӕнут?
Уӕ тӕрхон, мыййаг, ӕнӕхӕрам у,
адӕймаджы фырттӕ?
3Хӕрам уӕ зӕрдӕтӕй рацӕуы;
зӕххыл уӕ къухтӕ барыныл барынц тыхми.
4Фыдлӕгтӕн суанг сӕ мады гуыбынӕй
сӕ фӕндаг зылын у,
ныдздзӕгъӕл вӕййынц,
сӕ райгуырынӕй дзурынц мӕнг.
5Сӕ марг у калмы маргау;
сты ахӕм къуырма калмы хуызӕн,
йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны
6Ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты хъӕлӕсмӕ чи нӕ хъусы,
кӕд тӕккӕ дӕсныдӕр кӕлӕнгӕнӕг у, уӕддӕр.
7О Хуыцау, сӕ дӕндӕгтӕ сын сӕ комы ныссӕтт;
уыцы домбӕйтты ыссыртӕ
ныппырх кӕн, Дунедарӕг!
8Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау;
се 'рдынбостӕ куы айвазой,
уӕд сӕ фаттӕ асӕттӕнт.
9Фесӕфӕнт йӕ хъузгӕй ралӕсӕг сӕтӕлӕгау;
фыдӕнхъӕл сылгоймаджы сывӕллонау
хуры рухс ма фенӕнт.
10Цалынмӕ уӕ цуайнӕгтӕ
какон сындзыты артмӕ не схъарм сты –
ӕнӕсыгъд ӕмӕ ӕрдӕгсыгъд –
уӕдмӕ уӕ мӕлӕт фӕхӕссӕд.
11Рӕстгӕнӕг бацин кӕндзӕни,
мастисыны бон куы фена, уӕд;
ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕрӕхсдзӕни фыдлӕджы туджы.
12Ӕмӕ адӕм зӕгъдзысты:
«Рӕстгӕнӕг ӕцӕгӕй райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг!
Уӕдӕ зӕххыл ӕцӕгӕйдӕр ис
тӕрхонгӕнӕг Хуыцау!»

58 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг,
Йӕ амарыны тыххӕй йын Саул
йӕ хӕдзармӕ хъусдарӕг куы арвыста,
уый фӕдыл.
2Мӕ Хуыцау, бахиз мӕ ме знӕгтӕй;
мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыдонӕй мӕ бахъахъхъӕн.
3Бахиз мӕ фыдгӕнджытӕй;
фервӕзын мӕ кӕн тугцъиртӕй.
4Кӕс, куыд къӕппӕввонгӕй лӕууынц мӕ удмӕ;
тыхджынтӕ мӕ ныхмӕ мӕ фыдмийы
ӕмӕ фыдракӕнды тыххӕй
не 'рӕмбырд сты, Дунедарӕг.
5Ӕз аххосджын нӕ дӕн,
афтӕмӕй ӕмбырдтӕ кӕнынц гӕрзифтонгӕй;
фӕзын, ӕркӕс мӕ дзыназынмӕ.
6Ды, Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
Израилы Хуыцау, рацу ӕппӕт адӕмы бафхӕрынмӕ,
Дӕуыл гадзрахатӕй чи рацыди,
уыдонӕй иуыл дӕр ма бацауӕрд. ||
7Уыдон ӕрбаздӕхынц изӕрӕй,
ниуынц куыйтау ӕмӕ зилынц сахары алыварс.
8Кӕс-ма, сӕ дзыхӕй цы ныхӕстӕ рацӕуы,
цыма се 'взӕгтӕ цирхъытӕ сты
ӕмӕ фӕзӕгъынц: «Чи нӕ хъусы?»
9Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг;
Ды фегад кӕндзынӕ ӕппӕт адӕмты.
10Мӕ тых Ды дӕ, ме скаст Дӕумӕ у,
уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, мӕ мӕсыг дӕ.
11Мӕ аудӕг Хуыцау мӕ разӕй цӕудзӕн;
Хуыцау мын ратдзӕни ме знӕгтӕм
райгӕйӕ кӕсыны фадат.
12Ма сӕ фӕцӕгъд ӕвиппайды,
цӕмӕй мӕ адӕмӕй ма ферох уа;
ныффӕйлау сӕ Дӕ хъаруйӕ,
ӕрхауын сӕ кӕн, Дунедарӕг – нӕ уарт.
13Сӕ тӕригъӕд – сӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ;
уадз, куыд схъал сты, афтӕ сӕхи хызы бахауӕнт,
уымӕн ӕмӕ ӕлгъыст ӕмӕ мӕнг – сӕ былалгъыл.
14Кӕрон сын скӕн карзӕй, кӕрон, ӕмӕ мауал уой.
Уӕд базондзысты зӕххы кӕронмӕ,
Иаковӕн Хуыцау йӕ Паддзах кӕй у. ||
15Уыдон ӕрбаздӕхынц изӕрӕй,
ниуынц куыйтау ӕмӕ зилынц сахары алыварс.
16Уыдон зилынц хойраг агурӕг
ӕмӕ йӕ куы нӕ ссарынц, уӕд фӕниуынц.
17Ӕз та зардзынӕн Дӕ тыхыл,
сӕумӕйӕ расиддзынӕн Дӕ хорзӕх;
уымӕн ӕмӕ мын фыдӕхы заман
мӕсыг ӕмӕ хъахъхъӕнӕг Ды уыдтӕ.
18Ды мӕ тых дӕ! Ӕз Дӕуыл зардзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, мӕнӕн мӕсыг дӕ,
мӕ уарзӕгой Хуыцау.

59 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Фарны кӕркусӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг.
Ныффыста йӕ ахуыр кӕнынӕн,
2Месопотамаг Сириимӕ
ӕмӕ Цованаг Сириимӕ куы хӕцыди,
Иоав фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ Цӕхджын дӕлвӕзы
дыууадӕс мин идумейагыл куы фӕуӕлахиз,
уый фӕдыл.
3О Хуыцау, Ды ныл атигъ кодтай Дӕхи;
Ды нӕ ныссастай, смӕсты нӕм дӕ,
фӕлӕ нӕм ныр Де 'ргом раздах.
4Ды банкъуыстай зӕхх ӕмӕ аскъуыдтӕ;
сдзӕбӕх ын кӕн йӕ цӕфтӕ,
уымӕн ӕмӕ уый йӕ ризынӕй не 'нцайы.
5Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай стыр зынтӕ,
бадардтай нын Дӕ азары сӕн.
6Сис тырыса, Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдон сӕрмӕ,
цӕмӕй йӕ иумӕ айтындзой фатты ныхмӕ, ||
7Ӕмӕ фервӕзой Дӕ уарзон адӕм;
ссӕрибар нӕ кӕн Дӕ рахиз цонгӕй,
дзуапп ратт нӕ куывдӕн.
8Хуыцау Йӕ рухс Кувӕндоны загъта:
«Ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн,
Сихем байуардзынӕн,
Сокхофы дӕлвӕз дӕр ныддихтӕ кӕндзынӕн.
9Мӕн у Галаад, Мӕн у Манасси,
Ефрем – мӕ сӕрӕн згъӕрхуд,
Иуда – Мӕ паддзахы лӕдзӕг,
10Моав Мӕ хихсӕн кӕхц у;
Едомыл ӕрӕвӕрдзынӕн Мӕ къах.
Мӕ размӕ рацу цины хъӕримӕ, филистимаг зӕхх!»
11Чи мӕ бакӕндзӕн фидар сахармӕ?
Чи мӕ бахӕццӕ кӕндзӕн Едоммӕ?
12Уый Ды нӕ уыдзынӕ, мыййаг, Хуыцау,
Йӕхи ныл чи атигъ кодта
ӕмӕ не 'фсадимӕ чи нал рацӕуы, уыцы Хуыцау?
13Баххуыс нын кӕн тыхӕвзарӕны,
уымӕн ӕмӕ адӕймаджы ӕххуыс ницы у.
14Хуыцауимӕ фӕуӕлахиз уыдзыстӕм;
Уый ныссӕнддзӕн не знӕгты Йӕ къӕхты бын.

60 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды псалом.
2О Хуыцау, фехъус мӕ дзыназын,
байхъус мӕ куывдмӕ.
3Зӕххы кӕронӕй Дӕм дзурын уынгӕг зӕрдӕйӕ;
схон мӕ, мӕ бон кӕдӕм нӕу схизын,
уыцы къӕдзӕхмӕ.
4Ды дӕ ме 'мбӕхсӕн,
Ды мӕ фидар мӕсыг дӕ ме знӕгты ныхмӕ.
5Фӕнды мӕ Дӕ Кувӕндоны мыггагмӕ цӕрын,
Дӕ дӕлбазыр ӕдас куыд уон, афтӕ. ||
6Уымӕн ӕмӕ фехъуыстай мӕ зӕрдӕвӕрд, Хуыцау,
ӕмӕ мын бынтӕ радтай,
Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдонимӕ.
7Паддзахы цӕрӕнбонтыл бафтау,
бирӕ фӕлтӕртимӕ куыд фӕцӕра, афтӕ.
8Ӕмӕ мыггагмӕ дӕр Хуыцауы раз
баддзӕни паддзахы бадӕны.
Хъахъхъӕнӕд ӕй Дӕ уарзондзинад ӕмӕ рӕстад!
9Ӕз та мыггагмӕ дӕр зардзынӕн
Дӕ номы кадӕн,
дзырд Дын цӕй тыххӕй радтон,
уыдон ӕххӕст кӕндзынӕн ӕрвылбон.

61 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
Едифумӕн.
Давиды псалом.
2Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссары мӕ уд ӕнцой;
Уымӕй у мӕ ирвӕзындзинад.
3Ӕрмӕст Хуыцау у мӕ къӕдзӕх,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ мӕсыг;
нал фӕгуырысхо уыдзынӕн.
4Сымах та кӕдмӕ знаггад кӕндзыстут
адӕймагӕн уе 'ппӕт дӕр, куыд фӕцуда, афтӕ?
Ӕнӕуый дӕр кӕлӕддзаг къулӕй
ӕмӕ саст быруйӕ уӕлдай нӕу.
5Уыдон хъавынц бӕрзондӕй йӕ раппарынмӕ;
сайын сын у ӕхцон, ӕвзагӕй арфӕ кӕнынц,
хинымӕр та – ӕлгъитгӕ. ||
6Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссар, мӕ уд, ӕнцой;
уымӕн ӕмӕ Уымӕй у мӕ ныфс.
7Иунӕг Хуыцау у мӕ къӕдзӕх,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ мӕсыг;
нӕ фӕгуырысхо уыдзынӕн.
8Хуыцауӕй аразгӕ сты мӕ ирвӕзт ӕмӕ кад;
Уый мӕ фидар къӕдзӕх у, ме 'мбӕхсӕн.
9О адӕм, уӕ зӕрдӕ Йыл дарут кӕддӕриддӕр;
уӕ зӕрдӕты цы ис, уый Йын раргом кӕнут:
Хуыцау нӕ сӕрылхӕцӕг у. ||
10Мӕнг сты адӕймӕгтӕ,
фӕлывд сты лӕджы фырттӕ.
Барӕнтыл сӕ куы ӕрӕвӕрай,
уӕд иууылдӕр иумӕ уӕлдӕфӕй рогдӕр сты.
11Ныфс уӕ ма уӕд стигъынӕй,
давынӕй схъӕл ма ут;
уӕ мулк куы сбирӕ вӕййы,
уӕд ын уӕ зӕрдӕ ма раттут.
12Хуыцау загъта иу хатт,
ӕмӕ йӕ ӕз дыууӕ хатты фехъуыстон,
тых Хуыцаумӕ кӕй ис,
13Ӕмӕ дӕумӕ кӕй ис, Дунедарӕг, хорзӕх.
Бӕлвырд, Ды алкӕмӕн дӕр
йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕттыс.

62 Псалом

1Давиды псалом.
Иудейаг ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди,
уый фӕдыл.
2О Хуыцау, Ды мӕ Хуыцау дӕ!
Сӕуӕхсидӕй агурын Дӕу.
Слӕмӕги мӕ уд ӕнӕдон, хус
ӕмӕ сыгъд быдыры Дӕумӕ бӕлгӕйӕ,
3Цӕмӕй фенон Дӕ тых ӕмӕ Дӕ кад,
Кувӕндоны Дӕ куыд уыдтон, афтӕ.
4Уымӕн ӕмӕ Дӕ хорзӕх хуыздӕр у цардӕй,
ӕмӕ Дӕуӕй ӕппӕлӕн ныхас
уыдзӕни мӕ былалгъыл.
5Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ Дӕ стаудзынӕн;
Дӕ номыл мӕ къухтӕ сдардзынӕн уӕлӕрвтӕм.
6Сойӕ ӕмӕ фиуӕй бафсӕдӕгау
бафсӕды мӕ уд,
ӕмӕ райгӕ ӕппӕлын Дӕуӕй,
7Мӕ хуыссӕны Дӕ куы ӕрымысын,
ӕнӕхъӕн ӕхсӕв мӕ хъуыдытӕ
Дӕуыл куы вӕййынц, уӕд.
8Уымӕн ӕмӕ Ды ме 'ххуысгӕнӕг дӕ,
ӕмӕ Дӕ дӕлбазыр цинӕй зардзынӕн.
9Мӕ уд нӕ комы Дӕуӕй фӕхицӕн;
Дӕ рахиз цонгӕй хӕцыс мӕныл.
10Мӕ уд фесафынмӕ чи бӕллы,
уыдон ингӕны хай бауыдзысты.
11Фӕцӕгъддзысты сӕ цирхъы комӕй
ӕмӕ рувӕстӕн уыдзысты амӕддаг.
12Паддзахӕн та йӕ цин Хуыцау уыдзӕни;
Хуыцауы номӕй алы сомыгӕнӕг дӕр
Йӕ кадӕй хай райсдзӕни,
мӕнгдзурджытӕ та багомыг уыдзысты.

63 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2О Хуыцау, фехъус мӕ хъӕлӕс, мӕ лӕгъстӕ;
мӕ цард мын бахиз ӕвирхъау знагӕй.
3Фыдлӕгты сусӕгвӕндтӕй,
змӕнтӕг фыдгӕнджытӕй бамбӕхс мӕн.
4Уыдон сцыргъ кодтой се 'взӕгтӕ цирхъау,
айвӕзтой се 'рдынбос – сӕ рӕхойӕн ныхас,
5Рӕстаг адӕймаджы сусӕг ранӕй бахсынӕввонг;
ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фехсынц
ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр нӕ кӕнынц.
6Сӕ фыдвӕндтыл фидарӕй хӕцынц;
сӕ уынаффӕ у сусӕгӕй къӕппӕг сӕвӕрыныл,
ӕмӕ дзурынц: «Чи йӕ фендзӕн?»
7Уыдон нывӕндынц сӕ хинтӕ ӕмӕ дзурынц:
«Хорз фӕнд ӕрымысыдыстӕм».
Ӕцӕгӕй дӕр, адӕймаджы хъуыдытӕм
ӕмӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм ныккӕсӕн нӕй.
8Фӕлӕ сӕ Хуыцау бахсдзӕн фатӕй;
ӕнӕнхъӕлӕджы бабын уыдзысты.
9Хуыцау сын се 'взаг сӕхи ныхмӕ сараздзӕни
ӕмӕ сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ;
чи сӕ уына, уыдон сыл сӕ сӕртӕ ӕнкъусдзысты.
10Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы бацӕудзӕн тас,
дзурдзысты Хуыцауы хъуыддӕгтыл
ӕмӕ уӕд базондзысты – уый Хуыцау сарӕзта.
11Рӕстгӕнӕг та сцин кӕнӕд Дунедарӕгыл,
Уый йын уыдзӕн сӕрылхӕцӕг;
ӕмӕ 'ппӕт рӕстытӕ зӕрдиагӕй стауӕнт Хуыцауы.

64 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
Зарӕг.
2Сионыл ис Дӕуӕн Дӕ кад ӕмӕ Де 'нцой, Хуыцау;
ӕмӕ сӕххӕст уыдзысты,
Дӕуӕн дзырд лӕвӕрд цӕй тыххӕй уыд, уыдон.
3Ды хъусыс адӕймаджы кувынмӕ;
Дӕумӕ цӕуы алчидӕр ӕххуысагур.
4Тӕригъӕды дӕлбар куы уыдыстӕм,
уӕд нын ныббарстай нӕ фыдракӕндтӕ.
5Тӕхудиаг сты, Дӕ кӕртмӕ
цӕрынмӕ кӕй сӕвзӕрстай
ӕмӕ Дӕхимӕ кӕй ӕрбахӕстӕг кодтай, уыдон.
Мах уыдзыстӕм ӕфсӕст Дӕ Хӕдзары,
Дӕ сыгъдӕг Кувӕндоны цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй.
6Ды хъусыс мӕнмӕ, О нӕ Хуыцау,
Йӕ раст тӕрхон тас кӕмӕн ӕфтауы,
ӕппӕт зӕххӕн ӕмӕ дард денджызтӕн ныфс Чи у,
7Йӕ тыхӕй хӕхтӕ ӕрӕвӕрӕг,
стыр хъомысӕй ифтонг,
8Денджызты ӕмбухын, йӕ уылӕнты хъӕр
ӕмӕ знӕт адӕмты сабыргӕнӕг!
9Дард зӕххыл цӕрджыты
тас бауадзынц Дӕ диссӕгтӕ;
сӕуӕхсид ӕмӕ зӕрӕхсиды
райхъал кӕнынц цинӕй зарынмӕ.
10Барӕвдауыс зӕхх, бафсадыс ӕй донӕй,
бафтауыс ын йӕ бӕркадыл;
Хуыцауы донвӕдтӕ кӕддӕриддӕр дзаг сты донӕй,
цӕмӕй зӕххыл зайа хор,
уымӕн ӕмӕ йын ахӕм фӕтк сӕвӕрдтай.
11Йӕ ауӕдзтӕ йын бафсадыс донӕй,
адӕг ауадзыс йӕ къуыбӕрттыл,
сфӕлмӕн ӕй кӕныс къӕвдайы 'ртӕхтӕй,
арфӕ бафтауыс хорыл.
12Бӕркадджын у Дӕ арфӕйы аз,
Дӕ къахвӕдтӕй кӕлы сой.
13Уыдон ӕдзӕрӕг хизӕнтыл пырх кӕнынц дон,
обӕуттӕ дзаг кӕнынц цинӕй.
14Уыгӕрдӕнтӕ сӕхи сфӕлыстой фосы дзугтӕй,
дӕлвӕзты зӕу-зӕу кӕны хор –
хъуысы сӕ цин ӕмӕ зарын.

65 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Зарӕг.
Псалом.
Стау Хуыцауы хъӕлӕсыдзагӕй, ӕппӕт дуне!
2Зарут Йӕ номы кадыл;
скӕнут Ын Йӕ кад бӕрзонд,
3Зӕгъут Хуыцауӕн:
«Куыд тасӕфтауӕг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ!
Хъомысджын дӕ Ды,
Де знӕгтӕ лӕгъстӕйаг уыдзысты Дӕуӕн.
4Ӕппӕт зӕхх ӕрзоныг уыдзӕни Дӕ разы
ӕмӕ Дыл зардзысты, зардзысты Дӕ номыл».
5Рацӕут ӕмӕ фенут Хуыцауы ӕрмдзӕф,
адӕмӕн куыд диссагӕн баззадысты Йӕ хъуыддӕгтӕ.
6Денджыз фестын кодта сурзӕхх,
цӕугӕдоныл ахызтысты фистӕгӕй –
уӕдӕ цин кӕнӕм, Уый цы сарӕзта, ууыл.
7Йӕ хъомысы руаджы
Уый паддзахиуӕг кӕны мыггагмӕ;
иудадзыг Йӕ цӕст дары адӕмтӕм –
змӕнтджытӕ ма сыстӕнт Йӕ ныхмӕ.
8Стаут, адӕмтӕ, нӕ Хуыцауы;
айзӕлӕд Ыл кады зарджытӕ.
9Уый нын нӕ удтӕ бахызта ацы царды,
нӕ къах нын нӕ бауагъта фӕцудын.
10Уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, бафӕлвӕрдтай мах;
ссыгъдӕг нӕ кодтай, ӕвзист куыд батайын
ӕмӕ ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ.
11Ды къӕппӕгмӕ бакодтай мах,
нӕ бӕрзӕйтыл нын сӕвӕрдтай ӕфсондз.
12Бауагътай адӕймаджы нӕ сӕрыл сбадын;
ахызтыстӕм арт ӕмӕ доныл,
фӕлӕ нӕ ракодтай сӕрибармӕ.
13Иууылсудзинаг нывондтимӕ
бацӕудзынӕн Дӕ Кувӕндонмӕ
ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд –
14Уый мӕ уӕззау дуджы уыди ме 'взагыл
ӕмӕ рацыд мӕ дзыхӕй.
15Иууылсудзинаг нард нывондтӕ Дын ӕрхӕсдзынӕн,
фысы фиуы хӕрздӕфимӕ;
нывондӕн Дын ӕрхӕсдзынӕн галтӕ ӕмӕ сӕгътӕ. ||
16Рацӕут ӕмӕ байхъусут,
Хуыцауӕй чи тӕрсы, ӕппӕт уыдон,
ӕмӕ уын радзурон, мӕ удӕн цы сарӕзта, уый.
17Ӕз Ӕм куывтон хъӕрӕй,
скад Ын кодтон ме 'взагӕй.
18Ӕз мӕ зӕрдӕйы куы бамбӕхстаин фыдӕх,
уӕд мӕ Хуыцау нӕ фехъуыстаид.
19Фӕлӕ мӕ Хуыцау ӕцӕг фехъуыста,
Йе 'ргом раздӕхта мӕ зӕрдӕбын куывдмӕ.
20Арфӕгонд у Хуыцау –
мӕ куывдыл мын Йӕхи нӕ атигъ кодта,
Йӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕхайӕ нӕ ныууагъта.

66 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл.
Псалом.
Зарӕг.
2Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ арфӕ нӕ уӕд,
срухс нӕ кӕнӕд Йӕ цӕсгомы рухсӕй! ||
3Цӕмӕй зоной зӕххыл Дӕ фӕндаг,
ӕппӕт адӕмты ӕхсӕн – Дӕ ирвӕзындзинад.
4О Хуыцау, стауӕнт Дӕу адӕмтӕ,
стауӕнт Дӕ ӕппӕт адӕмтӕ!
5Цин кӕнӕнт ӕмӕ зарӕнт адӕмтӕ!
Уымӕн ӕмӕ Ды рахӕссыс дунейӕн
ӕнӕхӕрам тӕрхон,
адӕмтӕн Ды Дӕ раздзӕуӕг зӕххыл. ||
6О Хуыцау, стауӕнт Дӕу адӕмтӕ,
стауӕнт Дӕ ӕппӕт адӕмтӕ!
7Зӕхх радта тыллӕг;
арфӕ нын кӕны Хуыцау, нӕ Хуыцау.
8Арфӕ нын кӕны Хуыцау,
ӕмӕ Дзы тӕрсӕнт ӕппӕт зӕххы кӕрӕттӕм.

67 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
Зарӕг.
2Рацӕуӕд Хуыцау ӕмӕ ныффӕйлауӕд Йе знӕгты;
Йӕ фыдгултӕ лидзинаг фӕуӕнт Йӕ разӕй!
3Фӕздӕг куыд апырх вӕййы,
афтӕ сӕ Ды апырх кӕн;
мыдадз артмӕ куыд атайы,
афтӕ фӕтары уӕнт фыдлӕгтӕ
ӕмӕ Хуыцауы цӕсгомы раз мауал уӕнт.
4Рӕстгӕнджытӕ та цин кӕндзысты,
хъӕлдзӕг уыдзысты Хуыцауы раз
ӕмӕ фырцинӕй райдзысты.
5Зарут Хуыцауӕн, ӕппӕлут Йӕ номӕй.
Скадджын кӕнут ӕврӕгътыл Цӕуӕджы,
Йӕ ном – Дунедарӕг; сцин кӕнут Йӕ цӕстыты раз.
6Хуыцау – сидзӕрты фыд
ӕмӕ идӕдзты сӕрылхӕцӕг –
Йӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынаты ис.
7Хуыцау иунӕджыты бахоны хӕдзармӕ,
ахстытӕн суадзы сӕ рӕхыстӕ;
змӕнтджытӕ та баззайынц хурсыгъд зӕххыл.
8О Хуыцау, Дӕ адӕмы разӕй-иу куы рахызтӕ,
ӕдзӕрӕг быдыры-иу разӕй куы цыдтӕ, ||
9Уӕд зӕхх ӕнкъуысыди,
суанг арв дӕр лӕдӕрсӕнтӕ кодта Хуыцауы раз,
Синайыл[14]Чи уыди, уыцы Хуыцауы,
Израилы Хуыцауы раз.
10Ды ӕруагътай бӕркады уарын, Хуыцау;
Дӕ хуыскъ бындуртӕн уыдтӕ ӕгасгӕнӕг,
11Дӕ дзуг уым ӕрцарди;
Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Хуыцау,
мӕгуыртӕм уыдтӕ рӕдау.
12Хуыцау радта Йӕ ныхас,
ӕмӕ уый хъусын кодтой стыр дзыллӕтӕ:
13«Паддзахтӕ ӕмӕ се 'фсӕдтӕ
лидзынц ӕмӕ лидзынц,
хӕдзаргӕс сылгоймӕгтӕ та
ныридӕгӕн амӕддаг уарынц.
14Кӕд кӕртытӕй ӕддӕмӕ нӕ рахызтыстут,
уӕддӕр, бӕлонӕн йӕ базыртӕ ӕвзист бамбӕрзта,
йӕ систӕ та – сызгъӕрин.
15Уӕд Ӕппӕтхъомыс[15]ныппырх кодта паддзӕхты,
ӕмӕ уый уыди митуарынау Селмоны хохыл».
16Басаны хох – бӕрзонд хох,
Басаны хох – бирӕфцӕгджын хох!
17Хӕлӕгӕй цӕмӕн кӕсут, цыргъсӕр хӕхтӕ,
Хуыцауы цӕрын кӕуыл бафӕндыди
ӕмӕ Дунедарӕг мыггагмӕ
кӕуыл цӕрдзӕн, уыцы хохмӕ?
18Хуыцауы хӕстон уӕрдӕттӕ –
ӕнӕнымӕц, мингай-минтӕ;
Дунедарӕг ӕрцыд Синайӕ
Йӕ Сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.
19Ды схызтӕ бӕрзӕндмӕ, ракодтай уацайрӕгты;
адӕмӕй райстай лӕвӕрттӕ,
суанг ныхмӕцӕуджытӕй дӕр –
Дунедарӕг Хуыцау уым куыд цӕра.
20Арфӕгонд у Хуыцау,
нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
Уый ӕрвылбон дӕр хӕссы нӕ зынтӕ. ||
21Нӕ Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау у;
Хицау Хуыцау ракӕны мах мӕлӕтӕй.
22Бӕлвырд, Хуыцау ныссӕтдзӕн Йе знӕгты сӕртӕ,
йӕ азымыл чи нӕ сӕтты,
уыдоны ӕнӕлвыд тенкатӕ.
23Дунедарӕг загъта: «Раздахдзынӕн сӕ Басанӕй,
сласдзынӕн сӕ денджызы арфӕй,
24Де знӕгты туджы дӕ къах куыд аныгъуыла,
дӕ куыйты ӕвзӕгтӕ дзы куыд фӕуой, афтӕ».
25Разӕй кӕй цӕуыс, Хуыцау, уый бӕлвырд у,
разӕй цӕуыс, мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах,
рухс Кувӕндонмӕ.
26Разӕй – зарӕггӕнджытӕ,
сӕ фӕстӕ – цӕгъдджытӕ,
астӕуӕй – далатыл цӕгъдӕг ӕрыгон чызджытӕ.
27Стаут уе 'мбырдты Хуыцауы,
стаут Дунедарӕджы сымах, Израилы байзӕддаг!
28Уым ис кӕстӕр Вениамин – сӕ разӕй,
Иудӕйы хистӕрты стыр къорд,
Завулоны хистӕртӕ ӕмӕ Неффалимы хистӕртӕ.
29О Хуыцау, равдис нын Дӕ тых,
сфидар нӕ кӕн раздӕрау.
30Иерусалимы Кувӕндоны сӕраппонд
паддзӕхтӕ Дӕуӕн ӕрхӕсдзысты лӕвӕрттӕ.
31Хъамылы бадом сырдты,
галты рӕгъау – адӕмы богъты ӕхсӕн;
уыдон басӕттӕнт ӕмӕ Дын ӕвзисты къӕрттытӕ
ӕрхӕссӕнт нывондӕн.
Хӕстмондаг адӕмты ныффӕйлау.
32Ӕрцӕудзысты ӕрвыст лӕгтӕ Мысырӕй;
Ефиопи йӕ къухтӕ сдардзӕни Хуыцаумӕ.
33Зӕххон паддзахӕдтӕ, зарут Хуыцауӕн,
уӕ зарджытӕй стаут Дунедарӕджы. ||
34Уый у уӕлӕрвтыл, ӕнусон уӕлӕрвтыл цӕуӕг;
мӕнӕ ныртӕккӕ райхъуысдзӕн
Йӕ тыхджын хъӕлӕс.
35Скад кӕнут Хуыцауӕн!
Йӕ хъомысӕй ауды Израилыл,
Йӕ тых зыны ӕврӕгътыл.
36Тӕссаг дӕ, Хуыцау, Дӕ Сыгъдӕг бынӕтты;
Израилы Хуыцау дӕтты Йӕ адӕмӕн тых ӕмӕ хъару.
Арфӕгонд у Хуыцау!

68 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«кӕркусӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды псалом.
2О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн,
уымӕн ӕмӕ дон схӕццӕ мӕ хъуырмӕ.
3Ӕз аныгъуылдтӕн лӕсӕны,
ӕмӕ дзы ӕрлӕууӕн дӕр нӕй;
бахызтӕн доны арфмӕ,
ӕмӕ йӕ гуылфӕн скъӕфы мӕн.
4Ӕз бафӕлладтӕн фӕдисы хъӕрӕй,
мӕ хъуыр ныххус и, мӕ цӕстыты суадон басур и
Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй.
5Ницыгӕнӕгӕй мӕ йе сӕфт чи уыны,
уыдон мӕ сӕры ӕрдутӕй фылдӕр сты;
ӕнӕфсонӕй мын бирӕ знӕгтӕ ис,
тыхджынты фӕнды мӕ фесӕфын.
Цы сӕ нӕ байстон, уый раттын мӕ домынц.
6Ды зоныс, Хуыцау, ме 'нӕзонд митӕ,
мӕ тӕригъӕдтӕ не 'мбӕхсын Дӕуӕй.
7Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдон мӕн аххосӕй ма фӕхудинаг уӕнт;
Дӕу агурджытӕ мӕн тыххӕй ма фегад уӕнт,
Израилы Хуыцау.
8Уымӕн ӕмӕ Дӕ номы сӕраппонд дӕн ӕгад
ӕмӕ мӕ цӕсгомыл ӕвӕрынц худинаджы гакк.
9Ме 'фсымӕртӕн сдӕн искӕйон,
мӕ мадызӕнӕгӕн – ӕцӕгӕлон.
10Дӕ Хӕдзарыл мӕт мӕ ӕвдӕрзы,
Дӕ фыдгойгӕнджыты фыдныхӕстӕ
ӕмбӕлынц мӕныл.
11Фӕкӕуын ӕмӕ ком фӕдарын,
ӕмӕ мын уый тыххӕй фидис кӕнынц.
12Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ скӕнын хъисын –
ӕмбисондӕн мӕ хӕссынц.
13Мӕ койыл сты кулдуары раз[16]бадӕг адӕм;
карз нозт чи баназы,
уыдон мыл кӕнынц сӕ зарджытӕ.
14Мӕнӕн та мӕ куывд фӕхӕццӕ уӕд Дӕумӕ
ӕхцон рӕстӕджы, Дунедарӕг;
Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мын, Хуыцау,
Дӕ дзуапп уӕд Дӕ ӕцӕг ирвӕзындзинад.
15Слас мӕ цъымарайӕ, ӕмӕ дзы ма аныгъуылон;
уӕд ӕз фервӕздзынӕн,
йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй
ӕмӕ дӕтты ӕрфытӕй.
16Ма мӕ аскъӕфӕд гуылфӕн,
ма мӕ аныхъуырӕд хуыдым,
ӕнӕбын уӕрм мӕ сӕрмӕ ма сӕхгӕнӕд йӕ ком.
17Фехъус мӕ, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ Дӕ хорзӕх фӕрнджын у;
Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мӕм Де 'ргом раздах.
18Дӕ цӕсгом ма аздах Дӕ цагъарӕй;
батагъд кӕн – дзуапп мын ратт,
уымӕн ӕмӕ тыхст дӕн.
19Ӕрбаввахс у мӕ удмӕ, фервӕзын ӕй кӕн;
ме знӕгтӕй мӕ баиргъӕв.
20Ды зоныс: нымайынц мӕ фидиссагыл,
худинаггаг ӕмӕ ӕгадыл;
мӕ фыдгултӕ ӕгасӕй дӕр Дӕ разы сты.
21Фидис мӕ зӕрдӕсаст фӕкодта,
ӕмӕ ӕз слӕмӕгъ дӕн;
ӕнхъӕлмӕ кастӕн – чи мын батӕригъӕд кӕна,
ӕмӕ ахӕм ничи разынди,
ӕнхъӕлмӕ кастӕн ныфсӕвӕрӕгмӕ,
фӕлӕ не ссардтон.
22Хойрагӕн мын радтой марг,
дойны мын уыди, ӕмӕ мын бадардтой дзмари.
23Сӕ фынг сын фестӕд къӕппӕг,
сӕ бӕрӕгбоны минас – сахсӕн.
24Сӕ цӕстытӕ батар уӕнт, куыд нал уыной,
се стджытӕ ризӕнт мыггагмӕ.
25Дӕ маст сыл ныккал;
Дӕ судзгӕ азары цӕхӕры ныххауӕнт.
26Сӕ зӕхх сӕдзӕрӕг уӕд,
сӕ цатырты цӕрӕг мауал уӕд.
27Дӕуӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта,
уыдоны фӕдыл нырма дӕр зилынц;
Ды кӕй ӕрцавтай, уыдоны рыстыл ӕфтауынц.
28Бафтау сын се 'фхӕрдыл ӕфхӕрд,
ӕмӕ ма ссарӕнт Дӕ хорзӕх.
29Сӕ нӕмттӕ ист ӕрцӕуӕнт царды Чиныгӕй
ӕмӕ сӕ рӕстгӕнджытимӕ ма ныффыстӕуӕд.
30Ӕз та ӕфхӕрд дӕн ӕмӕ риссын;
О Хуыцау, Дӕ ирвӕзындзинад мӕ бахъахъхъӕнӕд.
31Зарӕджы стаудзынӕн Хуыцауы ном;
Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн райгондӕй –
32Уый Дунедарӕгӕн уӕныг ӕмӕ галӕй,
сыкъа ӕмӕ сӕфтӕгджынӕй ӕхцондӕр уыдзӕн.
33Ай фендзысты ӕфхӕрдтытӕ
ӕмӕ бацин кӕндзысты.
Уӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕни, Хуыцауы агурджытӕ!
34Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хъусы хъуаг ӕййафджыты;
уацары чи ис, уыдоныл ӕнӕрвӕссон нӕу.
35Ӕппӕлӕд Хуыцауӕй уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх,
денджызтӕ ӕмӕ се 'ппӕт змӕлджытӕ.
36Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фервӕзын кӕндзӕни Сионы,
самайдзӕн Иудӕйы сахартӕ.
Уӕд дзы ӕрцӕрдзысты адӕм ӕмӕ уыдзысты сӕ бар,
37Ӕмӕ Йӕ цагъарты байзӕддӕгтӕн
баззайдзысты бынтӕн,
ӕмӕ, Йӕ ном чи уарзы,
уыдон дзы ӕрбынат кӕндзысты.

69 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
Ӕрымысынӕн.
2О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн;
О Дунедарӕг, рӕвдздӕр мӕм ӕрцу ӕххуысмӕ.
3Мӕ удмӕ мын чи хъавы,
уыдон фӕхудинаг ӕмӕ фегад уӕнт!
Ме сӕфтмӕ чи бӕллы,
уыдон ӕгадӕй аздӕхӕнт фӕстӕмӕ.
4«Афтӕ, афтӕ» чи дзуры,
уыдон фидиссаг фӕуӕнт ӕмӕ ныхъхъус уӕнт.
5Дӕу чи агуры, уыдон райӕнт
ӕмӕ цин кӕнӕнт Дӕуыл;
Ды ирвӕзынгӕнӕг кӕмӕн дӕ,
уыдон иудадзыг дзурӕнт:
«Хъомысджын у Хуыцау!»
6Ӕз та мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн;
рӕвдздӕр мӕм фӕзын, Хуыцау!
Ды ме 'ххуысгӕнӕг
ӕмӕ мӕ сӕрибаргӕнӕг дӕ;
О Дунедарӕг, ма фӕстиат кӕн.

70 Псалом

1Дӕуыл дарын, О Хуыцау, мӕ зӕрдӕ;
никуы фегад уыдзынӕн!
2Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ бахиз
ӕмӕ ссӕрибар кӕн мӕн;
фехъус мӕ кувын, фервӕзын мӕ кӕн.
3Ды мын у, кӕддӕриддӕр мӕ бон
бамбӕхсын кӕм уа, уыцы къӕдзӕх;
ратт фӕдзӕхст мӕн фервӕзыны тыххӕй,
уымӕн ӕмӕ Ды къӕдзӕх ӕмӕ гӕнах дӕ мӕнӕн.
4Мӕ Хуыцау, суӕгъд мӕ кӕн фыдлӕджы къухӕй,
ӕнаккаг ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаджы армӕй.
5Уымӕн ӕмӕ, О Хицау Хуыцау,
ме 'взонджы бонтӕй Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
6Мӕ райгуырынӕй фӕстӕмӕ
Ды уыдтӕ мӕ иунӕг ныфс,
Ды мӕ райстай мӕ мады гуыбынӕй;
Дӕу стаудзынӕн иудадзыг.
7Ӕз бирӕтӕн ӕнахуыр диссагау уыдтӕн,
фӕлӕ Ды мӕ сӕрылхӕцӕг дӕ.
8Мӕ дзыхӕй хъуысынц Дӕуӕй ӕппӕлыны дзырдтӕ;
ӕрвылбон Дӕу кадджын кӕнын.
9Мӕ зӕронды бонты мыл Дӕхи ма атигъ кӕн;
мӕ хъару куы тайа, уӕд мӕ ма ныууадз.
10Ногӕй та мӕ ныхмӕ дзурынц ме знӕгтӕ;
мӕ удмӕ хъавджытӕ аразынц сусӕгвӕнд.
11Уыдон афтӕ дзурынц: «Хуыцау ӕй ныууагъта;
зилут йӕ фӕдыл ӕмӕ йӕ ӕрцахсут,
уымӕн ӕмӕ йын ирвӕзынгӕнӕг нӕй».
12О Хуыцау, ма адард у мӕнӕй;
О мӕ Хуыцау, рӕвдздӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ.
13Фегад уӕнт ӕмӕ фесӕфӕнт,
мӕ уды фӕдыл чи зилы, уыдон;
мӕнӕн фыдбылыз саразынмӕ чи тырны,
уыдон фӕхудинаг, фегад
ӕмӕ ныффидиссаг уӕнт.
14Ӕз та иудадзыг Дӕуыл дардзынӕн мӕ зӕрдӕ
ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн ноджы зӕрдиагдӕрӕй.
15Ӕз ӕрвылбон дзурдзынӕн Дӕ рӕстдзинадыл
ӕмӕ Дӕ хӕрзтыл – бирӕ сты, ӕз сын
сӕ нымӕц нӕ зонын.
16Расиддзынӕн
Дунедарӕджы хъомысджын хъуыддӕгтӕ;
фехъусын кӕндзынӕн Дӕ рӕстдзинад –
ӕрмӕстдӕр Дӕ рӕстдзинад.
17Ме 'взонджы бонтӕй мын
Ды уыдтӕ зондамонӕг, Хуыцау,
ӕмӕ ныронг дзурын Дӕ диссӕгты тыххӕй.
18Куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр урс куы адара,
уӕд дӕр мӕ ма ныууадз, Хуыцау,
цалынмӕ ног фӕлтӕртӕн
нӕ радзурон Дӕ хъаруйы тыххӕй,
нӕ фӕстагӕттӕн – Дӕ хъомысы тыххӕй.
19Дӕ рӕстад, О Хуыцау, арвӕй уӕлдӕр у,
стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзтай Ды.
Чи у Дӕ хуызӕн?
20Ды мын бавзарын кодтай
судзгӕ хъизӕмӕрттӕ дзӕвгар,
фӕлӕ мӕ ногӕй цардмӕ раздахдзынӕ,
арф дӕлдзӕхӕй мӕ ракӕндзынӕ.
21Ды схӕцыдтӕ мӕ кадыл,
Дӕ рӕвдыдӕй мӕ цух нӕ ныууадздзынӕ.
22Ӕз та Дӕ скадджын кӕндзынӕн хъисфӕндырыл,
мӕ Хуыцау,
Ды иузӕрдион кӕй Дӕ, уый тыххӕй;
дала-фӕндырыл зардзынӕн Дӕуыл,
Израилы Сыгъдӕг!
23Дӕ кады зарӕг ме 'взагӕй куы рацӕуы,
уӕд фырцинӕй райын, райы мӕ уд дӕр,
уымӕн ӕмӕ йӕ Ды фервӕзын кодтай.
24Ме 'взаг ӕрвылбон дзурдзӕн Дӕ рӕстадыл;
уымӕн ӕмӕ мӕнӕн фыд ракӕнынмӕ чи хъавыд,
уыдон фӕхудинаг ӕмӕ фегад сты.

71 Псалом

1Соломоны псалом.
О Хуыцау, балӕвар кӕн паддзахӕн тӕрхоны
Дӕ рӕстдзинад,
паддзахы фыртӕн – Дӕ сыгъдӕгдзинад,
2Рӕстӕй куыд тӕрхон кӕна Дӕ адӕмӕн
ӕмӕ ӕнӕхӕрамӕй – ӕфхӕрдтытӕн.
3Хӕхтӕ адӕмӕн ӕрхӕсдзысты фарн,
обӕуттӕ – рӕстад.
4Ӕфхӕрд адӕмӕн уыдзӕни сӕрылхӕцӕг,
фервӕзын кӕндзӕн мӕгуртӕн сӕ цоты
ӕмӕ ныссӕнддзӕн ӕфхӕрджыты.
5Ӕмӕ Дын кад кӕндзысты, Хуыцау,
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, цалынмӕ хур
ӕмӕ мӕй сӕ бынӕтты сты, уӕдмӕ.
6Паддзах адӕмӕн фӕуӕд,
къӕвда карст уыгӕрдӕнтӕн куыд у,
доны 'ртӕхтӕ зӕхх куыд ӕфсадынц, афтӕ.
7Йӕ заманы дидинӕг рафтауӕд рӕстгӕнӕг,
зӕххыл ӕнхъӕвзӕд фарн,
цалынмӕ мӕй йӕ рухс дӕтта, уӕдмӕ.
8Уый паддзахиуӕг кӕнӕд денджызӕй денджызмӕ,
цӕугӕдонӕй[17]зӕххы кӕронмӕ.
9Йӕ разы ӕрзоныг уӕнт ӕдзӕрӕг рӕтты цӕрджытӕ,
йе къӕхты бынмӕ ӕрхауӕнт Йе знӕгтӕ.
10Фарсисы ӕмӕ йын сакъадӕхты паддзӕхтӕ
раттӕнт хъалон;
Шевайы ӕмӕ Севӕйы паддзӕхтӕ йын
ӕрхӕссӕнт лӕвӕрттӕ.
11Ӕппӕт паддзӕхтӕ йӕ разы ӕрзоныг уыдзысты;
лӕггад ын кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ.
12Уымӕн ӕмӕ уый бахиздзӕни дзыназӕг мӕгуыры
ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыцы ӕфхӕрды.
13Ӕдыхтӕн ӕмӕ хъуаг ӕййафджытӕн
батӕригъӕд кӕндзӕн,
мӕгуырты удтӕ мӕлӕтӕй бахиздзӕн.
14Ирвӕзын сӕ кӕндзӕн тыхми ӕмӕ 'фхӕрдӕй,
уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕн сӕ цард зынаргъ у.
15Цӕрӕд бирӕ,
Шевайы сызгъӕринӕй йын уӕд хай!
Иудадзыг ын кувӕнт,
арфӕ йын кӕнӕнт ӕрвылбон.
16Хор тугыл аскъуыйӕд зӕххыл,
ӕфсир ӕфтауӕнт хӕхты сӕртыл.
Ливайнаг хуымтау уӕнт бӕркадджын;
сахарты сбирӕ уӕнт адӕм зӕххы кӕрдӕгау.
17Йӕ ном цӕрӕд мыггагмӕ;
цалынмӕ хур йӕ бынаты ис,
уӕдмӕ кадджын кӕнӕд йӕ ном.
Адӕмтӕ иууылдӕр йӕ фӕрцы уӕнт арфӕгонд,
ӕмӕ йӕ уыдон хондзысты тӕхудиаг.
18Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау,
Израилы Хуыцау;
иунӕг Уый равдыста диссаджы хъуыддӕгтӕ.
19Мыггагмӕ арфӕгонд уӕд Йӕ цытджын ном,
ӕппӕт зӕхх байдзаг уӕд Йӕ кадӕй.
Амен! Амен!
20Уыйадыл фесты Иессейы фырт
Давиды куывдтытӕ.

72 Псалом

1Асафы псалом.
Куыд ауды Хуыцау Израилыл,
сыгъдӕгзӕрдӕ чи у, уыдоныл!
2Мӕнӕн та цыма мӕ къах фӕцудыдта,
фӕкӕлынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди,
3Уымӕн ӕмӕ бахӕлӕг кодтон хъалтӕм,
фыдлӕгты фӕрныг цард куы федтон, уӕд.
4Уыдон сӕ мӕлӕты онг фыдӕбон нӕ зонынц,
сты ӕнӕниз ӕмӕ хӕрзхаст.
5Куыстӕй сӕхи нӕ фӕлмӕцын кӕнынц,
иннӕтау царды уӕз нӕ бавзарынц.
6Уымӕ гӕсгӕ сӕрыстырад, фӕрдгуыты халау,
ӕртыхсти сӕ хъуырыл;
ӕгъатырдзинад сын дарӕсау у.
7Фырнардӕй сӕ цӕстытӕ алӕбырдысты;
сӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕфсӕрм хъуыдытӕй – дзаг.
8Алкӕмӕй хынджылӕг кӕнынц,
сӕ фыдзӕрдӕйӕ хахуыртӕ дзурынц,
сты схъӕлдзырд.
9Сӕ дзыхтӕ ныххӕлиу кодтой арвмӕ,
се 'взӕгтӕй схицӕуттӕ сты зӕххыл.
10Уымӕ гӕсгӕ Йӕ адӕм дӕр сӕ фӕдыл аздӕхтысты;
сӕ дон сын нуазынц кӕхцы дзагӕй,
11Ӕмӕ фӕзӕгъынц:
«Куыд ӕй базондзӕн Хуыцау?
Бӕрзондбадӕг ӕппӕт зонӕг у?»
12Ӕмӕ мӕнӕ ацы фыдлӕгтӕ – ницӕй мӕт сӕ ис,
ӕфтауынц сӕ мулкыл.
13Уӕдӕ ӕз цымӕ мӕ зӕрдӕ
ӕнӕхъуаджы дардтон сыгъдӕгӕй,
мӕ къухтӕ – ӕназымӕй?
14Ӕмӕ ӕрвылбон дзӕгъӕлы истон ӕфхӕрд,
алы райсом мӕхи уайдзӕфы хай кодтон?
15Фӕлӕ куы загътаин: ай уыдзӕн мӕ ныхас,
уӕд азымджын уаин Дӕ адӕмы фӕлтӕры раз.
16Ӕмӕ архайдтон уый бамбарыныл,
фӕлӕ зын бамбарӕн уыд уый,
17Цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн
ӕмӕ сӕ адзал базыдтон, уӕдмӕ.
18Бӕлвырд сӕ бырынцъаг фӕндӕгтыл сӕвӕрдтай
ӕмӕ сӕ сӕрсӕфӕны ныппардзынӕ.
19Куыд ӕвиппайды сфӕлахс сты,
ӕгасӕй дӕр сын ӕрцыди кӕрон –
бӕллӕхты бын фесты!
20Райхъал уӕвгӕйӕ фын куыд айсӕфы,
афтӕ сын Ды, Дунедарӕг, ӕрцӕугӕйӕ
фесафдзынӕ сӕ бӕллицтӕ.
21Мӕ зӕрдӕ куы хъынцъым кодта,
ӕмӕ куы тыхсти мӕ уд,
22Уӕд ӕз уыдтӕн ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕмбарӕг,
Дӕ разы фосӕй уӕлдай нӕ уыдтӕн.
23Фӕлӕ ӕз ӕдзух Демӕ дӕн;
Ды хӕцыс мӕ рахиз къухыл.
24Дӕ уынаффӕйӕ мын амоныс фӕндаг,
уый фӕстӕ та мӕ бакӕндзынӕ Дӕ кадмӕ.
25Чи мын ис уӕлӕрвты? Ды мемӕ куы уай,
уӕд ницӕмӕ бабӕлдзынӕн зӕххыл.
26Мӕ буар ӕмӕ зӕрдӕ куы слӕмӕгъ уой,
уӕддӕр Хуыцау мӕ зӕрдӕйӕн фидар ныфс у,
мӕ амонды хай мыггагмӕ.
27Уымӕн ӕмӕ мӕнӕ, Дӕуӕй чи адард ис,
уыдон сӕфынц;
Дӕуӕй чидӕриддӕр аздӕхы, уыдон бабын кӕныс.
28Мӕнӕн та у ӕрмӕст ӕхцон –
Дӕумӕ хӕстӕг куыд уон.
Мӕ зӕрдӕ Хицау Хуыцауыл дарын
ӕмӕ дзурдзынӕн Йе 'ппӕт хъуыддӕгтыл.

73 Псалом

1Асафы зондамонӕн псалом.
Цӕмӕн ныл атигъ кодтай Дӕхи, Хуыцау?
Цӕмӕн рафыхт Дӕ маст Дӕ сӕрвӕтты фыстӕм?
2Ӕрымыс Дӕ адӕмы ӕмбырдтӕ,
рагӕй кӕй сӕвзӕрстай –
Дӕхицӕн бындартӕн цы мыггаг балхӕдтай
ӕмӕ Сионы хох, Дӕ цӕрӕн бынат.
3Дӕ фӕндаг сараз ӕнусон халӕнтӕм:
знаг Кувӕндоны ӕппӕтдӕр ныппырх кодта.
4Де знӕгты богъ хъуысы Де 'мбырды рӕбын;
се 'гъдӕуттӕ дзы ӕрӕвӕрдтой
уӕлахизы нысанӕн.
5Уыдон уыдысты, хъӕды къутӕртыл
фӕрӕт ӕнауӕрдонӕй чи ауадзы, уый хуызӕн.
6Ӕппӕт нывӕфтыдтӕ дзы фехӕлдтой
фӕрӕттӕй ӕмӕ дзӕккортӕй.
7Арты хай бакодтой Дӕ Кувӕндон;
зӕххыл Дӕ номыл цы сыгъдӕг бынат уыди,
уымӕй фӕхынджылӕг кодтой.
8Хинымӕр загътой: «Цӕй-ма, иу февнӕлдӕй
ныссӕндӕм се 'ппӕты дӕр».
Ӕмӕ басыгътой, зӕххыл Хуыцаумӕ кӕм куывтам,
ӕппӕт уыцы бынӕттӕ.
9Дӕ нысӕнттӕ нал уынӕм, нал нӕм ис пехуымпар;
кӕдмӕ афтӕ уыдзыстӕм,
уый зонӕг дӕр нӕм ничи ис.
10О Хуыцау, кӕдмӕ хынджылӕг кӕндзӕни знаг?
Фыдгул кӕдмӕ цъыф калдзӕни Дӕ номыл?
Дӕ ном мыггагмӕ?
11Цӕмӕн ныл систай Дӕ къух, Дӕ рахиз къух?
Райс Дӕ къух Де тарӕй ӕмӕ сӕ бабын кӕн!
12Мӕ Хуыцау – рагзаманӕй мӕ Паддзах,
зӕххыл Уый дӕтты уӕлахиз.
13Ды Дӕ хъаруйӕ адих кодтай денджыз,
дӕтты ныссастай егъау цӕрӕгойты сӕртӕ.
14Кӕфхъуындартӕн ныссастай сӕ сӕртӕ
ӕмӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыры
цӕрӕгойтӕн радтай хӕрынӕн.
15Ды гом кӕныс доны гуырӕнтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ,
басур кӕныс ӕнусон стыр дӕттӕ.
16Дӕу у бон ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕу у;
Ды сфӕлдыстай мӕй ӕмӕ хур.
17Зӕххӕн ӕппӕт арӕнтӕ Ды ӕрӕвӕрдтай,
Ды скодтай сӕрд ӕмӕ зымӕг.
18Ӕрымыс-ма: знаг фауы Дунедарӕджы,
ӕнӕзонд адӕм ӕлгъитынц Дӕ ном.
19Сырдты ӕвджид ма бакӕ бӕлойнаг уды цард,
ма ныууадз Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы бынтон рохуаты.
20Ӕрымыс Дӕ фидыд!
Науӕд зӕххы талынг бынӕттӕ
байдзаг сты тыхгӕнджыты лӕгӕттӕй.
21Ӕфхӕрд адӕймаджы ӕгадӕй ма раздах;
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк стауӕнт Дӕ ном.
22Рацу, Хуыцау, Дӕ хъуыддагыл тохмӕ;
ӕрымыс, ӕнӕзӕндтӕ Дӕ ӕрвылбон куыд
ӕгад кодтой, уый.
23Ма ферох кӕн Де знӕгты ӕнауӕрдон хъӕр
ӕмӕ Дӕ ныхмӕлӕуджыты ӕнӕнцайгӕ цъӕххаст.

74 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Асафы псалом.
Зарӕг.
2Бузныг Дӕ стӕм, Хуыцау, бузныг –
хӕстӕг у Дӕ ном Дӕ диссаджы хъуыддӕгтыл
чи дзуры, уыдонмӕ.
3Ды зӕгъыс:
«Мӕ нысангонд рӕстӕг куы ралӕууа,
уӕд рахӕсдзынӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон.
4Зӕхх ӕмӕ зӕххыл цӕрджытӕ
ӕмризӕджы куы ризой,
уӕд ын Ӕз сфидар кӕндзынӕн йӕ цӕджындзтӕ». ||
5Хиппӕлойтӕн зӕгъын:
«Уӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕссут»,
фыдлӕгтӕн та зӕгъын: «Уӕ тыхӕй хъал ма ут,
6Уӕ тыхыл уӕ зӕрдӕ ӕгӕр ма дарут,
схъӕлбӕрзӕйӕ ма дзурут».
7Уымӕн ӕмӕ бӕрзонддзинад не 'рцӕудзӕн
нӕдӕр скӕсӕнӕй, нӕдӕр ныгуылӕнӕй,
нӕдӕр ӕдзӕрӕг ранӕй.
8Фӕлӕ Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг:
иуы ӕрныллӕг кӕндзӕн,
иннӕйы та бӕрзонд сисдзӕн.
9Хуыцауы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны дзаг кӕхц,
алыхуызон маст кӕрдӕджытимӕ.
Уый йӕ ӕркалы ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕххы фыдлӕгтӕ
быннозт кӕндзысты сӕны бынтимӕ.
10Ӕз та мыггагмӕ дзурдзынӕн уый тыххӕй,
зардзынӕн Иаковы Хуыцауӕн.
11Ӕппӕт фыдлӕгты сыкъатӕ асӕтдзынӕн,
растгӕнӕгӕн та йӕ кад уыдзӕни бӕрзонд.

75 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндырыл.
Асафы псалом.
Зарӕг.
2Иудейӕйы зонынц Хуыцауы;
Израилы стыр у Йӕ ном.
3Салимы уыди Йӕ цатыр,
Сионы – Йӕ цӕрӕн бынат.
4Уым асаста Хуыцау зынг фаттӕ,
уарт ӕмӕ цирхъ, тохы хӕцӕнгӕрзтӕ. ||
5Дӕ рухс тӕмӕнтӕ калы,
Ды кадджындӕр дӕ сырдарӕх хӕхтӕй.
6Тыхджынтӕ фесты Дӕ амӕддаг,
мӕрдвынӕй баисты;
фидар лӕгтӕй йӕ къух сисын ничи бафӕрӕзта.
7Дӕ уайдзӕфӕй, Иаковы Хуыцау,
бандзыг сты хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ.
8Тасӕфтауӕг дӕ Ды!
Дӕ разы чи фӕлӕудзӕн Дӕ мӕсты афон?
9Уӕлӕрвтӕй фехъусын кодтай Дӕ тӕрхон,
ӕмӕ зӕхх фыртӕссӕй ныссабыр,
10Ӕппӕт зӕххыл ӕфхӕрдтыты фервӕзыны тыххӕй
Хуыцау тӕрхонмӕ куы сыстади, уӕд. ||
11Бӕлвырд адӕймаджы тызмӕгдзинад дӕр
Дӕ кадӕн вӕййы,
йӕ рохтӕ йын куы ӕрбалвасыс, уӕд.
12Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн
раттут дзырд ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнут;
Йӕ алыварс чи ис, уыдон иууылдӕр
нывӕндтӕ ӕрхӕссӕнт,
тӕрсын Кӕмӕй хъӕуы, Уымӕн.
13Уый басӕтты ӕлдӕрттӕн сӕ уд,
зӕххон паддзӕхтӕ Дзы ӕмризӕджы ризынц.

76 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
Едифумӕн.
Асафы псалом.
2Хуыцаумӕ у мӕ ныхас,
Хуыцаумӕ у мӕ дзыназыны хъӕлӕс;
Уый фехъусдзӕни мӕн.
3Мӕ хъыджы бон агурын Хуыцауы,
ӕхсӕвдӕргъы Йӕм мӕ къухтӕ фӕдарын;
мӕ уд нал исы ӕнцой.
4Хуыцауы мысын ӕмӕ хъӕрзын;
хъуыды кӕнын, ӕмӕ руайы мӕ уд.
5Ды нӕ уадзыс мӕ цӕстытӕ ӕрцъынд кӕнын;
фӕдӕн зӕрдӕсаст ӕмӕ дзурын нал фӕразын.
6Мӕ хъуыдытӕ – нӕ рагбонтыл, ивгъуыд азтыл.
7Ӕхсӕвыгон ӕрымысын мӕ зарджытӕ,
мӕ зӕрдӕйы нывӕндын мӕ хъуыдытӕ,
мӕ уд агуры дзуапп:
8«Цымӕ нӕ Дунедарӕг бынтон ныууагъта
ӕмӕ ныл нырӕй фӕстӕмӕ нал ауддзӕн?
9Цымӕ нӕм Йӕ уарзт бынтондӕр ахуыссыди,
нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн Йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ
сӕ тыхы нал сты?
10Хуыцауӕй ӕцӕг ферох хатыр кӕнын
ӕмӕ фырмӕстӕй Йӕ хорзӕхы дуӕрттӕ сӕхгӕдта?» ||
11Уӕд загътон: «Мӕ зӕрдӕйы рыст уый у,
ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцау нӕ сӕрыл кӕй нал хӕцы».
12Фӕлӕ ӕрымысдзынӕн Дунедарӕгӕн Йе 'рмдзӕф;
ӕрымысдзынӕн Дӕ рагзаманы диссӕгтӕ.
13Мӕ зӕрдыл дардзынӕн Де 'ппӕт хъуыддӕгтӕ,
мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Де 'рмдзӕфыл.
14Дӕ фӕндаг рухс у, Хуыцау!
Кӕцы хуыцау у нӕ Хуыцауӕй стырдӕр!
15Ды диссӕгтӕгӕнӕг Хуыцау дӕ;
Ды равдыстай Дӕ хъомыс адӕмты ӕхсӕн.
16Ды бахызтай Дӕ адӕмы Дӕ цонджы тыхӕй,
Иаков ӕмӕ Иосифы фыртты. ||
17Дӕу федтой, Хуыцау, дӕттӕ,
Дӕу федта денджыз ӕмӕ банкъуысти;
ӕнӕбын хуыдымтыл дӕр ризӕг бахӕцыди.
18Ӕврӕгътӕй калди дон,
мигътӕй-иу хъуысти гыбар-гыбур,
Дӕ фаттӕ цӕхӕркалгӕйӕ тахтысты.
19Зилгӕуады хъуысти Дӕ ӕрвнӕрд,
ӕрвӕрттывд-иу ныррухс кодта дун-дуне;
зӕхх ӕнкъуысыд ӕмӕ рызти.
20Дӕ фӕндаг – денджызыл,
Дӕ надвӕд – стыр дӕттыл;
Дӕ къахвӕндӕгтӕн раиртасӕн нӕй.
21Кодтай Дӕ адӕмы фысты дзугау,
Моисей ӕмӕ Аароны къухӕй.

77 Псалом

1Асафы зондамонӕн псалом.
Байхъусут, мӕ адӕм, мӕ зондамындмӕ;
ӕз цы зӕгъын, уымӕ уӕ хъус ӕрдарут:
2Ӕз уын радзурдзынӕн фӕсномыг ныхас,
ӕрхӕсдзынӕн уын рагбонты ӕмбисӕндтӕ.
3Мах цы фехъуыстам, цы базыдтам,
нӕ фыдӕлтӕ нын цы ралӕвӕрдтой,
4Уый ма бамбӕхсӕм сӕ байзӕддагӕй;
нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн радзурӕм
Хуыцауы кадыл, Йӕ хъаруйыл,
цы диссӕгтӕ равдыста, уыдоныл.
5Уый радта Иаковӕн фӕдзӕхстытӕ,
ӕрӕвӕрдта ӕгъдау Израилы;
ӕмӕ нӕ фыдӕлты бар бакодта
уыдон сӕ цотмӕ адӕттын,
6Нӕ фӕстагӕттӕ сӕ куыд зоной,
ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕ, ӕмӕ сӕ уыдон дӕр
сӕ цотӕн куыд дзурой:
7Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ дарой,
Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ма ферох кӕной,
Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрой,
8Ӕмӕ сӕ фыдӕлтау ма уой хивӕнд
ӕмӕ змӕнтӕг фӕлтӕр –
зӕрдӕйӕ ӕууӕнкджын чи нӕ уыд Хуыцауыл
ӕмӕ удӕй ӕнувыд, ахӕм фӕлтӕр.
9Ефремы гӕрзифтонг фырттӕ, фатӕхсджытӕ,
тохы бон лидзынмӕ куыд фесты,
10Уыдон не 'ххӕст кодтой Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ,
нӕ сӕ бафӕндыд Йе 'гъдауыл цӕуын;
11Сӕ зӕрдыл нал дардтой Йӕ хъуыддӕгтӕ,
кӕй сын равдыста, Йӕ уыцы диссӕгтӕ.
12Сӕ фыдӕлты цӕсты раз Мысыры зӕхх,
Цоаны быдыры, Уый скодта диссӕгтӕ.
13Фӕдих кодта денджыз, акодта сӕ йӕ астӕуты,
дон лӕууыди къулау.
14Боныгон ӕврӕгъы сӕ разӕй цыди,
ӕхсӕвдӕргъы – Йӕ арты рухсы.
15Къӕдзӕх фӕдих кодта ӕдзӕрӕг ран
ӕмӕ, цыма ӕнӕбын суадӕттӕй,
афтӕ сӕ донӕй бафсӕста.
16Уый рауагъта къӕдзӕхӕй ивылӕнтӕ,
цӕугӕдӕттау рацыди дон.
17Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ ныхмӕ арӕзтой тӕригъӕдтӕ,
Бӕрзонд Хуыцауы ныхмӕ-иу
сыстадысты ӕдзӕрӕг ран.
18Барӕй къахтой Хуыцауы зӕрдаивӕй,
сӕ уды фӕндиаг хӕринӕгтӕ дзы домдтой.
19Ӕмӕ дзырдтой Хуыцауы ныхмӕ, зӕгъгӕ:
«Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг ран
фынг ӕрӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?
20Уӕдӕ Хуыцау куы ӕрцавта къӕдзӕх,
уӕд дзы ракалди дӕттӕ, рацыди дзы суадӕттӕ.
Фӕлӕ Йӕ адӕмӕн Йӕ бон у дзул раттын
ӕмӕ сӕ дзидзайӕ бафсадын?»
21Уый фехъуыста Дунедарӕг,
Йӕ маст сӕм рафыхти,
ӕмӕ арт сирвӕзти Иаковыл,
Хуыцауы азар раивылд Израилыл,
22Уымӕн ӕмӕ Хуыцауыл не 'ууӕндыдысты,
нӕ сӕ уырныдта – фервӕзын сӕ кӕндзӕни, уый.
23Фӕлӕ Хуыцау бардзырд радта
уӕларвон ӕврӕгътӕн
ӕмӕ байгом кодта арвы дуӕрттӕ,
24Ӕмӕ сын уарыди хӕрынӕн маннӕ,
радта сын уӕларвон хойраг.
25Зӕдты дзул хордтой адӕм,
Хуыцау сын радта фаг хӕринаг.
26Уӕлӕрвтӕй рауагъта скӕсӕйнаг дымгӕ,
Йӕ тыхӕй ӕркодта хуссайраг.
27Ӕмӕ рыгау ӕруарын кодта дзидза,
тӕхаг мӕргътӕ – денджызон змисау.
28Ӕмӕ сӕ асадӕнмӕ калдта,
сӕ цатырты алыварс.
29Бахордтой ӕмӕ фелгъӕд ысты,
уымӕн ӕмӕ сын Уый сӕ мондӕгтӕ суадзын кодта.
30Сӕ мондӕгтӕ нӕма суагътой,
нӕма аныхъуырдтой сӕ комдзаг,
31Афтӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх баййӕфта –
амардта тыхджындӕрты,
Израилы ӕвзонг фыртты дӕлгоммӕ ӕрфӕлдӕхта.
32Уӕддӕр адӕм тӕригъӕды ӕфтыдысты;
уӕддӕр не 'ууӕндыдысты Хуыцауы диссӕгтыл.
33Афтӕ сын сӕ мӕнг бонтӕн кӕрон скодта
ӕмӕ сын ӕвӕст сӕ царды дуг ӕрбайсӕфта.
34Куы сӕ мардта, уӕд-иу Ӕй райдыдтой агурын,
здӕхтысты Йӕм сӕумӕрайсомӕй;
35Сӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууыди,
Хуыцау сӕ къӕдзӕх кӕй у,
Бӕрзонд Хуыцау сӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕй у.
36Фӕлӕ Йын дзырдтой козбау ныхӕстӕ,
сайдтой Йӕ се 'взагӕй.
37Сӕ зӕрдӕ раст нӕ уыди Йӕ разы,
Йӕ фидыдыл ӕнувыд нӕ уыдысты.
38Фӕлӕ Уый уарзӕгой у, барста сын сӕ азымтӕ
ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта.
Бирӕ хӕттыты Йӕ маст урӕдта,
Йӕ фыдӕх сыл ӕххӕст нӕ уагъта.
39Хуыцау Йӕ зӕрдыл дардта, уыдон буар кӕй сты
ӕмӕ уддзӕф – чи ацӕуы ӕмӕ нал раздӕхы.
40Цал хатты сыстадысты тыгъд быдыры Йӕ ныхмӕ,
цал хатты Дзы бауагътой маст ӕдзӕрӕг бӕстӕйы!
41Ӕмӕ та ноджыдӕр къахтой Хуыцауы,
хъыг кодтой Израилы Сыгъдӕджы!
42Ферох сӕ Йӕ хъомыс,
ӕфхӕрӕджы къухӕй сӕ куы байста, уыцы бон –
43Мысыры куы равдыста Йӕ нысӕнттӕ
ӕмӕ Цоаны дӕлвӕзы Йӕ диссӕгтӕ.
44Сӕ цӕугӕдӕттӕ сын туг фестын кодта,
ӕмӕ сӕ дон нуазынӕн нал бӕззыди.
45Бафтыдта сыл уырынгонты ӕвзӕн,
цӕмӕй сыл хӕцой, ӕмӕ галхӕфсыты,
цӕмӕй сын хӕссой стыр зиан.
46Сӕ зайӕгхалмӕ сын бауагъта къуыдыркӕлмыты,
сӕ тыллӕг сын фӕкодта мӕтыхты амӕддаг.
47Сӕ сӕнӕфсиртӕ сын ихӕй ныццагъта,
сӕ легъуибӕлӕстӕ сын ныссӕлын кодта.
48Сӕ фос сын фӕцагъта ихӕй,
сӕ дзугтӕ та сын арв ӕрцавта.
49Ныккалдта сыл Йӕ судзгӕ маст,
Йӕ азар, Йӕ фыдӕх; фыдбон сыл ӕруагъта,
фӕкодта сӕ бынгӕнӕг зӕдты амӕддаг.
50Йӕ маст нал баурӕдта,
сӕ цард сын мӕлӕтӕй нӕ бахъахъхъӕдта,
сӕ фос сын фӕцагъта рынӕй.
51Мысыры амардта алы хистӕр фырты –
Хамы цатырты фӕцагъта фыццаггуырдты.
52Фыстау ракодта Йӕ адӕмы,
дзугау сӕ кодта ӕдзӕрӕг ран.
53Кодта сӕ ӕдас фӕндӕгтыл,
ӕмӕ ницӕмӕй тарстысты,
се знӕгтӕ та денджызы фӕдӕлдон сты.
54Ӕрхуыдта сӕ Йӕ сыгъдӕг зӕххы арӕнтӕм,
Йӕ рахиз цонгӕй кӕй райста, уыцы хохмӕ.
55Сӕ разӕй сын фӕсырдта муртӕтты,
сӕ зӕххытӕ фыдӕй фыртмӕ радта уыдонӕн,
сӕ цатырты сын ӕрцӕрын кодта израилаг адӕмы
хӕдзарвӕндӕгты.
56Фӕлӕ уӕддӕр къахтой Хуыцауы,
Бӕрзондбадӕджы ныхмӕ-иу сыстадысты,
Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты.
57Сӕ фыдӕлтау-иу Хуыцауӕй аздӕхтысты,
цыдысты Йыл гадзрахатӕй,
зылын фатау-иу фӕиппӕрд сты раст фӕндагӕй.
58Йӕ хъыджы цыдысты бӕрзӕндтӕн кувынӕй
ӕмӕ Дзы маст уагътой мӕнгхуыцӕуттӕн кусынӕй.
59Уый Хуыцау куы фехъуыста,
уӕд Йӕ маст рафыхти
ӕмӕ Йӕхи атигъ кодта Израилыл.
60Ӕмӕ ныууагъта Силомы Йӕ цӕрӕн бынат –
адӕмы ӕхсӕн Йе 'вӕрд цатыр.
61Йӕ тыхы ӕвдисӕн радта уацарӕн,
Йӕ кады бынат – знӕгты къухтӕм.
62Йӕ адӕмы фӕкодта цирхъы амӕддаг;
Уый смӕсты Йӕ бындар адӕммӕ.
63Ӕрыгон лӕппуты арт аныхъуырдта,
чындзхӕсджыты зарджытӕ нал кодтой чызджытӕн;
64Сӕ сауджынтӕ фӕлдӕхтысты цирхъӕй,
сӕ идӕдз устытӕн сӕ бон кӕуын нӕ уыд.
65Уӕд Дунедарӕг растади,
цыма Йӕ фынӕй райхъал,
сӕны тых чи банкъардта, уыцы бӕгъатырау,
66Ӕмӕ Йе знӕгты лидзинаг фӕкодта –
мыггагмӕ сӕ ӕгадмӕ ӕртардта.
67Хуыцау Йӕ цӕст не 'рӕвӕрдта Иосифы цатыртыл,
Ефремы хӕдзарвӕндаг дӕр нӕ сӕвзӕрста,
68Фӕлӕ сӕвзӕрста Иудӕйы хӕдзарвӕндаг,
кӕй бауарзта, Сионы уыцы хох.
69Уым сӕвӕрдта Йӕ Кувӕндон хӕхтау бӕрзонд,
сфидар ӕй кодта мыггагмӕ зӕххы бындурау.
70Ӕмӕ сӕвзӕрста Йӕ цагъар Давиды,
ракодта йӕ фосдарӕнӕй,
71Фысты хизӕнӕй йӕ ракодта Иаковмӕ,
Йӕ адӕммӕ – Йӕ бындар адӕм, Израилы хизынмӕ.
72Ӕмӕ сӕ хызта сыгъдӕг зӕрдӕйӕ,
кодта сӕ размӕ арӕхстджын къухӕй.

78 Псалом

1Асафы псалом.
О Хуыцау, ӕрцыдысты муртаттӕ
ӕмӕ бацахстой Дӕ зӕхх;
Дӕ рухс Кувӕндонӕй фӕхынджылӕг кодтой,
Иерусалимӕй дур дурыл нал ныууагътой.
2Дӕ цагъарты мӕрдтӕ хӕрынӕн радтой мӕргътӕн,
Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ – хъӕддаг сырдтӕн.
3Сӕ туг сын донау ныккалдтой Иерусалимы алыварс,
ныгӕнӕг дӕр сӕ нал уыд.
4Фидиссаг фестӕм нӕ сыхӕгтӕн,
ӕгад нӕ кӕнынц ӕмӕ ныл худынц
нӕ алыварс чи цӕры, уыдон.
5О Дунедарӕг, кӕдмӕ?
Иудадзыг тызмӕг уыдзынӕ?
Кӕдмӕ хъуамӕ судза, артау, Дӕ маст?
6Дӕ фыдӕх ныккал,
Дӕу чи нӕ зоны, уыцы адӕмтыл,
Дӕ ном чи нӕ агуры, уыцы паддзахӕдтыл.
7Уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой Иаковы
ӕмӕ йын йӕ бӕстӕ раууатмӕ ӕркодтой.
8Ма нын бадар нӕ цӕстмӕ нӕ фыдӕлты азымтӕ;
рӕхджы ныл Дӕ хорзӕх ӕрцӕуӕд,
уымӕн ӕмӕ мах фестӕм зӕрдӕсаст.
9Дӕ номы кадӕн нын баххуыс кӕн,
нӕ Хуыцау, нӕ ирвӕзынгӕнӕг;
бахиз нӕ ӕмӕ нын ныббар нӕ тӕригъӕдтӕ
Дӕ номы сӕраппонд.
10Иннӕ адӕмтӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурой:
«Кӕм ис сӕ Хуыцау?»
Дӕ цагъарты туг ныккалджытӕй Ды Дӕ маст исыс;
уадз уый нӕхи цӕстӕй фенӕм,
ӕмӕ адӕмтыл дӕр уый айхъуыса.
11Фехъуысӕд Дӕм ахӕстыты уынӕргъын;
бахиз Дӕ цонджы хъаруйӕ,
мӕлӕты цӕстытӕм чи кӕсы, уыдоны.
12Авд хатты фылдӕр ӕлгъыст
сӕ зӕрдӕтӕм ӕрбаздах, Дунедарӕг,
Дӕу чи ӕлгъыста, нӕ уыцы сыхӕгтӕн.
13Мах та Дӕ адӕм стӕм, Дӕ сӕрвӕтты фыстӕ,
мыггагмӕ Дӕ стаудзыстӕм
ӕмӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ
ӕппӕлдзыстӕм Дӕуӕй.

79 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Фарны кӕркусӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Асафы псалом.
2Фехъус нӕ, Израилы Фыййау!
Ды фысты дзугау кӕныс Иосифы,
Дӕхи равдис, херувимтыл Бадӕг,
3Ефрем, Вениамин ӕмӕ Манассийӕн;
раргом кӕн Дӕ тых ӕмӕ ӕрцу
нӕ фервӕзын кӕнынмӕ.
4О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых,
срухс нӕ кӕн Дӕ цӕсгомы рухсӕй,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм мах.
5О Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
кӕдмӕ ахӕсдзӕни Дӕ маст,
ӕмӕ Дӕ адӕмы куывд ма исай?
6Дзулы бӕсты сӕ цӕссыгӕй бафсӕстай,
баназын сын кодтай дзӕвгар цӕссыг.
7Нӕ сыхӕгтӕн фестӕм хъаугъайы амӕддаг,
ӕмӕ ныл худынц не знӕгтӕ.
8О Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
Сног нын кӕн нӕ тых,
срухс нӕ кӕн Дӕ цӕсгомы рухсӕй,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм мах.
9Мысырӕй рахастай сӕнӕфсиры бӕлас;
фӕсырдтай адӕмты ӕмӕ йӕ ныссагътай.
10Ссыгъдӕг ын кодтай бынат,
ауагъта уидӕгтӕ, ӕмӕ уый байдзаг и зӕххыл.
11Йӕ аууонӕй бамбӕрзта хӕхтӕ,
йӕ къалиутӕй – егъау нӕзытӕ.
12Йӕ къабӕзтӕ денджызы онг ауагъта,
йӕ талатӕ – цӕугӕдоны онг.
13Цӕмӕн ын ныппырх кодтай йе 'мбонд,
йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдонӕн тонынӕн?
14Хъӕддаг хуытӕ йӕ сафынц,
хӕрынц ӕй быдираг сырдтӕ.
15Раздӕх нӕм, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
Ӕркӕс арвӕй ӕмӕ фен,
бабӕрӕг кӕн уыцы сӕнӕфсирдон,
16бахъахъхъӕн, Дӕ рахиз къух цы ныссагъта, уый,
ӕмӕ, Дӕхицӕн кӕй сфидар кодтай, уыцы талатӕ.
17Сӕнӕфсирдон басыгъди, ныццагътой йӕ;
Дӕ уайдзӕфӕй Дӕ адӕм сӕфынц.
18Дӕ къух ӕрӕвӕр Дӕ рахиз цонджы ӕвзӕрстыл
ӕмӕ адӕймаджы фыртыл,
Дӕхицӕн кӕй сфидар кодтай.
19Уӕд Дӕуӕй нӕ аздӕхдзыстӕм;
райгас нӕ кӕн, ӕмӕ ссардзыстӕм Дӕ ном.
20О Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
Сног нын кӕн нӕ тых,
срухс нӕ кӕн Дӕ цӕсгомы рухсӕй,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм мах.

80 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Гат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Асафы псалом.
2Цингӕнгӕ зарут Хуыцауӕн –
Уый нӕ тых у;
хъӕлӕсыдзагӕй стаут Иаковы Хуыцауы.
3Райдайут зарын, рахӕссут гуымсӕг,
ӕхцонзӕл дала-фӕндыр дыууадӕстӕнонимӕ.
4Уасут сыкъа-уадындзӕй мӕйноджы
ӕмӕ – мӕй куы уа цӕлхыдзаг – нӕ бӕрӕгбоны.
5Уый Израилӕн ӕгъдау у,
Иаковы Хуыцауӕй – фӕтк.
6Уыцы уагӕвӕрд Хуыцау Иосифӕн радта,
мысыраг зӕххӕй куы рацыди, уӕд.
Уым фехъуыстон ӕнахуыр хъӕлӕс:
7«Йе 'ргъом ын райстон йӕ уӕхсчытӕй;
ссӕрибар сты тӕскъӕй йӕ къухтӕ.
8Дӕ уынгӕджы бон Мӕм фӕдзырдтай,
ӕмӕ дӕ бахызтон;
ӕрвнӕрды бӕрзӕндӕй дын дзуапп радтон,
бафӕлвӕрдтон дӕ Меривы дӕтты цур. ||
9Байхъусут, Мӕ адӕм,
развӕлгъау уӕ фӕдзӕхсдзынӕн:
О, куы Мӕм байхъусис, Израил!
10Ма дын уӕд ӕндӕр хуыцау,
ӕцӕгӕлон хуыцауӕн ма кув.
11Ӕз дӕ Хицау Хуыцау дӕн,
Мысыры зӕххӕй дӕ Ӕз ракодтон;
сдар Мӕм дӕ цӕнгтӕ,
ӕмӕ дӕ Ӕз хъуаг ницӕмӕй ныууадздзынӕн».
12Фӕлӕ Мӕм Мӕ адӕм нӕ хъуыстой,
зӕгъы Хуыцау, Израил Мӕ коммӕ нӕ касти.
13Уӕд сӕ Ӕз ныууагътон сӕ хивӕнд зӕрдӕйы
ӕвджид,
цӕмӕй, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрой.
14Мӕ адӕм бӕргӕ куы хъуыстаиккой мӕнмӕ,
ӕмӕ Израил куы цыдаид Мӕ фӕндӕгтыл,
15Уӕд сын рӕхджы Ӕз се знӕгты басастаин,
Мӕ къух ӕртасыдаид се 'фхӕрджытӕм.
16Хуыцауы знӕгтӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл
бырыдаиккой,
ӕмӕ афтӕ уыдаид мыггагмӕ дӕр.
17Ӕз сӕ хастаин хуыздӕр хорӕй,
ӕфсӕстаин сӕ къӕдзӕхы мыдӕй.

81 Псалом

1Асафы псалом.
Хуыцау ӕрлӕууыд бӕрзонд ныхасы,
хуыцӕутты[18]'хсӕн рахаста Йӕ тӕрхон:
2«Кӕдмӕ кӕндзыстут хӕрам тӕрхон,
кӕдмӕ уыдзыстут фыдлӕгты фарс? ||
3Уӕ тӕрхон бахъахъхъӕнӕд мӕгуыр ӕмӕ сидзӕры,
ӕфхӕрд ӕмӕ ӕдыхӕн сӕ сӕрыл рахӕцут.
4Бахизут гӕвзыкк ӕмӕ мӕгуыры,
байсут сӕ фыдлӕгты къухтӕй».
5Уыцы хицӕуттӕ нӕ зонынц ӕмӕ не 'мбарынц,
дзӕгъӕл кӕнынц талынджы:
халынц зӕххы ӕппӕт бындуртӕ.
6Ӕз загътон: «Сымах хуыцӕуттӕ стут;
уе 'ппӕт дӕр Бӕрзонд Хуыцауы фырттӕ стут.
7Фӕлӕ сымах амӕлдзыстут иннӕ адӕймӕгтау;
ӕндӕр ӕлдӕрттау ӕрхаудзыстут».
8Рацу, Хуыцау, тӕрхон рахӕсс зӕххӕн;
уымӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ –
Дӕ бындар сты.

82 Псалом

1Зарӕг.
Асафы псалом.
2О Хуыцау! Ма у ӕнӕсым, ма лӕуу ӕнцад,
ма у ӕнӕдзуапп, Хуыцау!
3Кӕс-ма, Де знӕгтӕ куыд базмӕлыдысты,
Дӕуӕй йе сӕфт чи уыны,
уыдон сӕ сӕрыл куыд схӕцыдысты.
4Дӕ адӕмы ныхмӕ скодтой сусӕг фыдвӕнд,
уынаффӕтӕ кӕнынц, кӕй хъахъхъӕныс,
уыдоны ныхмӕ.
5Уыдон зӕгъынц: «Цом, ӕмӕ сӕ фӕцӕгъдӕм
иннӕ адӕмты ӕхсӕн,
Израилӕн йӕ фӕд дӕр куыд нал уа, афтӕ».
6Баныхас кодтой ӕмзӕрдӕйӕ,
Дӕ ныхмӕ сарӕзтой цӕдис:
7Едомы хъӕутӕ ӕмӕ измаилӕгтӕ,
Моав ӕмӕ агарӕгтӕ,
8Гевал, Аммон, Амалик
ӕмӕ Филистим Тиры цӕрджытимӕ.
9Семӕ баиу Ашур дӕр;
уыдон бафтыдтой Лоты байзӕддаджы тыхыл. ||
10Киссоны цӕугӕдоны былгӕрон
Мадиамыл, Сисарайыл ӕмӕ Иавиныл цы ӕрцыд,
уый сыл ӕруадз.
11Уыдон фӕцагъдӕуыд Ен-Доры
ӕмӕ зӕххӕн фестадысты ӕппарӕнтау.
12Оривӕн ӕмӕ Зивӕн цы сарӕзтай,
уый ӕруадз сӕ номдзыдтыл,
Зевейӕн ӕмӕ Салманӕн цы сарӕзтай,
уый ӕруадз се 'ппӕт уӕздӕттыл.
13Уыдон дзырдтой:
«Хуыцауы зӕххытӕ нӕхи бакӕнӕм».
14Мӕ Хуыцау, фӕкӕн сӕ зилгӕуадау,
зыгуымау – дымгӕйы хай.
15Арт хъӕды къох куыд басудзы,
зынгирвӕзт обӕутты куыд сарауы,
16Афтӕ сӕ сурӕд Дӕ уад,
Дӕ тыхдымгӕ сӕ баййафӕд.
17Сӕ цӕсгом сын фегад кӕн, Хуыцау,
Дӕ ном куыд ӕрцагурой, О Дунедарӕг.
18Ӕгадӕй ӕмӕ тӕрсгӕйӕ цӕрӕнт мыггагмӕ,
фӕхудинаг ӕмӕ бабын уӕнт.
19Уадз базоной, Дунедарӕг ӕрмӕст Дӕ ном кӕй у –
ӕппӕт зӕххы Бӕрзонд Хуыцау Ды дӕ.

83 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Гат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Корейы фыртты псалом.
2Куыд бӕллиццаг у Дӕ цӕрӕн бынат,
Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
3Тырны мӕ уд ӕмӕ бафӕллад
Дунедарӕджы кӕртмӕ бӕлгӕйӕ;
мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ буар цинӕй скъӕфынц мӕн
цардӕгас Хуыцаумӕ.
4Сырддонцъиу дӕр ма ссары йӕхицӕн хӕдзар,
зӕрватыкк – ахстон йӕ лӕппынтӕн
Дӕ нывондхӕссӕны рӕбын,
О Уӕлахизгӕнӕг Хицау,
мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!
5Тӕхудиаг сты Дӕ Хӕдзары цӕрджытӕ:
уыдон иудадзыг стауынц Дӕу. ||
6Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
йӕ тых Дӕуӕй кӕмӕн у,
Дӕ бӕрзонд фӕндаг кӕй зӕрдӕ равзӕрста.
7Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ,
уыдон уым ссарынц суадӕттӕ,
ӕмӕ сын фыццаг къӕвда арфӕ ӕрхӕссы.
8Уыдон цӕугӕйӕ кӕнынц тыхджынӕй тыхджындӕр,
цалынмӕ Сионыл Хуыцауы раз не 'рлӕууынц.
9О Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
фехъус мӕ кувын;
Дӕ хъус мӕм ӕрдар, Иаковы Хуыцау. ||
10Ӕркӕс, О Хуыцау – нӕ хъахъхъӕнӕг
ӕмӕ Дӕ цӕстӕнгас раздах Де 'взӕрстмӕ.
11Дӕ кӕрты иу бон, искуы мингай бонтӕ ӕрвитынӕй
хуыздӕр у.
Фыдӕхы цатыры цӕрынӕй
мӕ Хуыцауы Хӕдзары къӕсӕры цур лӕууын
ӕхцондӕр у.
12Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау
нӕ хур ӕмӕ нӕ уарт у;
Дунедарӕг дӕтты фарн ӕмӕ цыт.
Ӕнаипп цардӕй чи цӕры,
уыдоны ӕнӕхай нӕ уадзы хорзӕхӕй.
13О Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
Тӕхудиаг у,
Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыцы адӕймаг.

84 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты псалом.
2Дӕ хорзӕх равдыстай Дӕ зӕххмӕ, Дунедарӕг,
Иаковы ракодтай уацарӕй.
3Дӕ адӕмӕн ныббарстай сӕ азымтӕ,
ныххатыр сын кодтай се 'ппӕт тӕригъӕдтӕ. ||
4Аиуварс кодтай Де 'ппӕт азар уыдонӕй,
Де 'хсидгӕ маст сӕ аздӕхтай.
5Ӕмӕ та нын сног кӕн нӕ тых,
нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
ӕмӕ нӕм мауал мӕсты кӕн.
6Ау, мыггагмӕ нӕм тызмӕг уыдзынӕ,
Дӕ маст фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕсдзынӕ?
7Ау, нӕ тых нын нал сног кӕндзынӕ,
Дӕ адӕмы цин Дӕуыл куыд уа, афтӕ?
8Равдис нӕм, Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх
ӕмӕ нын ратт Дӕ ирвӕзындзинад.
9Байхъусон, Дунедарӕг Хуыцау цы зӕгъдзӕни, уымӕ;
Йӕ адӕмӕн, Йӕ сыгъдӕджытӕн
Уый дзуры фарн –
ӕрмӕст ногӕй ӕнӕзонд фӕндагыл ма ныллӕууӕд.
10Бӕлвырд, чи Дзы тӕрсы,
уыдонмӕ Йӕ ирвӕзындзинад хӕстӕг у,
цӕмӕй Хуыцауы кад цӕра нӕ зӕххыл.
11Уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты;
рӕстад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
12Иузӕрдиондзинад зӕххӕй ссӕудзӕни,
рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕлӕрвтӕй;
13Ӕмӕ нын Дунедарӕг ратдзӕни фарн,
ӕмӕ нӕ зӕхх ӕрхӕсдзӕни тыллӕг.
14Рӕстад цӕудзӕни Хуыцауы разӕй
ӕмӕ цӕттӕ кӕндзӕн Йӕ къахвӕдтӕн фӕндаг.

85 Псалом

1Давиды куывд.
Фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, О Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн.
2Мӕ уд мын бахиз,
уымӕн ӕмӕ ӕз иузӕрдион дӕн Дӕуыл;
Ды мӕ Хуыцау дӕ, фервӕзын кӕн мӕн –
Дӕуыл йӕ ныфс ӕвӕрӕг цагъары.
3Батӕригъӕд мын кӕн, мӕ Хицау Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ сӕумӕйӕ изӕрмӕ Дӕумӕ кувын.
4Дӕ цагъары зӕрдӕ барухс кӕн, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ уды сагъӕс.
5Ды фӕрнджын ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ,
мӕ Хицау Хуыцау,
Дӕ хорзӕх ӕнӕкӕрон у Дӕумӕ кувджытӕм.
6Фехъус, Дунедарӕг, мӕ кувын;
ӕркӕс мӕ кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕмӕ.
7Мӕ тыхст бон Дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ,
уымӕн ӕмӕ Ды дзуапп ратдзынӕ мӕнӕн.
8Нӕй хуыцӕутты ӕхсӕн Дӕу хуызӕн, Дунедарӕг,
ӕмӕ нӕй Дӕ хъуыддӕгты хуызӕн.
9Ды кӕй сфӕлдыстай, уыцы адӕмтӕ
се 'ппӕт дӕр ӕрлӕудзысты Дӕ разы
ӕмӕ Дын бакувдзысты, О Дунедарӕг;
уыдон скадджын кӕндзысты Дӕ ном.
10Уымӕн ӕмӕ стыр дӕ Ды,
ӕмӕ аразыс диссӕгтӕ;
иунӕг Ды дӕ Хуыцау.
11Сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын, Дунедарӕг,
ӕмӕ Дӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕн;
ратт мӕ зӕрдӕйӕн ӕххӕст фӕндон –
Дӕуӕй куыд тӕрсон.
12Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дӕу стаудзынӕн,
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау;
мыггагмӕ кадджын кӕндзынӕн Дӕ ном.
13Уымӕн ӕмӕ стыр у Дӕ хорзӕх мӕнмӕ;
мӕ уд мын бахызтай арф ингӕнӕй.
14О Хуыцау, хъалтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,
тыхгӕнджыты бал мӕ агуры марынмӕ –
уыдон нӕ нымайынц Дӕу.
15Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ
ӕмӕ хатыргӕнӕг,
бирӕбыхсон ӕмӕ иузӕрдион дӕ,
ӕнӕкӕрон у Дӕ уарзт.
16Де 'ргом раздах мӕнмӕ, батӕригъӕд мын кӕн;
Дӕ тыхӕй бахай кӕн Дӕ цагъарӕн –
фервӕзын кӕн Дӕуӕн лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы
хъӕбулы!
17Равдис мыл Дӕ аудыны нысан,
мӕ фыдгултӕ йӕ куыд феной ӕмӕ фегад уой,
уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг,
баххуыс кодтай мӕнӕн ӕмӕ мӕ барӕвдыдтай.

86 Псалом

1Корейы фыртты псалом.
Зарӕг.
2Хуыцау сыгъдӕг хохыл сӕвӕрдта Йӕ бындур;
Сионы кулдуар[19]Дунедарӕг
Иаковы ӕппӕт цӕрӕн бынӕттӕй фылдӕр уарзы.
3Де стырады кой хъуысы, Хуыцауы сахар! ||
4Мӕн чи зоны, уыдонӕн ӕрымысдзынӕн Раав[20]
ӕмӕ Вавилон;
филистимӕгтӕ дӕр, Тир
ӕмӕ Ефиопи дӕр зӕгъдзысты:
«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг уым райгуырд».
5Сионы тыххӕй дзурдзысты:
«Ацы адӕймаг ӕмӕ уыцы адӕймаг дӕр
уым райгуырдысты,
ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцау Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта
бындур Сионӕн».
6Адӕмты сфысты Дунедарӕг ныффысдзӕн:
«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг уым райгуырд». ||
7Уыдон цӕгъддзысты ӕмӕ зардзысты:
«Ме 'ппӕт арфӕйы суадӕттӕ Дӕумӕ сты».

87 Псалом

1Зарӕг.
Корейы фыртты псалом.
Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ, зарынӕн;
уадынгарзыл.
Еман Езрахийы зондамонӕн ныхас.
2Дунедарӕг, Мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
Дӕ разы дзыназын ӕхсӕв ӕмӕ бон.
3Схӕццӕ Дӕм уӕд мӕ кувын,
фехъус мӕ кӕуын.
4Уымӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй байдзаг мӕ уд;
мӕ къах – мӕрдты бӕстӕйы къӕсӕрыл.
5Мӕн нымайынц, ингӕнмӕ чи фӕцӕуы,
уыдонӕй иуыл;
ӕз сдӕн, тых кӕмӕ нал ис, уыцы адӕймагау.
6Мӕрдты ӕхсӕн дӕн ӕппӕрст –
лӕджы къухӕй мардау хуыссын,
Ды кӕй нал хъуыды кӕныс,
ӕмӕ Дӕ арм кӕуыл нал ауды, уыдоны ингӕны.
7Ныппӕрстай мӕ ӕнӕбын уӕрммӕ,
сау дӕлдзӕхы хай мӕ фӕкодтай.
8Дӕ судзгӕ маст уӕз кӕны мӕныл,
Дӕ ӕппӕт абухгӕ уылӕнты бын мӕ фӕкодтай. ||
9Мӕ зонгӕты адард кодтай мӕнӕй,
скодтай мӕ уыдонӕн ӕлгъаг;
ӕхгӕды дӕн, алидзӕн мын нӕй.
10Сагъӕстӕй тайы мӕ цӕсты рухс;
ӕрвылбон Дӕуӕн лӕгъстӕ кӕнын, Дунедарӕг,
Дӕумӕ дарын мӕ цӕнгтӕ.
11Ау, мӕрдтыл равдисдзынӕ диссаг?
Ау, мӕрдтӕ рабаддзысты
ӕмӕ Дӕ уыдон стаудзысты?
12Дӕ хорзӕхыл ингӕны дзурдзысты
ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинадыл – мӕрдты дунейы?
13Талынджы ма Дӕ диссӕгтӕ фенӕн ис,
кӕнӕ рох зӕххы арфы – Дӕ рӕстдзинад?
14Фӕлӕ ӕз Дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ, Дунедарӕг;
сӕумӕйӕ Дӕм мӕ кувын схӕццӕ вӕййы.
15О Дунедарӕг, цӕмӕн атигъ кодтай мӕ удыл Дӕхи,
ӕмӕ цӕмӕн аздӕхтай Де 'ргом мӕнӕй?
16Ме 'взонджы бонтӕй-иу ӕфхӕрд
ӕмӕ мӕлынӕввонг уыдтӕн;
ныр дӕр Дӕ азар ӕвзарын, ӕмӕ мӕ ныфс сӕтты.
17Мӕ сӕрты акалд Дӕ фыцгӕ маст;
Дӕ судзгӕ азар мӕ раууатмӕ ӕркодта.
18Сӕумӕйӕ изӕрмӕ мӕ алыварс сты донивылдау,
иумӕ мӕ ӕрбалвӕстой.
19Ды адард кодтай мӕнӕй мӕ зӕрдиаг ӕмбал
ӕмӕ хӕлары;
талынг – мӕ иунӕг ӕмбал.

88 Псалом

1Ефам Езрахийы зондамонӕн псалом.
2Мыггагмӕ зардзынӕн Дунедарӕджы стыр хорзӕхыл;
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хъусын кӕндзынӕн,
Ды иузӕрдион кӕй дӕ, уый.
3Дӕ хорзӕх ӕнусмӕ кӕй цӕрдзӕни;
Дӕ иузӕрдиондзинад – ӕнӕфӕцудгӕ уӕлӕрвты.
Ды загътай:
4«Ӕз сарӕзтон фидыд Ме 'взӕрстимӕ,
сомы ракодтон Мӕ цагъар Давидӕн:
5Дӕ байзӕддагӕн мыггагмӕйы бындур
сӕвӕрдзынӕн,
дӕ паддзахы бадӕн фидаргонд у
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». ||
6Уӕлӕрвтӕ скад кӕндзысты Дӕ диссаджы
хъуыддӕгтӕн, Дунедарӕг,
сыгъдӕджыты ӕмбырды стаудзысты Дӕ ӕцӕгад.
7Дунедарӕгыл йӕхи чи абара,
ахӕм чи разындзӕн уӕлӕрвты?
Хуыцауы фыртты ӕхсӕн
Дунедарӕджы хуызӕн чи у?
8Сыгъдӕджыты ӕмбырды тынг тӕрсынц Хуыцауӕй;
Йӕ алыварс чи ис, уыдонӕн се 'ппӕтӕй
тӕссагдӕр у Уый.
9Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
чи у Дӕ хуызӕн?
Ды ӕппӕтӕй тыхджындӕр дӕ, О Дунедарӕг,
Дӕ иузӕрдиондзинад – Дӕ алыварс.
10Ды паддзахиуӕг кӕныс знӕт денджызыл;
йӕ уылӕнтӕ куы сыстынц,
уӕд сӕ ныссабыр кӕныс.
11Цыма мард уыдис, афтӕ ӕнцонӕй фӕуӕлахиз дӕ
Раавыл;
Дӕ хъаруджын цонгӕй ныффӕйлыдтай Де знӕгты.
12Арв Дӕу у, Дӕу у зӕхх дӕр;
дун-дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис,
уыдон Ды скодтай.
13Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ды сфӕлдыстай;
Фавор ӕмӕ Ермон Дӕ номы кадӕй райынц.
14Хъӕддых у Дӕ цонг, тыхджын у Дӕ арм,
Дӕ рахиз къух бӕрзонд систай адӕмты сӕрмӕ.
15Дӕ паддзахады бындур –
рӕстад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.
Хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад Дӕ разӕй цӕуынц.
16Тӕхудиаг сты, Дӕу цытджын зарджытӕй
чи стауы, уыцы адӕм!
Уыдон Дӕ цӕсгомы рухсмӕ цӕрынц, Дунедарӕг.
17Сӕумӕйӕ изӕрмӕ сӕ цин Дӕ номыл у,
Дӕ рӕстад сӕ сисы бӕрзонд.
18Сӕ кад ӕмӕ тых Ды дӕ,
Дӕ аудынӕй ӕфты нӕ тыхыл.
19Уымӕн ӕмӕ нӕ уарт Дунедарӕгӕй лӕвӕрд у,
Израилы Сыгъдӕгӕй – нӕ паддзах.
20Кӕддӕр раргом кодтай Дӕ рӕстгӕнджытӕн
ӕмӕ загътай:
«Ӕз баххуыс кодтон ӕхсарджын фӕтӕгӕн;
сбӕрзонд кодтон адӕмӕй Ме 'взӕрсты.
21Ӕз ссардтон Мӕ цагъар Давиды,
байсӕрстон ӕй Мӕ сыгъдӕг зетийӕ.
22Мӕ арм ын уыдзӕни мыггагмӕ ӕххуыс,
Мӕ цонг ӕй фидар кӕндзӕни.
23Знаг ӕй нӕ басӕтдзӕн,
фыдлӕгтӕй йӕ ничи бафхӕрдзӕн.
24Йӕ размӕ йын ныддӕрӕн кӕндзынӕн
йӕ фыдгулты,
ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ӕрцӕвдзынӕн.
25Ме 'нувыд ӕмӕ Мӕ хорзӕх уыдзысты йемӕ,
Мӕ ном ын ратдзӕни уӕлахиз.
26Денджызыл ын ӕрӕвӕрдзынӕн йӕ къух,
цӕугӕдӕттыл – йӕ рахиз цонг.
27Уый мӕ хондзӕни: „Ды мӕ Фыд дӕ,
мӕ Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг къӕдзӕх“.
28Уый мӕнӕн уыдзӕни хистӕр фырт,
зӕххон паддзӕхтӕй се 'ппӕтӕй стырдӕр.
29Мӕ хорзӕх йемӕ уыдзӕни мыггагмӕ,
Мӕ фидыд йемӕ скӕндзынӕн ӕнӕфехӕлгӕ.
30Йӕ хӕдзарвӕндаг ын адаргъ кӕндзынӕн ӕнустӕм,
йӕ паддзахы бадӕн – арвӕн йӕ бонтау.
31Йӕ цот Ме 'гъдау куы фехалой,
Мӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы нӕ цӕрой,
32Мӕ уагӕвӕрдты сӕрты куы ахизой,
Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы нӕ бавӕрой,
33Уӕд сӕ Мӕ лӕдзӕгӕй бафхӕрдзынӕн
сӕ фыдмиты тыххӕй,
цӕвынӕй – сӕ азымты тыххӕй.
34Фӕлӕ йӕ Мӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай
нӕ фӕкӕндзынӕн,
кӕронмӕ йыл ӕнувыдӕй баззайдзынӕн.
35Мӕ фидыд нӕ аивдзынӕн,
ӕмӕ мӕ дзыхӕй цы рацыд,
уый нӕ фӕсайдзынӕн.
36Ӕз иухатт карз сомы ракодтон Мӕ сыгъдӕг номӕй –
Давидӕн мӕнг нӕ зӕгъдзынӕн:
37Йӕ байзӕддаг цӕрдзӕн мыггагмӕ,
йӕ паддзахы бадӕн, хурау, уыдзӕни Мӕ разы.
38Мӕйау фидар ӕвӕрд уыдзӕни мыггагмӕ,
уый иузӕрдион ӕвдисӕн куыд у арвыл».
39Фӕлӕ ныр Дӕхи атигъ кодтай Де 'взӕрст паддзахыл,
Де 'ргом дзы аздӕхтай, стызмӕг ӕм дӕ.
40Дӕ цагъаримӕ Дӕ фидыд фехӕлдтай,
йӕ паддзахы худ ын ӕрӕппӕрстай зӕххмӕ.
41Йе 'ппӕт къултӕ йын ныппырх кодтай,
йӕ фидӕрттӕй йын дур дурыл нал ныууагътай.
42Давынц дзы йӕ рӕзты ӕппӕт цӕуджытӕ;
йӕ сыхаг адӕмтӕн фӕци фидиссаг.
43Йӕ фыдгулты рахиз къухтыл схӕцыдтӕ бӕрзонд,
йе 'ппӕт знӕгтӕн радтай цин.
44Ды йын скъуымых кодтай йӕ цирхъы ком,
тохы быдыры йын хъару нӕ радтай.
45Байстай йын йӕ намыс,
йӕ паддзахы бадӕн ын раппӕрстай зӕхмӕ.
46Йе 'взонджыбонтӕ йын фӕцыбыр кодтай,
ӕгады ном ыл сӕвӕрдтай. ||
47Кӕдмӕ, Дунедарӕг?
Мыггагмӕ ӕмбӕхсдзынӕ Дӕхи?
Артау кӕдмӕ судздзӕни Дӕ азар?
48Ӕрымыс, мӕ цард куыд цыбыр у:
ахӕм хъысмӕтӕн сфӕлдыстай ӕппӕт адӕмы?
49Адӕмӕй чи царди, ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ федта,
ингӕны комӕй чи бахызта йӕхи?
50Кӕм ис Дӕ раздӕры хорзӕх, Дунедарӕг?
Ды Давидӕн сомы кодтай Дӕ иузӕрдиондзинадӕй.
51Ӕрымыс, Дунедарӕг, Дӕ цагъарты куыд ӕгад кодтой;
адӕмты тыхджынтӕй уый мӕ зӕрдӕйы хӕссын.
52Куыд ӕгад кӕнынц Де знӕгтӕ, Дунедарӕг,
куыд ӕгад кӕнынц Де 'взӕрстӕн йӕ фӕндаг!
53Арфӕгонд у Дунедарӕг мыггагмӕ!
Амен, амен!

89 Псалом

1Хуыцауы цагъар Моисейы куывд.
2Дунедарӕг, Ды уыдтӕ не 'нцойы бынат
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
3Цалынмӕ хӕхтӕ райгуырдысты,
зӕхх ӕмӕ дун-дуне скодтай –
ӕнустӕй ӕнустӕм Ды дӕ Хуыцау.
4Адӕймаджы аздахыс сыджытмӕ ӕмӕ фӕзӕгъыс:
«Аздӕхут сыджытмӕ, адӕймаджы фырттӕ!»
5Уымӕн ӕмӕ Дӕ цӕсты мин азы сты зноны бонау,
кӕркуасӕнты афонау чи аивгъуыйы.
6Ивылд донау ахӕссыс адӕмы;
уыдон – мӕрдон фынау,
райсомы кӕрдӕгау ӕрбайсӕфынц.
Уый райсомӕй ӕрзайы, изӕрмӕ та аивгъуыйы –
бампылы ӕмӕ бахус вӕййы.
7Уымӕн ӕмӕ нӕм тызмӕг кӕныс,
ӕмӕ нын кӕрон ӕрхӕццӕ кӕны,
Дӕ азарӕй нӕ тас бацӕуы.
8Нӕ азымтӕ ӕрӕвӕрдтай Дӕ разы,
нӕ сусӕггӕгтӕ – Дӕ цӕсгомы рухсмӕ.
9Дӕ азары бын ӕрвыстам не 'ппӕт бонтӕ;
уынӕргъынау фӕвӕййынц нӕ царды азтӕ.
10Нӕ царды ӕмгъуыд – дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы,
тыхджындӕртӕн – цыппарыссӕдз азы;
сӕ хуыздӕр афон – уӕззау куыст ӕмӕ низтӕ.
Уымӕн ӕмӕ аивгъуыйынц тагъд,
ӕмӕ мах атӕхӕм бӕстон.
11Чи зоны Дӕ масты тых?
Ды тас ӕфтауыс, ӕмӕ йын чи зоны йӕ бӕрц,
Дӕ азар куы равдисыс, уӕд?
12Сахуыр кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын,
цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уӕлзонд ссара.
13Кӕдмӕ, Дунедарӕг? Раздӕх нӕм!
Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн.
14Сӕумӕйӕ нӕ бафсад Де стыр хорзӕхӕй,
ӕмӕ не 'ппӕт бонтӕ ӕрвитдзыстӕм райгӕ
ӕмӕ цингӕнгӕйӕ.
15Цал боны нӕ бафхӕрдтай, уал цины нын ратт,
цал фыдӕхы аз бавзӕрстам, уыйбӕрц.
16Уадз феной Дӕ цагъартӕ Дӕ ӕрмдзӕф,
сӕ хъӕбултӕ – Де стырад.
17Дӕ хорзӕх нӕ уӕд, Дунедарӕг Хуыцау,
ратт нын ӕнтыст нӕ хъуыддӕгты,
ратт ӕнтыст нӕ цӕнгты фӕллойы.

90 Псалом

1Бӕрзонд Хуыцауы агъуысты бын чи цӕры,
уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой,
2Зӕгъы Дунедарӕгӕн: «Ды мын хъахъхъӕнӕг
ӕмӕ фидар дӕ, мӕ Хуыцау –
Ууыл дарын мӕ зӕрдӕ!»
3Уый дӕ бахиздзӕн цуангӕнӕджы сахсӕнӕй,
мӕлӕт хӕссӕг рынӕй.
4Йӕ систӕй дӕ бамбӕрздзӕн,
ӕмӕ Йӕ дӕлбазыр уыдзынӕ ӕдас;
Йӕ ӕнувыд – дӕ уарт ӕмӕ дӕ фидар.
5Нӕ фӕтӕрсдзынӕ ӕхсӕвы фыдбылызӕй,
тӕхгӕ фатӕй боныгон,
6Талынджы ӕрбахъуызӕг рынӕй,
ӕмбисбон бынгӕнӕг низӕй.
7Мингӕйттӕй ӕрхаудзысты дӕ цуры,
дӕсгай минтӕй – дӕ рахиз фарс,
дӕумӕ та не 'рбахӕстӕг уыдзӕн.
8Ӕрмӕст кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕхи цӕстӕй фендзынӕ,
фыдлӕгтӕ аккаг ӕфхӕрд куыд баййафдзысты, уый.
9Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы сӕвзӕрстай дӕхицӕн
сӕрылхӕцӕгӕн;
Бӕрзонд Хуыцауы равзӕрстай цӕрӕн бынатӕн.
10Фыдбылыз не ‘рцӕудзӕн дӕуыл,
бӕллӕх дӕ хӕдзармӕ не ‘рбахӕстӕг уыдзӕн,
11Уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕн -
дӕ алы фӕндагыл дӕр хъахъхъӕндзысты дӕу.
12Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты,
ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ.
13Маргджын калмыл ӕмӕ домбайыл алӕгӕрддзынӕ,
дӕ къӕхты бын ныккӕндзынӕ тыхджын домбайы
ӕмӕ залиаг калмы.
14Хуыцау зӕгъдзӕн: «Уый бауарзта Мӕн,
ӕмӕ йӕ бахиздзынӕн;
бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ уый
базыдта Мӕ ном.
15Сдзурдзӕни Мӕм, ӕмӕ йӕ фехъусдзынӕн,
йӕ фыдбоны уыдзынӕн йемӕ;
бахиздзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн.
16Бафсаддзынӕн ӕй бирӕ цӕргӕбонтӕй
ӕмӕ йын раргом кӕндзынӕн Мӕ ирвӕзындзинад».

91 Псалом

1Псалом.
Сабаты зарынӕн.
2Ӕхцон у Дунедарӕджы стауын,
Дӕ номы кадыл зарын, Бӕрзонд Хуыцау.
3Райсомӕй Дӕ хорзӕх,
ӕхсӕвы та Де 'цӕгад сидын –
4Хъусын кӕнын дӕсхъисоны,
дыууадӕстӕноны ӕмӕ дала-фӕндыры зӕлтӕй.
5Уымӕн ӕмӕ мын Дӕ хъуыддӕгтӕй
цин ӕрхастай, Дунедарӕг;
Дӕ къухӕй цы сарӕзтай, ууыл райын.
6Куыд стыр сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг,
куыд тынг арф сты Дӕ хъуыдытӕ!
7Ӕнӕзонд адӕймаг не 'мбары уыдӕттӕ,
ӕнӕмбаргӕ сӕ не 'нкъары;
8Кӕд фыдлӕгтӕ рӕзынц кӕрдӕгау,
ӕмӕ цардхуыз сты фыдӕхӕн кусджытӕ –
уӕддӕр фӕтары уыдзысты мыггагмӕ.
9Фӕлӕ Дӕуӕн, Дунедарӕг,
Дӕ кад бӕрзонд у кӕддӕриддӕр!
10Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Де знӕгтӕ, Дунедарӕг,
Де знӕгтӕ ӕнӕмӕнг фӕцагъды уыдзысты,
фыдӕхӕн кусджытӕ иууылдӕр
ныппырхытӕ уыдзысты.
11Мӕнӕн та радтай уӕлахизгӕнӕг тых,
байсӕрстай мӕ хӕрздӕф зетийӕ.
12Мӕ цӕстытӕ фендзысты ме знӕгты сӕфт,
мӕ хъустӕ фехъусдзысты мӕ ныхмӕ рацӕуӕг
фыдгӕнджыты хъӕр.
13Рӕстгӕнӕг дидинӕг калы дыргъбӕласау,
хӕрдмӕ фӕцыди ливайнаг нӕзыйау.
14Уыдон сагъд сты Дунедарӕджы Хӕдзары
ӕмӕ дидинӕг ӕфтауынц нӕ Хуыцауы кӕртыты.
15Зӕрондӕй дӕр сты дыргъджын,
ногхуыз ӕмӕ донджын,
16Цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг рӕстаг кӕй у;
Уый мӕ мӕсыг у,
ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастдзинад нӕй.

92 Псалом

1Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны,
Йӕ кад Йӕ фӕлыст у;
Йӕ фӕлыст у Йӕ кад,
гӕрзифтонг у хъомысӕй Дунедарӕг.
Уымӕ гӕсгӕ лӕууы дун-дуне фидар,
нӕ фенкъуысдзӕн.
2Дӕ паддзахы бадӕн ӕвӕрд у ӕнусты райдианӕй,
Ды уыдтӕ кӕддӕриддӕр.
3Хӕрдмӕ сӕхи систой дӕттӕ, Дунедарӕг,
тынгӕй-тынгдӕр систой сӕ уынӕр;
дӕттӕ хӕрдмӕ систой сӕ пырхкалгӕ уылӕнтӕ.
4Фӕлӕ Хуыцау хъомысджындӕр у бирӕ дӕтты
уынӕрӕй,
денджызты хойгӕ уылӕнтӕй –
хъомысджын у Дунедарӕг уӕлӕрвты.
5Дӕ уынаффӕтӕ ӕнаивгӕ ӕмӕ ӕцӕг сты;
Дӕ Хӕдзары фидауц у Дӕ сыгъдӕгад
ӕнусы бонтӕм, Дунедарӕг.

93 Псалом

1О мастисӕг Хуыцау, Дунедарӕг,
мастисӕг Хуыцау, равдис Дӕхи!
2Рацу, зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг,
бафхӕр сӕрыстырты сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
3Уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ, О Дунедарӕг,
уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ райдзысты?
4Сӕ дзыхӕй ракалынц схъӕл дзырдтӕ;
фыдгӕнджытӕ сты се 'ппӕт дӕр хиппӕлой.
5Ссӕндынц Дӕ адӕмы, Хуыцау,
ӕфхӕрынц Дӕ бындар адӕмы.
6Марынц сидзӕргӕсы ӕмӕ ӕрцӕуӕггаджы,
сафынц сидзӕрты
7Ӕмӕ дзурынц: «Нӕ фендзӕн Дунедарӕг,
нӕ базондзӕн Иаковы Хуыцау».
8Уӕхи ӕрӕмбарут, ӕнӕзонд адӕм!
Кӕд уӕм ӕрцӕудзӕн зонд, ӕнӕмбаргӕтӕ?
9Хъус Чи скодта, Уый нӕ фехъусдзӕн?
Цӕст Чи сарӕзта, уый нӕ фендзӕн?
10Адӕмтӕй дзуапп домӕг не 'рфӕрсдзӕн?
Адӕймагӕн зондамонӕг нӕ базондзӕн?
11Дунедарӕг зоны адӕймаджы фӕндтӕ –
уыдон ӕдзӕлгъӕды кӕй сты, уый.
12Тӕхудиаг у,
Ды йӕ рӕдыд кӕмӕн зӕгъыс, Дунедарӕг,
Де 'гъдӕуттыл кӕй ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаг;
13Уымӕн ӕмӕ йын бӕллӕхы заман ратдзынӕ ӕнцой,
цалынмӕ фыдлӕгӕн уӕрм скъахтӕуа, уӕдмӕ.
14Бӕлвырд, Дунедарӕг нӕ ферох кӕндзӕн Йӕ адӕмы,
нӕ ныууадздзӕн Йӕ бындарты.
15Ӕмӕ тӕрхон ногӕй ӕрыздӕхдзӕн рӕстдзинадмӕ,
ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕппӕт рӕстзӕрдӕтӕ.
16Чи сыстдзӕн мӕн тыххӕй фыдлӕгты ныхмӕ?
Мемӕ фыдгӕнджыты ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?
17Хуыцау мын куы нӕ рарвыстаид ӕххуыс,
уӕд рӕхджы мӕ уд ацыдаид ӕнӕсым ингӕнмӕ.
18Ӕз куы фӕзӕгъын: «Мӕ къах цуды»,
уӕд Дӕ уарзт, О Дунедарӕг, вӕййы мӕ фидаргӕнӕг.
19Мӕ катайаг хъуыдытӕ куы сбирӕ вӕййынц,
уӕд Дӕ рӕвдыд ӕхсызгон ӕрхӕссы мӕ удӕн.
20Хӕрам тӕрхонгӕнджытӕн Демӕ иумӕйагӕй
исты ис, мыййаг –
Де 'гъдауы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн?
21Уыдон иумӕ ӕмдзырд бакӕнынц
рӕстгӕнӕджы ныхмӕ,
сӕ хӕрам тӕрхонӕй амарынц ӕназымы.
22Фӕлӕ Дунедарӕг мӕ фидар у,
мӕ Хуыцау – мӕ ӕмбӕхсӕн мӕсыг у.
23Сӕ фыдракӕндтӕ сын сӕхи сӕрмӕ раздахдзӕн,
сӕ фыдмиты тыххӕй сӕ фӕцӕгъддзӕн;
фӕцӕгъддзӕн сӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.

94 Псалом

1Ӕрцӕут, цингӕнгӕ азарӕм Дунедарӕгӕн,
хъӕлӕсыдзагӕй арфӕ кӕнӕм
нӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхӕн,
2Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй,
арфӕ Йын кӕнӕм кады зарджытӕй.
3Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр Хуыцау у,
ӕппӕт хуыцӕутты стыр Паддзах.
4Зӕххы арфытӕ – Йӕ къухы,
хӕхты сӕртӕ – Йӕхи сты.
5Денджыз Йӕ денджыз у – Уый йӕ сфӕлдыста,
сурзӕхх дӕр Йӕ къухтӕ скодтой.
6Ӕрцӕут ӕмӕ Йын ныллӕг бакувӕм,
ӕрхауӕм нӕ зонгуытыл не Сфӕлдисӕг Хуыцауы раз.
7Уымӕн ӕмӕ Уый нӕ Хуыцау у,
мах та – Йӕ дзуджы адӕм, Йӕ хӕсгӕ фыстӕ.
О, бӕргӕ, сымах абон куы байхъусиккат
Уымӕн Йӕ хъӕлӕсмӕ:
8«Ма ныддур кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ,
Меривайы[21]ӕдзӕрӕг быдыры
уыцы фӕлварӕн боны куыд кодтат, афтӕ.
9Уым Мӕ къахтой уӕ фыдӕлтӕ, фӕлвӕрдтой Мӕ,
кӕд Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.
10Уыцы фӕлтӕрӕй дыууиссӕдз азы
зӕрдӕцъӕх уыдтӕн Ӕз ӕмӕ загътон:
„Ацы адӕм зӕрдӕйӕ фӕдзӕгъӕл сты“;
Мӕ фӕндӕгтӕ нӕ базыдтой.
11Уымӕ гӕсгӕ карзӕй расомы кодтон –
„Уыдон нӕ бацӕудзысты Ме 'нцойадмӕ“».

95 Псалом

1Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг,
зар Хуыцауӕн, ӕппӕт дуне!
2Зарут Хуыцауӕн, кад кӕнут Йӕ номӕн,
бонӕй бонмӕ хъусын кӕнут Йӕ ирвӕзындзинад.
3Адӕмтӕн дзурут Йе стырадыл,
ӕппӕт бӕстӕтӕн – Йӕ диссӕгтыл.
4Уымӕн ӕмӕ стыр у Дунедарӕг –
ӕппӕлыны аккаг,
тасӕфтауӕг у ӕппӕт хуыцӕутты ӕхсӕн.
5Мӕнг сты адӕмты хуыцӕуттӕ иууылдӕр,
Дунедарӕг та арв сфӕлдыста.
6Кад ӕмӕ стырад Йӕ разы сты,
тых ӕмӕ намыс – Йӕ Кувӕндоны.
7Нымайут Дунедарӕджы, ӕппӕт бӕстӕты мыггӕгтӕ,
нымайут Дунедарӕджы кад ӕмӕ тых.
8Нымайут Дунедарӕджы кадджын ном,
хӕссут лӕвӕрттӕ ӕмӕ цӕут
Йӕ Кувӕндоны кӕртмӕ.
9Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ Сыгъдӕг кады рухсы;
риз Йӕ цӕсгомы раз, ӕппӕт дуне!
10Зӕгъут адӕмтӕн: «Дунедарӕг – Паддзах у!
Уымӕ гӕсгӕ фидар лӕууы дун-дуне,
фӕцудӕн ын нӕй;
Дунедарӕг Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕндзӕн
адӕмтӕн».
11Цин кӕнӕд арв, райӕд зӕхх;
нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон.
12Райӕд быдыр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон;
уӕд фырцинӕй зардзысты ӕппӕт бӕлӕстӕ хъӕды,
13Зардзысты Хуыцауы раз, уымӕн ӕмӕ
Уый ӕрбацӕуы,
ӕрбацӕуы зӕххӕн тӕрхон рахӕссынмӕ.
Уый тӕрхон кӕндзӕн дун-дунейӕн
Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
адӕмтӕн – Йӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.

96 Псалом

1Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны;
райӕд зӕхх, цин кӕнӕнт ӕппӕт сакъадӕхтӕ.
2Мигътӕ ӕмӕ тар – Йӕ алфамбылай;
рӕстад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон –
Йӕ паддзахады бындур.
3Арт цӕуы Йӕ разӕй ӕмӕ зынг ӕфтауы
Йе знӕгтыл Йӕ алыварс.
4Йӕ арвӕрттывд ныррухс кӕны дун-дуне;
зӕхх уый уыны ӕмӕ ризы.
5Мыдадзау тайынц хӕхтӕ Дунедарӕджы раз,
ӕппӕт зӕххы Хицауы цӕсгомы раз.
6Арв сиды Йӕ рӕстад, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ
уынынц Йӕ кад.
7Фегад уӕнт, гуымирытӕм чи кувы,
мӕнгхуыцӕуттӕй чи ӕппӕлы, уыдон иууылдӕр.
Ӕрхаут Дунедарӕджы раз, ӕппӕт хуыцӕуттӕ[22]!
8Хъусы Сион ӕмӕ цин кӕны,
Дӕ раст тӕрхонтыл райынц, Дунедарӕг,
Иудӕйы чызджытӕ;
9Уымӕн ӕмӕ Ды Бӕрзонд Хуыцау Дӕ
ӕппӕт зӕххӕн,
бӕрзонд у Дӕ кад ӕппӕт хуыцӕутты сӕрмӕ.
10Сымахӕн, Хуыцауы уарзджытӕн,
фыдӕх уӕд ӕнӕуынон!
Дунедарӕг хъахъхъӕны Йӕ сыгъдӕджыты цард;
бахизы сӕ фыдлӕгты къухӕй.
11Рухс йӕ тынтӕ уары рӕстгӕнӕгыл,
сыгъдӕгзӕрдӕтыл та – цин.
12Цин кӕнут, рӕстгӕнджытӕ, Дунедарӕгыл,
скад кӕнут Йӕ сыгъдӕг номӕн.

97 Псалом

1Псалом.
Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг,
уымӕн ӕмӕ Уый сарӕзта диссӕгтӕ;
Йӕ рахиз къух ӕмӕ Йын Йӕ сыгъдӕг хъомыс
ӕрхастой уӕлахиз.
2Хуыцау раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад
ӕппӕт адӕмтӕн равдыста Йӕ рӕстад.
3Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Израилы хӕдзармӕ
Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ иузӕрдиондзинад;
зӕххыл алы ран дӕр федтой
нӕ Хуыцауы ирвӕзынгӕнӕг тых.
4Стаут Дунедарӕджы хъӕлӕсыдзагӕй, ӕппӕт зӕхх;
зӕрдӕбынӕй цин кӕнут ӕмӕ райут,
зарут Ын кады зарӕг.
5Цӕгъдут Хуыцауӕн дала-фӕндыртыл,
хъисфӕндыртыл зарджыты зӕлтимӕ.
6Цӕгъдут хӕтӕлтӕй ӕмӕ уасут сыкъа-уадындзтӕй,
рӕцӕут цины хъӕримӕ Паддзахы,
Дунедарӕджы размӕ.
7Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон,
дун-дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ.
8Ӕмдзӕгъд кӕнӕнт цӕугӕдӕттӕ;
иумӕ райӕнт хӕхтӕ,
9Райӕнт Дунедарӕджы раз, уымӕн ӕмӕ Уый
рацӕуы зӕххӕн тӕрхон рахӕссынмӕ;
Йӕ тӕрхон дун-дунейӕн уыдзӕни раст,
адӕмтӕн – ӕнӕхӕрам.

98 Псалом

1Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны –
уадз ризӕнт адӕмтӕ!
Уый уӕлвонг бады херувимтыл –
уадз ӕнкъуысӕд зӕхх!
2Хуыцау цытджын у Сионыл,
бӕрзонд у Йӕ кад ӕппӕт адӕмтӕм.
3Уадз стауой Де стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг ном –
сыгъдӕг у уый.
4Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы –
Ды сфидар кодтай рӕстдзинад;
Иаковыл равдыстай ӕнӕхӕрам тӕрхон ӕмӕ рӕстад.
5Сбӕрзонд кӕнут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы,
ныллӕг акувут Йӕ ӕрлӕууӕн бынаты онг –
Сыгъдӕг у Хуыцау!
6Моисей ӕмӕ Аарон уыдысты Йӕ кусджыты ӕхсӕн,
Самуил та – Йӕ номӕн кувджыты 'хсӕн:
уыдон Ӕм куывтой ӕмӕ сын дзуапп лӕвӕрдта.
7Ӕврагъцӕджындзӕй дзырдта семӕ;
уыдон цардысты Йӕ лӕвӕрд уаг
ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.
8Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!
Ды хъуыстай Дӕ адӕммӕ,
уыдтӕ сын хатыргӕнӕг Хуыцау,
фӕлӕ сӕ ӕфхӕрдтай сӕ фыдмиты тыххӕй.
9Сбӕрзонд кӕнут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы,
кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл –
уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.

99 Псалом

1Бузныджы псалом.
Стаут Дунедарӕджы хъӕлӕсыдзагӕй,
ӕппӕт дуне!
2Цингӕнгӕ кусут Дунедарӕгӕн;
райгӕйӕ цӕут Йӕ рӕзты.
3Дунедарӕг Хуыцау кӕй у, Уый базонут;
Уый нӕ сфӕлдыста, ӕмӕ Йӕхи стӕм,
Йӕ адӕм, Йӕ сӕрвӕтты фыстӕ.
4Бацӕут Йӕ кулдуарыл Уый стаугӕйӕ,
Йӕ кӕртмӕ – Уымӕй ӕппӕлгӕйӕ;
кад Ын дӕттут, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн!
5Уымӕн ӕмӕ фӕрнджын у Дунедарӕг;
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у,
Йе 'цӕгад – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

100 Псалом

1Давиды псалом.
Уарзт ӕмӕ рӕстадыл зардзынӕн ӕз;
Дӕуыл у мӕ зарӕг, Дунедарӕг.
2Мӕ хъуыдытӕ бафтаудзынӕн ӕнӕфау фӕндагыл –
кӕд мӕм ӕрцӕудзынӕ?
Ӕнӕфауӕй цӕрдзынӕн мӕ хӕдзары,
мӕ адӕмы ӕхсӕн.
3Ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй мӕ цӕсты раз ницы
ӕрӕвӕрдзынӕн;
Хуыцауы ныууадзӕг мын ӕнӕуынон у,
ӕмгӕрон ӕм не 'рцӕудзынӕн.
4Ӕнӕсыгъдӕг хъуыдытӕ фӕсурдзынӕн мӕхицӕй;
фыдӕх мӕхимӕ хӕстӕг не 'руадздзынӕн.
5Фӕсвӕд иннӕйыл чи хахуыр кӕны,
уый ӕнӕдзырды бон фӕкӕндзынӕн;
бӕрзӕндты кӕсӕг ӕмӕ хъал зӕрдӕйы
нӕ бабыхсдзынӕн.
6Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон бӕстӕйы иузӕрдионтӕм,
цӕмӕй уой мӕ фарсмӕ;
ӕнаипп фӕндагыл чи цӕуы, уый уыдзӕн мӕ кусӕг.
7Мӕнгард мӕ хӕдзары нӕ цӕрдзӕн;
мӕнг дзурӕгӕн мӕ цуры бынат нӕ разындзӕн.
8Сӕумӕйӕ ӕнӕдзырды бон фӕкӕндзынӕн
бӕстӕйы ӕппӕт фыдлӕгты
ӕмӕ фыдгӕнджыты иууылдӕр фӕиппӕрд
кӕндзынӕн Дунедарӕджы сахарӕй.

101 Псалом

1Ӕфхӕрд адӕймаджы кувын,
йе 'нӕбонӕй Дунедарӕгӕн
йӕ зӕрдӕйы хъыг куы раргом кодта, уӕд.
2О Дунедарӕг, фехъус мӕ куывд,
фехъуысӕд Дӕм ӕххуысагур мӕ дзыназын.
3Ма аздах Де 'ргом мӕнӕй мӕ хъыджы заман;
мӕ дзыназыны бон мӕ фехъус,
рӕвдздӕр мын дзуапп ратт.
4Фӕздӕгау фӕивгъуыйынц мӕ бонтӕ,
ӕхсидавау судзынц ме стджытӕ.
5Мӕ зӕрдӕ бахус, кӕрдӕгау баруад;
мӕ къӕбӕр бахӕрын дӕр мӕ ферох вӕййы.
6Мӕ фырхъӕрзынӕй ме стджытӕ мӕ цармыл
бандӕгъдысты.
7Ӕз сдӕн ӕдзӕрӕг ран иунӕг сидахъау,
хӕлддзӕгты цӕрӕг уыгау.
8Хуыссӕг мыл нӕ хӕцы,
уӕлхӕдзарыл иунӕгӕй бадӕг маргъау сдӕн.
9Сӕумӕйӕ изӕрмӕ мӕстӕй марынц мӕн
ме знӕгтӕ;
чи мӕ ӕлгъиты, уыдон мӕ ном хӕссынц
фидисӕн.
10Дзулау хӕрын ӕртхутӕг,
дон нуазын мӕ цӕссыгимӕ
11Дӕ судзгӕ масты тыххӕй мӕнмӕ;
уымӕн ӕмӕ сбӕрзонд кодтай мӕн,
стӕй мӕ иуварс аппӕрстай.
12Мӕ царды бонтӕ ивгъуыйынц изӕры аууонау,
кӕрдӕгау баруадтӕн.
13Ды та, Дунедарӕг, ӕнустӕм цӕрыс;
Дӕ ном – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
14Ды рацӕудзынӕ, батӕригъӕд кӕндзынӕ
Сионӕн;
уымӕн ӕмӕ ӕрцыд уымӕн хорзӕх
ракӕныны афон,
ӕрцыди уыцы афон.
15Дӕ цагъартӕ йын уарзынц йӕ дуртӕ дӕр,
сӕ мӕт – суанг йӕ рыгыл дӕр.
16Адӕмтӕ тӕрсдзысты Дунедарӕджы номӕй,
ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ – Йӕ кадӕй.
17Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ногӕй самайдзӕн Сионы
ӕмӕ йӕм фӕзындзӕн Йӕ кады;
18Йӕ хъус ӕрдардзӕн мӕгуырты куывдмӕ,
сӕ куывдыл нӕ атигъ кӕндзӕн Йӕхи.
19Уадз уый ныффыстӕуӕд ног фӕлтӕртӕн,
ӕмӕ стауой Дунедарӕджы
зӕххыл ма чи райгуырдзӕн, уыдон.
20Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕркӕсы
Йӕ сыгъдӕг бӕрзӕндӕй,
уӕлӕрвтӕй Йӕ цӕст дары зӕххмӕ,
21Ӕмӕ фехъусдзӕн ахӕстыты хъӕрзын,
ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕни,
мӕлӕтмӕ лӕвӕрд чи у, уыдон,
22Цӕмӕй Сионыл хъусын кӕной
Дунедарӕджы кадджын ном,
стауой Йӕ Иерусалимы,
23Адӕмтӕ куы ӕрӕмбырд уой иумӕ –
паддзахӕдтӕ Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынмӕ, уӕд.
24Мӕ цардвӕндагыл мын басаста мӕ хъару,
фӕцыбыр кодта мӕ бонтӕ.
25Ӕз загътон: «Мӕ Хуыцау!
Мӕ бонтӕ мын ӕмбисыл ма аскъуын;
азтӕ Дӕ бар сты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
26Райдианы ӕрӕвӕрдтай зӕхх,
ӕмӕ арв – Дӕ къухты сконд.
27Уыдон аивгъуыйдзысты,
Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ;
алӕзӕрдзысты пӕлӕзау, дарӕсау сӕ раивдзынӕ
ӕмӕ нал уыдзысты.
28Ды та ӕнустӕм дӕр Уый дӕ,
Дӕ азтӕн кӕрон нӕй.
29Дӕ цагъарты хъӕбултӕ цӕрдзысты
ӕмӕ цӕрдзысты;
сӕ байзӕддӕгтӕ ӕдзух уыдзысты
Дӕ цӕсгомы раз».

102 Псалом

1Давиды псалом.
Стау, мӕ уд, Хуыцауы,
ӕппӕт мӕ мидзӕрдӕ Йӕ сыгъдӕг ном.
2Стау, мӕ уд, Хуыцауы,
ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.
3Уый бары ме 'ппӕт азымтӕ,
дзӕбӕх кӕны ме 'ппӕт низтӕ.
4Ирвӕзын мӕ кӕны ингӕнӕй,
кады худау мын сты Йӕ уарзт ӕмӕ Йӕ рӕвдыд.
5Ӕфсады мӕ хӕрзтӕй мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг,
сног мын кӕны ме 'взонгад, свӕййын цӕргӕсау.
6Хуыцауӕй цӕуы рӕстдзинад,
Йӕ тӕрхон – ӕппӕт ӕфхӕрдтыты бахизынӕн.
7Моисейӕн раргом кодта Йӕ фӕндӕгтӕ,
Израилы фырттӕн – Йӕ хъуыддӕгтӕ.
8Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг у Дунедарӕг,
бирӕ быхсы, ӕнӕкӕрон у Йӕ уарзт.
9Ӕдзух тызмӕг нӕ кӕны,
Йӕ маст мыггагмӕ нӕ ахӕссы.
10Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ ракодта,
нӕ азымтӕм гӕсгӕ нын нӕ бафыста.
11Уымӕн ӕмӕ, арв зӕххӕй цӕйбӕрц бӕрзонддӕр у,
уыйбӕрц стыр у Йӕ уарзт,
чи Дзы тӕрсы, уыдонмӕ.
12Скӕсӕн ныгуылӕнӕй куыд дард у,
афтӕ махӕй адард кодта нӕ фыдракӕндтӕ.
13Фыд йӕ хъӕбултыл куыд ауды,
афтӕ Дунедарӕг ауды, чи Дзы тӕрсы, уыдоныл.
14Уымӕн ӕмӕ зоны не сконд,
сыджыт кӕй стӕм, уый Дзы нӕ ферох.
15Адӕймаджы цард у кӕрдӕджы фӕзындау,
быдираг дидинӕгау бирӕ нӕ ахӕссы.
16Радымы йыл дымгӕ, ӕмӕ цыдӕр ӕрбавӕййы,
ӕмӕ кӕм уыди, уыцы бынат ничиуал ӕрымысдзӕн.
17Фӕлӕ Дунедарӕджы хорзӕх мыггагӕй-мыггагмӕ у,
чи Дзы тӕрсы, уыдонмӕ,
ӕмӕ Йӕ рӕстад – сӕ байзӕддӕгтӕм,
18Йӕ фидыд Ын чи нӕ халы,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдыл чи дары
ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ.
19Хуыцау уӕлӕрвты ӕрӕвӕрдта Йӕ паддзахы бадӕн,
ӕмӕ паддзахиуӕг кӕны ӕппӕтӕн.
20Стаут Хуыцауы Йӕ хъомысджын зӕдтӕ –
Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ,
Йӕ ныхасӕн коммӕгӕстӕ.
21Стаут Хуыцауы, Йе 'ппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ,
Йӕ фӕндон Ын чи ӕххӕст кӕны,
Йӕ уыцы лӕггадгӕнджытӕ.
22Стаут Хуыцауы Йе 'ппӕт скондтӕ,
Йӕ паддзахады ӕппӕт бынӕтты.
Стау, мӕ уд, Хуыцауы!

103 Псалом

1Стау, мӕ уд, Хуыцауы!
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
куыд диссаджы бӕрзонд у Дӕ ном!
Ды фӕлыст дӕ кад ӕмӕ намысӕй.
2Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау,
арв айтыгътай цатырау.
3Дӕ уӕларвон галуан ӕрӕвӕрдтай дӕтты сӕрмӕ,
ӕврӕгътӕй саразыс Дӕхицӕн уӕрдон,
цӕуыс дымгӕйы базыртыл.
4Дымгӕтӕй Дӕхицӕн кӕныс фидиуджытӕ,
пиллон артӕй – Дӕ кусджытӕ.
5Зӕхх ӕрӕвӕрдтай фидар бындурыл –
нӕ фӕцуддзӕн ӕнусӕй-ӕнустӕм.
6Хъӕццулау айтыдтай дӕттӕ,
уыдон хӕхты дӕр бамбӕрзтой.
7Дӕ барджын ныхасӕй згъорынц,
Дӕ ӕрвнӕрды хъӕлӕсӕй лидзынц дӕттӕ,
8Схӕццӕ вӕййынц хӕхтӕм,
рацӕуынц дӕлвӕзтӕм,
Ды сын цы бынат раттыс, уырдӕм.
9Донӕн ӕрӕвӕрдтай арӕн
ӕмӕ йын уыцы арӕны сӕрты рахизӕн нӕй,
ӕмӕ нал раздӕхдзӕн ногӕй
зӕххы фӕдӕлдон кӕнынмӕ.
10Донгуырӕнтӕ арвитыс адгуытӕм,
кӕлынц хӕхты ӕхсӕнты,
11Ӕфсадынц ӕппӕт быдираг сырдты;
суанг хъӕддаг хӕрджытӕ дӕр суадзынц сӕ дойны.
12Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ,
сыфтӕрты ӕхсӕнӕй райхъуысы сӕ зарын.
13Бӕрзӕндтӕй Ды басӕттыс сӕ дойны хӕхтӕн,
Де сконд дыргътӕй бафсадыс зӕхх.
14Фосӕн ӕрзайын кӕныс кӕрдӕг,
халсартӕ – адӕймаджы пайдайӕн,
цӕмӕй зӕххӕн йӕхицӕй раттай хойраг:
15Адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн,
йӕ цӕсгом кӕмӕй ӕрттивы, уыцы зети,
адӕймагӕн тыхдӕттӕг дзул.
16Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ –
Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыцы ливайнаг нӕзытӕ.
17Мӕргътӕ сыл сбийынц ахстӕттӕ;
зазбӕлӕсты – кӕсагласы цӕрӕн бынат;
18Бӕрзонд хӕхтӕ – сычъитӕн,
айнӕг къӕдзӕхтӕ – тӕрхъустӕн ӕмбӕхсӕн.
19Рӕстӕг зонынӕн Ды сфӕлдыстай мӕй;
хур зоны йӕ аныгуылӕн.
20Ды айтындзыс талынг – ӕрлӕууы ӕхсӕв
ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн тезгъойы афон.
21Ӕрыгон домбӕйттӕ богътӕгӕнгӕ агурынц сӕ
амӕддӕгты,
Хуыцауӕй курынц сӕ хӕринаг.
22Хур куы скӕсы, уӕд аздӕхынц
ӕмӕ схуыссынц сӕ хуыккӕмтты.
23Рацӕуы адӕймаг дӕр йӕ куыст кӕнынмӕ
ӕмӕ фӕархайы суанг изӕрмӕ.
24Куыд ӕнӕнымӕц сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг!
Ӕппӕтдӕр сфӕлдыстай Дӕ уӕлзондӕй;
зӕхх дзаг у Де скондӕй.
25Уый дын стыр ӕмӕ уӕрӕх денджыз;
ӕмызмӕлд дзы кӕнынц хилджытӕ,
стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойтӕ – нымӕц сын нӕй.
26Ленк дзы кӕнынц наутӕ,
хъылдымтӕ дзы кӕны, Ды кӕй сфӕлдыстай,
уыцы кӕфхъуындар.
27Уыдон иууылдӕр Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц,
цӕмӕй сын раттай хӕринаг йӕ афоныл.
28Ды сын дӕттыс, ӕмӕ уыдон хӕрынц;
байгом кӕныс Дӕ арм –
ӕмӕ бафсӕдынц Дӕ бӕркадӕй.
29Де 'ргом сӕ аздахыс – ӕмӕ стыхсынц;
сӕ улӕфт сын байсыс – ӕмӕ амӕлынц,
аздӕхынц сыджытмӕ.
30Дӕ Уд куы рарвитыс, уӕд сӕвзӕрынц,
ӕмӕ сног кӕныс зӕххы уӕлцъар.
31Кад уӕд Дунедарӕгӕн мыггагмӕ;
цин кӕнӕд Дунедарӕг Йӕ хъуыддӕгтыл!
32Уый ӕркӕсы зӕххмӕ, ӕмӕ зӕхх баризы;
андзӕвы хӕхтыл – сӕ фӕздӕг скӕлы.
33Зардзынӕн Дунедарӕгӕн мӕ цӕргӕбонты;
цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ зардзынӕн
мӕ Хуыцауы кадӕн.
34Уадз ӕмӕ Йын ӕхцон уой мӕ хъуыдытӕ дӕр;
мӕ цин Дунедарӕгыл уыдзӕни.
35Уадз зӕххыл ӕрцӕуӕд кӕрон тӕригъӕдджынтӕн,
фыдлӕгтӕн сӕ кой дӕр мауал уӕнт!
Стау, мӕ уд, Хуыцауы!
Алилуйа!

104 Псалом

1Стаут Дунедарӕджы, арут Ын Йӕ ном;
адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.
2Зарут Ын, зарут Йӕ кадӕн,
радзурут Йе 'ппӕт диссӕгты тыххӕй.
3Ӕппӕлут Йӕ сыгъдӕг номӕй;
райӕнт сӕ зӕрдӕтӕ,
Дунедарӕджы чи агуры, уыдонӕн.
4Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс,
иудадзыг агурут Йӕ цӕсгом.
5Ӕрымысут, кӕй сарӕзта, уыцы диссӕгтӕ,
Йӕ нысӕнттӕ ӕмӕ Йӕ рахӕсгӕ тӕрхонтӕ,
6О, Йӕ цагъар Авраамы байзӕддӕгтӕ,
Йӕ ӕвзӕрстытӕ, Иаковы хъӕбултӕ.
7Уый нӕ Дунедарӕг Хуыцау у –
ӕппӕт зӕххыл Йӕ тӕрхонтӕ.
8Мыггагмӕ Йӕ зӕрдыл дары Йӕ фидыд,
мингай фӕлтӕртӕн цы ныхас бафӕдзӕхста, уый;
9Сарӕзта фидыд Авраамимӕ,
расомы кодта Исаакӕн.
10Иаковӕн ӕй ӕгъдауӕн радта,
уыцы ӕнусон фидыд – Израилӕн,
11Зӕгъгӕ: «Ханааны зӕхх дӕуӕн ратдзынӕн,
уый уыдзӕн уӕ исбоны хай фыдӕй-фыртмӕ».
12Уӕд ма сӕ нымӕц чысыл уыди, тынг чысыл,
уӕд ма уыцы зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдысты
13Ӕмӕ цыдысты иу адӕмӕй иннӕ адӕммӕ,
иу паддзахадӕй иннӕмӕ.
14Дунедарӕг никӕмӕн лӕвӕрдта
сӕ хъыджы бацӕуыны бар,
паддзӕхтӕн карзӕй бафӕдзӕхста:
15«Ме 'взӕрстытӕм ма фӕцагайут,
Мӕ пехуымпартӕн мацы фыд ракӕнут».
16Ӕмӕ зӕххыл ӕруагъта стонг рӕстӕг;
иу ӕфсир дӕр нал ныууагъта.
17Сӕ разӕй сын арвыста лӕг:
Иосиф уӕйгонд ӕрцыд цагъарау.
18Йӕ къӕхтӕ йын ӕрбалхъывтой хъадамантӕй,
ӕрбалвӕстой йӕ ӕфсӕн рӕхыстӕй,
19Цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст уа, уӕдмӕ:
Дунедарӕджы ныхас ӕй бафӕлвӕрдта.
20Паддзах ӕм арвыста ӕмӕ йӕ суӕгъд кодта –
рауагъта йӕ ахӕстонӕй адӕмты сӕргълӕууӕг
21Ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ хӕдзарӕн
уынаффӕгӕнӕгӕй,
йе 'ппӕт исбонӕн сӕргълӕууӕгӕй,
22Цӕмӕй йӕхи фӕндонӕй уынаффӕ кӕна
ӕлдӕрттӕн,
адӕмы хистӕртӕн амона зонд.
23Уӕд Израил ӕрцыди Мысырмӕ,
Иаков ӕрцарди Хамы[23]зӕххыл.
24Ӕмӕ Хуыцау тынг сбирӕ кодта Йӕ адӕмы,
скодта сӕ бирӕ тыхджындӕр се знӕгтӕй,
25Уыдон зӕрдӕты ӕруагъта фыдӕх Йӕ адӕммӕ,
ӕмӕ сусӕгвӕнд скодтой Йӕ цагъарты ныхмӕ.
26Арвыста Йӕ цагъар Моисейы
ӕмӕ Йе 'взӕрст Аароны,
27Уыдон уым Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ
равдыстой Йӕ нысӕнттӕ,
Хамы зӕххы скодтой диссӕгтӕ.
28Хуыцау рарвыста талынг,
ӕмӕ зӕхх аныгъуылд талынджы –
Йӕ ныхасы ныхмӕ ӕрлӕууын никӕй бон уыди.
29Сӕ дон сын фестын кодта туг,
сӕ кӕсӕгтӕ сын ныццагъта.
30Сӕ зӕхх ӕмызмӕлд скодта галхӕфсытӕй,
суанг паддзӕхты уатты онг.
31Хуыцау загъта, ӕмӕ ӕрбатахт уырынгонты ӕвзӕн,
се 'ппӕт бӕстӕ дзаг уыди къогъотӕй.
32Къӕвдайы бӕсты сыл рауагъта их,
ӕрттивгӕ цӕхӕр – сӕ зӕххмӕ.
33Ныддӕрӕн сын кодта сӕ сӕнӕфсирдӕттӕ
ӕмӕ легъуибӕлӕстӕ,
ӕппӕт зӕххыл фесӕфта бӕлӕстӕ.
34Хуыцау загъта, ӕмӕ ӕртахтысты мӕтыхтӕ
ӕмӕ къуыдыркӕлмытӕ – нымӕц сын нӕ уыд;
35Ӕмӕ сын сӕ быдырты кӕрдӕг быныл бахордтой,
бахордтой сын сӕ зӕххы тыллӕг.
36Хуыцау фӕцагъта бӕстӕйы
ӕппӕт хистӕр фыртты –
сӕ адӕмы ӕмӕ фосы алы нӕлдых фыццаггуырды.
37Ӕмӕ израилӕгты ракодта ӕвзист
ӕмӕ сызгъӕринимӕ,
дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй ничи фӕцудыдта.
38Мысырӕн ӕхсызгон уыди сӕ рацыд,
уымӕн ӕмӕ сӕ израилӕгтӕй тас бацыди.
39Хуыцау сын ӕмбӕрзӕнӕн айтыгъта ӕврагъ
ӕмӕ судзгӕ цӕджындз ӕхсӕвы рухс кӕнынӕн.
40Куырдтой Дзы, ӕмӕ сын рарвыста уӕрццытӕ,
ӕфсӕста сӕ уӕларвон дзулӕй.
41Къӕдзӕх сын фегом кодта,
ӕмӕ рацыдысты дӕттӕ,
цӕугӕдӕттау ракалдысты хус быдырты.
42Уымӕн ӕмӕ Дзы нӕ ферох
Йӕ сыгъдӕг зӕрдӕвӕрд Авраамӕн, Йӕ цагъарӕн.
43Ӕмӕ ракодта Йӕ адӕмы хъӕлдзӕгӕй,
Йӕ ӕвзӕрстыты – райгӕйӕ.
44Радта сын адӕмты зӕххытӕ,
ӕндӕр адӕмы фӕллой сын баззади бынтӕн,
45Цӕмӕй цӕрой Хуыцауы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,
ӕххӕст кӕной Йӕ фӕдзӕхстытӕ.
Алилуйа!

105 Псалом

1Алилуйа!
Стаут Дунедарӕджы, арфӕ кӕнут,
уымӕн ӕмӕ Уый фӕрнджын у,
уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2Чи радзурдзӕн Дунедарӕджы хъомысы тыххӕй,
Йе 'ппӕт кад чи расиддзӕн?
3Тӕхудиаг сты, раст тӕрхоныл чи хӕцы
ӕмӕ кӕддӕриддӕр рӕстӕй чи цӕры, уыдон.
4Дӕ адӕмыл аудгӕйӕ ӕрымыс мӕн дӕр;
раздах мӕнмӕ дӕр Де 'ргом,
фервӕзын мӕ кӕн уыдонимӕ,
5Цӕмӕй уынон Де 'взӕрстыты фӕрнджын цард,
цин кӕнон Дӕ адӕмы цинӕй,
Дӕ бындар адӕмимӕ ӕппӕлон Дӕуӕй.
6Мах дӕр-иу, нӕ фыдӕлтау, бафтыдыстӕм
тӕригъӕды,
кодтам ӕнӕгъдау митӕ, арӕзтам
фыдракӕндтӕ.
7Нӕ фыдӕлтӕ Мысыры куы уыдысты,
уӕд Дӕ диссӕгтӕ не 'мбӕрстой,
сӕ зӕрдыл нӕ дардтой Дӕ бирӕ хӕрзтӕ,
Дӕ ныхмӕ-иу сыстадысты денджызы былыл,
Сырх денджызы былыл.
8Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта
Йӕ номы сӕраппонд,
цӕмӕй равдиса Йӕ хъомыс.
9Бардзырд радта Сырх денджызӕн, ӕмӕ бахус;
акодта сӕ арф дӕтты ӕхсӕнты, цыма хус зӕххыл.
10Ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ фыдгулы къухӕй,
се знаджы къухӕй сӕ байста.
11Доны бын фесты се знӕгтӕ – се 'ппӕт знӕгтӕ,
иу дӕр дзы нал баззад.
12Уӕд баууӕндыдысты Йӕ ныхӕстыл,
кад Ын кодтой сӕ зарджытӕй.
13Фӕлӕ сӕ рӕхджы ферох сты Йӕ хъуыддӕгтӕ,
нӕ банхъӕлмӕ кастысты Йӕ уынаффӕмӕ.
14Ӕдзӕрӕг быдыры ацыдысты сӕ мондӕгты фӕдыл,
къахтой Хуыцауы ӕдзӕрӕг ран.
15Ӕмӕ Дзы цы куырдтой, уый сын радта,
фӕлӕ сыл бафтыдта тыхсӕттӕг рын.
16Асадӕны израилӕгтӕ бахӕлӕг кодтой Моисеймӕ
ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг кусӕг Ааронмӕ.
17Уӕд зӕхх аскъуыд ӕмӕ аныхъуырдта Дафаны,
бануӕрста Авироны ӕрдонг.
18Зынг сирвӕзт сӕ къордыл,
арт басыгъта фыдлӕгты.
19Хоривы сарӕзтой род –
куывтой згъӕрӕй конд фӕлгонцӕн.
20Сӕ кады Хуыцауы баивтой
кӕрдӕгхор галы нывыл.
21Ферох кодтой, Чи сӕ фервӕзын кодта,
уыцы Хуыцауы,
Мысыры стыр хъуыддӕгтӕ,
22Хамы зӕххы диссӕгтӕ,
Сырх денджызы былыл
ӕвирхъау тасӕфтауӕг митӕ Чи сарӕзта, Уый.
23Хуыцауы зӕрды уыди сӕ фӕцӕгъдын,
фӕлӕ Моисей, Йе 'взӕрст,
ӕрлӕууыд Йӕ разы ӕхсӕнлӕууӕгӕй,
цӕмӕй Хуыцау Йӕ масты фӕдыл ма ацӕуа
ӕмӕ сӕ ма фесафа.
24Сӕхи атигъ кодтой бӕллиццаг зӕххыл,
Хуыцауы ныхасыл нӕ баууӕндыдысты
25Ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой сӕ цатырты,
нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ.
26Ӕмӕ сӕм систа Йӕ къух,
цӕмӕй сӕ ныццӕгъда ӕдзӕрӕг быдыры,
27Ныппырх кӕна сӕ байзӕддӕгты адӕмты ӕхсӕн,
ныффӕйлауа сӕ зӕххы цъарыл.
28Уыдон куывтой Ваал-Фегормӕ
ӕмӕ хордтой, мард хуыцӕуттӕн кӕй хастой,
уыцы нывондтӕ.
29Сӕ хъуыддӕгтӕй-иу стызмӕг кодтой Хуыцауы,
ӕмӕ-иу сыл рын сыстади.
30Уӕд рацыд Финес, слӕууыд се 'хсӕн,
ӕмӕ сӕ рын ныууагъта.
31Уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕнусты кӕронмӕ.
32Фӕлӕ та Меривы дӕтты цур
смӕсты кодтой Хуыцауы,
ӕмӕ Моисей баййӕфта ӕфхӕрд уыдоны тыххӕй.
33Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Уды ныхмӕ рацыдысты,
ӕмӕ Моисей фӕрӕдыд ӕнӕрхъуыды ныхасӕй.
34Дунедарӕг сын кӕмӕй загъта,
уыцы адӕмты нӕ фӕцагътой.
35Фӕлӕ схӕццӕ сты муртаттимӕ,
сахуыр сты уыдоны ӕгъдӕуттыл.
36Куывтой сӕ мӕнгхуыцӕуттӕм,
ӕмӕ сын уыдон систы къӕппӕг.
37Сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты
хӕйрӕджытӕн хастой нывондӕн.
38Ныккалдтой-иу ӕназым туг,
сӕ лӕппуты ӕмӕ чызджыты туг –
нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн;
афтӕмӕй зӕхх фӕчъизи тугӕй.
39Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕхи стылдтой цъыфы,
сӕ митӕ уыдысты хӕтаджы митӕ.
40Хуыцауы маст рафыхт Йӕ адӕммӕ,
сӕнад Ын сты Йӕ бындар адӕм.
41Ӕмӕ сӕ радта муртатты къухтӕм,
сӕ фыдгултӕ сын систы ӕлдӕрттӕ.
42Се знӕгтӕ сӕ ӕфхӕрдтой,
ӕмӕ уыдысты сӕ дӕлбар.
43Хуыцау сӕ бирӕ хӕттыты бахызта,
фӕлӕ та-иу сфыдзонд сты;
арфдӕр ныгъуылдысты сӕ азымты.
44Фӕлӕ-иу сӕм ӕркасти сӕ зынты,
сӕ дзыназын-иу сын куы фехъуыста, уӕд.
45Семӕ цы фидыд сарӕзта,
уый-иу ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл,
батӕригъӕд-иу сын кодта
Йӕ бирӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ.
46Уацары кӕмӕ уыдысты,
уыдонӕн дӕр-иу сфӕлмӕн кодта сӕ зӕрдӕтӕ
йӕ адӕммӕ.
47Фервӕзын нӕ кӕн, Дунедарӕг,
нӕ Хуыцау, рамбырд нӕ кӕн дунейы адӕмтӕй,
ӕмӕ стауӕм Дӕ сыгъдӕг ном,
ӕппӕлӕм Дӕ кадӕй.
48Арфӕгонд у Дунедарӕг,
Израилы Хуыцау ӕнусӕй-ӕнустӕм!
Уадз ӕппӕт адӕм зӕгъӕд: «Амен!»
Алилуйа!

106 Псалом

1Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый
фӕрнджын у,
уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2Афтӕ зӕгъӕнт, Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта,
фыдгулы къухӕй кӕй бахызта,
3Ӕппӕт бӕстӕтӕй кӕй ӕрӕмбырд кодта –
скӕсӕнӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕй,
цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй – уыдон.
4Ӕдзӕрӕг быдыры хауӕггаг уыдысты
ӕдзӕуӕг фӕндагыл,
кӕм ӕрцӕрой, ахӕм сахар нӕ ардтой.
5Ӕййӕфтой стонг ӕмӕ дойны,
сӕ уд тухӕнӕй сфӕлахс и.
6Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ зынтӕй.
7Ахуыдта сӕ раст фӕндагыл, цӕмӕй цӕуой,
ӕрцӕрӕн кӕм уыди, уыцы сахармӕ.
8Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
9Уымӕн ӕмӕ дойныгӕнӕг удтӕн суагъта сӕ дойны,
хӕрзтӕй бафсӕста ӕххормӕгты зӕрдӕтӕ.
10Уыдон цардысты талынджы ӕмӕ мӕлӕты тары –
тухӕйнаг ӕмӕ рӕхыстӕй баст ахстытӕ;
11Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхасы ныхмӕ цыдысты,
ницӕмӕ дардтой Бӕрзондбадӕджы уынаффӕтӕ.
12Хуыцау сын ӕрсаста сӕ зӕрдӕ уӕззау куыстытӕй;
фӕкалдысты, ӕмӕ сын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыд.
13Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ зынтӕй.
14Ракодта сӕ талынгӕй, мӕлӕты аууонӕй,
арӕдывта сын сӕ рӕхыстӕ.
15Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
16Уымӕн ӕмӕ Уый басаста ӕрхуы дуӕрттӕ,
арӕмыгъта ӕфсӕн ӕхгӕнӕнтӕ.
17Ӕнӕзӕндтӕ сӕ галиу фӕндӕгты тыххӕй,
сӕ азымты тыххӕй хъизӕмары хай фесты.
18Сӕ зӕрдӕ ницыуал хӕринаг иста,
ӕмӕ ингӕны къӕсӕрмӕ ӕрбахӕстӕг сты.
19Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ зынтӕй.
20Рарвыста Йӕ ныхас ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта,
ингӕнӕй сӕ бахызта.
21Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
22Ӕрхӕссӕнт Ын бузныджы нывонд,
цинӕй заргӕйӕ хъусын кӕнӕнт Йӕ хъуыддӕгтӕ!
23Денджызмӕ-иу сӕ наутыл чи араст и,
фурды донвӕндӕгтыл йӕ куыст чи кодта,
24Уыдон уыдтой Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ
ӕмӕ Йӕ диссӕгтӕ донзилӕны.
25Йӕ ныхасӕй-иу сыстади уад,
хӕрдмӕ иста уылӕнтӕ;
26Наудзаутӕ-иу ссыдысты арвмӕ,
ныццыдысты дӕлдзӕхмӕ;
сӕ ныфс састи фыдӕвзарӕнты.
27Зилдух кодтой ӕмӕ, расгуытау, цудыдтой;
се 'ппӕт арӕхстдзинад-иу цыдӕр ӕрбаци.
28Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ ракодта сӕ зынтӕй.
29Уый ныссабыр кодта уад,
ӕмӕ уылӕнтӕ банцадысты.
30Ирвӕзтытӕ сцин кодтой, уыдон кӕй банцадысты,
ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕркодта сӕ бӕллиццаг наулӕууӕнмӕ.
31Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
32Уадз сбӕрзонд кӕной Йӕ ном адӕмы ӕмбырды,
кад Ын кӕнӕнт хистӕртӕ ныхасы.
33Хуыцау цӕугӕдӕттӕй саразы хус быдыртӕ,
згъоргӕ суадӕттӕй – хуыскъ зӕхх,
34Бӕркадджын зӕххӕй – цӕхджын быдыр,
чи йыл цӕры, уыдоны фыдӕхы тыххӕй.
35Хус быдыр фестын кӕны цад,
хуыскъ зӕхх – згъоргӕ суадӕттӕ;
36Ӕмӕ уым ӕрцӕрын кӕны цардмондӕгты,
цӕмӕй саразой сахар ӕмӕ дзы ӕрцӕрой.
37Байтауынц быдырты, ныссадзынц сӕнӕфсирдӕттӕ
ӕмӕ сын ӕрхӕссынц бирӕ дыргъ.
38Йӕ арфӕ сыл ӕруадзы, ӕмӕ тынг сбирӕ вӕййынц,
сӕ фосы нымӕц дӕр сын нӕ цух кӕны.
39Чысыл куы вӕййы сӕ нымӕц,
дӕлбарӕй ныллӕггонд ӕфхӕрд ӕмӕ ӕрхӕндӕг,
40Уӕд сын ӕгадмӕ ӕртӕры се 'лдӕртты,
ныдздзӕгъӕл сӕ кӕны ӕдзӕрӕг, ӕвӕндаг быдырты.
41Хъуагӕййафӕджы та ссӕрибар кӕны йӕ зынтӕй,
фысты дзугау ын сбирӕ кӕны йӕ мыггаг.
42Рӕстгӕнджытӕ уый уынынц ӕмӕ цин кӕнынц,
алы фыдзӕрдӕйӕн та йӕ бон зӕгъын
ницыуал вӕййы.
43Зондджын чи у, уый раиртасӕд адон
ӕмӕ бамбарӕд Хуыцауы хорзӕх.

107 Псалом

1Зарӕг.
Давиды псалом.
2Мӕ зӕрдӕ цӕттӕ у, Хуыцау;
зардзӕни мӕ уд ӕмӕ Дӕ стаудзӕни
зарджыты зӕлтӕй.
3Райхъал ут, хъисфӕндыр ӕмӕ уадындз!
Ӕз райхъал кӕндзынӕн сӕуӕхсид.
4Адӕмты ӕхсӕн стаудзынӕн Дӕу, Дунедарӕг;
зардзынӕн Дыл знӕмты ӕхсӕн.
5Уымӕн ӕмӕ стыр у Дӕ хорзӕх, арвӕй уӕлдӕр,
Дӕ рӕстад – ӕврӕгъты онг.
6Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд дӕ ном, Хуыцау,
ӕппӕт зӕххыл – Дӕ кад,
7Цӕмӕй ссӕрибар уой, Ды кӕй уарзыс, уыдон.
Фервӕзын мӕ кӕн Дӕ рахиз цонджы руаджы,
ратт дзуапп мӕ куывдӕн.
8Хуыцау Йӕ рухс Кувӕндоны загъта:
«Ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, Сихем байуардзынӕн,
Сокхофы дӕлвӕз дӕр ныддихтӕ кӕндзынӕн,
9Мӕн у Галаад, Мӕн у Манасси,
Ефрем – Мӕ сӕрӕн згъӕрхуд,
Иудӕ – Мӕ паддзахы лӕдзӕг.
10Моав – Мӕ хихсӕн кӕхц у,
Едомыл ӕрӕвӕрдзынӕн Мӕ къах,
филистимаг зӕххыл азӕлдзӕн Мӕ хъӕлӕс».
11Чи мӕ бакӕндзӕн фидар сахармӕ?
Чи мӕ бахӕццӕ кӕндзӕн Едоммӕ,
12Кӕд уый Ды нӕ уыдзынӕ, Хуыцау,
Йӕхи ныл чи атигъ кодта
ӕмӕ не 'фсадимӕ чи нал рацӕуы, уыцы Хуыцау?
13Баххуыс нын кӕн тыхӕвзарӕны,
уымӕн ӕмӕ адӕймаджы ӕххуыс ницы у.
14Хуыцауимӕ фӕуӕлахиз уыдзыстӕм;
Уый ныссӕнддзӕн не знӕгты Йӕ къӕхты бын.

108 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
О Хуыцау, Дӕуӕн кад кӕнын, ма у ӕнӕдзуапп.
2Уымӕн ӕмӕ фыдлӕгтӕ ӕмӕ мӕнгдзурджытӕ
сластой се 'взаг мӕ ныхмӕ;
мемӕ кӕнынц фӕлывд ныхас.
3Ӕртыхстысты мыл се 'фхӕрӕн ныхӕстимӕ;
лӕбурынц мӕм ӕнӕфсонӕй.
4Мӕ уарзтӕн дзуапп дӕттынц знаггадӕй,
ӕз та уӕддӕр кувын.
5Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй,
мӕ уарзт – фыдӕхӕй.
6Фыдлӕджы дӕлбар бакӕн ме знаджы,
зылынгӕнӕг ӕрлӕууӕд йӕ рахиз фарс.
7Тӕрхон ын куы хӕссой, уӕд разынӕд азымджын,
йӕ куывд нымад ӕрцӕуӕд тӕригъӕдыл.
8Йӕ бонтӕ фӕцыбыр уӕд,
йӕ бынат ын бацахсӕд ӕндӕр.
9Йӕ хъӕбултӕ баззайӕнт сидзӕрӕй,
йӕ ус – идӕдзӕй.
10Йӕ хъӕбултӕ баззайӕнт дзӕгъӕл ӕмӕ мӕгуырӕй,
курӕг цӕуӕд сӕ хӕдзары пырхӕнтӕй.
11Цыдӕриддӕр ӕм ис, уый бауӕд
йе 'фстаудӕттӕджы,
ӕцӕгӕлӕттӕ йын фӕхӕссӕнт
йӕ цӕнгты фӕллӕйттӕ.
12Батӕригъӕдгӕнӕг ын мачи уӕд,
йӕ сидзӕртӕн рӕвдауӕг ма разынӕд.
13Йӕ байзӕддаг фӕцагъды уӕд,
фӕстагӕтты ӕхсӕн сӕ ном фесӕфӕд.
14Хуыцау ын ӕрымысӕд йӕ фыдӕлты азымтӕ,
йӕ мады тӕригъӕд ӕхсад ма 'рцӕуӕд.
15Сӕ тӕригъӕдтӕ иудадзыг уӕнт
Дунедарӕджы цӕсты раз,
зӕххыл фыдлӕгтӕн сӕ кой дӕр куыд фесафа.
16Йӕ зӕрды кӕй нӕ уыди хорзӕх кӕнын,
фӕлӕ мӕгуыр, ӕфхӕрд ӕмӕ зӕрдӕсаст
адӕймаджы фӕдыл йӕ амарынмӕ кӕй зылди,
уый тыххӕй.
17Уарзта ӕлгъитын – ӕмӕ йӕхиуыл ӕрцӕуӕд;
нӕ йӕ бафӕндыд арфӕдзинад –
ӕмӕ дзы уый адард уӕд.
18Ӕлгъыстӕй йӕхи фӕлыста дарӕсау,
уӕдӕ донау ацӕуӕд йӕ хуылфы,
зетийау – йе стджыты.
19Ӕмӕ йыл ӕртыхсӕд уӕлӕдарӕсау,
кӕддӕриддӕр йӕ астӕуыл баст ронау.
20Ахӕм уӕд сӕ мызд Дунедарӕгӕй
мӕ ныхмӕлӕуджытӕн,
мӕ уды фыдгой чи кодта, уыдонӕн.
21Мӕныл та, мӕ Хицау Хуыцау,
Ды бацауд Дӕ номы сӕраппонд;
Дӕ хорзӕх фӕрнджын у – фервӕзын мӕ кӕн.
22Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн,
мӕ зӕрдӕ мӕ риуы фӕцӕф.
23Ӕз тайын изӕры аууонау;
мӕтых куыд риза, афтӕ ризын.
24Мӕ уӕрджытӕ слӕмӕгъ сты комдардӕй,
мӕ буар сфӕлахс и сойцухӕй.
25Сдӕн сын хынджылӕггаг;
мӕн фенгӕйӕ сӕ сӕртӕ фӕтилынц.
26Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау;
Ды уарзӕгой дӕ, ӕмӕ фервӕзын кӕн мӕн.
27Уадз базоной – уый Дӕ ӕрмдзӕф у,
уый Ды бакодтай, Дунедарӕг.
28Уыдон кӕд ӕлгъитынц,
уӕддӕр Ды арфӕ кӕндзынӕ,
кӕд ныхмӕ рацӕуынц,
уӕддӕр фегад уыдзысты;
Дӕ цагъар та сцин кӕндзӕни.
29Фӕлыстау сын уыдзӕни фидисы ном
мӕ ныхмӕлӕуджытӕн,
худинаг сыл ӕрбатыхсдзӕни пӕлӕзау.
30Ӕз та зӕрдӕбынӕй ӕппӕлдзынӕн Дунедарӕгӕй,
стаудзынӕн Ӕй стыр ӕмбырды ӕхсӕн.
31Уымӕн ӕмӕ Уый мӕгуырӕн йӕ рахиз фарс лӕууы,
цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕна,
мӕлӕты тӕрхон ын чи хӕссы, уыдонӕй.

109 Псалом

1Давиды псалом.
Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн:
«Сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Де знӕгты
Дӕ къӕхтӕн бынӕн ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ».
2Хуыцау Дын хъомысы барлӕдзӕг арвитдзӕн
Сионӕй,
ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзынӕ Де 'ппӕт знӕгтыл.
3Дӕ тохы бон Дӕ адӕм ӕмвӕндӕй уыдзысты Демӕ;
Дӕ бӕрзонд кады рухс – сӕуӕхсиды райгуырдӕй,
Ды йӕ райстай сӕууон ӕртӕхау Дӕ ӕрыгонӕй.
4Дунедарӕг расомы кодта,
ӕмӕ Йӕ сомы нӕ басӕтдзӕн:
«Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».
5Дунедарӕг – Дӕ рахиз фарс;
Йӕ азары бон ныппырх кӕндзӕн паддзӕхты.
6Адӕмтӕн рахӕсдзӕн тӕрхон,
мӕрдтӕй байдзаг кӕндзӕн бӕстӕ,
ӕппӕт зӕххыл ныппырх кӕндзӕн хицӕутты.
7Фӕндагыл нуаздзӕни доны ивылӕнӕй,
уымӕ гӕсгӕ Йын сбӕрзонд кӕндзӕни Йӕ кад.

110 Псалом

1Алилуйа!
Стаудзынӕн Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ
рӕстгӕнджыты ӕхсӕн ӕмӕ адӕмы ӕмбырды.
2Диссаг сты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ,
ӕхцон сты, чи сӕм бӕллы, уыдонӕн.
3Йӕ хъуыддӕгтӕ – стырад ӕмӕ кад,
йӕ рӕстдзинад цӕры мыггагмӕ.
4Ӕнӕферохгӕнгӕ скодта Уый Йӕ диссӕгтӕ;
хӕрзгӕнӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Дунедарӕг.
5Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн дӕтты хойраг;
Йӕ фӕдзӕхст Дзы мыггагмӕ дӕр нӕ рох кӕны.
6Йӕ хъуыддӕгты Йӕ тых равдыста Йӕ адӕмӕн,
муртатты зӕхх сын бынтӕн куы радта, уӕд.
7Йӕ армӕй сконд – ӕнувыд ӕмӕ раст тӕрхон,
Йӕ уынаффӕтӕ се 'ппӕт дӕр сты ӕцӕг.
8Фидаргонд сты мыггагмӕ,
арӕзт сты ӕнувыддзинад ӕмӕ рӕстадӕй.
9Уый Йӕ адӕмӕн рарвыста ирвӕзындзинад;
Йӕ фӕдзӕхст снысан кодта мыггагмӕ –
сыгъдӕг ӕмӕ тасӕфтауӕг у Йӕ ном.
10Хуыцауы тас зонды гуырӕн у;
Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕстгӕнджытӕн раст зонд ис.
Кад уӕд Уымӕн мыггагмӕ!

111 Псалом

1Алилуйа!
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, Хуыцауӕй чи тӕрсы,
Уый фӕдзӕхстытӕ тынг ӕхцон кӕмӕн сты.
2Тыхджын уыдзысты зӕххыл йӕ байзӕддаг,
арфӕгонд уыдзысты йӕ фӕстагӕттӕ.
3Йӕ хӕдзары – бӕркад ӕмӕ хъӕздыгад,
йӕ рӕстдзинад цӕрдзӕни мыггагмӕ.
4Рӕстгӕнӕгӕн талынджы скӕсы рухс,
уый рӕдау, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг у.
5Фӕрнджын у фӕлмӕнзӕрдӕ
ӕмӕ ӕфстау дӕттӕг адӕймаг;
йӕ алы хъуыддаг дӕр аразы рӕстӕй,
6Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕни;
рӕстгӕнӕг мыггагмӕ дӕр никуы уыдзӕн рох.
7Нӕ фӕтӕрсдзӕн фыдцауӕй – фидар у йӕ зӕрдӕ,
уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс Хуыцауыл ӕвӕры.
8Ӕдас у йӕ зӕрдӕ,
йе знӕгты фендӕй никуы фӕтӕрсдзӕн.
9Цы йӕм уыди, уый бахардз кодта,
байуӕрста мӕгуыртӕн;
Йӕ рӕстдзинад цӕрдзӕн мыггагмӕ;
йӕ кад уыдзӕни бӕрзонд.
10Фыдлӕг уый куы фена,
уӕд мастӕй байдзаг уыдзӕни,
цӕудзӕн йӕ дӕндӕгты хъыррыст, баруайдзӕн.
Фыдлӕгты фӕндтӕ се 'ппӕт дӕр фехӕлдзысты.

112 Псалом

1Алилуйа!
Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, Йӕ цагъартӕ,
ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй.
2Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы ном абон дӕр
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.
3Скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ скадджын уӕд
Хуыцауы ном.
4Бӕрзонд у ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ Хуыцау,
Йӕ кад арвӕй уӕлдӕр у.
5Чи уыдзӕн Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы хуызӕн,
Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд кӕмӕн у,
6Чи баввӕрсы арв ӕмӕ зӕххыл ӕмӕ сӕм Чи ӕркӕсы?!
7Мӕгуыры сисы зӕххы рыгӕй,
гӕвзыччы сласы фӕныкӕй,
8Цӕмӕй йӕ сбадын кӕна адӕмы уӕздӕттимӕ,
Йӕ адӕмы уӕздӕттимӕ.
9Ӕнӕзӕнӕг хӕдзары сылгоймаджы скӕны мад –
йӕ хъӕбултыл цингӕнӕг.
Алилуйа!

113 Псалом

1Израил куы рацыд Мысырӕй,
Иаковы хӕдзарвӕндаг – ӕцӕгӕлон ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй,
2Уӕд Иудӕ сси Хуыцауӕн сыгъдӕг,
Израил – Йӕ исбон.
3Денджыз уый куы федта, уӕд лидзынмӕ фӕци;
Иорданы цӕугӕдон фӕстӕрдӕм фӕцыд.
4Хӕхтӕ гӕппытӕ кодтой фырытау,
обӕуттӕ – уӕрыччытау.
5Цы дыл ӕрцыд, денджыз, лидзынмӕ цы фӕдӕ,
ӕмӕ дӕуыл, Иордан, фӕстӕрдӕм цы фӕцыдтӕ?
6Цы гӕппытӕ кӕнут, фырытау, хӕхтӕ,
уӕрыччытау – обӕуттӕ?
7Бариз, зӕхх, Дунедарӕджы цӕсгомы раз,
Иаковы Хуыцауы цӕсгомы раз.
8Дунедарӕг къӕдзӕх фестын кӕны цад,
айнӕг – доны гуырӕн.
9Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ,
фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕнӕкӕрон у Дӕ уарзт
ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад.
10Цӕмӕн хъуамӕ дзурой муртаттӕ:
«Кӕм ис, уӕдӕ, сӕ Хуыцау?»
11Нӕ Хуыцау уӕлӕрвты ис;
ӕмӕ Йӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый кӕны.
12Уыдонӕн та сӕ гуымирытӕ –
ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин –
адӕймаджы къухтӕй конд.
13Ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ дзурын нӕ зонынц;
ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ нӕ уынынц.
14Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц;
ис сын фындзтӕ, фӕлӕ не 'мбудынц.
15Ис сын къухтӕ, фӕлӕ уырзӕй не 'нкъарынц;
ис сын къӕхтӕ, фӕлӕ цӕуын нӕ зонынц;
ис сын хъуыртӕ, фӕлӕ сӕ уынӕр нӕ райхъуысы.
16Чи сӕ аразы ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдон дӕр уыцы гуымирытӕй уӕлдай не сты.
17Израилы адӕм!
Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –
Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ уарт.
18Аароны хӕдзарвӕндаг!
Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –
Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ уарт.
19Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдон!
Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –
Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ уарт.
20Дунедарӕг нӕ рох кӕны мах,
арфӕ нын кӕндзӕни:
арфӕ кӕндзӕни Израилы хӕдзарыл,
арфӕ кӕндзӕни Аароны хӕдзарыл.
21Арфӕ кӕндзӕн, Дунедарӕджы чи нымайы,
уыдонӕн стырӕй-чысылӕй.
22Дунедарӕг уӕ скӕнӕд фылдӕрӕй-фылдӕр –
сымах дӕр ӕмӕ уӕ цоты дӕр.
23Арфӕгонд стут сымах арв ӕмӕ зӕхх
сфӕлдисӕг Хуыцауӕй.
24Уӕлӕрвтӕ – Хуыцауы сты уыдон,
зӕхх та радта Уый лӕджы фырттӕн.
25Мӕрдтӕ нӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн,
нӕдӕр ӕнӕсым ингӕнмӕ цӕуджытӕ;
26Мах та стаудзыстӕм Дунедарӕджы,
абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ.
Алилуйа!

114 Псалом

1Ӕз уарзын Дунедарӕджы,
Уый фехъуыста мӕн,
дзуапп радта мӕ лӕгъстӕйӕн.
2Айста мӕ кувын, ӕмӕ Йын ардзынӕн Йӕ ном
мӕ цӕргӕбонты.
3Ӕртыхстысты мыл мӕлӕты бӕндӕнтӕ,
фыдохы азар мӕ ӕрсырдта мӕ тыхсты бон,
фыдбылыз мӕ баййӕфта.
4Уӕд Хуыцаумӕ Йӕ номӕй сдзырдтон,
балӕгъстӕ Йын кодтон:
«Хуыцау, бахиз мын мӕ уды».
5Рӕдау ӕмӕ рӕстаг у,
фӕлмӕнзӕрдӕ у нӕ Хуыцау.
6Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕнӕхинты –
ӕдых уыдтӕн ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта.
7Ӕрбаздӕх, мӕ уд, Де 'нцой бынатмӕ –
Дунедарӕг хорзы бацыди дӕуӕн.
8Ды мӕ уды бахызтай мӕлӕтӕй,
мӕ цӕстытӕ – цӕссыгӕй,
мӕ къӕхтӕ – фӕкӕлынӕй,
9Цӕмӕй ӕз Хуыцауы раз
цӕуон царды зӕххыл.

115 Псалом

1Ӕз фидарӕй ӕууӕндыдтӕн Хуыцауыл,
«тынг ӕфхӕрд дӕн» куы дзырдтон, уӕд дӕр.
2Ӕмӕ мӕ тыхстӕй загътон:
«Алы адӕймаг дӕр мӕнгард у».
3Цӕмӕй бафиддзынӕн Хуыцауӕн Йӕ бирӕ хӕрзтӕ?
4Хуыцауӕй ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн
ӕмӕ Йӕ ном ссардзынӕн.
5Дунедарӕгӕн дзырд цӕй тыххӕй радтон,
уый ӕппӕт адӕмы раз сӕххӕст кӕндзынӕн.
6Хуыцауы цӕсты тынг ахадгӕ у
Йӕ сыгъдӕджыты мӕлӕт.
7О Дунедарӕг! Дӕ цагъар дӕн ӕз, Дӕ цагъар дӕн
ӕмӕ Дӕ цагъар сылгоймаджы хъӕбул;
Ды мӕ суӕгъд кодтай рӕхыстӕй.
8Дӕуӕн ӕрхӕсдзынӕн бузныджы нывонд
ӕмӕ ссардзынӕн Хуыцауы ном.
9Дунедарӕгӕн дзырд цӕй тыххӕй радтон,
уый ӕппӕт адӕмы раз сӕххӕст кӕндзынӕн,
10Хуыцауы Кувӕндоны кӕртыты,
дӕ бӕстастӕу, Иерусалим!
Алилуйа!

116 Псалом

1Стаут Дунедарӕджы, ӕппӕт адӕмтӕ,
кад Ын кӕнут, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ.
2Уымӕн ӕмӕ стыр у Йӕ хорзӕх махмӕ,
Дунедарӕг иузӕрдион у мыггагмӕ.
Алилуйа!

117 Псалом

1Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый
фӕрнджын у,
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2Уӕдӕ зӕгъӕд Израил:
«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
3Уӕдӕ зӕгъӕд Аароны хӕдзарвӕндаг:
«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
4Уӕдӕ зӕгъӕнт, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон:
«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
5Мӕ тыхстӕй сдзырдтон Дунедарӕгмӕ;
Уый мӕ фехъуыста, мӕ цӕуӕнтӕ мын скодта
уӕрӕх.
6Хуыцау мемӕ ис, нӕ фӕтӕрсдзынӕн:
цы мын у адӕймаджы бон?
7Хуыцау мемӕ ис, Уый ме 'ххуысгӕнӕг у.
Ӕз кӕсдзынӕн ме знӕгтӕм мӕ цӕстыдзагӕй.
8Адӕймагӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты
Хуыцауӕй ӕххуыс агурын хуыздӕр у.
9Ӕлдӕрттӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты
Хуыцауӕй ӕххуыс агурын хуыздӕр у.
10Ӕртыхстысты мыл ӕппӕт адӕмтӕ,
фӕлӕ сӕ ӕз Хуыцауы номӕй фӕсырдтон.
11Ӕрӕмбырд мыл сты, ӕртыхстысты мыл,
фӕлӕ сӕ ӕз Хуыцауы номӕй фӕсырдтон.
12Цӕваг бындзытау мыл ӕртыхстысты,
фӕлӕ бамынӕг сты сындзджын артау;
Хуыцауы номӕй сӕ фӕсырдтон.
13Тынг мӕ асхуыстат, куыд ӕрхауон, афтӕ;
фӕлӕ мын Хуыцау баххуыс кодта.
14Дунедарӕг – мӕ тых ӕмӕ мӕ зарӕг;
Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
15Рӕстгӕнджыты хӕдзӕрттӕй хъуысы
уӕлахиз ӕмӕ цины уынӕр:
«Хуыцау ӕвдисы Йӕ рахиз цонджы тых!
16Дунедарӕджы рахиз цонджы уӕлахиз бӕрзонд у;
Хуыцау ӕвдисы Йӕ рахиз цонджы тых!»
17Нӕ амӕлдзынӕн, фӕлӕ цӕрдзынӕн
ӕмӕ хъусын кӕндзынӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕ.
18Карз мӕ бафхӕрдта Хуыцау,
фӕлӕ мӕ мӕлӕтмӕ нӕ радта.
19Байгом мын кӕнут рӕстады кулдуар –
бацӕудзынӕн ӕмӕ скад кӕндзынӕн Хуыцауӕн.
20Уый Хуыцауы кулдуар у –
рӕстгӕнджытӕ бацӕудзысты уыцы кулдуарыл.
21Бузныг дӕн Дӕуӕй, Ды мӕ кӕй фехъуыстай;
Ды сдӕ мӕ ирвӕзындзинад.
22Амайджытӕ сӕхи цы дурыл атигъ кодтой,
уый сси сӕрӕвӕрӕн.
23Уый Хуыцауӕй уыди, ӕмӕ диссаг кӕсы махмӕ.
24Абоны бон Хуыцау сфӕлдыста;
хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ йыл цин кӕнӕм.
25О Дунедарӕг, фервӕзын нӕ кӕн;
О Хуыцау, ратт нын ӕнтыст.
26Арфӕгонд у Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг!
Арфӕ уын кӕнӕм Хуыцауы Хӕдзарӕй.
27Хуыцау у Дунедарӕг, срухс нӕ кодта Йӕ тӕмӕнӕй.
Сбӕттут бӕттӕнтӕй бӕрӕгбоны кусӕрттаджы,
ракӕнут ӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕм хӕстӕг.
28Ды мӕ Хуыцау дӕ – стаудзынӕн дӕ;
Ды мӕ Хуыцау дӕ –
бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад.
29Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый
фӕрнджын у,
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

118 Псалом

Алеф[24]

1Тӕхудиаг сты уыдон,
йӕ цардвӕндаг ӕнаипп кӕмӕн у,
Хуыцауы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.
2Тӕхудиаг сты уыдон,
Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ чи 'ххӕст кӕны,
ӕппӕт зӕрдӕйӕ Уый чи агуры.
3Уыдон фыдми нӕ ракӕнынц,
фӕлӕ цӕуынц Хуыцауы фӕндагыл.
4Ды бафӕдзӕхстай Дӕ амындтӕ,
цӕмӕй сӕ кӕронмӕ ӕххӕст кӕнӕм.
5О, куы цӕуин ӕз Дӕ фӕндӕгтыл,
цӕмӕй Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон!
6Уӕд нӕ фегад уаин,
куы исин мӕхимӕ Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ.
7Стаудзынӕн Дӕ раст зӕрдӕйӕ,
Дӕ ӕнӕхӕрам уынаффӕтыл ахуыр кӕнгӕйӕ.
8Дӕ уагӕвӕрдтӕн уыдзынӕн коммӕгӕс;
ӕрмӕст мӕ ма ныууадз бынтон!

Бет

9Куыд бавӕра ӕвзонг лӕппу йӕ цардвӕндаг
сыгъдӕгӕй? –
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕргӕйӕ.
10Агурын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ;
ма бауадз мӕн Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхын.
11Ӕз мӕ зӕрдӕйы рӕбын дарын Дӕ ныхас,
цӕмӕй Дӕ разы тӕригъӕд ма аразон.
12Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
13Ӕргомӕй хъусын кӕндзынӕн
Дӕуӕй рацӕугӕ ӕппӕт уынаффӕтӕ.
14Цыфӕнды хӕзнайӕ мын стырдӕр цин хӕссы
Дӕ уынаффӕты фӕндагыл цӕуын.
15Мӕ хъуыдытӕ сты Дӕ фӕдзӕхстытыл;
цӕуын Дӕ амынд фӕндагыл.
16Дӕ уагӕвӕрдтӕ мын ӕхсызгон сты,
Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.

Гимел

17Дӕ хорзӕх ӕруадз Дӕ цагъарыл, ӕмӕ цӕрдзынӕн;
ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхас.
18Байгом кӕн мӕ цӕстытӕ,
ӕмӕ фендзынӕн диссӕгтӕ Дӕ фӕдзӕхстыты.
19Ӕз зӕххыл фӕндаггон дӕн,
ма бамбӕхс мӕнӕй Дӕ уынаффӕтӕ.
20Мӕ уд бастади ӕдзух Дӕ раст тӕрхонмӕ бӕлгӕйӕ.
21Ды бауайдзӕф кодтай хъалтӕн;
уыдон ӕлгъыст сты –
Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхтысты.
22Аиуварс кӕн мӕнӕй ӕгад ӕмӕ худинаг,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын.
23Кӕд ӕлдӕрттӕ бадынц ӕмӕ тӕрхӕттӕ кӕнынц
мӕ ныхмӕ,
уӕддӕр Дӕ цагъары хъуыдытӕ
Дӕ уагӕвӕрдтыл сты.
24Дӕ уынаффӕтӕ мын ӕхсызгон сты,
уыдон мын – ӕгас зондамонджытӕ.

Далет

25Зӕххы рыг ӕмвӕз сси мӕ уд;
райгас мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
26Ӕз радзырдтон мӕ цардвӕндӕгты тыххӕй,
ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
27Бамбарын мын кӕн Дӕ уынаффӕты фӕндаг,
ӕмӕ уӕд мӕ хъуыдытӕ Дӕ диссаг хъуыддӕгтыл
уыдзысты.
28Мӕты бацыди мӕ уд;
сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
29Аиуварс мӕ кӕн мӕнг фӕндагӕй;
батӕригъӕд мын кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
30Ӕз равзӕрстон ӕцӕгады фӕндаг,
ӕмӕ мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон Дӕ рӕстдзинадмӕ.
31Ӕз фидар хӕцын Де 'гъдӕуттыл,
О Дунедарӕг, ма мӕ ратт ӕгадмӕ.
32Ӕз згъордзынӕн Дӕ фӕдзӕхст фӕндагыл;
Ды мӕ зӕрдӕйӕн уӕрӕх ӕмбарынад дӕттыс.

Хе

33Сахуыр мӕ кӕн, О Дунедарӕг,
Дӕ уагӕвӕрдты фӕндагыл лӕууын,
ӕмӕ йыл ӕз кӕронмӕ цӕудзынӕн.
34Зонд мын бацамон, ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн
Де 'гъдау,
ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ уыдзынӕн коммӕгӕс.
35Бафтау мӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл,
уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕн уыцы фӕндаг ӕхцон у.
36Мӕ зӕрдӕ аздах хипайдамӕ нӕ,
фӕлӕ Дӕ уынаффӕтӕм.
37Аздах мӕ цӕстӕнгас цӕмӕй ма уынон,
мӕнг цы у, уый;
сног мын кӕн мӕ цард Дӕ фӕндагыл.
38Дӕ цагъарӕн Дӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕн,
цӕмӕй Дӕ ӕндӕртӕ дӕр нымайой.
39Цы ӕгадӕй тӕрсын уый аиуварс кӕн мӕнӕй;
куыд фӕрнджын сты Дӕ уынаффӕтӕ!
40О, куыд бӕллын ӕз дӕ амындтытӕм;
сног мын кӕн мӕ цард Дӕ рӕстдзинадӕй.

Вав

41Уадз мӕн баййафӕд Де 'нӕаивгӕ уарзт, Дунедарӕг
ӕмӕ мын фервӕзынӕй цы ныфс ӕвӕрдтай, уый.
42Ӕмӕ ӕз дзуапп ратдзынӕн мӕ фыдгойгӕнӕгӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.
43Бынтон ӕнӕхай ма фӕкӕн мӕн
Де 'цӕгады ныхас дзурынӕй,
уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ Дӕ рӕстдзинадыл дарын,
44Ӕмӕ ӕз Де 'гъдауыл хӕцдзынӕн кӕддӕриддӕр
ӕмӕ мыггагӕй-мыггагмӕ.
45Мӕ къахайст уыдзӕни уӕрӕх,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ уынаффӕтӕ бацагуырдтон.
46Паддзӕхты раз дзурдзынӕн Дӕ уагӕвӕрдты тыххӕй
ӕмӕ нӕ фефсӕрмы уыдзынӕн.
47Мӕнӕн ӕхцон сты Дӕ фӕдзӕхстытӕ,
уымӕн ӕмӕ ӕз бауарзтон уыдон.
48Бӕрзонд хӕсдзынӕн Дӕ фӕдзӕхстытӕ –
уыдон бауарзтон ӕз,
мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ уагӕвӕрдтыл.

Зайин

49Ӕрымыс, Дӕ цагъарӕн ныфсӕвӕрынӕн
цы дзырд радтай, уый.
50Дӕ ныхас мӕ раздахы цардмӕ,
мӕ хъыгты мын дӕтты рӕвдыд.
51Хъалтӕ мӕ тынг ӕфхӕрдтой,
фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕй нӕ аздӕхтӕн.
52Мӕ зӕрдыл дарын Дӕ ӕнусон фӕдзӕхстытӕ,
О Дунедарӕг,
ӕмӕ сӕ исын рӕвдыд.
53Маст мын ме уӕнгтӕ сбӕтты,
Дӕ уагӕвӕрдтӕ ныууадзӕг фыдгӕнджыты
куы фенын, уӕд.
54Кӕмдӕриддӕр цардтӕн, уым мын
Дӕ фӕдзӕхстытӕ уыдысты мӕ зарӕджы сӕр.
55Ӕхсӕвыгӕтты-иу ӕрымысыдтӕн Дӕ ном,
О Дунедарӕг,
ӕмӕ мӕ зӕрдыл дардтон Дӕ уынаффӕтӕ.
56Уый сси мӕнӕн ӕгъдау –
цӕрын Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.

Хет

57О Дунедарӕг, Ды дӕ мӕ Хуыцауы хай;
ӕз загътон: ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхӕстӕ.
58Ӕппӕт зӕрдӕйӕ агурын Дӕ хорз цӕстӕнгас;
батӕригъӕд мын кӕн
Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
59Ӕз хъуыды кодтон мӕ фӕндӕгтыл
ӕмӕ мӕ къахдзӕфтӕ сарӕзтон Дӕ амындтытӕм.
60Ӕз тагъд кодтон, фӕстӕ нӕ лӕууыдтӕн
Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй.
61Фыдлӕгты сахсӕнтӕ – мӕ алыварс,
фӕлӕ ӕз дӕ ныхас нӕ рох кодтон.
62Ӕмбисӕхсӕв-иу сыстадтӕн
Дӕ раст тӕрхонты тыххӕй
Дӕуӕн кад скӕнынмӕ.
63Хӕлар дӕн ӕз, Дӕуӕй чи тӕрсы
ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ чи ӕххӕст кӕны,
ӕппӕт уыдонӕн.
64Де стыр хорзӕхӕй, Хуыцау, ӕмыдзаг у зӕхх;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

Тет

65Ды хорзы бацыдтӕ Дӕ цагъарӕн, О Дунедарӕг,
зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.
66Бацамон мын хорз зонд ӕмӕ мӕ скӕн ӕмбаргӕ,
уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын Дӕ фӕдзӕхстытыл.
67Мӕ хъизӕмары агъоммӕ ӕз рӕдыдтӕн,
ныр та Дӕ ныхасӕн дӕн коммӕгӕс.
68Ды фӕрнджын ӕмӕ фарн тауӕг дӕ;
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
69Ӕнӕхуыцӕуттӕ мыл ӕндадзынц сӕ мӕнг ныхӕстӕ;
ӕз та зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзынӕн
Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
70Сӕ зӕрдӕтыл фырнӕрдӕй схӕцыд фиу,
мӕнӕн та Дӕ ныхас ӕхцон у.
71Хуыздӕрӕн мын уыдысты мӕ хъизӕмӕрттӕ,
цӕмӕй базонон Дӕ амындтӕ.
72Дӕ комӕй рацӕугӕ фӕдзӕхст мӕнӕн
мингай сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй хуыздӕр у.

Йод

73Дӕ къухтӕ сфӕлдыстой ӕмӕ снывӕзтой мӕн;
скӕн мӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ базондзынӕн,
Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
74Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдон мӕ фендзысты ӕмӕ цин
кӕндзысты,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.
75Дӕ тӕрхонтӕ раст кӕй сты,
уый мын зындгонд у, О Дунедарӕг;
Дӕ иузӕрдионӕй бафхӕрдтай мӕн.
76Уадз Дӕ хорзӕх уӕд мӕ рӕвдауӕг,
Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.
77Ӕрцӕуӕд мыл Дӕ рӕвдыд, ӕмӕ ӕз цӕрдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон сты мӕнӕн.
78Уадз фегад уой хъалтӕ,
уымӕн ӕмӕ ӕнаххосӕй уынгӕг кӕнынц мӕн;
мӕ хъуыдытӕ та уыдзысты Дӕ уагӕвӕрдтыл.
79Дӕуӕй чи тӕрсы, Дӕ уынаффӕтӕ чи зоны,
уыдон раздӕхӕнт мӕнмӕ.
80Уадз ӕмӕ мӕ зӕрдӕ уа ӕнаипп Дӕ амындмӕ гӕсгӕ,
цӕмӕй ма фегад уон.

Каф

81Руайы мӕ уд Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕлгӕйӕ;
мӕ зӕрдӕ Дӕ ныхасыл дарын.
82Руайынц мӕ цӕстытӕ Дӕ зӕрдӕвӕрӕнмӕ бӕлгӕйӕ,
ӕмӕ фӕзӕгъын: «Кӕд мӕ барӕвдаудзынӕ?»
83Лалым фӕздӕгмӕ куыд бампылы, афтӕ сдӕн ӕз,
фӕлӕ Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ферох кодтон.
84Цас ӕнхъӕлмӕ кӕсон ӕз – Дӕ цагъар?
Кӕд стӕрхон кӕндзынӕ мӕ сурджытӕн?
85Дӕ ӕгъдау ницӕмӕ даргӕйӕ,
сӕрыстыртӕ мӕнӕн скъахтой уӕрм,
86Мӕ фӕдыл зилынц ӕнаххосӕй;
баххуыс мын кӕн, уымӕн ӕмӕ
Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕцӕг сты.
87Бирӕ сӕ нал хъуыди а-дунейӕ мӕн фесафынмӕ,
фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ныууагътон.
88Дӕ хорзӕхы руаджы мын бахиз мӕ цард,
ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ комӕй рацӕугӕ
уынаффӕтӕ.

Ламед

89Дӕ ныхас, О Дунедарӕг,
уӕлӕрвты фидаргонд у мыггагмӕ.
90Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ у;
Ды ӕрфидар кодтай зӕхх, ӕмӕ лӕууы.
91Дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ нырмӕ лӕууы ӕппӕт дӕр,
уымӕн ӕмӕ коммӕгӕс сты Дӕуӕн.
92Дӕ ныхасӕй куы нӕ исин рӕвдыд,
уӕд афонмӕ мӕ хъизӕмӕртты амӕддаг фӕуыдаин.
93Мыггагмӕ дӕр нӕ ферох кӕндзынӕн
Дӕ уагӕвӕрдтӕ –
цард мын уыдоны фӕрцы дӕттыс.
94Ӕз Дӕу дӕн – фервӕзын мӕ кӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ амындтытӕ бацагуырдтон.
95Фыдлӕгтӕ цӕттӕйӕ лӕууынц мӕн бабын
кӕнынмӕ;
ӕз та арфдӕр хъуыды кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтыл.
96Ӕз федтон, алцӕмӕй ӕххӕст цы у,
ӕппӕт уыдонӕн сӕ кӕрон,
фӕлӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕн кӕрон нӕй.

Мем

97Куыд уарзын ӕз Дӕ ныхас! Мӕ хъуыдытӕ
боны дӕргъы дӕр ууыл вӕййынц.
98Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ ме знӕгтӕй скодтой
зондджындӕр,
уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр мемӕ сты.
99Ме 'ппӕт ахуыргӕнджытӕй ӕз фӕзонӕгдӕр дӕн,
уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ Дӕ уагӕвӕрдтыл сты.
100Ӕмбаргӕдӕр дӕн ӕз кардзыдтӕй,
уымӕн ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ ӕххӕст кӕнын.
101Алы галиу фӕндагыл цӕуынӕй мӕхи хизын,
цӕмӕй коммӕгӕс уон Дӕ ныхасӕн.
102Дӕ уынаффӕтӕй ӕз нӕ аздӕхтӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕхӕдӕг ахуыр кӕныс мӕн.
103Куыд адджын сты Дӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕйӕн!
Уыдон мӕ дзыхы адджындӕр сты мыдӕй.
104Дӕ амындтытӕ мӕ кӕнынц ӕмбаргӕ;
уымӕ гӕсгӕ мын алы мӕнгдзинады фӕндаг
ӕнӕуынон у.

Нун

105Дӕ ныхас – цырагъ мӕ развӕдӕн
ӕмӕ рухс мӕ фӕндагӕн.
106Ӕз дзырд радтон ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн –
коммӕгӕс уыдзынӕн Дӕ раст уынаффӕтӕн.
107Уӕззау ӕфхӕрд бавзӕрстон, О Дунедарӕг,
сног мын кӕн мӕ цард Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
108Ӕхцон Дын уӕд, О Хуыцау, мӕ нывонд –
Дӕуӕй мӕ барвӕндон ӕппӕлд;
сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.
109Мӕ уд ӕдзух ӕрдуйыл хӕцы тасдзинады,
фӕлӕ Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.
110Фыдлӕгтӕ мын сӕвӕрдтой хыз,
фӕлӕ ӕз Дӕ амындтӕй нӕ адзӕгъӕл дӕн.
111Дӕ уагӕвӕрдтӕ райстон бынтӕн мыггагмӕ –
уыдон сты мӕ зӕрдӕйы цин.
112Ӕз мӕ зӕрдӕ радтон Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст
кӕнынмӕ,
мыггагмӕ, мӕ царды кӕронмӕ.

Самех

113Дыууӕ зондыл хӕст чи у,
ахӕм адӕймаг мын ӕнӕуынон у,
Дӕ ӕгъдау та уарзын.
114Ды мӕ хъахъхъӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт дӕ;
Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.
115Аиуварс ут мӕнӕй, фыдгӕнджытӕ, ӕз та
мӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзынӕн.
116Сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ,
ӕмӕ цӕрдзынӕн;
ныфс цӕмӕй ӕвӕрын, уымӕй мӕ фыдӕнхъӕл
ма фӕкӕн.
117Ратт мын тых ӕмӕ фервӕздзынӕн;
ӕдзух ахуыр кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
118Дӕ уагӕвӕрдтӕ чидӕриддӕр ныууадзы,
уыдоныл Дӕхи атигъ кӕныс,
уымӕн ӕмӕ сӕ хинвӕндтӕ мӕнгард сты.
119Ды дунейы ӕппӕт фыдлӕгты амӕрзыс,
чи нызгӕ ӕмӕ ныссыгъд,
уыцы ӕфсӕн быгъуыйау.
Уымӕ гӕсгӕ мын зынаргъ сты Дӕ уынаффӕтӕ.
120Дӕ азарӕй ризы мӕ буар,
тас мыл ӕфтауынц Дӕ тӕрхонтӕ.

Айин

121Ӕз арӕзтон рӕстдзинад ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый;
ма мӕ ныууадз мӕ ныхмӕлӕуджыты ӕвджид.
122Дӕ фӕдзӕхст бакӕн Дӕ цагъарӕн йӕ фӕрныгад,
сӕрыстыртӕ мӕ куыд нӕ ӕфхӕрой, афтӕ.
123Тайынц мӕ цӕстытӕ Дӕ ирвӕзындзинадмӕ
ӕмӕ Дӕ растады зӕрдӕвӕрдмӕ ӕхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.
124Фӕу Дӕ цагъарӕн Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ;
сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.
125Ӕз Дӕ цагъар дӕн;
скӕн мӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ базонон Дӕ амындтӕ.
126Ралӕууыд Хуыцауӕн Йӕхи равдисыны рӕстӕг:
халынц Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
127Ӕз та Дӕ фӕдзӕхстытӕ сызгъӕринӕй фылдӕр
уарзын,
сыгъдӕг сызгъӕринӕй фылдӕр.
128Афтӕ Де 'ппӕт уынаффӕтӕ дӕр
ӕз растыл нымайын;
цавӕрфӕнды мӕнгдзинады фӕндаг дӕр
мӕнӕн ӕнӕуынон у.

Пе

129Диссаг сты Дӕ амындтытӕ;
уымӕ гӕсгӕ сӕ мӕ зӕрдӕйы хӕссын.
130Дӕ ныхӕсты раргомад рухс дӕтты,
хуымӕтӕг адӕмы кӕны ӕмбаргӕ.
131Байгом кӕнын мӕ дзых ӕмӕ сулӕфын –
Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ уӕлдӕфау хъӕуынц.
132Де 'ргом мӕм раздах ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,
Дӕ ном уарзджытӕн ӕрвылхатт куыд
бакӕныс, афтӕ.
133Сфидар мын кӕн мӕ къахдзӕфтӕ
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ
ӕмӕ цыфӕнды фыдӕхӕн дӕр ма ратт мӕныл
фӕуӕлахизы бар.
134Бахиз мӕ адӕймаджы ӕфхӕрдӕй,
ӕмӕ Дӕ уагӕвӕрдтӕн уыдзынӕн коммӕгӕс.
135Срухс кӕн Дӕ цагъары Дӕ цӕсгомы рухсӕй
ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн Дӕ уынаффӕтыл.
136Адӕм Дӕ ныхас кӕй не 'ххӕст кӕнынц,
уый тыххӕй мӕ цӕстытӕй кӕлынц цӕссыджы
суадӕттӕ.

Цаде

137Рӕстаг дӕ Ды, О Дунедарӕг,
ӕмӕ раст сты Дӕ уынаффӕтӕ дӕр.
138Ды радтай раст фӕдзӕхстытӕ,
ӕххӕст ӕцӕгад сты уыдон.
139Фыр мӕтӕй ӕз ӕнцой нал зонын,
уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ ферох кодтой Дӕ ныхӕстӕ.
140Дӕ ныхас фӕлтӕрд у,
ӕмӕ йӕ Дӕ цагъар бауарзта.
141Ӕз ӕнӕахадгӕ ӕмӕ ӕгад дӕн,
фӕлӕ Дӕ уынаффӕтӕ нӕ рох кӕнын.
142Дӕ рӕстдзинад мыггагмӕйы рӕстдзинад у,
Дӕ ныхас ӕцӕг у.
143Мӕт ӕмӕ хъыг ӕртыхстысты мӕныл,
фӕлӕ мын Дӕ фӕдзӕхстытӕ дӕттынц
ӕхцондзинад.
144Дӕ уагӕвӕрдты рӕстдзинад мыггагмӕ у;
ратт мын ӕмбарынад, ӕмӕ цӕрдзынӕн.

Коф

145Дӕумӕ кувын ӕппӕт зӕрдӕйӕ –
фехъус мӕ, О Дунедарӕг,
ӕмӕ уыдзынӕн коммӕгӕс Дӕ уагӕвӕрдтӕн.
146Дӕумӕ кувын – фервӕзын мӕ кӕн,
ӕмӕ хӕцдзынӕн Дӕ амындтыл.
147Боныцъӕхтӕй фӕраздӕр вӕййын
ӕмӕ Дӕм дзыназын ӕххуысагур;
Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.
148Бонивӕнтӕй раздӕр мӕ цӕстытӕ гом вӕйынц,
цӕмӕй арфдӕр хъуыды кӕнон Дӕ ныхӕстыл.
149Ды уарзӕгой дӕ, О Дунедарӕг,
ӕмӕ мын фехъус мӕ хъӕлӕс;
Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ мын бахиз мӕ цард.
150Ӕрбаввахс мӕм сты мӕ фӕдылзилджытӕ
сӕ хинвӕндимӕ – уыдон дард сты Дӕ ныхасӕй.
151Хӕстӕг дӕ Ды, О Дунедарӕг,
Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕцӕг сты.
152Ӕз раджы базыдтон Дӕ уагӕвӕрдтӕй,
мыггагмӕ сӕ кӕй сфидар кодтай, уый.

Реш

153Ӕркӕс мӕ тухӕнмӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.
154Мӕ хъуыддаджы балӕуу ӕмӕ мӕ бахъахъхъӕн;
Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мын мӕ цард бахиз.
155Дард у фыдлӕгтӕй ирвӕзындзинад –
уыдон Дӕ уынаффӕтӕ нӕ агурынц.
156Диссаг у Дӕ рӕвдыд, О Дунедарӕг;
бахиз мӕ Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ.
157Бирӕ сты мӕ фӕдылзилджытӕ ӕмӕ ме знӕгтӕ;
фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕй нӕ аздӕхын.
158Дӕу чи ныууагъта, уыдонмӕ ӕз кӕсын зӕрдӕлгъӕдӕй;
уыдон ӕгоммӕгӕс сты Дӕ ныхасӕн.
159Ӕркӕс, Дӕ уынаффӕтӕ куыд уарзын, уымӕ;
Ды уарзӕгой дӕ, О Хуыцау,
ӕмӕ мын бахиз мӕ цард.
160Дӕ ныхасы бындур ӕцӕгад у,
ӕмӕ мыггагмӕ у Дӕ алы раст уынаффӕ.

Шин

161Ӕнаххосӕй мӕ фӕдыл зилынц ӕлдӕрттӕ,
фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ ныхасӕй ризы мӕ зӕрдӕ.
162Цин кӕнын Дӕ ныхасыл,
цыма стыр ӕфтиаг райстон, афтӕ.
163Ме сӕфт уынын мӕнгдзинадӕй
ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын, Дӕ ныхас та уарзын.
164Стауын Дӕ бон авд хатты
Дӕ раст уынаффӕты тыххӕй.
165Дӕ ныхас чи уарзы, уыдон ссардтой ӕгӕрон фарн
ӕмӕ сын фӕкӕлӕн нӕ уыдзӕн.
166Дӕ ирвӕзындзинадыл дарын мӕ зӕрдӕ, О Хуыцау,
ӕмӕ ӕххӕст кӕнын Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
167Мӕ зӕрдӕйы хӕссын Дӕ уагӕвӕрдтӕ
ӕмӕ сӕ уарзын тынг.
168Хӕцын ӕз Дӕ амындтыл ӕмӕ Дӕ уагӕвӕрдтыл,
уымӕн ӕмӕ ме 'ппӕт цӕуӕнтӕ Дӕ цӕсты раз сты.

Тав

169Схӕццӕ Дӕм уӕд мӕ дзыназын, О Дунедарӕг;
ратт мын ӕмбарынад Дӕ дзырдмӕ гӕсгӕ.
170Сыхъуысӕд Дӕм мӕ куывд;
Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мӕ фервӕзын кӕн.
171Мӕ дзыхӕй рацӕудзысты Дӕуӕй ӕппӕлыны
дзырдтӕ,
уымӕн ӕмӕ мын амоныс Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
172Дӕ ныхасыл зарӕг уыдзӕни мӕ былалгъыл –
Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕгасӕй дӕр раст сты.
173Дӕ цонг мын уӕд ӕххуысгӕнӕг;
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ амындтӕ сӕвзӕрстон.
174Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕллын, О Дунедарӕг,
Дӕ ныхас мын у ӕхцон.
175Уадз цӕрӕд мӕ уд ӕмӕ ӕппӕлӕд Дӕуӕй;
ӕххуысгӕнӕг мын уӕнт Дӕ уынаффӕтӕ.
176Сӕфт фысау фӕиппӕрд дӕн.
Ӕрцагур Дӕ цагъары, уымӕн ӕмӕ ӕз
Дӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ ферох кодтон.

119 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ хъыджы заман сдзырдтон Хуыцаумӕ,
ӕмӕ Уый фехъуыста мӕн.
2Загътон: «О Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн,
мӕнг чи дзуры ӕмӕ фӕлитой ӕвзаг кӕмӕн ис,
уыдонӕй».
3Дӕуӕн та, фӕлитой ӕвзаг, цы бафиддзӕн Уый,
ӕмӕ дын цы фидӕн ӕрхӕсдзӕн?
4Хӕстоны цыргъ фаттӕ
ӕмӕ ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ.
5Додойаг дӕн, Мешехы кӕй цӕрын,
Кедары цатырты ӕхсӕн мӕ бонтӕ кӕй ӕрвитын,
уый тыххӕй.
6Ӕгӕр бирӕ фӕцардтӕн, фарн ӕнӕуынон кӕмӕн у,
уыдонимӕ.
7Ӕз фарнагурӕг дӕн, фӕлӕ куыддӕр сдзурын,
афтӕ уыдон хӕстӕввонг свӕййынц.

120 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ цӕстӕнгас систон хӕхтӕм –
кӕцӕй мӕм ӕрцӕудзӕн ӕххуыс?
2Арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг
Хуыцауӕй мӕм ӕрцӕуы ӕххуыс.
3Дӕ къах дын фӕцудын нӕ бауадздзӕни,
дӕ хъахъхъӕнӕг фынӕй нӕ кӕны.
4Бӕлвырд, Йӕ цӕстыл хуыссӕг нӕ хӕцы,
нӕ фынӕй кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг.
5Дунедарӕг дӕ хъахъхъӕнӕг у;
Хуыцау дӕ аууондарӕг у Дӕ рахиз фарс.
6Бонӕй дӕ хур нӕ ныццӕвдзӕн,
ӕхсӕвыгон та – мӕй.
7Хуыцау дӕ бахиздзӕн алы фыдбылызӕй дӕр;
бахиздзӕн дын дӕ уд.
8Хуыцау дын хъахъхъӕндзӕн дӕ ацыд
ӕмӕ де 'рбацыд нырӕй фӕстӕмӕ
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.

121 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Давиды псалом.
Мӕ цинӕн кӕрон нал уыди,
«Цом Хуыцауы хӕдзармӕ» мын куы загътой, уӕд.
2Ӕмӕ мӕнӕ, Иерусалим,
Дӕ кулдуары цурмӕ ӕрбавӕрдтам нӕ къах.
3Иерусалимы сахар арӕзт ӕрцыд
иугонд ӕмӕ ӕмхӕстӕй.
4Ӕмӕ уырдӕм ссӕуынц адӕмы мыггӕгтӕ,
Израилы мыггӕгтӕ, Израилы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ
Дунедарӕгӕн кад кӕнынмӕ.
5Уым ӕвӕрд сты тӕрхоны бадӕнтӕ –
Давиды хӕдзарвӕндаджы цытджын бадӕнтӕ.
6Курут ӕнцойад Иерусалимӕн:
«Дӕу чи уарзы, уыдон фӕрнджын уӕнт!
7Фарн уӕд дӕ фидӕртты,
ӕдасдзинад – дӕ мӕсгуыты!»
8Ме 'фсымӕрты ӕмӕ хионты сӕраппонд
зӕгъын ӕз: «Фарн дӕм уӕд!»
9Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы хӕдзары сӕраппонд,
мӕ зӕрдӕйы бӕллиц – дӕ фӕрныгад.

122 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ цӕстӕнгас Дӕумӕ сисын,
уӕлӕрвты Цӕрӕг!
2Цагъартӕ сӕ хицӕутты къухмӕ куыд кӕсынц,
цагъар сылгоймаг йӕ ус-хицауы къухмӕ куыд кӕсы,
афтӕ нӕ каст дӕр Дунедарӕг Хуыцаумӕ у,
цалынмӕ нӕм Йӕ хорзӕх равдиса, уӕдмӕ.
3Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг,
батӕригъӕд нын кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕгӕр бавзӕрстам ӕгад.
4Ӕгӕр бавзӕрста нӕ уд хъалтӕй ӕфхӕрд,
сӕрыстыртӕй – ӕгад.

123 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Давиды псалом.
Хуыцау немӕ куы нӕ уыдаид –
Израил зӕгъӕд йӕхӕдӕг –
2Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид,
адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты –
3Уӕд нӕ удыгасӕй аныхъуырдтаиккой
сӕ судзгӕ фыдӕхӕй;
4Фӕдӕлдон уыдаиккам,
дӕттӕ цыдаиккой нӕ сӕрты,
5Нӕ сӕрты донивылӕнтӕ цыдаиккой.
6Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг,
мах уыдон дӕндӕгты амӕддаг Чи нӕ фӕкодта.
7Нӕ уд, маргъау, фервӕзт цъиуахсджыты хызӕй;
хыз атындӕуыд, ӕмӕ фервӕзтыстӕм.
8Дунедарӕджы номӕй нӕм ӕрцӕуы ӕххуыс,
арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕгӕй.

124 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Хуыцауыл ӕууӕндджытӕ Сионы хохы хуызӕн сты:
уый нӕ фӕцуддзӕн, лӕудзӕни мыггагмӕ.
2Иерусалимы алыварс хӕхтӕ куыд лӕууынц,
афтӕ Дунедарӕг дӕр Йӕ адӕмы алыварс лӕууы
нырӕй ӕмӕ мыггагмӕ.
3Уымӕ гӕсгӕ рӕстгӕнджыты хъысмӕты сӕргъыл
бирӕ нӕ баззайдзӕн фыдлӕгты барлӕдзӕг,
цӕмӕй рӕстгӕнджытӕн сӕ къух ма фӕтаса
фыдмимӕ.
4Дӕ хӕрзтӕ ратт, Хуыцау, хӕрзгӕнджытӕн
ӕмӕ рӕстзӕрдӕтӕн.
5Фӕлӕ зылын фӕндагыл чи ныллӕууыди,
уыдон фыдгӕнджытимӕ фесафдзӕни Хуыцау.
Фӕрнджын уӕд Израил!

125 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Хуыцау Сионы уацарӕй куы ракодта,
уӕд – цыма уыдӕттӕ фыны уыдтам.
2Уӕд нӕ цины уынӕрӕн кӕрон нал уыди,
ӕвзаг нӕ фӕллад зарынӕй.
Уӕд адӕмтӕ дзырдтой: «Хуыцау уыцы адӕмӕн
диссаджы хъуыддӕгтӕ скодта».
3Ӕцӕгӕйдӕр, Дунедарӕг махӕн диссаджы
хъуыддӕгтӕ скодта,
ӕмӕ куыд цин кодтам мах!
4Раздах, Хуыцау, нӕ адӕмы уацарӕй,
донивылӕнтӕ Негевы хусмӕ куыд раздӕхынц, афтӕ.
5Цӕссыг калгӕйӕ чи тауы,
уыдон цинӕй райгӕйӕ кӕрддзысты.
6Хуыммӕ чи рацӕуы ӕмӕ йӕ тауинаг кӕугӕйӕ
чи фӕхӕссы,
уый цинӕй райгӕйӕ ӕрбаздӕхдзӕни,
йӕ куыристӕ хӕсгӕйӕ.

126 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Соломоны псалом.
Хуыцау куы нӕ снывӕнда хӕдзар,
уӕд дзӕгъӕлы у аразджыты фыдӕбон;
Дунедарӕг куы нӕ бахъахъхъӕна сахар,
уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй
йӕ хъахъхъӕнджытӕ.
2Дзӕгъӕлы сыстут сӕумӕйӕ, бадут ӕнафонмӕ,
хӕрут уӕ тухӕйнаджы къӕбӕр;
Хуыцау кӕй уарзы, уыдоныл ауды,
фынӕй куы вӕййынц, уӕд дӕр.
3Хуыцау кӕй дӕтты, мӕнӕ уыцы бынтӕ –
фырттӕ;
хъӕбултӕ – хӕрзиуӕг Дунедарӕгӕй.
4Хъӕбатыры къухы фаттӕ куыд сты,
афтӕ сты фырттӕ дӕр се 'рыгонӕй.
5Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
уыдонӕй йӕ фатдон чи байдзаг кодта.
Сахары кулдуармӕ, йӕ ныхмӕлӕуджытимӕ
быцӕуныхасы нӕ фегад уыдзӕн.

127 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
Хуыцауы тас кӕмӕ ис
ӕмӕ Уый фӕндӕгтыл чи цӕуы.
2Ӕхцон дын уыдзысты дӕ цӕнгты фӕллӕйттӕ;
тӕхудиаг ӕмӕ фӕрнджын уыдзынӕ.
3Дӕ хӕдзары ӕфсин уыдзӕн дыргъджын
сӕнӕфсиры бӕласау;
дӕ фырттӕ дӕ фынгты алыварс
уыдзысты зетибӕласы ӕвзартау.
4Афтӕ арфӕгонд уыдзӕни,
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы адӕймаг.
5Хуыцау дын арфӕ рарвитӕд Сионӕй,
ӕмӕ де 'ппӕт цӕрӕнбонты Иерусалимы фарн
уӕд дӕ цӕсты раз,
6Ӕмӕ фендзынӕ дӕ фыртты фыртты.
Фӕрнджын уӕд Израил!

128 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Ме 'взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ мӕн куыд тынг
ӕфхӕрдтой – зӕгъӕд Израил –
2Ме 'взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ мӕн тынг
ӕфхӕрдтой,
фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.
3Ме рагъыл хуым кодтой хуымгӕнджытӕ,
ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ.
4Фӕлӕ Дунедарӕг ӕнӕхӕрам у:
арӕдывта фыдлӕгты рӕхыстӕ.
5Фегад уӕнт ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхӕнт
Сионӕн йӕ фыдгултӕ.
6Уыдон уӕнт, уӕлхӕдзӕртты чи нӕма сырӕзти,
афтӕмӕй чи бахус,
7Хуымгӕрдӕг йӕ къух кӕмӕй нӕ байдзаг кӕндзӕн,
куырисбӕттӕг – йӕ арм, ахӕм кӕрдӕгау.
8Ӕмӕ йӕ фӕрсты цӕуджытӕ макуы зӕгъӕнт:
«Уыдоныл Хуыцауы арфӕ ис,
арфӕ уын кӕнӕм Хуыцауы номӕй».

129 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ зӕрдӕйы арфӕй дӕм дзыназын, О Дунедарӕг.
2Мӕ Хицау Хуыцау, фехъус мӕ хъӕлӕс!
Лӕмбынӕг байхъус мӕ лӕгъстӕмӕ, бацауд мыл.
3Ды алы тӕригъӕд дӕр куы фиппайай, мӕ Паддзах,
уӕд чи бафӕраздзӕн?
4Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ,
ӕмӕ Дӕ уый тыххӕй аргъуц кӕнынц.
5Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ, Уымӕ у ме скаст;
ныфсджын дӕн Йӕ ныхасӕй.
6Боны ӕрцыдмӕ хъахъхъӕнӕг куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсы,
уымӕй мӕ уд Хуыцаумӕ тынгдӕр бӕллы,
уымӕй тынгдӕр.
7Израил, Дӕ зӕрдӕ дар Дунедарӕгыл,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уарзӕгой у,
Уымӕ ис ӕгӕрон ирвӕзынгӕнӕг тых.
8Ӕмӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы
йе 'ппӕт тӕригъӕдтӕй.

130 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Давиды псалом.
Мӕ зӕрдӕ ӕнӕрвӕссон нал у,
мӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссын;
нӕ тырнын стырадмӕ ӕмӕ ӕнӕбаххӕсгӕ цы у,
уымӕ.
2Фӕлӕ ӕз ӕрсабыр ӕмӕ ӕрӕнцайын кодтон
мӕ уды,
мады риуӕй иртӕст сывӕллонау йӕ мады
хъӕбысы,
мады риуӕй иртӕст сывӕллонау;
мӕ уд дӕр мӕ мидӕг ӕрӕнцад.
3О Израил, Дӕ зӕрдӕ дар Дунедарӕгыл нырӕй
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.

131 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
О Хуыцау, ӕрымыс Давиды ӕмӕ кӕй бавзӕрста,
йе 'ппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ.
2Куыд сомы кодта уый Дунедарӕгӕн,
дзырд куыд лӕвӕрдта
Иаковы Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕн:
3«Нӕ бацӕудзынӕн мӕ хӕдзары агъуыстмӕ,
нӕ ӕрӕнцайдзынӕн мӕ сынтӕгыл,
4Мӕ цӕстытӕ не 'рцъынд кӕндзынӕн,
мӕ уӕлтъыфылты фынӕй нӕ бауадздзынӕн,
5Цалынмӕ Дунедарӕгӕн бынат,
Иаковы ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕн
цӕрӕнуат не ссарон, уӕдмӕ».
6Мах фехъуыстам Фидыды Чырыны тыххӕй
Ефрафы,
ссардтам ӕй Иаримы быдырты.
7«Фӕцӕуӕм Йӕ цӕрӕн бынатмӕ,
ӕрзоныг кӕнӕм Йӕ къӕхтӕ ӕрӕвӕрӕны цур».
8О Дунедарӕг, рацу Де 'нцойы бынатмӕ, –
Ды ӕмӕ Дӕ хъомыс кӕм ис,
уыцы Фидыды Чырын дӕр Демӕ.
9Дӕ сауджынтӕ сӕхи сфӕлындзӕнт рӕстадӕй,
Дӕ сыгъдӕджытӕ зарӕнт цингӕнгӕ.
10Дӕ цагъар Давиды сӕраппонд
Де 'взӕрсты цӕсгом ма фӕиппӕрд кӕн Дӕхицӕй.
11Хуыцау сомы кодта Давидӕн,
ӕмӕ Уый Йӕ сомы никуы басӕтдзӕн:
«Дӕ байзӕддӕгты сбадын кӕндзынӕн
дӕ паддзахы бадӕны.
12Дӕ фырттӕ Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куы цӕрой,
ӕмӕ сӕ Ӕз цы ӕгъдӕуттыл сахуыр кӕнон,
уыдоныл куы хӕцой,
уӕд уыдоны фырттӕ дӕр мыггагмӕ баддзысты
дӕ паддзахы бадӕны».
13Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Сион сӕвзӕрста,
Уый бафӕндыди Йӕхицӕн дзы
цӕрӕнбынат скӕнын,
14Ӕмӕ загъта: «Уый у Ме 'нцойы бынат
мыггагӕй мыггагмӕ: уым ӕрцӕрдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Мын уый ӕхцон у.
15Арфӕ ракӕндзынӕн йӕ хойраджы бӕркадыл,
бафсаддзынӕн дзулӕй йӕ мӕгуырты.
16Йӕ сауджынтыл скӕндзынӕн
ирвӕзындзинады фӕлыст,
йӕ сыгъдӕджытӕ цинӕй райдзысты.
17Уым стыхджын кӕндзынӕн Давиды,
уым Ме 'взӕрстӕн йӕ рухсгӕнӕн
ӕрмынӕг нӕ бауадздзынӕн.
18Йе знӕгтыл ын скӕндзынӕн худинаджы фӕлыст,
йӕ сӕрыл та тӕмӕнтӕ калдзӕн кадыхуд».

132 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Давиды псалом.
Куыд хорз ӕмӕ куыд ӕхсызгон у
ӕфсымӕртӕн фидыдӕй иумӕ цӕрын!
2Уый у сӕрыл хӕрздӕф зетийау,
цӕсгомы хилтыл чи тӕдзы,
Аароны цӕсгомы хилтӕй
йӕ дарӕсы кӕрӕттӕм чи тӕдзы;
3Уый у Ермоны ӕртӕхау,
Сионы хӕхтӕм чи ӕрцӕуы.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уым балӕвар кодта
Йӕ арфӕ ӕмӕ цард мыггагмӕ.

133 Псалом

1Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Цӕй, уӕдӕ кад кӕнут Дунедарӕгӕн, Йӕ цагъартӕ,
ӕхсӕвыгӕтты Хуыцауы Хӕдзары
чи лӕггад кӕны, уыдон.
2Уӕ къухтӕ сдарут Рухс Кувӕндоны,
ӕмӕ скад кӕнут Дунедарӕгӕн.
3Арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг Хуыцау дын
арфӕ ракӕнӕд Сионӕй.

134 Псалом

1Алилуйа!
Ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй,
ӕппӕлут дзы, Хуыцауы цагъартӕ –
2Дунедарӕджы хӕдзары,
нӕ Хуыцауы хӕдзары кӕртыты лӕггадгӕнджытӕ.
3Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фӕрнджын у;
зарут Йӕ номыл, уымӕн ӕмӕ уый ӕхцон у.
4Дунедарӕг Иаковы сӕвзӕрста Йӕхицӕн,
Израилы адӕмы – Йӕхицӕн исбонӕн.
5Ӕз базыдтон: Хуыцау стыр у,
ӕппӕт хуыцӕуттӕй нӕ Дунедарӕг
у иунӕг Бӕрзонд Хуыцау.
6Уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл,
денджызты ӕмӕ ӕппӕт фурдты ӕрфӕнты
Хуыцау кӕны, цыдӕриддӕр Ӕй фӕнды, уый.
7Зӕххы кӕрӕттӕй сисы мигътӕ,
къӕвдаимӕ рауадзы ӕрвӕрттывд,
Йӕ ӕвӕрӕнтӕй рарвиты дымгӕ.
8Уый фесӕфта Мысыры фыццаг гуырдты –
адӕймагӕй фосы онг;
9Равдыста нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ Мысыры ӕхсӕн –
фараоны ӕмӕ йӕ цагъарты ныхмӕ.
10Ныддӕрӕн кодта бирӕ адӕмты,
мӕлӕты хай бакодта тыхджын паддзӕхты:
11Амморейаг паддзах Сигоны басайнаг паддзах Огы,
ӕмӕ ханаанаг ӕппӕт паддзӕхты.
12Ӕмӕ уыдоны зӕхх радта исбонӕн,
исбонӕн Израилӕн – Йӕ адӕмӕн.
13Хуыцау, мыггагмӕ у Дӕ ном,
Дӕ кадыл дзурдзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
14Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сӕрылхӕцӕг у Йӕ адӕмӕн
ӕмӕ бацауддзӕн Йӕ цагъартыл.
15Муртатты гуымирытӕ – ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин,
адӕймаджы къухтӕй конд сты.
16Ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ ницы дзурынц,
ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ ницы уынынц;
17Ис сын хъустӕ, фӕлӕ ницы хъусынц,
нӕдӕр улӕфт цӕуы сӕ комӕй.
18Уыдоны хуызӕн суыдзысты се скӕнджытӕ,
стӕй сыл чидӕриддӕр йӕ зӕрдӕ дары, уыдон дӕр.
19Скад кӕнут Хуыцауӕн, Израилы хӕдзар!
Скад кӕнут Хуыцауӕн, Аароны хӕдзар!
20Скад кӕнут Хуыцауӕн, Левийы хӕдзар!
Скад кӕнут Хуыцауӕн, чи Дзы тӕрсы, уыдон.
21Кад уӕд Сионӕй Дунедарӕгӕн,
Иерусалимы цӕрӕгӕн.
Алилуйа!

135 Псалом

1Стаут Дунедарӕджы – Уый фӕрнджын у,
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2Стаут хуыцӕутты Хуыцауы –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
3Стаут хицӕутты Хицауы –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
4Стаут Ӕй – стыр диссӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Уый кӕны,
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
5Стаут, Йӕ уӕлзондӕй уӕлӕрвтӕ Чи скодта –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
6Зӕхх дӕтты сӕрмӕ Уый айтыгъта –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
7Арвы стыр рухсгӕнӕнтӕ Уый сфӕлдыста –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
8Боны фӕткӕн сӕвӕрдта хур –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
9Ӕхсӕвы фӕткӕн сӕвӕрдта мӕй ӕмӕ стъалытӕ –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
10Уый радта мӕлӕтмӕ мысыраг фыццаггуырдты –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
11Израилы Уый ракодта се 'хсӕнӕй –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
12Йӕ хъомысджын цонгӕй ӕмӕ
Йӕ тыхджын къухӕй –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
13Сырх денджыз Уый фӕдих кодта –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
14Ӕмӕ Израилы Уый ракодта
денджызы хӕдастӕуты –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
15Фараоны йе 'фсадимӕ Сырх денджызы
Уый фӕдӕлдон кодта –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
16Йӕ адӕмы ахизын кодта ӕдзӕрӕг быдырыл –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
17Ныддӕрӕн кодта стыр паддзӕхты –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
18Фӕцагъта тыхджын паддзӕхты –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
19Аморрейаг паддзах Сигоны –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
20Ӕмӕ басайнаг паддзах Огы –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
21Сӕ зӕххытӕ сын радта бынтӕн –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
22Бынтӕн Израилӕн, Йӕ цагъарӕн –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
23Ныллӕггонд куы уыдыстӕм,
уӕд Уый мах нӕ рох кодта –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
24Ирвӕзын нӕ кодта не знӕгтӕй –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
25Зӕххыл ӕппӕт цӕрджытӕн хойраг Уый дӕтты –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
26Стаут уӕларвон Хуыцауы –
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у!

136 Псалом

1Мах Вавилоны донгӕрӕтты бадтыстӕм
ӕмӕ нӕ цӕссыг калдтам,
Сионы-иу куы ӕрымысыдыстӕм, уӕд.
2Уым донхӕристыл ӕрцауыгътам
нӕ дала-фӕндыртӕ.
3Уымӕн ӕмӕ нӕ уацары чи райста,
уыдон махӕй зарыны ныхӕстӕ домдтой,
не 'фхӕрджытӕ – цин кӕнын:
«Азарут нын Сионы зарджытӕй».
4Фӕлӕ куыд зарӕм Хуыцауы зарджытӕ
кӕйдӕр зӕххыл?
5Ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Иерусалим,
уӕд мӕ рахиз цонг мацыуалхъом уӕд;
6Ме 'взаг баныхӕсӕд мӕ хъуырыл,
ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Иерусалим,
мӕ цины сӕр дӕ куы нӕ скӕнон, уӕд.
7О Дунедарӕг, ӕрымыс Едомы фырттӕн
Иерусалимы уыцы бон,
афтӕ куы дзырдтой: «Фехалут ӕй,
фехалут ӕй бындзарӕй».
8Вавилоны чызг – раууатгӕнӕг!
Тӕхудиаг уыдзӕн, ды махӕн цытӕ бакодтай,
уый дын чи бафида.
9Тӕхудиаг уыдзӕн, дӕ хъӕбулты чи сиса
ӕмӕ сӕ дурыл чи ныппырх кӕна, уый.

137 Псалом

1Давиды псалом.
Стауын Дӕ, О Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ;
зарын Дӕ кадӕн хуыцӕутты раз.
2Мӕ зонгуытыл лӕууын
Дӕ Сыгъдӕг Кувӕндоны раз,
ӕмӕ стауын Дӕ ном, Дӕ уарзт
ӕмӕ Де 'нувыды тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕтӕй стырдӕр
скодтай Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас.
3Ӕз Дӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзырдтон,
уыцы бон мӕ фехъуыстай
ӕмӕ стыр ныфс бауагътай мӕ зӕрдӕйы.
4Скадджын Дӕ кӕндзысты, О Дунедарӕг,
ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ,
Дӕ дзыхӕй рацӕугӕ дзырдтӕ куы фехъусой, уӕд.
5Ӕмӕ зардзысты Хуыцауы диссаджы
фӕндӕгты тыххӕй,
уымӕн ӕмӕ стыр у Хуыцауы кад.
6Хуыцау бӕрзонд ран ис, уыны сӕрныллӕджы дӕр,
сӕрыстыры базоны дардмӕ.
7Бӕллӕхты ӕхсӕнты куы цӕуа мӕ фӕндаг,
уӕддӕр мын бахиздзынӕ мӕ цард;
адардзынӕ Дӕ къух мӕ тызмӕг знӕгтӕм,
ӕмӕ Дӕ рахиз цонг фервӕзын кӕндзӕн мӕн.
8Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн Йӕ ныфсӕвӕрд мӕнӕн;
Дӕ хорзӕх, Хуыцау, мыггагмӕ у –
Дӕ къухӕй цы скодтай, уый ма ныууадз.

138 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
О Дунедарӕг, Ды мӕ бафӕлвӕрдтай
ӕмӕ зоныс мӕн.
2Кӕд сбадын ӕмӕ кӕд сыстын,
уый Дын зындгонд у;
Ды дардмӕ дӕр ӕмбарыс мӕ хъуыдытӕ.
3Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон –
ӕдзух Дӕ разы дӕн,
ӕмӕ Дын мӕ фӕндӕгтӕ ӕгасӕй дӕр зындгонд сты.
4Мӕ дзыхӕй ныхас нӕма рацӕуы, Хуыцау,
афтӕмӕй Ды фӕзоныс ӕппӕтдӕр.
5Фӕстӕрдыгӕй дӕр мӕ хъахъхъӕныс Ды
ӕмӕ разӕрдыгӕй дӕр –
Дӕ армӕй бамбӕрзтай мӕн.
6Де стыр зонынад дис ӕфтауы мӕныл –
бӕрзонд у, мӕ зонд ыл не 'ххӕссы.
7Кӕдӕм ацӕудзынӕн Дӕ Удӕй,
кӕдӕм алидздзынӕн Дӕуӕй?
8Уӕлӕрвтӕм ссӕуон – Ды уым дӕ;
дӕлдзӕхмӕ ныххизон – уым дӕр дӕ.
9Сӕуӕхсиды базыртӕ куы райсин
ӕмӕ куы атӕхин –
денджызы иннӕ кӕрон куы ӕрцӕрин дард,
10Уӕд мӕ уым дӕр Дӕ арм кӕндзӕни размӕ,
хӕцдзынӕ мыл Дӕ рахиз цонгӕй.
11Куы зӕгъин афтӕ дӕр: «Талынг бамбӕрзӕд мӕн,
ӕмӕ рухс фестӕд мӕ алыварс ӕхсӕв»,
12Уӕддӕр Дӕуӕн талынг дӕр нӕу тар,
ӕхсӕв та Дын бонау ӕрттивы:
Дӕуӕн талынг дӕр бонау рухс у.
13Ды сфӕлдыстай, мӕ мидӕг цы ис, уыдон,
бауафтай мӕн мӕ мады гуыбыны.
14Стауын дӕ, уымӕн ӕмӕ диссаг
ӕмӕ ӕмбисонды сконд дӕн ӕз.
Диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ,
ӕмӕ иттӕг ӕмбары уый мӕ уд.
15Ды ме стджыты ӕнӕуынӕг нӕ уыдтӕ,
сусӕг ран мӕ куы арӕзтӕуыд,
гуыбыны арфы нывӕст куы цыдтӕн, уӕд.
16Дӕ цӕстӕй федтай мӕ гуырдз;
иу бон дӕр нӕма рацардтӕн,
афтӕмӕй Дӕ чиныджы фыст уыдысты
мӕнӕн нысангонд царды бонтӕ.
17Куыд ӕнӕсгӕрст мын сты Дӕ хъуыдытӕ, О Хуыцау,
ӕмӕ куыд бирӕ сты уыдон!
18Райдаин сӕ нымайын,
фӕлӕ змисӕй фылдӕр сты.
Куы райхъал вӕййын, уӕддӕр ма демӕ вӕййын.
19О мӕ Хуыцау, куы ныццӕгъдис Ды фыдлӕгты!
Аиуварс ут мӕнӕй, тугмондӕгтӕ!
20Уыдон фыдзондӕй дзурынц Дӕ ныхмӕ,
Дӕ кой кӕнынц дзӕлгъӕды Де знӕгтӕ.
21Куыд нӕ хъуамӕ уынон ме сӕфт Дӕ фыдгултӕй,
О Дунедарӕг, куыд нӕ хъуамӕ ӕлгъ кӕнон
Дӕ ныхмӕ тохгӕнджытыл?
22Бынтондӕр, бынтондӕр сӕ ме сӕфт уынын;
уыдон мын знӕгтӕ сты.
23Бафӕлвар мӕ, Хуыцау, ӕмӕ базон мӕ зӕрдӕ;
раиртас ӕмӕ базон мӕ хъуыдытӕ.
24Ӕркӕс мӕм ӕмӕ, кӕд сӕфты фӕндагыл лӕуд дӕн,
уӕд мӕ сараз мыггагмӕйы царды фӕндагыл.

139 Псалом

1Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2Бахиз мӕ, Дунедарӕг, фыдзӕрдӕ адӕймагӕй;
бахъахъхъӕн мӕ тыхгӕнӕгӕй.
3Уыдон кӕнынц фыдвӕндтӕ,
хӕст амайынц ӕрвылбон.
4Калмы ӕвзагау сцыргъ кӕнынц се 'взӕгтӕ;
залиаг калмы марг – сӕ дӕлӕвзаг. ||
5Бахъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг, фыдлӕджы къухтӕй,
бахиз мӕ тыхгӕнджытӕй,
мӕ къӕхты фӕцудынмӕ чи бӕллы, уыдонӕй.
6Сӕрыстыртӕ ме 'рцахсынӕн сӕвӕрдтой сахсӕнтӕ,
мӕ фӕндагыл айтыгътой сӕ хызты бӕндӕнтӕ,
сӕвӕрдтой мын къӕппӕджытӕ. ||
7Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ды мӕ Хуыцау дӕ»;
фехъус, Дунедарӕг, мӕ кувыны хъӕлӕс,
батӕригъӕд мын кӕн.
8О мӕ Хицау Хуыцау,
Ды дӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг тых!
Ды рахӕцыс мӕ сӕрыл тохы бон.
9Дунедарӕг, фыдлӕгмӕ цы фӕнд ис,
уым ын ма ратт ӕнтыст;
ма йӕ бауадз йӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕнын,
цӕмӕй уыдон сӕхи ма сбӕрзонд кӕной. ||
10Мӕныл чи ӕртыхсти,
уыдонӕн сӕхи сӕрыл ӕрцӕуӕд
се 'взӕгтӕй рацӕугӕ фыдӕх.
11Судзгӕ цӕхӕр сыл ракӕлӕд;
ӕппӕрст ӕрцӕуӕд арты, ӕнӕбын уӕрмы,
цӕмӕй дзы мауал схизой.
12Маргӕвзаг адӕймагӕн зӕххыл бынат ма разынӕд;
фыдӕх зилӕд тыхгӕнӕджы фӕдыл,
йӕ уӕззау цӕфтӕ йӕ сурӕнт.
13Ӕз зонын, Хуыцау балӕудзӕн
ӕфхӕрдтытӕн сӕ хъуыддаджы,
рахӕсдзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон мӕгуыртӕн.
14Бӕлвырд, сыгъдӕджытӕ стаудзысты Дӕ ном,
рӕстытӕ цӕрдзысты Дӕ цӕсгомы раз.

140 Псалом

1Давиды псалом.
О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзурын: тагъддӕр мӕм ӕрцу.
Куы Дӕм фӕкувын, уӕд-иу фехъус мӕ хъӕлӕс.
2Мӕ куывд фӕхӕццӕ уӕд Дӕ размӕ
буды хӕрздӕфау;
мӕ къухтӕ Дӕм куы сдарын, уӕд иу-ӕй айс
изӕры нывондӕн.
3О Дунедарӕг, уромӕг сӕвӕр ме 'взагӕн,
мӕ комы дуар мын бахъахъхъӕн.
4Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ
ма аздӕха фыдӕхмӕ,
ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыцы фыдлӕгты хъуыддӕгты
архайаг ма уон;
хорз сӕм цы кӕсы, уымӕй хай ма райсон.
5Уадз, мӕ азым мын зӕгъа рӕстгӕнӕг,
уый – хорзӕх у;
уадз ӕмӕ мын бауайдзӕф кӕна –
уый хӕрздӕф зети у мӕ сӕрӕн,
мӕхи дзы нӕ аиуварс кӕндзынӕн.
Фӕлӕ мӕ кувын фыдлӕгты миты ныхмӕ у.
6Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты
къӕдзӕхтӕй ӕмӕ уӕд бамбардзысты,
мӕ ныхӕстӕ ахсджиаг кӕй уыдысты, уый.
7Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Зӕхх куыд бахуым кӕнынц
ӕмӕ йын йӕ къуыбӕрттӕ куыд фехалынц,
афтӕ згъӕлынц не стджытӕ дӕр
гом ингӕны былмӕ».
8Фӕлӕ мӕнӕн та Дӕумӕ у мӕ каст,
мӕ Хицау Хуыцау;
Дӕумӕ ссарын фидар ӕнцой –
ма ныууадз мӕ уды дзӕгъӕлӕй.
9Бахиз мӕ, кӕй мын сӕвӕрдтой,
уыцы сахсӕнтӕй,
фыдгӕнджыты ӕвӕрд къӕппӕджытӕй.
10Фыдлӕгтӕ се 'ппӕт дӕр бахауӕнт
сӕхи ӕвӕрд сахсӕнты,
ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.

141 Псалом

1Давиды зондамонӕн псалом.
Афтӕ куывта, лӕгӕты куы уыди, уӕд.
Хъӕрӕй кувын Дунедарӕгмӕ,
Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын хъӕлӕсыдзагӕй.
2Мӕ хъӕстытӕ Йын ракодтон зӕрдӕбынӕй,
Йӕ разы радзырдтон мӕ хъыгтӕ.
3Мӕ уд мӕ мидӕг куы сӕдых,
уӕд ӕрмӕст Ды зыдтай мӕ цӕуӕнтӕ.
Ӕз цы фӕндагыл цӕуын,
ууыл сусӕгӕй айтыгътой хыз.
4Кӕсын рахизырдӕм ӕмӕ уынын –
ничи мӕ нымайы.
Кӕм ма балӕууон, уый мын нал ис;
мӕ удыл ничи тыхсы.
5Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, О Дунедарӕг,
ӕмӕ загътон: «Ды дӕ мӕ сӕрылхӕцӕг,
мӕ амонды хай царды зӕххыл».
6Фехъус мын мӕ дзыназын,
уымӕн ӕмӕ тынг слӕмӕгъ дӕн;
мӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕй мӕ бахиз,
уымӕн ӕмӕ мӕнӕй тыхджындӕр сты.
7Ссӕрибар кӕн ахӕстонӕй мӕ уды,
ӕмӕ стаудзынӕн Дӕ ном.
Дӕ арфӕйӕ мӕ куы схайджын кӕнай,
уӕд рӕстытӕ ӕрӕмбырд уыдзысты мӕ алыварс.

142 Псалом

1Давиды псалом.
О Дунедарӕг, фехъус мӕ куывд,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕмӕ;
ратт мын дзуапп, уымӕн ӕмӕ Ды иузӕрдион
ӕмӕ рӕстаг Дӕ.
2Тӕрхонмӕ ма 'ркӕн Дӕ цагъары,
уымӕн ӕмӕ иу адӕймаг дӕр
не сраст уыдзӕни Дӕ разы.
3Знаг зилы мӕ фӕдыл, зӕххӕмвӕз скодта мӕ цард;
рагон мард цыма дӕн, уыйау мӕ ӕппары талынджы.
4Мӕ уд баруад мӕ мидӕг, мӕ зӕрдӕ тыхсы мӕ риуы.
5Мысын рагон бонтӕ, хъуыды кӕнын
Де 'ппӕт хъуыддӕгтыл,
дис кӕнын Дӕ къухты скондыл.
6Дӕумӕ дарын мӕ цӕнгтӕ;
дойныгӕнӕг зӕххау мӕ уд Дӕумӕ тырны. ||
7Батагъд кӕн мӕнӕн дзуапп раттыныл, Дунедарӕг –
мӕ уд баруад мӕ мидӕг;
Де 'ргом ма аздах мӕнӕй,
цӕмӕй ингӕнмӕ цӕуджытау ма суон.
8Уадз сӕуӕхсид ӕрхӕсса мӕнӕн
Дӕ уарзондзинады уац –
ӕз мӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарын.
Бацамон мын, цы фӕндагыл мӕ
цӕуын хъӕуы, уый –
мӕ уды куывд Дӕумӕ хӕссын.
9Фервӕзын мӕ кӕн, О Дунедарӕг, ме знӕгтӕй –
Дӕ дӕлбазыр бакӕндзынӕн мӕхи.
10Сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ;
уадз ӕмӕ мӕ Дӕ фӕрнӕйдзаг Уд
кӕна раст фӕндагыл.
11Дӕ номы сӕраппонд мӕ райгас кӕн, Дунедарӕг;
Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ рахизын кӕн мӕ уды
йӕ хъизӕмӕрттӕй.
12Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕрон скӕн ме знӕгтӕн;
ме 'ппӕт фыдгулты бабын кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ цагъар дӕн.

143 Псалом

1Давиды псалом.
Арфӕгонд у Хуыцау, мӕ къӕдзӕх;
Уый мын ме 'рмттӕ цӕттӕ кӕны хӕцынмӕ,
мӕ къухы хилтӕ – тохмӕ.
2Уый мӕ уарзӕгой Хуыцау у, мӕ фидар,
мӕ мӕсыг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт –
Уый у мӕ хъахъхъӕнӕг.
Уый мӕ адӕмы кӕны мӕ дӕлбар.
3О Дунедарӕг! Цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды аудай,
кӕнӕ цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йӕ Дӕ зӕрдыл дарай?
4Адӕймаджы цард уддзӕфау у;
йӕ бонтӕ айсӕфынц аууонау.
5О Дунедарӕг! Ӕркъул кӕн Дӕ уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрцу;
андзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕлдзӕни.
6Рарвит Дӕ ӕрвӕрттывд ӕмӕ ныффӕйлау знӕгты;
рауадз Дӕ фаттӕ ӕмӕ сӕ лидзӕг фӕкӕн.
7Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух,
фервӕзын мӕ кӕн ӕмӕ мӕ бахиз стыр дӕттӕй,
ӕцӕгӕлон адӕмы къухӕй;
8Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы фӕлывд ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгардӕй дзаг у.
9Азардзынӕн Дын ног зарӕг, Хуыцау;
дӕсхъисон фӕндыры зӕлтӕй зардзынӕн Дӕуӕн –
10Паддзӕхтӕн уӕлахиз дӕттӕгӕн
ӕмӕ Давиды, Дӕ цагъары,
мӕлӕтхӕссӕг цирхъӕй Ирвӕзынгӕнӕгӕн.
11Бахиз мӕ, фервӕзын мӕ кӕн
ӕцӕгӕлон адӕмы къухӕй;
уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы фӕлывд ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгардӕй дзаг у.
12Уадз нӕ фырттӕ се 'рыгонӕй уой,
бӕрзонд чи фӕцыд, ахӕм бӕлӕстау,
нӕ чызджытӕ – галуаны аив нывӕфтыд
цӕджындзтау.
13Нӕ хордӕттӕ уӕнт дзаг алыхуызон хоры бӕркадӕй;
нӕ фыстӕ дӕттӕнт уӕрыччытӕ мингӕйттӕй,
ӕмӕ дӕсгай минтӕй нӕ сӕрвӕтты;
14Уадз нӕ галтӕ уӕнт хӕрзхаст.
Ма нӕм ӕрбацӕуӕд бырсджытӕ,
ма уӕд ам уацаргӕнджытӕ,
ма хъуысӕд нӕ уынгты хъарӕг.
15Тӕхудиаг сты ӕппӕт уыдӕттӕй хайджын адӕм!
Тӕхудиаг сты,
Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у, уыцы адӕм!

144 Псалом

1Давиды кады зарӕг Хуыцауӕн.
Бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад,
мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах,
стаудзынӕн Дӕ ном мыггагӕй-мыггагмӕ.
2Ӕрвылбон стаудзынӕн Дӕу ӕмӕ ӕппӕлдзынӕн
Дӕ номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ.
3Стыр у Хуыцау ӕмӕ у ӕппӕтӕй бӕрзонддӕр
кады аккаг;
Йе стырадыл зонд не 'ххӕссы.
4Иу фӕлтӕр иннӕмӕн ӕппӕлдзӕн
Дӕ хъуыддӕгтӕй;
Де стыр хъомыс уыдзӕни сӕ дзырды сӕр.
5Дзурдзысты Дӕ бӕрзонд кады рухсы тыххӕй,
ӕмӕ мӕнӕн мӕ хъуыдытӕ уыдзысты
Дӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.
6Уыдон дзурдзысты Дӕ тасӕфтауӕг хъаруйыл,
ӕмӕ ӕз хӕсдзынӕн Де стырады тыххӕй уац.
7Де стыр хорзӕхы мысинӕгтӕ дзурдзысты
кӕрӕдзийӕн,
цин кӕндзысты Дӕ рӕстадыл.
8Хатыргӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Дунедарӕг,
бирӕ быхсы, ӕнӕкӕрон у Йӕ уарзт.
9Зӕрдӕхӕларӕй кӕсы алкӕмӕ дӕр Дунедарӕг,
фӕлмӕн у Йӕ зӕрдӕ Йе 'ппӕт скондмӕ.
10Уадз ӕмӕ Дын кад кӕнӕнт Дӕ ӕппӕт сконд,
О мӕ Хуыцау,
Дӕ сыгъдӕджытӕ стауӕнт Дӕу.
11Уыдон дзурдзысты Дӕ паддзахады кадыл,
хъусын кӕндзысты Де стыр хъомысы уац;
12Цӕмӕй адӕм базоной Де стыр хъомысы тыххӕй,
Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырады тыххӕй.
13Дӕ паддзахад – ӕппӕт ӕнусты паддзахад,
Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Хуыцау иузӕрдион у Йӕ алы ныфсӕвӕрды,
фӕлмӕн у Йӕ зӕрдӕ Йе 'ппӕт скондмӕ.
14Чи фӕкӕлы, Хуыцау уыдоныл схӕцы,
сӕргуыбыртӕн ратты ныфс.
15Зӕххы ӕппӕт цӕрджытӕн Дӕумӕ у се скаст,
ӕмӕ сын Ды дӕттыс хойраг сӕ афоныл.
16Байгом кӕныс Дӕ арм ӕмӕ бафсадыс,
ӕппӕт зӕххыл цӕрджыты сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг.
17Хуыцау Йӕ алы хъуыддаджы дӕр рӕстаг у,
фӕлмӕн у Йӕ зӕрдӕ Йе 'ппӕт скондмӕ.
18Хуыцау ӕввахс у, чи Йӕм кувы, ӕппӕт уыдонмӕ –
рӕстзӕрдӕйӕ Йӕм чи кувы, уыдонмӕ се 'ппӕтмӕ дӕр.
19Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн ӕххӕст кӕны
сӕ бӕллицтӕ,
хъусы сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны.
20Чи Йӕ уарзы, уыдон се 'ппӕты дӕр
хъахъхъӕны Дунедарӕг,
ӕппӕт фыдлӕгты та байсафдзӕн.
21Хуыцауӕн кады ныхӕстӕ уыдзысты
мӕ былалгъыл;
алы адӕймаг дӕр стауӕнт Йӕ сыгъдӕг ном
мыггагӕй-мыггагмӕ!

145 Псалом

1Алилуйа!
Ӕппӕл, мӕ уд, Хуыцауӕй.
2Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ ӕппӕлдзынӕн
Дунедарӕгӕй;
цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ зардзынӕн
мӕ Хуыцауӕн.
3Уӕ ныфс ма ӕвӕрут тыхджынтыл,
стӕй адӕймаджы фырттӕй иунӕгыл дӕр –
уымӕ нӕй ирвӕзындзинад.
4Йӕ уд дзы ахицӕн вӕййы,
ӕмӕ йӕхӕдӕг сыджытмӕ ныздӕхы;
уыцы бон ӕрбайсӕфынц йӕ фӕндтӕ.
5Тӕхудиаг сты, Иаковы Хуыцау ӕххуысгӕнӕг
кӕмӕн у,
ӕмӕ Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл
йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон;
6Уыцы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх,
денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон;
Уый иузӕрдион у мыггагмӕ.
7Уый рахӕцы ӕфхӕрдты сӕрыл,
дӕтты хойраг ӕххормӕгтӕн;
Дунедарӕг сӕрибар кӕны ахстыты.
8Хуыцау куырмытӕн ратты цӕсты рухс,
Уый сӕргуыбыртӕн ратты ныфс;
Хуыцау уарзы рӕстгӕнджыты.
9Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты,
ӕххуыс кӕны сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн;
фыдлӕгтӕн та Уый байсафдзӕни сӕ фӕндӕгтӕ.
10Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагмӕ,
Дӕ Хуыцау, Сион, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Алилуйа!

146 Псалом

1Алилуйа!
Куыд ӕхцон у нӕ Хуыцауы кадӕн зарын;
Уый аккагӕй стауын куыд адджын у зӕрдӕйӕн.
2Дунедарӕг амайы Иерусалим,
ӕмбырд кӕны Израилы уацарӕй;
3Дзӕбӕх кӕны састзӕрдӕты,
хос кӕны сӕ хъӕдгӕмттӕн.
4Уый бӕлвырд кӕны стъалыты нымӕц;
алкӕйдӕр дзы хоны йӕ номӕй.
5Стыр у нӕ Хицау Хуыцау, стыр у Йӕ хъомыс;
Йӕ зондӕн кӕрон нӕй.
6Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты,
фыдлӕгты та зӕххы онг ӕрӕппары.
7Зарут Дунедарӕгӕн бузныджы зарӕг,
кад кӕнут нӕ Хуыцауӕн аив зӕлтӕй
дала-фӕндырыл.
8Уый арв бамбӕрзы мигътӕй,
зӕххмӕ рарвиты уарынтӕ,
хӕхтӕ сфӕлындзы зайӕг халӕй.
9Фосӕн дӕтты холлаг,
халоны лӕппынтӕн дӕр, куы схъӕр кӕнынц, уӕд.
10Уымӕн ахсджиаг нӕу бӕхы тых,
нӕдӕр Ын тагъд згъораг адӕймаг у бӕллиццаг;
11Дунедарӕгӕн бӕллиццаг сты, чи Йӕ нымайы,
Йӕ хорзӕхыл Ын йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон.

147 Псалом

1Зар Дунедарӕгӕн, Иерусалим;
Сион, ӕппӕл Хуыцауӕй;
2Уый фидар кӕны Дӕ кулдуары ӕхгӕнӕнтӕ,
арфӕ кӕны дӕ цӕрджытӕн;
3Дӕ арӕнтыл тауы фарн;
ӕфсады дӕ мӕнӕуы хуыздӕрӕй.
4Ӕрвиты Йӕ уынаффӕ зӕххӕн;
Йӕ ныхас ӕвиппайды ныххӕццӕ вӕййы.
5Ӕркалы мит, къуымбилау урс;
ӕртхутӕгау згъалы халас.
6Йӕ их ӕрӕппары къӕртгай;
Йӕ уазалӕн чи бафӕраздзӕн?
7Рарвиты Йӕ ныхас ӕмӕ их батайын кӕны;
радымы Йӕ дымгӕ ӕмӕ азгъорынц дӕттӕ.
8Уый Йӕ ныхас раргом кодта Иаковӕн,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уынаффӕтӕ –
Израилӕн.
9Хуыцау ӕппӕт уыдӕттӕ иннӕ адӕмӕй
никӕмӕн скодта,
ӕмӕ Йын уыдон Йӕ уынаффӕтӕ нӕ зонынц.
Алилуйа!

148 Псалом

1Алилуйа!
Стаут Дунедарӕджы уӕлӕрвтӕй,
стаут Ӕй ӕрвон бӕрзӕндты.
2Стаут Ӕй, ӕппӕт Йӕ зӕдтӕ,
стаут Ӕй, Йӕ ӕппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ.
3Стаут Ӕй, хур ӕмӕ мӕй,
стаут Ӕй, ӕппӕт ӕрттиваг стъалытӕ.
4Стаут Ӕй, ӕппӕтбӕрзонд уӕлӕрвтӕ
ӕмӕ арвы сӕрмӕ чи ис, уыцы дӕттӕ.
5Уӕдӕ стауӕнт се 'ппӕт дӕр Дунедарӕджы ном,
уымӕн ӕмӕ Уый радта бардзырд,
ӕмӕ уыдон сырӕзтысты.
6Сӕвӕрдта сӕ ӕнусты кӕронмӕ;
радта сын уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ сӕ ничи аивдзӕн.
7Стаут Дунедарӕджы зӕххӕй,
егъау денджызон цӕрӕгойтӕ
ӕмӕ дӕтты ӕппӕт ӕрфытӕ,
8Зынг ӕмӕ ихуард, мит ӕмӕ мигъ,
ӕвирхъау уад – Уымӕн Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнӕг,
9Хӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт обӕуттӕ,
дыргъбӕлӕстӕ ӕмӕ ӕппӕт нӕзытӕ,
10Сырдтӕ ӕмӕ ӕппӕт фос,
хилджытӕ ӕмӕ базырджын мӕргътӕ.
11Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ,
уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт тӕрхонгӕнджытӕ зӕххыл,
12Ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чындздзон чызджытӕ,
зӕрӕдтӕ ӕмӕ кӕстӕртӕ
13Стауӕнт Дунедарӕджы ном;
иунӕг Уый ном – ӕппӕтӕй бӕрзонддӕр,
Йе стырад – зӕхх ӕмӕ арвӕй уӕлдӕр.
14Хуыцау радта Йӕ адӕмӕн тых,
скадджын кодта Йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты,
Израилы хъӕбулты, ӕввахс Ӕм чи у, уыцы адӕмы.
Алилуйа!

149 Псалом

1Алилуйа!
Зарут Хуыцауӕн ног зарӕг,
Йӕ кадӕн сыгъдӕджыты ӕмбырды.
2Сцин кӕнӕд Израил Йе Сфӕлдисӕгыл;
Сионы хъӕбултӕ райӕнт сӕ Паддзахыл.
3Ӕппӕлут Йӕ номӕй цӕугӕзардӕй,
зарут Ын гуымсӕгыл ӕмӕ дала-фӕндыртыл
цӕгъдгӕйӕ,
4Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ауды Йӕ адӕмыл,
сӕрныллӕджытӕн дӕтты ирвӕзындзинады
кады худ.
5Сыгъдӕджытӕ райӕнт уыцы уӕлахизыл,
фырцинӕй зарӕнт сӕ сынтӕджытыл дӕр.
6Стауӕнт Хуыцауы хъӕлӕсыдзагӕй,
дыком цирхъ уӕд сӕ къухы,
7Цӕмӕй адӕмтӕй райса Йӕ маст,
бафхӕра адӕмыхӕттыты,
8Сӕ паддзӕхты сын сбӕтта рӕхыстӕй,
се 'лдӕртты – ӕфсӕн хъадамантӕй,
9Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ сын куыд стӕрхон кӕна.
Уый кад у Йӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн.
Алилуйа!

150 Псалом

1Алилуйа!
Стаут Хуыцауы Йӕ рухс Кувӕндоны;
стаут Ӕй хъомысджын уӕлӕрвты.
2Стаут Йӕ тыхджын хъуыддӕгтӕ,
стаут Йӕ ӕгӕрон стырад.
3Стаут Ӕй сыкъауадындзы зӕлтӕй;
стаут Ӕй дыууадӕстӕнонтыл
ӕмӕ дала-фӕндыртыл.
4Стаут Ӕй дала ӕмӕ цӕугӕзардӕй,
стаут Ӕй хъисфӕндыртыл ӕмӕ уадындзыл.
5Стаут Ӕй ӕмдзӕвдгӕнӕнты зӕлтӕй,
стаут Ӕй ӕмдзӕвдгӕнӕнты зылангӕй.
6Алы удгоймаг дӕр стауӕнт Хуыцауы!
Алилуйа!

Жанртӕ

Ӕппӕт зарджытӕ дӕр адихгӕнӕн ис цалдӕр сӕйраг хуызыл: арфӕ кӕнын, бузныг зӕгъын, кӕуыны, Йерусалимы кадыл зарджытӕ, Хуыцауыл ӕууӕндыны гимн, Израилы паддзӕхтыл сӕрмагонд худтӕ ныккӕныны гимнтӕ, куырыхондзинад, рӕстзӕрдӕ амоныны, стӕй, аргъуаны кӕй кӕнынц, уыцы зарджытӕ.

Псалом ныффыссӕг йӕ разы цы хӕс ӕвӕрдта, куыд сарӕзта йӕ псалом, ууыл баст у, йӕ ирон тӕлмацы чиныг жанртӕм гӕсгӕ дихгонд куыд ӕрцыд, уый.

1. Кадгӕнӕг псаломтӕ

Уыдон вӕййынц ӕртӕ хайӕ арӕзт: 1 – Хуыцауӕн кад кӕнынмӕ сидт, 2 – кад цӕй тыххӕй чындӕуы, уый, 3 – фыццаг дыууӕ хайы ногӕй зӕгъын.

Уыдон сты 8, 23, 28, 32, 99, 104, 110, 112, 116, 134, 135, 146 ӕмӕ 147 псалом.

2. Арфӕйы псаломтӕ

Адон вӕййынц арфӕтӕ Хуыцауӕн иу адӕймаджы кӕнӕ цалдӕр адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй, зын уавӕры куы бахауынц, уӕд.

Уыдон сты 17, 20, 29, 31, 33, 39, 65, 66, 106, 115, 117, 123 ӕмӕ 137 псалом.

3. Кӕуыны псаломтӕ

Ацы псаломты хицӕн адӕймаг кӕнӕ къорд, ӕхсӕнад тыхст рӕстӕг фӕсидынц Хуыцаумӕ, сӕ хъаст Ӕм хӕссынц, курынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна, зӕрдӕ Йын бавӕрынц уыцы ӕххуысы тыххӕй нывонд ӕрхӕссынӕй.

Хицӕн (иу адӕймаджы) куыдтытӕ: 3, 5, 6, 12, 21, 41, 42, 50, 53, 54, 58, 60, 61, 63, 68, 69, 70, 85, 87, 140 ӕмӕ 142 псаломтӕ.

Иумӕйаг (коллективон) куыдтытӕ: 11, 43, 59, 73, 78, 79, 82, 89, 93, 105, 122 ӕмӕ 136 псаломтӕ.

4. Паддзахы псаломтӕ

Ацы зарджытӕ дзурӕг сты израилаг паддзахыл, Хуыцау иннӕ израилаг паддзӕхты ӕхсӕн кӕй равзӕрста ӕмӕ Йӕ нысан кӕуыл сӕвӕрдта, ууыл: 2, 17, 19, 20, 44, 60, 62, 71, 88, 100, 109, 131 ӕмӕ 144 псалом.

5. Зарджытӕ Иерусалимыл

Ацы зарджыты къорд нысангонд у Иерусалимӕн (Сионӕн) – Израилы политикон, культурон ӕмӕ дины центрӕн: 45, 47, 75, 83, 86 ӕмӕ 121 псалом.

6. Кувӕндонмӕ цӕуыны зарджытӕ

Ацы зарджытӕ-иу кодтой, Иерусалимы Кувӕндонмӕ (Сионмӕ) чи цыди, уыцы бӕлццӕттӕ, фӕндагыл цӕугӕйӕ: 119–133-ӕм псаломтӕ.

7. Бӕрӕгбоны псаломтӕ Хуыцауы кадӕн

Ацы къордмӕ хауынц, ӕртӕ стыр дзуттаг бӕрӕгбӕтты рӕстӕг кӕй зарыдысты, уыдон: Куадзӕны, Хорысӕры ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты рӕстӕг. Куадзӕны рӕстӕг зарыдысты ӕхсӕвӕры размӕ 112–113-ӕм псаломтӕ, ӕхсӕвӕры фӕстӕ та – 114–117.

8. Куырыхондзинады псаломтӕ

Адонӕн сӕ сӕйраг нысан у адӕмы Хуыцауы Фӕдзӕхстыл ахуыр кӕнын. Сӕ мидис у хӕрзӕгъдаудзинадӕй ӕппӕлын ӕмӕ мӕстӕлгъӕд ӕнӕуаг митӕ фауын. Уырнӕг адӕймагӕн ӕмбарын кӕнынц, Хуыцауы Фӕдзӕхстмӕ хъусын фарн ӕмӕ ӕнӕниздзинад кӕй хӕссы, уый. Зӕгъӕм, 1, 18, 31, 36, 48, 72, 110, 111, 118-ӕм псаломы фылдӕр хай, стӕй 132 ӕмӕ 138-ӕм псалом.

9. Паддзахы (галуаны) псаломтӕ

Ацы псаломтӕ Хуыцауы арӕх схонынц Паддзах. Иуӕй-иу иртасджытӕ сӕ бӕттынц Ног азы бӕрӕгбонимӕ. Уыцы бон-иу дзырдтой, Хуыцау, дам, Израилӕн ӕмӕ ӕппӕт дунейӕн дӕр хицауиуӕг кӕны.

Уыдон сты 28, 46, 92, 94–98 псаломтӕ.

10. Кувыны псаломтӕ

Адон ӕнгом баст сты кувӕндоны архайынимӕ ӕмӕ уырнондзинадимӕ: 4, 10, 14, 15, 22, 24, 26, 45, 61, 62, 84, 89, 90, 120, 124 ӕмӕ 130 псалом.